Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

16 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

64 ЗАРӔГ Хуымгӕрдӕны зӕрдӕрайгӕйӕ кусӕм

Хъусын кӕныны хъуыддаг дын фылдӕр циндзинад хӕссӕд

Хъусын кӕныны хъуыддаг дын фылдӕр циндзинад хӕссӕд

«Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнут цингӕнгӕйӕ» (ПС. 100:2).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсса.

1. Кӕмӕндӕрты зын цӕмӕн у уацамынды адӕмимӕ ныхас кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

 ЙЕГЪОВӔЙЫ лӕггадгӕнджытӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынц, уымӕн ӕмӕ уарзынц сӕ уӕларвон Фыды ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ иннӕтӕ дӕр базоной. Бирӕ хъусынгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕмӕ цӕуы хъусын кӕнын. Фӕлӕ кӕмӕндӕрты та уыцы хъуыддаг циндзинад нӕ хӕссы. Цымӕ цӕуылнӕ? Чидӕртӕ сты тынг ӕфсӕрмыгӕнаг ӕмӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хорз нӕ арӕхсынц. Чидӕртӕ та ӕфсӕрмы фӕкӕнынц кӕйдӕр хӕдзармӕ бахойын, ӕнӕхуынд уазджытӕм, дам, ничи фенхъӕлмӕ кӕсы. Иуӕй-иутӕ та фӕтӕрсынц, куы сӕм смӕсты уой ӕмӕ сӕм куы нӕ байхъусой, уымӕй. Иннӕтӕ та фӕтӕрсынц, исчи семӕ быцӕу кӕнын куы райдайа, уымӕй. Ӕмӕ кӕд уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы тынг бирӕ уарзынц, уӕддӕр сын зын вӕййы ӕнӕзонгӕ адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ уыдон ӕмбарынц, уыцы куыст тынг ахсджиаг кӕй у ӕмӕ ӕдзух фӕхъусын кӕнынц. Йегъовӕ уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй тынг райгонд у!

Дӕ зӕрдӕмӕ цӕуы хъусын кӕнын? (кӕс 1 абзац)


2. Кӕд дын хъусын кӕныны хъуыддаг хатт циндзинад нӕ фӕхӕссы, уӕд дӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта?

2 Чи зоны, дӕумӕ дӕр хатт ахӕм ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, ӕмӕ дын уый тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг циндзинад нӕ хӕссы. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс кӕй нӕ хӕссыс, уый, чи зоны, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сӕрныллӕг дӕ ӕмӕ дӕ нӕ фӕнды иннӕты ’ргом дӕхимӕ здахын. Стӕй ма, чи зоны, ууыл дзурӕг дӕр у, ӕмӕ дӕ нӕ фӕнды иннӕтимӕ быцӕу кӕнын. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, никӕй зӕрдӕмӕ фӕцӕуы, куы йӕм смӕсты вӕййынц кӕнӕ йыл куы фӕхъӕртӕ кӕнынц, уый, уӕлдайдӕр ӕй искӕмӕн хорз цыдӕр радзурын куы фӕфӕнды, уӕд. Фӕлӕ дӕ уӕларвон Фыд зоны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлыс, уый ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕна (Ис. 41:13). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм фондз уынаффӕйыл. Уыдон нын баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс хӕссӕм ӕмӕ нын уыцы хъуыддаг циндзинад хӕсса.

ХУЫЦАУЫ НЫХАС ДӔ ФИДАР КӔНӔД

3. Пехуымпар Йеремийӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй хъусын кодтаид?

3 Раджы заманты дӕр-иу Хуыцауы лӕггадгӕнджыты зын хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнын куы хъуыди, уӕд-иу сӕ Хуыцауы ныхӕстӕ бафидар кодтой. Ахъуыды кӕнӕм пехуымпар Йеремийыл. Йегъовӕ Йеремийӕн хъусын кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд уымӕ йӕ ныфс нӕ хаста. Уый загъта: «Ӕз нырма ӕрыгон дӕн, ӕмӕ дзурынмӕ дӕр нӕ арӕхсын» (Йер. 1:6). Цымӕ йын цы баххуыс кодта, цӕмӕй фӕныфсджындӕр уыдаид ӕмӕ хъӕбатырӕй хъусын кодтаид? Хуыцауы ныхӕстӕ йӕ бафидар кодтой. Йереми загъта: «[Йӕ ныхас] пиллон артау сыгъд ме стджыты мидӕг. Ӕмӕ йӕ уромынӕй бафӕлладтӕн» (Йер. 20:8, 9). Йереми кӕм хъусын кодта, уыцы территорийы йӕм бирӕтӕ нӕ хъуыстой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цыдысты. Фӕлӕ йын Йегъовӕ цы хабар бахӕс кодта хъусын кӕнын, уый дзы хъарутӕ бауагъта, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ бон уыд йӕ хӕслӕвӕрд ӕххӕст кӕнын.

4. Хуыцауы Ныхас куы кӕсӕм ӕмӕ йыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕсдзӕн? (Колоссӕгтӕм 1:9, 10).

4 Чырыстӕтты дӕр хъарутӕ бауадзы Хуыцауы Ныхас. Апостол Павел Колоссты ӕмбырдмӕ куы ныффыста, уӕд загъта, ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Хуыцауы фӕндон бӕлвырдӕй куы зоной, уӕд сӕ бон кӕй уыдзӕн, «Йегъовӕйы раз куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цӕрын ӕмӕ сын «алы хорз хъуыддаджы дӕр» бирӕ кӕй ӕнтысдзӕн. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 1:9, 10.) Ӕмӕ уыцы хорз хъуыддӕгтӕм хауы хорз хабар хъусын кӕнын дӕр. Уӕдӕ, Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уырнындзинад фидардӕр свӕййы ӕмӕ йӕ хуыздӕр фембарӕм, куыд ахсджиаг у адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын.

5. Нӕ бон куыд у Библи афтӕ кӕсын ӕмӕ иртасын, цӕмӕй нын фылдӕр пайда хӕсса?

5 Хуыцауы Ныхас куы фӕкӕсӕм, куы фӕиртасӕм ӕмӕ йыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд-иу хъуамӕ тагъд ма кӕнӕм. Ӕмӕ-иу нын уӕд фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Кӕсгӕ-кӕсын исты стих куы нӕ бамбарай, уӕд-иу ӕй афтӕ ма ныууадз. Уыцы стихы тыххӕй-иу фылдӕр ӕрмӕг бацагур. Уымӕн дын стыр ӕххуыс фӕуыдзӕн «Индекс публикаций Сторожевой Башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Хуыцауы Ныхас иртасынӕн-иу фаг рӕстӕг куы рахицӕн кӕнай, уӕд ыл тынгдӕр ӕууӕнддзынӕ (1 Фес. 5:21). Ӕмӕ йыл цас тынгдӕр ӕууӕндай, уыйас дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн, цы базыдтай, уый иннӕтӕн дзурын.

ДӔХИ-ИУ УАЦАМЫНДМӔ ДЗӔБӔХ БАЦӔТТӔ КӔН

6. Нӕхи уацамындмӕ дзӕбӕх цӕмӕн хъуамӕ цӕттӕ кӕнӕм?

6 Дӕхи уацамындмӕ дзӕбӕх куы цӕттӕ кӕнай, уӕд дын, ӕвӕццӕгӕн, ӕнцондӕр уыдзӕн адӕмимӕ ныхас кӕнын ӕмӕ афтӕ тынг нӕ тыхсдзынӕ. Йесо дӕр фыццаг йӕ ахуыргӕнинӕгты бацӕттӕ кодта ӕмӕ сӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ арвыста хъусын кӕнынмӕ (Лук. 10:1–11). Ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойы амындтӕм гӕсгӕ кӕй архайдтой, уый фӕрцы сарӕзтой бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ сын уый стыр циндзинад ӕрхаста (Лук. 10:17).

7. Дӕ бон куыд у дӕхи уацамындмӕ бацӕттӕ кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Дӕ бон куыд у дӕхи уацамындмӕ бацӕттӕ кӕнын? Ахъуыды кӕн, цӕуыл дӕ фӕндид адӕмимӕ аныхас кӕнын ӕмӕ уыцы хъуыдытӕ дӕхи ныхӕстӕй куыд зӕгъдзынӕ, ууыл. Хорз ма уыдзӕн, куы ахъуыды кӕниккам, адӕмимӕ ныхас кӕнын куы райдайӕм, уӕд арӕхдӕр цы фӕзӕгъынц, ууыл, дыууӕ-ӕртӕ уавӕрыл. Ӕмӕ ис бацӕттӕ кӕнӕн, уыцы уавӕрты цы зӕгъдзыстӕм, уый. Ӕмӕ уӕд ӕгӕр нӕ тыхсдзыстӕм ӕмӕ адӕмимӕ хӕларзӕрдӕйӕ ӕмӕ нӕ мидбылты худгӕйӕ ныхас кӕндзыстӕм.

Дӕхи-иу уацамындмӕ дзӕбӕх бацӕттӕ кӕн (кӕс 7 абзац)


8. Апостол Павел чырыстӕтты ӕлыг мигӕнӕнтимӕ цӕмӕн абарста?

8 Апостол Павел йӕ чырыстон хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн загъта: «Уыцы хӕзна [нын] ис ӕлыг мигӕнӕнты» (2 Кор. 4:7). Цы у уыцы хӕзна? Хъусын кӕныны хъуыддаг (2 Кор. 4:1). Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы адӕмы ирвӕзын кӕнӕм. Ӕлыг мигӕнӕнтӕ та кӕмӕ амонынц? Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕм. Павелы заман сӕудӕджертӕ ӕлыг дурынты ластой зынаргъ цыдӕртӕ, зӕгъӕм, хӕринаг, сӕн ӕмӕ ӕхца. Раст афтӕ махӕн дӕр Йегъовӕ нӕ бар бакодта зынаргъ цыдӕр – хорз хабар хъусын кӕнын. Ӕмӕ нын тыхтӕ дӕтты, цӕмӕй уыцы куыст дарддӕр дӕр кӕнӕм.

КУВ, ЦӔМӔЙ НЫФСДЖЫНӔЙ ХЪУСЫН КӔНАЙ

9. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй адӕмӕй ма тӕрсӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Хатт хъусын кӕнынмӕ нӕ ныфс нӕ фӕхӕссӕм, уымӕн ӕмӕ фӕтӕрсӕм, адӕм нын ӕвзӕрӕй исты кӕй зӕгъдзысты кӕнӕ кӕй сараздзысты, уымӕй. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн? Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, апостолтӕн афтӕ куы загътой, цӕмӕй мауал хъусын кодтаиккой, уӕд цӕй тыххӕй куывтой. Тас сӕ нӕ бацыд, фӕлӕ Йегъовӕйӕ куырдтой, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид йӕ ныхас ныфсджынӕй дзурынӕн. Ӕмӕ сын Йегъовӕ сӕ куывдӕн уайтагъд дзуапп радта (Хъуыд. 4:18, 29, 31). Мах дӕр, чи зоны, хатт адӕмӕй фӕтӕрсӕм. Ӕмӕ-иу уӕд хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ дзы ӕххуыс курӕм, цӕмӕй адӕмы ноджы тынгдӕр уарзӕм. Уӕд нӕ бон уыдзӕн хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнын.

Кув, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнай (кӕс 9 абзац)


10. Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа ныфсджынӕй хъусын кӕнын? (Исай 43:10–12).

10 Йегъовӕ нӕ равзӕрста, цӕмӕй йе ’вдисӕнтӕ уӕм ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм. (Бакӕс Исайы 43:10–12.) Уый куыд аразы? Фыццаг: куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд Йесо алкӕддӕр вӕййы немӕ (Матф. 28:18–20). Дыккаг: Йегъовӕ рарвиты зӕдты, цӕмӕй нын ӕххуыс кӕной (Рарг. 14:6). Ӕртыккаг: Йегъовӕ нын дӕтты йӕ сыгъдӕг тых, ӕмӕ нын уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, Библийӕ цы базыдтам, уыдӕттӕ (Иоан. 14:25, 26). Цыппӕрӕм: ис нын замманай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ, ӕмӕ нын уыдон дӕр уацамынды стыр ӕххуыс вӕййынц. Йегъовӕйы ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты фӕрцы нӕ бон уыдзӕн ныфсджынӕй хъусын кӕнын.

ЦЫ ХЪӔУА, УЫЙ-ИУ ФӔИВ ӔМӔ ДӔ НЫФС СӔТТЫН МА БАУАДЗ

11. Цы ис саразӕн, цӕмӕй-иу уацамынды фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ хъусын кӕнгӕйӕ хӕдзары бирӕты куы нӕ баййафыс, уӕд дӕ ныфс асӕтты? Кӕд о, уӕд ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цымӕ мӕ участокы адӕм ныр кӕм сты? (Хъуыд. 16:13). Мыййаг, куысты сты кӕнӕ исты ӕлхӕнынмӕ ацыдысты?» Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ бон нӕ уаид уынджы хъусын кӕнын? Афтӕмӕй дын, гӕнӕн ис, рауайа фылдӕр адӕмимӕ аныхас кӕнын. Ӕфсымӕр Джо́шуа загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы стыр дуканиты ӕмӕ машинӕты лӕууӕндӕтты хъусын кӕнын». Йӕ бинойнаг Бри́джитимӕ ма куыд зӕгъынц, афтӕмӕй фылдӕр адӕмы хӕдзары баййафынц изӕрыгӕтты ӕмӕ хуыцаубоны сихорафон (Еф. 5:15, 16).

Цы хъӕуа, уый-иу фӕив ӕмӕ, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм рӕтты хъусын кӕн (кӕс 11 абзац)


12. Нӕ бон куыд у базонын, адӕм цӕуыл ӕууӕндынц кӕнӕ сӕ цы тыхсын кӕны, уый?

12 Кӕд уӕ территорийы адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабармӕ нӕ хъусынц, уӕд ахъуыды кӕн, цӕуыл ӕууӕндынц ӕмӕ сӕ цы тыхсын кӕны, ууыл. Джошуа ӕмӕ Бриджит дӕр афтӕ фӕкӕнынц. Уыдон сӕ ныхас райдайынц, нӕ буклетты фыццаг фарсыл цы фарста ис, уымӕй. Зӕгъӕм, буклетӕй «Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?» куы фӕпайда кӕнынц, уӕд адӕймагӕн фӕзӕгъынц: «Иуӕй-иутӕ Библи нымайынц Хуыцауы Ныхасыл, иннӕтӕ та – нӕ. Ды та куыд хъуыды кӕныс?» Уый фӕрцы сын арӕх ныхас бацайдагъ вӕййы.

13. Кӕд нӕм алчи нӕ байхъусы, уӕд дӕр афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ ӕнтыстджын стӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

13 Хъусын кӕнгӕйӕ нӕм кӕд алчи нӕ байхъусы, уӕддӕр стӕм ӕнтыстджын. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ мах аразӕм, Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Фырты цы фӕнды, уый – хъусын кӕнӕм (Хъуыд. 10:42). Ӕмӕ нын уацамынды куы никӕимӕ рауайы аныхас кӕнын, уӕд дӕр фӕцин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ зонӕм, нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11.)

14. Иннӕ хъусынгӕнджытӕй исчи куы ссары, Библийӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы, уӕд цӕмӕн фӕцин кӕнӕм?

14 Иннӕ хъусынгӕнджытӕй исчи куы ссары, Библийӕ фылдӕр базонын кӕй фӕнды, ахӕм адӕймаджы, уӕд дӕр фӕцин кӕнӕм. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», цы куыст кӕнӕм, уый барст цыди, чи фӕдзӕгъӕл, ахӕм сывӕллоны куыд фӕагурынц, уыимӕ. Йӕ агурӕг бирӕ адӕм ацӕуы ӕмӕ алы къуым дӕр басгарынц. Ӕмӕ, сывӕллоны куы ссарынц, уӕд, чи йӕ ссардта, ӕрмӕст уый нӕ фӕцин кӕны, фӕлӕ, чи йӕ агуырдта, уыдон иууылдӕр. Раст афтӕ, ахуыргӕнинаг бацӕттӕ кӕнын иу адӕймаджы фыдӕбон нӕу. Ахуыргӕнинаджы ӕнӕхъӕн ӕмбырд фӕцӕттӕ кӕны. Цӕмӕй, не ’мбырды территорийы чи цӕры, уыцы адӕм иууылдӕр хорз хабар фехъусой, уый тыххӕй алкӕй ӕххуыс дӕр хъӕуы. Ӕмӕ, исчи рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ куы айсы ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын куы райдайы, уӕд не ’ппӕт дӕр фӕцин кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔМӔ АДӔМЫ УАРЗ

15. Матфейы 22:37–39 стихтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсса? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы куы уарзӕм, уӕд нын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн. (Бакӕс Матфейы 22:37–39.) Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕйӕн куыд ӕхсызгон вӕййы, куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд! Ӕмӕ, Библи ахуыр кӕнын чи райдайа, уыцы адӕм куыд амондджын уыдзысты! Стӕй дӕ рох ма уӕд: адӕймаг дӕм куы байхъуса ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын куы райдайа, уӕд йӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын (Иоан. 6:40; 1 Тим. 4:16).

Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы куы уарзай, уӕд дын хъусын кӕныны хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн (кӕс 15 абзац)


16. Кӕд дӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын нӕу, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дын хъусын кӕныны хъуыддаг циндзинад хӕсса? Ӕрхӕсс цӕвиттонтӕ.

16 Кӕд цӕйдӕр тыххӕй дӕ бон хӕдзарӕй ӕддӕмӕ рацӕуын нӕу, уӕд ахъуыды кӕн, дӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы кӕй уарзыс, уый. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг Самве́л ӕмӕ Да́нийӕйӕн дӕр сӕ бон нӕ уыд хӕдзарӕй рацӕуын. Уыцы зын рӕстӕджы ӕдзух телефонӕй ӕмӕ писмоты фӕрцы хъусын кодтой ӕмӕ зумы уылты Библийы ахуыртӕ уагътой. Самвел уыди ракӕй рынчын. Ӕмӕ-иу рынчындонмӕ йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд-иу уым кӕмӕндӕрты хъусын кодта. Уый загъта: «Адӕймаг зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлы, уӕд тынг фӕмӕт кӕны, бафӕллайы ӕмӕ йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд фӕцӕуы. Уӕдӕ ахсджиаг у, цӕмӕй нын нӕ лӕггад циндзинад хӕсса». Иннӕ бӕллӕх та ма уый уыд, ӕмӕ Данийӕ ахауд ӕмӕ 3 мӕйы йӕ бон нӕ уыд хуыссӕнӕй стын. Уый фӕстӕ та 6 мӕйы уыди инвалиды коляскӕйы. Уый загъта: «Мӕ уавӕрты, мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон. Хъусын-иу кодтон, хӕдзармӕ-иу мӕм чи ӕрбацыд, уыцы медицинон хойӕн ӕмӕ курьертӕн. Стӕй ма телефонӕй цалдӕр хатты дзӕбӕх аныхас кодтон, медицинон фирмӕйы чи куыста, иу ахӕм сылгоймагимӕ». Кӕд Самвел ӕмӕ Данийӕйӕн сӕ бон нал уыд, раздӕр цас лӕггад кодтой, уыйбӕрц лӕггад кӕнын, уӕддӕр, сӕ бон цы уыд, уый арӕзтой ӕмӕ сын уый циндзинад хаста.

17. Ацы статьяйы цы уынаффӕтӕ уыд, уыдон дын фылдӕр пайда кӕд ӕрхӕсдзысты?

17 Ацы статьяйы цы уынаффӕтыл аныхас кодтам, уыдон дын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзысты, се ’ппӕтӕй дӕр иумӕ куы спайда кӕнай, уӕд. Уый абарӕн ис хӕринаджы рецептимӕ. Рецептмӕ гӕсгӕ хӕринаг цӕмӕй конд уыдзӕн, уыдон иууылдӕр хъӕуынц, цӕмӕй хӕринаг хӕрзад рауайа. Раст афтӕ, ацы уынаффӕтӕй се ’ппӕтӕй дӕр иумӕ куы спайда кӕнай, уӕд хъусын кӕнынмӕ дӕ ныфс хӕсдзынӕ ӕмӕ дын уыцы хъуыддаг фылдӕр циндзинад хӕсдзӕн.

АЦЫ ХЪУЫДДӔГТӔ НЫН КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗЫСТЫ, ЦӔМӔЙ НЫН ХЪУСЫН КӔНЫНЫ ХЪУЫДДАГ ФЫЛДӔР ЦИНДЗИНАД ХӔССА?

  • Фаг рӕстӕг-иу куы рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ-иу нӕхи уацамындмӕ дзӕбӕх куы бацӕттӕ кӕнӕм.

  • Куы кувӕм, цӕмӕй ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм.

  • Йегъовӕйы ӕмӕ адӕмы куы уарзӕм.

80 ЗАРӔГ «Бафӕлвар ӕмӕ базон, Йегъовӕ куыд хорз у, уый»