27 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
73 ЗАРӔГ Баххуыс нын кӕн, цӕмӕй ныфсджынӕй дзурӕм
Садокау хъӕбатыр у
«Садок [уыди]... тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр лӕппу» (1 АЗ. 12:28).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Садокы цӕвиттон нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм.
1, 2. Садок чи уыд? (1 Азфыстыты 12:22, 26–28).
ДӔ ЦӔСТЫТЫЛ-МА ауайын кӕн ахӕм ныв: 340 000 адӕймагӕй фылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Давиды ӕнӕхъӕн Израилӕн паддзахӕй сӕвӕрой. Ӕртӕ боны фесты Хевроны хӕхбӕсты, хъӕлдзӕг ныхӕстӕ кодтой, худтысты ӕмӕ кады зарджытӕ зарыдысты (1 Аз. 12:39). Се ’хсӕн уыд иу ӕрыгон лӕппу, Садо́к. Уыйбӕрц адӕмы ’хсӕн цӕсты кӕцӕй хаудаид. Фӕлӕ йӕ Йегъовӕ уыдта ӕмӕ йӕ бафӕндыд, цӕмӕй мах дӕр базыдтаиккам, Садок уым кӕй уыд. (Бакӕс 1 Азфыстыты 12:22, 26–28.) Цымӕ Садок чи уыд?
2 Садок уыд сауджын ӕмӕ лӕггад кодта хистӕр сауджын Авиафа́римӕ. Садок ма уыди цӕстылуайӕнтӕ уынӕг дӕр. Хуыцау ын радта стыр зонд ӕмӕ арфуынындзинад, ӕмӕ йӕ бон уыд ӕмбарын, Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый (2 Сам. 15:27). Адӕмы-иу ӕххуыс куы хъуыди, уӕд-иу уынаффӕ куырдтой Садокӕй. Уымӕй уӕлдай ма Садокмӕ уыди иу хорз миниуӕг – хъӕбатырдзинад. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уыцы миниуӕг куыд ӕвдыста, ууыл.
3. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Ацы фӕстаг бонты Хӕйрӕг Хуыцауы адӕмы ныхмӕ куыд тынг цӕуы, афтӕ никуы (1 Пет. 5:8). Мах ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Йегъовӕ Хӕйрӕджы ӕмӕ йӕ фыддуне кӕд фесафдзӕн, уымӕ. Фӕлӕ, цалынмӕ уыцы рӕстӕг нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ та уал хъуамӕ уӕм хъӕбатыр (Пс. 31:24). Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм, цавӕр ӕртӕ хъуыддагӕй уыд бӕрӕг, Садок хъӕбатыр кӕй уыд ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын.
ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАДЫ ФАРС У
4. Хуыцауы адӕмы хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады фарс уой? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
4 Мах стӕм Йегъовӕйы адӕм ӕмӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ стӕм йӕ Паддзахады фарс (Матф. 6:33). Фӕлӕ уый алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Зӕгъӕм, фӕхъӕуы нӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй ацы фыддунейы Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрӕм ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнӕм (1 Фес. 2:2). Хъӕбатырдзинад ма нӕ арӕх фӕхъӕуы, цӕмӕй ацы дихтӕ дунейы политикӕимӕ баст фарстаты макӕй фарс хӕцӕм (Иоан. 18:36). Йегъовӕйы адӕм, политикӕимӕ баст хъуыддӕгты кӕй нӕ архайынц ӕмӕ ӕфсадмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый тыххӕй сӕ чидӕртӕ ӕнӕ ’хцайӕ баззайынц, кӕйдӕрты сӕ фӕнӕмынц, кӕйдӕрты та ахӕстоны сбадын кӕнынц.
5. Садокы хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд, цӕмӕй Давиды фарс уыдаид?
5 Садок Хевронмӕ ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рцыд, цӕмӕй, Давид паддзах кӕй сси, ууыл иннӕтимӕ фӕцин кодтаид. Уырдӕм ӕрцыд гӕрзифтонгӕй ӕмӕ тохмӕ цӕттӕ уыд (1 Аз. 12:38). Уый цӕттӕ уыд Давидимӕ тохмӕ ацӕуынмӕ ӕмӕ Израил знӕгтӕй бахъахъхъӕнынмӕ. Садок хӕстон лӕг нӕ уыд ӕмӕ хӕцынмӕ хорз нӕ арӕхстаид. Фӕлӕ уыд тынг хъӕбатыр.
6. Давид Садокӕн йӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг цӕмӕн уыд? (Псалом 138:3).
6 Сауджын Садок хъӕбатыр цӕй фӕрцы уыд? Йӕ алыварс уыд бирӕ тыхджын ӕмӕ хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ. Ӕмӕ йын уыдон фӕзминаг куыннӕ уыдаиккой. Зӕгъӕм, Давид хъӕбатыр хӕстон ӕмӕ разамонӕг кӕй уыди, уый тыххӕй Израилы адӕмы се ’ппӕты дӕр бафӕндыд, цӕмӕй йӕ паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой (1 Аз. 11:1, 2). Давид-иу йе знӕгтимӕ куы хӕцыд, уӕд-иу алкӕддӕр йӕ ныфс дардта Йегъовӕйыл (Пс. 28:7; бакӕс Псалом 138:3). Садокӕн ма йӕ фарсмӕ уыдысты ӕндӕр хъӕбатыр нӕлгоймӕгтӕ дӕр, зӕгъӕм, Иодай ӕмӕ йӕ фырт Ванейӕ, стӕй 22 мыггаджы хистӕры (1 Аз. 11:22–25; 12:26–28). Уыдон хъӕбатырӕй архайдтой, цӕмӕй Давиды паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой ӕмӕ уыдысты йӕ хицаудзинады фарс.
7. а) Нӕ рӕстӕджы нын йӕ хъӕбатырдзинадӕй фӕзминаг чи у? б) Бакӕс видеороликмӕ. Ӕфсымӕр Нсилуйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
7 Хъӕбатыр чи уыд ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ Паддзахадыл иузӕрдионӕй чи баззад, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр уыдзыстӕм хъӕбатыр. Фыццаджыдӕр нын фӕзминаг у нӕ Паддзах Йесо Чырысти. Уый фидар фӕлӕууыд ӕмӕ Хӕйрӕджы дунейы политикӕимӕ баст хъуыддӕгты архайын нӕ бакуымдта (Матф. 4:8–11; Иоан. 6:14, 15). Йесо йӕхицӕй ныфсджын нӕ уыд, фӕлӕ алкӕддӕр хъарутӕ куырдта Йегъовӕйӕ. Нӕ рӕстӕджы дӕр ис бирӕ фӕзминаг ӕрыгон ӕфсымӕртӕ. Уыдон ӕфсадмӕ ацӕуыныл не сразы вӕййынц ӕмӕ политикӕимӕ баст хъуыддӕгты нӕ фӕархайынц. Сӕ хабӕрттӕ сын бакӕсӕн ис сайты jw.org a.
ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔН ӔХХУЫС КӔН
8. Хистӕр нӕлгоймӕгты хъӕбатырдзинад кӕд бахъӕуы?
8 Йегъовӕйы адӕм уарзынц кӕрӕдзийӕн ӕххуыс кӕнын (2 Кор. 8:4). Фӕлӕ сӕ хатт уый тыххӕй фӕхъӕуы хъӕбатырдзинад. Зӕгъӕм, хӕсты рӕстӕг нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕм, гӕнӕн ис, ма уа Библитӕ, нӕ публикацитӕ, стӕй хӕринаг ӕмӕ дзаумӕттӕ. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бирӕ кӕй уарзынц, уый тыххӕй цӕттӕ вӕййынц сӕ цард тӕссаг уавӕры баппарынмӕ, цӕмӕй сын уыдӕттӕ самал кӕной (Иоан. 15:12, 13). Ӕмӕ уымӕй фӕзмынц Садокы.
9. Давид Садокӕн цы бахӕс кодта? (2 Самуилы 15:27–29). (Кӕс нывмӕ дӕр.)
9 Иухатт Авесса́лом сфӕнд кодта йӕ фыд Давиды амарын ӕмӕ йын йӕ паддзахбадӕн бацахсын (2 Сам. 15:12, 13). Уый тыххӕй Давиды бахъуыд Иерусалимӕй алидзын. Йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: «Сыстут, лидзын хъӕуы, уымӕн ӕмӕ Авессаломы къухӕй удӕгасӕй нӕ аирвӕздзыстӕм!» (2 Сам. 15:14). Фӕндагыл куы уыдысты, уӕд Давид бамбӕрста, йӕ лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты Иерусалимы баззайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй-иу ын Авессаломы пълӕнтты тыххӕй фӕхабар кодтаиккой. Гъемӕ Садокы ӕмӕ иннӕ сауджынты фӕстӕмӕ горӕтмӕ арвыста. (Бакӕс 2 Самуилы 15:27–29.) Уыдоны хъуыди хъавгӕйӕ архайын, уымӕн ӕмӕ, цы арӕзтой, уый куы рахъӕр уыдаид, уӕд сыл мӕгуыры бон акодтаид. Авессалом уыд хиуарзон, ӕгъатыр ӕмӕ суанг йӕ фыдыл дӕр гадзрахатӕй рацыд. Ахъуыды-ма кӕн, Садок ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ Давидӕн йӕ пълӕнтты тыххӕй кӕй радзурынц, уый куы базыдтаид, уӕд сын цытӕ бакодтаид!
10. Садок ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдон Давиды цард куыд бахъахъхъӕдтой?
10 Давид иу цыдӕр сфӕнд кодта ӕмӕ Садокӕн ӕмӕ йӕ иннӕ иузӕрдион ӕмбал Хусийӕн загъта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаиккой (2 Сам. 15:32–37). Хуси архайдта Давиды пъланмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ йыл Авессалом дӕр баууӕндыд. Афтӕмӕй Давидӕн фӕзынд рӕстӕг, цӕмӕй йӕхи тохмӕ бацӕттӕ кодтаид. Уый фӕстӕ Хуси Садокӕн ӕмӕ Авиафарӕн радзырдта, Авессаломӕн цы бауынаффӕ кодта, уый (2 Сам. 17:8–16). Уыдон та алцыдӕр Давидӕн радзырдтой (2 Сам. 17:17). Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы Садок ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ Давиды цард бахъахъхъӕдтой (2 Сам. 17:21, 22).
11. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Садокы хъӕбатырдзинад фӕзмын?
11 Нӕ бон куыд у Садокау хъӕбатырдзинад ӕвдисын, нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ тӕссаг уавӕры куы уой ӕмӕ сӕ ӕххуыс куы хъӕуа, уӕд? 1) Разамындмӕ гӕсгӕ архай. Ахӕм уавӕрты ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа. Бынӕттон филиал цы амындтӕ ратты, уыдонмӕ гӕсгӕ архай (Дзут. 13:17). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу хъуамӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ уыцы амындтӕм ӕркӕсой, цӕмӕй, цавӕрдӕр бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уымӕ цӕттӕ уой ӕмӕ зоной, куыд сӕ хъӕуы архайын, уый (1 Кор. 14:33, 40). 2) У хъӕбатыр, фӕлӕ архай хъавгӕйӕ (Ӕмб. 22:3). Исты саразыны размӕ-иу лӕмбынӕг ахъуыды кӕн. Ӕнӕхъуаджы-иу дӕ цард тӕссаг уавӕры ма ’ппар. 3) Дӕ ныфс Йегъовӕйыл дар. Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй ды дӕр ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕ дӕр ӕдас уат. Йегъовӕ дын бацамондзӕн, дӕ бон куыд у де ’фсымӕртӕн ӕнӕфыдбылызӕй баххуыс кӕнын.
12, 13. Виктор ӕмӕ Виталийы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
12 Ӕркӕсӕм дыууӕ хистӕр нӕлгоймаджы, Виктор ӕмӕ Виталийы, хабармӕ. Уыдон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн Украинӕйы хӕринӕгтӕ ӕмӕ дон ластой. Виктор загъта: «Хотӕ ӕмӕ-иу ’фсымӕртӕн хӕринаг алы рӕтты агуырдтам. Ӕмӕ-иу нӕ арӕх бахъуыд, гӕрӕхтӕ кӕм не ’нцадысты, ахӕм рӕтты цӕуын. Иухатт нын иу ӕфсымӕр, ӕвӕрдӕй йӕм цы хӕринӕгтӕ уыд, уыдон радта, ӕмӕ сӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕм фӕхӕццӕ кодтам. Уыцы хӕринӕгтӕ сын иуцасдӕры фаг уыдысты. Хӕринӕгтӕ машинӕмӕ куы ’вгӕдтам, уӕд махӕй иу-20 метры фалдӕр ракетӕ ’рхауд. Ӕнӕхъӕн бон Йегъовӕйӕ хъӕбатырдзинад куырдтон, цӕмӕй мӕ бон уыдаид дарддӕр дӕр хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын».
13 Виталий та загъта: «Цӕмӕй уыцы куыст кодтаиккам, уый тыххӕй нӕ стыр хъӕбатырдзинад хъуыди. Мӕ фыццаг балц ахаста 12 сахаты. Ӕнӕхъӕн фӕндаг Йегъовӕмӕ куывтон». Виталий уыд хъӕбатыр, фӕлӕ уыимӕ хъавгӕйӕ архайдта. Уый ма загъта: «Йегъовӕйӕ зонд ӕмӕ бонзонгӕдзинад куырдтон. Хицауад цы фӕндӕгтыл уагъта цӕуын, ӕрмӕстдӕр уыцы фӕндӕгтыл цыдтӕн. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд ӕмгуыст кодтой, уый уынгӕйӕ мӕ уырнындзинад тынг бафидар. Фӕндӕгтӕ-иу асыгъдӕг кодтой, гуманитарон ӕххуыс-иу ӕрӕмбырд кодтой ӕмӕ-иу ӕй машинӕмӕ бавгӕдтой, бахӕрын-иу нын кодтой ӕмӕ-иу нӕ суазӕг кодтой, цӕмӕй-иу нӕ бон баулӕфын уыдаид».
АЛКӔДДӔР ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ИУЗӔРДИОН У
14. Бирӕ кӕй уарзӕм, уыдонӕй исчи йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы сивы, уӕд цы фенкъарӕм?
14 Нӕ бинонтӕй кӕнӕ не ’ввахс ӕмбӕлттӕй исчи Йегъовӕйы куы наууадзы, уӕд стыр маст ӕмӕ рыст бавзарӕм (Пс. 78:40; Ӕмб. 24:10). Адӕймагимӕ цас ӕнгомдӕр вӕййӕм, уыйас нын зындӕр вӕййы уыцы фӕлварӕн сфӕразын. Кӕд дӕуыл дӕр ахӕм хабар ӕрцыд, уӕд дын Садокы цӕвиттон баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайай.
15. Садокы хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъуыд, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид? (1 Пад. 1:5–8).
15 Садок Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад, йе ’ввахс ӕмбал Авиафар Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ куы сивта, уӕд дӕр. Уыцы хабар ӕрцыд Давиды хицаудзинады кӕрон. Йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Адо́ни хъавыд паддзахы бынат бацахсынмӕ, кӕд Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ Соломон хъуамӕ суыдаид паддзах, уӕддӕр (1 Аз. 22:9, 10). Авиафар Адонийы фарс слӕууыд. (Бакӕс 1 Паддзӕхты 1:5–8.) Ӕмӕ афтӕ кӕй бакодта, уымӕй ӕрмӕст Давидыл нӕ сивта йӕ зӕрдӕ, фӕлӕ Йегъовӕйыл дӕр. Ахъуыды-ма кӕн, уый Садокӕн куыд зын уыдаид! Иу-40 азы дӕргъы Авиафаримӕ сауджынтӕй лӕггад кодтой (2 Сам. 8:17). Стӕй «ӕцӕг Хуыцауы бадзырды чырынмӕ» зылдысты (2 Сам. 15:29). Уыцы азты дӕргъы дыууӕйӕ дӕр Давиды хицаудзинады фарс уыдысты ӕмӕ Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзтой (2 Сам. 19:11–14).
16. Садокӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззадаид?
16 Кӕд Авиафар раст уынаффӕ нӕ рахаста, уӕддӕр Садок Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззад. Давид зыдта, йӕ бон кӕй уыд Садокыл алкӕддӕр ӕууӕндын. Адонийы сусӕгвӕнд куы раргом, уӕд Давид Садокӕн, Нафанӕн ӕмӕ Ванейӕйӕн загъта, цӕмӕй Соломоны паддзахӕй сӕвӕрдтаиккой (1 Пад. 1:32–34). Садокы фарсмӕ ахӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ кӕй уыд, уый йын куыннӕ ӕххуыс кодтаид, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаид (1 Пад. 1:38, 39). Соломон паддзах куы сси, уӕд Садокы Авиафары бӕсты хистӕр сауджынӕй сӕвӕрдта (1 Пад. 2:35).
17. Кӕд дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл сивта, уӕд дӕ бон куыд у Садокы бафӕзмын?
17 Дӕ бон куыд у Садокы бафӕзмын? Дӕ бинонтӕй кӕнӕ де ’мбӕлттӕй исчи Йегъовӕйы куы ныууадза, уӕд-иу дӕхицӕн фидарӕй зӕгъ, Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ кӕй никуы сивдзынӕ (Йес. Н. 24:15). Йегъовӕ дын ратдзӕн тыхтӕ ӕмӕ хъӕбатырдзинад, цӕмӕй, раст цы у, уый аразай. Дӕ ныфс ыл дар, кув ӕм ӕмӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл дӕхи бӕтт. Йегъовӕ аргъ кӕны дӕ иузӕрдиондзинадӕн ӕмӕ дӕ схорзӕхджын кӕндзӕн (2 Сам. 22:26).
18. Марко ӕмӕ Сидсейы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕныс?
18 Ӕркӕсӕм Ма́рко ӕмӕ йӕ бинойнаг Си́дсейы хабармӕ. Сӕ дыууӕ чызджы рӕстдзинад ныууагътой. Марко загъта: «Адӕймаг йӕ хъӕбулы фыццаг хатт куы фены, уӕд ӕй тынг бауарзы. Цыфӕнды саразынмӕ дӕр цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй йӕ фыдбылызӕй бахъахъхъӕна. Ӕмӕ сывӕллон Йегъовӕйы куы ныууадзы, уӕд ныййарӕг зӕрдӕсаст фӕвӕййы». Марко ма загъта: «Йегъовӕ алкӕддӕр уыд нӕ фарсмӕ. Ӕххуыс нын кодта, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн ныфсы хос уыдаиккам. Ӕз-иу куы уыдтӕн ныфссаст, уӕд-иу мӕ мӕ бинойнаг бафидар кодта. Уый-иу куы уыд ныфссаст, уӕд та-иу ӕй ӕз бафидар кодтон». Сидсе та загъта: «Йегъовӕ нын хъарутӕ куы нӕ лӕвӕрдтаид, уӕд нӕ бафӕрӕзтаиккам. Мӕхимӕ-иу ныхъхъуыстон, уымӕн ӕмӕ мӕм афтӕ каст, ӕмӕ нӕ чызджытӕ Йегъовӕйӕн кӕй нал лӕггад кӕнынц, уый мӕн аххос у. Гъемӕ мӕ сагъӕстӕ Йегъовӕйӕн радзырдтон. Цалдӕр боны фӕстӕ мӕм Паддзахады залы бацыд, бирӕ азты дӕргъы кӕй нӕ федтон, иу ахӕм хо. Ахъӕбыс мын кодта, мӕ цӕстытӕм мын бакаст ӕмӕ мын загъта: „Сидсе, рох дӕ ма уӕд, уый дӕу аххос нӕу“. Йегъовӕ мӕ нӕ ныууагъта ӕмӕ мын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнон».
19. Цавӕр нысӕнттӕ дӕ фӕнды дӕ разы сӕвӕрын?
19 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр Садокау хъӕбатыр уой (2 Тим. 1:7). Фӕлӕ хъуамӕ нӕ ныфс нӕхиуыл ма дарӕм. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ууыл дарӕм нӕ ныфс. Уӕдӕ-иу дын хъӕбатырдзинад куы нӕ фаг кӕна, уӕд-иу уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кув. Ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Садокау хъӕбатыр уай! (1 Пет. 5:10).
126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар
a Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Ӕцӕг чырыстӕтты хъӕбатырдзинад цӕмӕн хъӕуы? Цӕмӕй политикӕйы ӕмӕ хӕстыты ма архайой».