Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

35 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

123 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕвӕрд уаг ӕмӕ ӕгъдауыл фидар хӕцӕм

Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?

Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн куыд ис ӕххуыс кӕнӕн?

«Иу тӕригъӕдджын адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕна, уӕд ууыл, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, уыцы нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй тынгдӕр цин кӕндзысты уӕлӕрвты» (ЛУК. 15:7).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Кӕйдӕрты ӕмбырдӕй фӕхицӕн кӕнын цӕмӕн бахъӕуы ӕмӕ сын хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уой.

1, 2. а) Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уӕззау тӕригъӕд чи аразы ӕмӕ йыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонмӕ? б) Исчи тӕригъӕд куы саразы, уӕд Йегъовӕйы цы фӕфӕнды?

 ЙЕГЪОВӔ, тӕригъӕдӕн чи быхсы, ахӕм Хуыцау нӕу (Пс. 5:4–6). Уый фӕнды, цӕмӕй, Библийы цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕххӕст кӕнӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕмӕй ӕххӕстдзинад нӕ домы (Пс. 130:3, 4). Фӕлӕ уыимӕ «ӕнӕхуыцау адӕймӕгтӕн» нӕ быхсы. Уыдонӕн «нӕ Хуыцауы стыр хорзӕх уый ӕфсон фӕци, цӕмӕй хӕлд митӕ кӕной» (Иуд. 4). Библийы фыст ис, «ӕнӕхуыцау адӕм» кӕй фесӕфдзысты Армагеддоны, Хуыцауы хӕсты (2 Пет. 3:7; Рарг. 16:16).

2 Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. Айразмӕйы статьяты куыд дзырдтам, афтӕмӕй Библийы фыст ис, Хуыцауы кӕй фӕнды, цӕмӕй «се ’ппӕт дӕр» ӕрфӕсмон кӕной (2 Пет. 3:9). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ архайынц, цӕмӕй Йегъовӕйау фӕразон уой ӕмӕ, тӕригъӕд чи сарӕзта, уыдонӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн баххуыс кӕной, цӕмӕй та Йегъовӕмӕ баввахс уой. Фӕлӕ алчи не ’рфӕсмон кӕны (Ис. 6:9). Вӕййы афтӕ, ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ адӕймагӕн баххуыс кӕныныл фӕархайынц, фӕлӕ уый уӕддӕр йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ нӕ ныууадзы. Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд бакӕнынц?

«ӔВЗӔРГӔНӔДЖЫ УӔХИЦӔЙ ФӔХИЦӔН КӔНУТ»

3. а) Йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдонӕн, Библимӕ гӕсгӕ, куыд бакӕнын хъӕуы? б) Адӕймаджы ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн вӕййы, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг равзӕрста?

3 Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл куы не ’рфӕсмон кӕны, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бакӕнынц, 1 Коринфӕгтӕм 5:13 стихы куыд фыст ис, афтӕ: «Ӕвзӕргӕнӕджы уӕхицӕй фӕхицӕн кӕнут». Уӕдӕ кӕд адӕймаджы ӕмбырдӕй фӕхицӕн кодтой, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг равзӕрста – цы байтыдта, уый ӕркарста (Гал. 6:7). Афтӕ уымӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ йын кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ хӕттыты хъавыдысты баххуыс кӕнынмӕ, уӕддӕр не ’рфӕсмон кодта (2 Пад. 17:12–15). Йӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын ӕй кӕй нӕ фӕнды (Дык. з. 30:19, 20).

4. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕмӕн фехъусын кӕнынц, кӕйдӕр ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый тыххӕй?

4 Адӕймаг йӕ тӕригъӕдыл куы не ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йӕ ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд ӕмбырды фехъусын кӕнынц, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нал у a. Афтӕ цӕмӕн бакӕнынц? Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ адӕймаг фӕхудинаг уа, фӕлӕ цӕмӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Библийы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ архайой, зӕгъгӕ уын йемӕ «иумӕйагӕй мацыуал» уӕд ӕмӕ йемӕ «иу фынгыл дӕр ма бадут» (1 Кор. 5:9–11). Йегъовӕ ахӕм фӕдзӕхст дзӕгъӕлы нӕ радта. Павел ныффыста: «Гыццыл ӕнхъизӕнӕй хыссӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр... сӕнхъизы» (1 Кор. 5:6). Йӕ тӕригъӕдыл чи не ’рфӕсмон кодта, уый ӕмбырдӕй куы нӕ фӕхицӕн кӕной, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, чи зоны, хъуыды кӕной, ӕмӕ ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой (Ӕмб. 13:20; 1 Кор. 15:33).

5. Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уымӕ цавӕр цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ цӕмӕн?

5 Искӕй ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕной, уӕд ӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Кӕд йемӕ рӕстӕг нӕ фервитӕм, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ йын баххуыс кӕнӕн нал ис. Уый у сӕфт фысы хуызӕн ӕмӕ, чи зоны, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Уыцы адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кодта, фӕлӕ ныр йӕ нывонддзырдмӕ гӕсгӕ нӕ цӕры ӕмӕ тӕссаг уавӕры ис (Йез. 18:31). Фӕлӕ ма цалынмӕ Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕвдисы, уӕдмӕ, гӕнӕн ис, фӕстӕмӕ ӕрбаздӕха. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн?

ӔМБЫРДӔЙ КӔЙ ФӔХИЦӔН КОДТОЙ, УЫДОНӔН ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ КУЫД ФЕХХУЫС КӔНЫНЦ?

6. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд фӕархайынц, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, ахӕм адӕймагӕн баххуыс кӕныныл?

6 Искӕй ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд ын цымӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн нал феххуыс кӕнынц? Уый афтӕ нӕу. Хойӕн кӕнӕ ’фсымӕрӕн куы фӕзӕгъынц, ӕмбырдӕй йӕ кӕй фӕхицӕн кӕндзысты, уӕд ын бамбарын кӕнынц, цы хъуамӕ сараза, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суа. Фӕлӕ арӕхдӕр ууыл не ’рлӕууынц. Адӕймагӕн фӕзӕгъынц, цалдӕр мӕйы фӕстӕ та йемӕ кӕй фембӕлдзысты, цӕмӕй базоной, йӕ зондахаст фӕивта ӕви нӕ. Куы сразы уа, ӕмӕ иннӕ хатт йемӕ куы фембӕлой, уӕд та ногӕй бацархайдзысты, цӕмӕй йын баххуыс кӕной. Ӕмӕ кӕд уӕдмӕ йӕ зондахаст нӕ фӕива, уӕд-иу уый фӕстӕ дӕр йемӕ фембӕлыныл архайдзысты.

7. Цӕмӕй вӕййы бӕрӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг кӕй сты? (Йереми 3:12).

7 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг уой ӕмӕ, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уымӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой. Зӕгъӕм, Йегъовӕ-иу не ’нхъӕлмӕ каст, йӕ адӕм кӕд ӕрфӕсмон кӕндзысты, цӕмӕй-иу сын баххуыс кодтаид. Цалынмӕ-иу не ’рфӕсмон кодтой, уӕдмӕ дӕр-иу сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста. Ацы журналы дыккаг статьяйы дзырд цыди, Йегъовӕ Осийӕн кӕй загъта, цӕмӕй йӕ усӕн ныххатыр кодтаид ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕрбакодтаид, кӕд нырма уӕззау тӕригъӕд арӕзта, уӕддӕр. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, тӕригъӕдгӕнаг кӕй у (Оси 3:1; Мал. 3:7). Йегъовӕйау хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр тынг фӕнды, цӕмӕй, тӕригъӕд чи сарӕзта, уый ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕха. (Бакӕс Йеремийы 3:12.)

8. Йегъовӕ тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уый куыд зыны, хӕдзарӕй чи ацыд, уыцы фырты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй? (Лукайы 15:7).

8 Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм Йесойы фӕсномыг ныхас, хӕдзарӕй чи ацыд, уыцы фырты тыххӕй. Фыд йӕ фырты ӕрбацӕйцӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм «азгъордта, ныхъхъӕбыс ын кодта ӕмӕ йын апъа кодта» (Лук. 15:20). Фыд не ’нхъӕлмӕ каст, хатыр дзы кӕд ракурдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ йӕ размӕ азгъордта, уымӕн ӕмӕ йӕ уарзта. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ахӕм зӕрдӕ дарынц, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдонмӕ ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой (Лук. 15:22–24, 32). Ӕмӕ адӕймаг куы ’рбаздӕхы, уӕд Йегъовӕ, Йесо, зӕдтӕ ӕмӕ ӕмбырд тынг фӕцин кӕнынц! (Бакӕс Лукайы 15:7.)

9. Йегъовӕ цы дзуры, тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн?

9 Куыд базыдтам афтӕмӕй, Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ тӕригъӕдыл чи нӕ фӕсмон кӕны, уыдон ӕмбырды уой. Фӕлӕ сыл уӕддӕр йӕ къух нӕ сисы. Уый фӕфӕнды, цӕмӕй ӕрбаздӕхой. Цы зӕрдӕ сӕм дары, уый бӕрӕг у Осийы 14:4 стихӕй: «Ӕз сӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн, ӕмӕ мыл гадзрахатӕй нал цӕудзысты. Зӕрдӕйӕ сӕ уарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын». Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ лӕмбынӕг уой, цӕмӕй-иу феной, адӕймаг фӕсмон кӕнын кӕй райдыдта. Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдонӕн та ацы ныхӕстӕ сӕ зӕрдыл лӕууын кӕнынц, тынг ӕй кӕй фӕнды, цӕмӕй йӕм фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхой.

10, 11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куыд феххуыс кӕнынц, ӕмбырдӕй бирӕ азты размӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕн?

10 Цы зӕгъӕн ис, ӕмбырдӕй бирӕ азты размӕ кӕй фӕхицӕн кодтой, уыдонӕй та? Адӕймаг, кӕй тыххӕй йӕ фӕхицӕн кодтой, уыцы тӕригъӕд, чи зоны, нал аразы йе та хъуыды дӕр нал кӕны, цӕй тыххӕй йӕ фӕхицӕн кодтой, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй, ахӕм адӕймӕгтӕ кӕм цӕрынц, уый базоной ӕмӕ сӕ бабӕрӕг кӕной. Адӕймагимӕ куы фембӕлынц, уӕд, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, йемӕ скувынц ӕмӕ йӕ ӕмбырдмӕ ӕрбаздӕхынмӕ баразӕнгард кӕнынц. Кӕд ӕмбырдтӕм рагӕй нӕ цӕуы, уӕд йӕ уырнындзинад тынг лӕмӕгъ уыдзӕн. Ӕмӕ йӕ ӕрбаздӕхын куы фӕнда, уӕд йемӕ исчи Библи ахуыр кӕнын райдайдзӕн, кӕд ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕма сси, уӕддӕр. Адӕймагимӕ Библи чи ахуыр кӕндзӕн, уый фескъуыддзаг кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ.

11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйау тӕригъӕдгӕнаг кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ агурынц, Йегъовӕйы чи ныууагъта, уыдоны ӕмӕ сын фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхынӕн ӕххуыс кӕнынц. Кӕд адӕймаг ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ ныууагъта, уӕд ӕмбырды фехъусын кӕндзысты, ногӕй та Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй у (2 Кор. 2:6–8).

12. а) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уӕлдай лӕмбынӕг цавӕр уавӕрты хъуамӕ уой? б) Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ кӕцыдӕр тӕригъӕдтӕ Йегъовӕ нӕ ныххатыр кӕндзӕн? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)

12 Кӕцыдӕр уавӕрты хистӕр нӕлгоймӕгты фӕхъӕуы уӕлдай лӕмбынӕг ахъуыды кӕнын, цӕмӕй бамбарой, адӕймаг уый аккаг у ӕви нӕ, цӕмӕй та ногӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕныл нымад ӕрцӕуа. Зӕгъӕм, адӕймаджы ӕмбырдӕй уый тыххӕй фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ раст дины ныхмӕ сси, сывӕллонӕн тыхми бакодта кӕнӕ йын фыдмитӕ кодта. Йе та, зӕгъӕм, йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй рацыд, цӕмӕй дзы ахицӕн уыдаид. Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ фидарӕй зоной, ӕцӕгдӕр кӕй ӕрфӕсмон кодта (Мал. 2:14; 2 Тим. 3:6). Уыдон хъуамӕ ӕмбырд хъахъхъӕной. Фӕлӕ ма хъуамӕ ӕмбарӕм, ӕцӕгдӕр чи ’рфӕсмон кӕны ӕмӕ йе ’взӕр хъуыддӕгтӕ чи ныууадзы, уыдонӕн Йегъовӕ кӕй ныххатыр кӕны. Уӕдӕ кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм адӕймӕгтӕм сӕ хъус уӕлдай лӕмбынӕг фӕдарынц, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕной, ӕмӕ сӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад никуы равдисдзӕн (1 Пет. 2:10) b.

ӔМБЫРДӔН ЙӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН?

13. Уайдзӕф кӕмӕн бакодтой, уыимӕ нӕхи куыд фӕдарӕм? Ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уыимӕ та?

13 Айразмӕйы статьяйы дзырд цыди, хатт ӕмбырды кӕй фехъусын кӕнынц, кӕмӕндӕр уайдзӕф кӕй бакодтой. Ахӕм адӕймагимӕ дарддӕр дӕр фӕныхас кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ ӕрфӕсмон кодта ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый нал аразы (1 Тим. 5:20). Уый ӕмбырдӕй нӕ фӕхицӕн кодтой, ӕмӕ йын хъӕуы йӕ ныфсыл ныфс ӕфтауын (Дзут. 10:24, 25). Фӕлӕ адӕймаджы ӕмбырдӕй куы фӕхицӕн кӕнынц, уӕд уый ӕндӕр хабар у. Ахӕм адӕймагимӕ нын иумӕйагӕй ницыуал вӕййы ӕмӕ «ахӕмимӕ иу фынгыл дӕр» нӕ фӕбадӕм (1 Кор. 5:11).

14. Чырыстонӕн йӕ бон куыд у бакӕнын, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый фембӕлдмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Фӕлӕ цымӕ, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый нӕ бон у фембӕлдмӕ фӕхонын ӕмӕ, куы ’рбацӕуа, уӕд ын салам раттын? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм адӕймагимӕ рӕстӕг нӕ фервитӕм. Фӕлӕ чырыстонӕн, йе ’фсарм ын куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ӕмбырдмӕ йӕ фӕхондзӕн ӕви нӕ. Кӕд йӕ хӕстӕг у йе та йӕ хорз ӕмбал уыд, уӕд ӕй, чи зоны, фӕхона. Ӕмӕ куы ’рбацӕуа, уӕд та? Раздӕр-иу ахӕм адӕймагӕн салам нӕ лӕвӕрдтам. Фӕлӕ ныр ахӕм уавӕры дӕр чырыстон хъуамӕ йӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕна, куыд бакӕндзӕн, уый. Чи зоны, кӕйдӕрты бафӕнда ахӕм адӕймагӕн салам раттын кӕнӕ та йын зӕгъын, кӕй ӕрбацыд, уый сын ӕхсызгон кӕй у. Фӕлӕ йемӕ ныхӕстӕ нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ рӕстӕг йемӕ не ’рвитдзыстӕм.

Чырыстонӕн, йе ’фсарм ын куыд дзуры, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, ӕмбырдӕй кӕй фӕхицӕн кодтой, уый ӕмбырдмӕ фӕхондзӕн кӕнӕ, куы ’рбацӕуа, уӕд ын салам ратдзӕн ӕви нӕ (кӕс 14 абзац)


15. 2 Иоанны 9–11 стихты дзырд цавӕр тӕригъӕдджынтыл цӕуы? (Кӕс рамкӕ « Иоанн ӕмӕ Павел иухуызон тӕригъӕдты кой кодтой?».)

15 Чи зоны, исчи ахъуыды кӕна, зӕгъгӕ, Библийы афтӕ фыст куы ис, ӕмӕ ахӕм адӕймагӕн салам чи дӕтты, «уый йын ӕмбал у йӕ фыдхъуыддӕгты». (Бакӕс 2 Иоанны 9–11.) Фӕлӕ ацы стихты контекстӕй бӕрӕг у, ам дзырд кӕй цӕуы, раст дины ныхмӕ чи сси кӕнӕ, иннӕты ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ аразыныл чи ардауы, ахӕм адӕймагыл (Рарг. 2:20). Уымӕ гӕсгӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ахӕм адӕймаджы нӕ фӕбӕрӕг кӕнынц. Фӕлӕ уӕддӕр, гӕнӕн ис, ӕмӕ йӕхи ӕрӕмбара. Уӕдмӕ та йын нӕдӕр салам дӕтдзыстӕм, нӕдӕр ӕй ӕмбырдмӕ хондзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔЙАУ ТӔРИГЪӔДГӔНАГ ӔМӔ ФӔЛМӔНЗӔРДӔ УТ

16, 17. а) Тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн Йегъовӕйы зӕрдӕ цы зӕгъы? (Йезекил 18:32). б) Тӕригъӕд чи ракодта, уымӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕимӕ кӕй фемгуыст кӕнынц, уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг?

16 Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй базыдтам, Йегъовӕйы кӕй нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа. (Бакӕс Йезекилы 18:32.) Уый фӕнды, цӕмӕй тӕригъӕдджынтӕ йемӕ бафидауой (2 Кор. 5:20). Ӕмӕ-иу уый тыххӕй фӕдзӕхста, чи-иу ӕй ныууагъта, уыдоны, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ йӕм раздӕхой. Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕимӕ ӕмгуыст фӕкӕнынц, уӕззау тӕригъӕд чи ракодта, уыдонӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн куы феххуыс кӕнынц, уӕд (Ром. 2:4; 1 Кор. 3:9).

17 Ахъуыды-ма кӕн, адӕймаг куы ’рфӕсмон кӕны, уӕд уӕлӕрвты куыд фӕцин кӕнынц! Нӕ уӕларвон Фыд Йегъовӕ алы хатт дӕр фӕцин кӕны, йӕ сӕфт фыстӕй исчи ӕмбырдмӕ куы ’рбаздӕхы, уӕд. Куыд тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд ӕй ноджы тынгдӕр бауарзӕм (Лук. 1:78).

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

a Ахӕм адӕймаджы тыххӕй афтӕ нал дзурдзыстӕм, зӕгъгӕ йӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой. 1 Коринфӕгтӕм 5:13 стихмӕ гӕсгӕ ныр дзурдзыстӕм, зӕгъгӕ йӕ ӕмбырдӕй фӕхицӕн кодтой.

b Библийы фыст ис, кӕмӕндӕрты сӕ тӕригъӕд ныххатыр кӕнӕн кӕй нӕй. Ахӕм адӕймӕгтӕ сӕ зӕрдӕ ныддур кӕнынц ӕмӕ ӕдзух зонгӕ-зонын Хуыцауы ныхмӕ фӕцӕуынц. Ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ ӕмӕ Йесо скъуыддзаг кӕнынц, адӕймагӕн ныххатыр кӕнӕн ис ӕви нӕ (Мар. 3:29; Дзут. 10:26, 27).