Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

15 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

Йегъовӕйы организацийыл тынгдӕр ӕууӕнд

Йегъовӕйы организацийыл тынгдӕр ӕууӕнд

«Ма рох кӕнут, разамынд уын чи дӕтты ӕмӕ уын Хуыцауы ныхас чи дзырдта, уыдоны» (ДЗУТ. 13:7).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйы организацийыл ӕууӕндӕм.

1. 1 ӕнусы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕн цавӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдау уыд?

 ЙЕГЪОВӔ йӕ лӕггадгӕнджытӕн исты куы бахӕс кӕны, уӕд ӕй фӕфӕнды, цӕмӕй йӕ аразой бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ (1 Кор. 14:33). Зӕгъӕм, Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕуа ӕгас зӕххы цъарыл дӕр (Матф. 24:14). Ӕмӕ Йесойы равзӕрста, цӕмӕй уыцы куыстӕн разамынд дӕтта. Йесо йӕ хъус дары, цӕмӕй уыцы хъуыддагӕн уа бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдау. 1 ӕнусы ӕмбырдтӕн разамынд лӕвӕрдтой, Иерусалимы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ. Уыдон уыдысты разамонӕг совет (Хъуыд. 15:2; 16:4). Алыхуызон рӕтты-иу ӕмбырдтӕ куы фӕзынд, уӕд-иу дзы ӕфсымӕртӕй чидӕртӕ ӕвӕрд ӕрцыдысты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй (Хъуыд. 14:23). Ӕмӕ-иу уыдон разамонӕг советы амындтӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм фӕхӕццӕ кодтой. Ӕмбырдтӕ уыцы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы «ахуыргӕнинӕгты уырнындзинад фидардӕр кодта ӕмӕ бонӕй-бонмӕ фылдӕр кодтой» (Хъуыд. 16:5).

2. 1919 азӕй фӕстӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн разамынд ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг куыд дӕтты?

2 Абон дӕр Йегъовӕйӕн йӕ адӕм лӕггад кӕнынц бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ. 1919 азӕй Йесо сӕрст нӕлгоймӕгты гыццыл къорды уылты хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕтты ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг (Лук. 12:42) a. Дзырд дӕр ыл нӕй, Йегъовӕ уыцы гыццыл къордӕн арфӕ кӕны (Ис. 60:22; 65:13, 14).

3, 4. а) Нӕ организацийы алцыдӕр бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй у, уый хорз цӕмӕй у? Ӕрхӕсс цӕвиттон. б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

3 Йегъовӕйӕн бӕлвырд фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ куы нӕ лӕггад кӕниккам, уӕд нӕ бон нӕ уаид, Йесо нын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20). Ахъуыды-ма кӕн, участоктӕ нын куы нӕ уаид ӕмӕ алчидӕр, йӕхи кӕм фӕнды, уым куы хъусын кӕнид, уӕд хабар куыд уаид. Кӕцыдӕр рӕтты-иу арӕх хъусын кӕниккам, кӕцыдӕр рӕтты та-иу никуы ничи хъусын кӕнид. Куыд дӕм кӕсы, нӕ организацийы алцыдӕр фӕтк ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ кӕй у, уый ма ноджыдӕр хорз цӕмӕй у?

4 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йесо зӕххыл куы цард, уӕд цы арӕзта ӕмӕ йӕ нӕ организаци куыд фӕзмы, ууыл. Стӕй ма базондзыстӕм, нӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйы организацийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый.

НӔ ОРГАНИЗАЦИ ФӔЗМЫ ЙЕСОЙЫ

5. Нӕ организаци Йесойы куыд фӕзмы? (Иоанны 8:28).

5 Йесо дзырдта ӕмӕ архайдта, йӕ уӕларвон Фыд ӕй куыд сахуыр кодта, афтӕ. Нӕ организаци Йесойы куыд фӕзмы? Цы разамынд нын ратты ӕмӕ нын цы фӕамоны, уымӕн йӕ бындур вӕййы Хуыцауы Ныхас. (Бакӕс Иоанны 8:28; 2 Тим. 3:16, 17.) Арӕх нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Хуыцауы Ныхас кӕй хъуамӕ иртасӕм. Ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

6. Библи нӕ публикациты фӕрцы куы иртасӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн?

6 Библи нӕ публикациты фӕрцы куы иртасӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕсдзӕн. Зӕгъӕм, нӕ бон у, Библийы цы фыст ис, уый, нӕ организаци нын нӕ публикациты уылты цы разамынд ратты, уыимӕ абарын. Ӕмӕ куы фенӕм, уыцы разамындӕн йӕ бындур Хуыцауы Ныхас кӕй у, уӕд Йегъовӕйы организацийыл тынгдӕр ӕууӕндын райдайдзыстӕм (Ром. 12:2).

7. Йесо цавӕр хабар хъусын кодта ӕмӕ йӕ Йегъовӕйы организаци куыд фӕзмы?

7 Йесо хъусын кодта «Хуыцауы паддзахады тыххӕй хорз хабар» (Лук. 4:43, 44). Ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дӕр уый бафӕдзӕхста (Лук. 9:1, 2; 10:8, 9). Абон Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ се ’ппӕт дӕр Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынц, кӕмфӕнды ма цӕрой ӕмӕ сыл нӕ организацийы цавӕрфӕнды хӕстӕ ма уа, уӕддӕр.

8. Цавӕр кад нӕм ӕрхауд?

8 Адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын стыр кад у. Фӕлӕ уыцы кад се ’ппӕтмӕ не ’рхауы. Зӕгъӕм, Йесо зӕххыл куы лӕггад кодта, уӕд хӕйрӕджытӕн уый бар нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй, чи у, уый тыххӕй дзырдтаиккой (Лук. 4:41). Абон, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтимӕ хъусын кӕнын райдайа, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕра. Нӕ бон куыд у равдисын, хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уымӕн тынг кӕй аргъ кӕнӕм? Хъуамӕ-иу алы фадатӕй дӕр спайда кӕнӕм, цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй радзурӕм. Йесойау махӕн дӕр нӕ нысан у адӕмы зӕрдӕты рӕстдзинады мыггаг тауын ӕмӕ йыл дон кӕнын (Матф. 13:3, 23; 1 Кор. 3:6).

9. Нӕ организаци адӕмӕн куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй Хуыцауы ном базоной?

9 Йесо Хуыцауы ном ӕргом кодта. Йӕ уӕларвон Фыдмӕ куы куывта, уӕд загъта: «Ӕз [сын] дӕ ном раргом кодтон» (Иоан. 17:26). Йегъовӕйы организаци дӕр Йесойы фӕзмы ӕмӕ алцыдӕр аразы, цӕмӕй адӕм Хуыцауы ном базоной. Уыцы хъуыддагӕн стыр ахъаз у «Библи – Ног дунейы тӕлмац». Хуыцауы ном дзы фыст ӕрцыд, кӕмдӕриддӕр хъуамӕ уа, уым. Ацы тӕлмац ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ кӕцыдӕр хай рацыд 270 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Брошюрӕйы «Ӕрмӕг Библи иртасынӕн» 1-аг ӕмӕ 2-аг сӕртӕй базонӕн ис, Библийы Хуыцауы ном цы рӕтты хъуамӕ ӕмбӕла, уыцы рӕтты цӕмӕн ӕрцыд фыст. 2-аг сӕрӕй ма базонӕн ис, Чырыстон Грекъаг Фыстыты Хуыцауы ном 237 хатты цӕмӕн хъуамӕ ӕмбӕла, уый.

10. Мьянмӕйӕ иу сылгоймаджы ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

10 Йесойау мах дӕр фӕнды, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕмӕн баххуыс кӕнын, цӕмӕй Хуыцауы ном базоной. 67 азы кӕуыл цыд, иу ахӕм сылгоймаг Мьянмӕйӕ, Хуыцауы ном куы базыдта, уӕд скуыдта ӕмӕ, йемӕ Библи чи ахуыр кодта, уыцы хойӕн загъта: «Мӕ царды фыццаг хатт хъусын, Хуыцауы ном Йегъовӕ кӕй у, уый. ...Царды ӕппӕты ахсджиагдӕр цы у, уый дӕуӕй базыдтон». Ацы хабарӕй бӕрӕг у, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм Хуыцауы ном куы базонынц, уӕд сын уый сӕ зӕрдӕ куыд тынг бацагайы.

ДАРДДӔР ДӔР ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫЛ ӔУУӔНД

11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕвдисын, Хуыцауы организацийыл кӕй ӕууӕндынц, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕвдисын, Хуыцауы организацийыл кӕй ӕууӕндынц? Нӕ организаци сын цавӕрдӕр амындтӕ куы ратты, уӕд-иу сӕ хъуамӕ лӕмбынӕг бакӕсой ӕмӕ, сӕ бон цы у, уый саразой, цӕмӕй уыцы амындтӕм гӕсгӕ архайой. Зӕгъӕм, амындтӕ райсынц, ӕмбырдтӕ уадзын ӕмӕ ӕмбырды номӕй кувын куыд хъӕуы, уый фӕдыл, стӕй Чырыстийы фыстӕн ӕххуыс кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ организацийы амындтӕм гӕсгӕ куы фӕархайынц, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фембарынц, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы ӕмӕ сӕм йӕ хъус кӕй дары.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй Йегъовӕйы организацийы разамындыл ӕууӕндӕм (кӕс 11 абзац) b


12. а) Разамынд нын чи дӕтты, уыдоны коммӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕсӕм? (Дзуттӕгтӕм 13:7, 17). б) Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ хорз миниуджытӕ цӕмӕн хъуамӕ уынӕм?

12 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нын цы разамынд раттынц, уымӕ гӕсгӕ-иу хъуамӕ уайтагъд бацархайӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд сын ӕнцондӕр уыдзӕн сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнын. Библи нын дзуры, цӕмӕй, разамынд нын чи дӕтты, уыдонмӕ хъусӕм ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:7, 17.) Уый нын хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст сты. Фӕлӕ-иу сын сӕ хъӕндзинӕдтӕм куы ныккомкоммӕ уӕм, сӕ хорз миниуджытӕ та-иу сын куы нӕ уынӕм, уӕд афтӕмӕй не знӕгтӕн сӕ къух араздзыстӕм. Ома куыд? Не знӕгты фӕнды, цӕмӕй дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, Хуыцау нын разамынд йӕ организацийы уылты кӕй дӕтты, ууыл. Уӕдӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕм фаутӕ куы хӕссӕм, уӕд, гӕнӕн ис, нӕ организацимӕ дӕр райдайӕм фаутӕ хӕссын, ӕмӕ йыл уӕд ӕууӕндгӕ дӕр нал кӕндзыстӕм. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, знӕгтӕ цы фӕаразынц, цӕмӕй нӕ дызӕрдыг хъуыдытыл бафтауой ӕмӕ нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй ма фӕсайды уӕм.

МА БАУАДЗ, ЦӔМӔЙ ИННӔТЫ ТЫХХӔЙ ХУЫЦАУЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫЛ МАУАЛ ӔУУӔНДАЙ

13. Хуыцауы знӕгтӕ йын йӕ организацийыл цъыф куыд калынц?

13 Хуыцауы знӕгтӕ йын йӕ организацийыл цыдӕртӕ ӕрымысынц, цы аразы, уый сзыгъуыммӕ кӕнынц. Зӕгъӕм, Библийӕ базыдтам, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ буар ӕмӕ нӕ дзаумӕттӕ сыгъдӕг уой, сыгъдӕг цард кӕнӕм ӕмӕ, уый куыд фӕнды, афтӕ йын лӕггад кӕнӕм. Йегъовӕ дзуры, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ чи аразы ӕмӕ йӕ цард аивын кӕй нӕ фӕнды, ахӕм адӕймаджы ӕмбырдӕй ацух кӕнын кӕй хъӕуы (1 Кор. 5:11–13; 6:9, 10). Ӕмӕ мах уыцы фӕдзӕхстмӕ хъусӕм. Фӕлӕ не знӕгтӕ фӕзӕгъынц, сымахмӕ, дам, уарзондзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй, ӕмӕ, дам, уӕм ӕгӕр карз ӕгъдӕуттӕ ис.

14. Нӕ организацийы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ чи парахат кӕны?

14 Сбӕлвырд кӕн, мӕнг ныхӕстӕ чи кӕны, уый. Уый у Хӕйрӕг – «мӕнгдзинады фыд» (Иоан. 8:44; Райд. 3:1–5). Уӕдӕ нӕм диссаг нӕ кӕсы, Хӕйрӕг не знӕгты уылты Йегъовӕйы организацийы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕй парахат кӕны. 1 ӕнусы дӕр афтӕ кодта.

15. Дины разамонджытӕ Йесойы ӕмӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты номыл цъыф куыд калдтой?

15 Кӕд Хуыцауы Фырт ӕххӕст уыд ӕмӕ бирӕ диссӕгтӕ арӕзта, уӕддӕр Хӕйрӕг, йӕ фарс чи уыд, уыцы адӕмы уылты Йесойы тыххӕй бирӕ мӕнг ныхӕстӕ парахат кодта. Зӕгъӕм, дины разамонджытӕ адӕмӕн дзырдтой, зӕгъгӕ, Йесо хӕйрӕджыты суры «хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ» (Мар. 3:22). Йесойӕн куы тӕрхон кодтой, уӕд ӕй дины разамонджытӕ Хуыцауы фауӕг схуыдтой ӕмӕ адӕмы сардыдтой, зӕгъгӕ, дзурут, цӕмӕй йӕ амарой (Матф. 27:20). Фӕстӕдӕр, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар куы хъусын кодтой, уӕд знӕгтӕ «иннӕ адӕмты сызмӕстой» ӕмӕ сӕ сӕ ныхмӕ скодтой (Хъуыд. 14:2, 19). 1998 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» Хъуыддӕгтӕ 14:2 стихы тыххӕй фыст уыд: «Чырыстон дины ныхмӕ чи уыд, уыцы дзуттӕгтӕ нӕ баууӕндыдысты, чырыстӕттӕ цы хабар хъусын кодтой, ууыл. Ӕмӕ ма сыл ӕвзӕр цыдӕртӕ дӕр ӕрымысыдысты, цӕмӕй, ӕндӕр адӕмтӕй чи уыд, уыдон сӕм ма хъуыстаиккой ӕмӕ сӕ се сӕфт федтаиккой».

16. Мӕнг ныхӕстӕ-иу куы фехъусӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?

16 Хӕйрӕг абон дӕр парахат кӕны мӕнг ныхӕстӕ ӕмӕ «зӕххыл ӕппӕт адӕмы дӕр... сайы» (Рарг. 12:9). Йегъовӕйы организацийы тыххӕй кӕнӕ бӕрнон ӕфсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусай, уӕд-иу ӕрхъуыды кӕн, знӕгтӕ Йесомӕ ӕмӕ 1 ӕнусы чырыстӕттӕм цы зӕрдӕ дардтой, уый. Абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ӕфхӕрынц ӕмӕ сыл мӕнг ныхӕстӕ мысынц. Ӕмӕ нӕм уый диссаг нӕ кӕсы, уымӕн ӕмӕ Библийы рагацау фыст ӕрцыд, афтӕ кӕй уыдзӕн (Матф. 5:11, 12). Цӕмӕй ма фӕсайды уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕмбарӕм, уыцы мӕнг ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый ӕмӕ-иу уайтагъд исты саразӕм. Ныртӕккӕ аныхас кӕндзыстӕм, нӕ бон цы у аразын, ууыл.

17. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй ма фӕсайды уӕм? (2 Тимофеймӕ 1:13). (Кӕс рамкӕ дӕр « Мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусай, уӕд цы ис саразӕн?».)

17 Мӕнг ныхӕстӕм ма хъус. Мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусӕм, уӕд нӕ цы фӕхъӕуы аразын, уый фӕдыл апостол Павел бӕлвырд амындтӕ радта. Уый Тимофейӕн загъта, цӕмӕй, «сыгъдӕг цы у, уый хынджылӕггаг чи кӕны, дзӕгъӕл ныхӕстӕ йеддӕмӕ чи ницы сты, уыцы аргъӕуттӕм» ма хъуыстаид ӕмӕ уымӕй иуӕй-иуты бафӕдзӕхстаид (1 Тим. 1:3, 4; 4:7). Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй гыццыл сывӕллӕтты хуызӕн уӕм. Сывӕллонӕн йӕ бон у пъолӕй чъизи цыдӕр сисын ӕмӕ йӕ йӕ дзыхы бакӕнын. Фӕлӕ стыр адӕймаг афтӕ никуы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбары, уый йын зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. Мах мӕнг ныхӕстӕм нӕ фӕхъусӕм, уымӕн ӕмӕ ӕмбарӕм, уыцы ныхӕстӕ кӕмӕй цӕуынц, уый. Мах фидар хӕцӕм рӕстдзинады «раст ныхӕстыл». (Бакӕс 2 Тимофеймӕ 1:13.)

18. Йегъовӕйы организацийыл кӕй ӕууӕндӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын?

18 Мах ӕркастыстӕм, Йегъовӕйы организаци Йесойы куыд фӕзмы, уымӕ. Аныхас кодтам ӕртӕ хъуыддагыл. Библи куы иртасай, уӕд-иу бацархай, цӕмӕй фенай, ноджыдӕр ма йӕ цӕмӕй фӕзмы, уый. Де ’мбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Хуыцауы организацийыл тынгдӕр ӕууӕндой. Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай ӕмӕ, йӕ фӕндон кӕй уылты ӕххӕст кӕны, уыцы организациимӕ дарддӕр дӕр куы ’мгуыст кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, дӕхӕдӕг дӕр Йегъовӕйы организацийыл кӕй ӕууӕндыс (Пс. 37:28). Цӕй ӕмӕ алкӕддӕр аргъ кӕнӕм, Йегъовӕйӕн йӕ адӕмимӕ иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уымӕн. Уый махӕн стыр кад у!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Хуыцауы организаци Йесойы куыд фӕзмы?

  • Нӕ бон куыд у дарддӕр дӕр ӕвдисын, Хуыцауы организацийыл кӕй ӕууӕндӕм?

  • Мӕнг ныхӕстӕ куы фехъусӕм, уӕд-иу куыд хъуамӕ бакӕнӕм?

103 ЗАРӔГ Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ

a Кӕс рамкӕ «Почему именно 1919 год?» чиныджы «Чистое поклонение Иегове восстановлено!», 102, 103 фӕрстӕ.

b НЫВ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ныхас кӕнынц, бирӕ адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый фӕдыл амындтыл. Уый фӕстӕ къорды цӕстдарӕг хотӕн дзуры, цӕмӕй стендимӕ хъусын кӕнгӕйӕ афтӕ слӕууой, ӕмӕ къул сӕ фӕстӕ уа.