БИОГРАФИ
Йегъовӕ мын мӕ куывдтытӕм алкӕддӕр хъуыста
СТЪАЛЫДЖЫН арвмӕ скастӕн, мӕ уӕрджытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ кувын райдыдтон. Уӕд мыл 10 азы йеддӕмӕ нӕ цыд. Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ нӕма зыдтон. Фӕлӕ мӕ цы тыхсын кодта, уыдӕттӕ йын иууылдӕр радзырдтон. Уыцы куывд нӕ хӕлардзинадӕн уыд йӕ райдиан. Бирӕ азты дӕргъы мӕхиуыл иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ банкъардтон, Йегъовӕ, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» кӕй у (Пс. 65:2). Ныртӕккӕ уын радзурдзынӕн, цӕмӕн мӕ бафӕндыд, ӕрӕджы кӕй базыдтон, уыцы Хуыцаумӕ скувын.
МӔ ЦАРД МЫН ЧИ ФӔИВТА, АХӔМ ХАБАР
Ӕз райгуырдтӕн 1929 азы 22 декабры Нови́ллы. Уыцы хъӕу уыди Бельгийы Арде́ннты, горӕт Басто́ньмӕ ӕввахс. Уыцы ран уыди 9 фермӕйы. Мӕ ныййарджытимӕ дзы цы рӕстӕг арвыстам, уый ӕхсызгонӕй ӕрхъуыды кӕнын. Мӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Раймо́нимӕ-иу алы бон хъуццытӕ дыгътам, стӕй-иу тыллӕг ӕфснайынӕн ӕххуыс кодтам. Нӕ хъӕуы цӕрджытӕ тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты ӕмӕ-иу кӕрӕдзимӕ фӕкӕсынмӕ нӕ зивӕг кодтой.
Мӕ ныййарджытӕ, Эми́ль ӕмӕ Али́сӕ, уыдысты католиктӕ. Сӕ диныл тынг ӕнувыд уыдысты. Алы хуыцаубон дӕр-иу цыдысты мессӕмӕ. Фӕлӕ 1939 азмӕ ’ввахс нӕ хъӕумӕ Английӕ пионертӕ ӕрцыд. Уыдон мӕ фыдӕн загътой, йӕ бон кӕй у журнал «Удӕнцой» рафыссын (ныр хуыйны «Райхъал ут!»). Мӕ фыд уайтагъд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта, ӕмӕ Библи кӕсын райдыдта. Мессӕмӕ куы нал цыд, уӕд, раздӕр хорз кӕимӕ цардыстӕм, уыцы сыхӕгтӕ йӕ ныхмӕ систы. Уыдон ын ӕдзух дзырдтой, цӕмӕй католикон дин ма ныууагътаид, ӕмӕ-иу уый тыххӕй йемӕ арӕх быцӕу кодтой.
Тынг хъыг мын уыди, мӕ фыды мын иу ран кӕй нӕ уагътой, ӕмӕ Хуыцаумӕ дӕр уый тыххӕй скуывтон. Мӕ биографийы райдиан куыд загътон, афтӕмӕй йӕм уӕд фыццаг хатт скуывтон. Гъемӕ нӕ сыхӕгтӕ мӕ фыды ныхмӕ афтӕ тынг куы нал цыдысты, уӕд тынг цин кодтон. Ӕмӕ бамбӕрстон, Йегъовӕ ӕцӕгдӕр, «куывдтытӕ чи хъусы, уыцы Хуыцау» кӕй у.
ХӔСТЫ РӔСТӔГ
1940 азы 10 майы нацистон Германи Бельгимӕ бабырста, ӕмӕ уый тыххӕй бирӕтӕ Бельгийӕ ӕндӕр рӕттӕм алыгъдысты. Нӕ бинонтӕ алыгъдысты Хуссар Францимӕ. Фӕндагыл-иу хатт бахаудыстӕм, немыцаг ӕфсады ӕмӕ французаг ӕфсады ’хсӕн карз тох кӕм цыд, ахӕм рӕттӕм.
Нӕ фермӕмӕ куы ӕрыздӕхтыстӕм, уӕд хорзау нал фестӕм: нӕ исбоны фылдӕр хай нын фӕхастой. Ӕрмӕстдӕр ма нӕ куыдз, Бо́бби, нӕ размӕ цингӕнгӕ ралыгъд. Уыцы хабӕртты фӕстӕ хъуыды кӕнын райдыдтон: «Хӕстытӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц?»
Уыцы рӕстӕг-иу нӕ арӕх абӕрӕг кодта ӕфсымӕр Эми́ль Шранц a. Уыди хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ пионер. Уый нын Библийы фӕрцы бамбарын кодта, адӕм цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ ма мӕ ноджыдӕр цы фарстатӕ тыхсын кодтой, уыдонӕн дӕр дзуаппытӕ радта. Уый фӕрцы Йегъовӕмӕ баввахс дӕн ӕмӕ бамбӕрстон, уарзӕгой Хуыцау кӕй у.
Кӕд хӕст нӕма фӕци, уӕддӕр-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ арӕх фембӕлдыстӕм. 1943 азы августы нӕ фермӕмӕ ӕрцыд ӕфсымӕр Жозе́-Никола́ Мине́. Раныхас нын радзырдта ӕмӕ стӕй бафарста: «Кӕй фӕнды донаргъуыд райсын?» Ӕз ӕмӕ мӕ фыд нӕ къухтыл схӕцыдыстӕм. Донаргъуыд райстам, нӕ фермӕйы фарсмӕ цы гыццыл цӕугӕдон уыд, уым.
1944 азы декабры немыцаг ӕфсад райдыдта йӕ фӕстаг стыр тох ныгуылӕн фронты, хонынц ӕй «Арде́ннаг операци». Уыцы тох цыди, кӕм цардыстӕм, уырдӕм хӕстӕг. Ӕмӕ нӕ уый тыххӕй иу мӕйы бӕрц бахъуыд пъадвалы ӕмбӕхсын. Иубон фосӕн хӕринаг раттынмӕ куы рацыдтӕн, уӕд нын нӕ фермӕйыл сармадзанты нӕмгуытӕ нызгъӕлстой. Нӕмгуыты срӕмыгъдтӕй нӕ хордон ӕнӕ сӕрӕй аззад. Не скъӕты чи ӕмбӕхст, уыцы америкаг салдат мӕм ныхъхъӕр кодта: «Зӕххыл ӕрхуысс!» Ӕз ӕм балыгътӕн ӕмӕ зӕххыл ӕрхуыссыдтӕн. Уый йӕ каскӕ раласта ӕмӕ мын ӕй мӕ сӕрыл ӕркодта.
ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХСДӔР КОДТОН
Хӕсты фӕстӕ нӕ бон уыд Лье́жейы ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕдзух ӕмбӕлын. Льеже уыд нӕ фермӕйӕ цӕгатырдӕм иу-90 километры дарддӕр. Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты гыццыл къорд фӕзынд Бастоны. Ӕз райдыдтон кусын хъалонты службӕйы ӕмӕ уыцы иу рӕстӕг ахуыр кодтон юристыл дӕр. Фӕстӕдӕр райдыдтон юристӕй кусын. 1951 азы Бастоны ауагътам гыццыл районон конгресс. Уыди дзы сӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Уыцы конгрессы базонгӕ дӕн Э́лли Ро́йтеримӕ. Элли лӕггад кодта пионерӕй. Конгресмӕ йӕ бахъуыд велосипедыл 50 километры цӕуын.
Кӕрӕдзийы бауарзтам ӕмӕ цасдӕры фӕстӕ бафидыдтам. Уыцы рӕстӕг Эллийы Галаады скъоламӕ фӕхуыдтой. Уый сӕйраг хайадмӕ ныффыста ӕмӕ сын бамбарын кодта, йӕ бон цӕуылнӕ уыдзӕн Галаады скъолайы сахуыр кӕнын. Ӕфсымӕр Норр (уӕд нӕ организацийӕн разамынд ӕгас дунейы дӕр уый лӕвӕрдта) Эллимӕ писмо ӕрбарвыста. Фыст дзы уыд, ныфс ӕй кӕй ис, фидӕны уыцы скъолайы йӕ сӕрыхицауимӕ кӕй сахуыр кӕндзӕн. 1953 азы февралы нӕ цард баиу кодтам.Уыцы аз Эллиимӕ ацыдыстӕм, Нью-Йорчы стадион «Янки»-йы цы конгресс уыди, уырдӕм. Конгресс хуынди «Ног дунейы чи цӕрдзӕн, уыцы адӕм». Уым базонгӕ дӕн иу ӕфсымӕримӕ. Уый мын хорз куыстӕй зӕрдӕ бавӕрдта, фӕлӕ, дам, дӕ хъӕудзӕн Иугонд Штаттӕм цӕрынмӕ ацӕуын. Эллиимӕ Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, уыцы куыстыл кӕй не сразы уыдзынӕн, фӕлӕ фӕстӕмӕ Бельгимӕ кӕй аздӕхдзыстӕм. Афтӕмӕй нӕ бон уыдаид, Бастоны цы гыццыл къорд уыди, уымӕн ӕххуыс кӕнын (уыди дзы 10 хъусынгӕнӕджы бӕрц). 1954 азы нын райгуырд лӕппу, Серж. Фӕлӕ йыл авд мӕйы куы цыд, уӕд, хъыгагӕн, фӕрынчын ӕмӕ амард. Нӕ зӕрдӕтӕ фыррыстӕй скъуыдтӕ кодтой, ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ бирӕ фӕкуывтам. Йегъовӕйы фӕрцы ӕмӕ нын райгасдзинады ныфс кӕй ис, уый фӕрцы фидар фӕлӕууыдыстӕм.
ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД
1961 азы октябры ахӕм куыст ссардтон, цӕмӕй мӕ бон уыдаид пионерӕй лӕггад кӕнын. Тӕккӕ уыцы бон мӕм Бельгийы филиалӕй ӕрбадзырдтой ӕмӕ мын загътой, зӕгъгӕ, дам, дӕ нӕ фӕндид районон лӕггадгӕнӕгӕй лӕггад кӕнын (ныр хуыйны районон цӕстдарӕг). Ӕз сӕ бафарстон: «Нӕ бон уал у пионертӕй балӕггад кӕнын?» Ӕмӕ ’фсымӕртӕ сразы сты. Аст мӕйы пионертӕй куы балӕггад кодтам, уӕд 1962 азы сентябры райдыдтам ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын.
Дыууӕ азы районон цӕстдарӕгӕй куы фӕлӕггад кодтон, уӕд нӕ фӕхуыдтой Брюсселы Вефилмӕ. Уым райдыдтам лӕггад кӕнын 1964 азы октябры. Нӕ ног хӕстӕ ӕххӕст кӕнгӕйӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм. 1965 азы нӕ Вефил бабӕрӕг кодта ӕфсымӕр Норр. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ мӕ филиалы лӕггадгӕнӕгӕй снысан кодтой. Уый мын ӕнӕнхъӕлӕджы хабар уыд. Фӕстӕдӕр нӕ Эллиимӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 41-ӕм къласмӕ. Ӕфсымӕр Норр 13 азы размӕ цы ныхӕстӕ загъта, уыдон сӕххӕст сты! Галаады скъола каст куы фестӕм, уӕд фӕстӕмӕ Бельгийы Вефилмӕ ӕрыздӕхтыстӕм.
ЙЕГЪОВӔЙЫ АДӔМЫ БАРТЫЛ ТОХ КӔНЫН
Юристыл кӕй сахуыр кодтон, уый фӕрцы бирӕ азты дӕргъы мӕ бон уыд Европӕйы ӕмӕ ӕндӕр рӕтты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕ бон уыдаид Йегъовӕйӕн сӕрибарӕй лӕггад кӕнын (Фил. 1:7). Ахӕм куыст кӕй кодтон, уымӕ гӕсгӕ-иу фембӕлдтӕн, нӕ хъуыддаг ӕхгӕд кӕм уыд кӕнӕ нын бынтон сӕрибарӕй архайыны бар кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстӕты хицауады кусджытимӕ. Ӕдӕппӕтӕй уыдысты 55 бӕстӕйӕ фылдӕр. Се ’ргом-иу сын, фӕлтӕрдджын юрист кӕй дӕн, уымӕ нӕ раздӕхтон, фӕлӕ-иу сын мӕхи куы бацамыдтон, уӕд-иу загътон, Хуыцауы лӕггадгӕнӕг кӕй дӕн. Ӕз алкӕддӕр Йегъовӕмӕ куывтон ӕмӕ дзы разамынд куырдтон, уымӕн ӕмӕ зыдтон: «паддзахы [кӕнӕ тӕрхонгӕнӕджы] зӕрдӕ Йегъовӕйы къухы у цӕугӕдоны хуызӕн – кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕй аздахы» (Ӕмб. 21:1).
Иу цымыдисаг хабар уын радзурдзынӕн. Цалдӕр хатты балӕвӕрдтон курдиат, цӕмӕй фембӕлдаин Европӕйы парламенты кусӕгимӕ. Ӕмӕ ӕппынфӕстаг сразы ис. Куы йӕм бацыдтӕн, уӕд мын загъта: «Фондз минуты дын дӕттын». Ӕз мӕ сӕр ӕркъул кодтон ӕмӕ кувын райдыдтон. Уыцы нӕлгоймаг мӕм мӕстыйӕ ӕрбакаст ӕмӕ мӕ бафарста, цы кусыс, зӕгъгӕ. Ӕз мӕ сӕр хӕрдмӕ систон ӕмӕ загътон: «Хуыцауӕн бузныг загътон, уымӕн ӕмӕ ды дӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕй сӕ иу». Уый мӕ бафарста: «Уымӕй дӕ цы зӕгъын фӕнды?» Ӕз ын равдыстон Ромӕгтӕм 13:4 стих. Протестант кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ уыцы стих бацымыдис кодта ӕмӕ йӕ лӕмбынӕг бакаст. Хабар цӕмӕй ахицӕн? Ӕрдӕг сахатӕй фылдӕр фӕныхӕстӕ кодтам, ӕмӕ йӕм цы хъуыддаджы фӕдыл ӕрбацыдтӕн, уый аскъуыддзаг кодта. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цы куыст кӕнынц, уымӕй ма ӕппӕлгӕ дӕр ракодта.
Бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Европӕйы сӕ бартыл тох кодтой, ӕмӕ тӕрхондӕтты бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕвзӕрст цыди. Уыцы хъуыддӕгтӕ баст уыдысты, зӕгъӕм, Хуыцауӕн сӕрибарӕй кувыны бар нын кӕй ис, уыимӕ ӕмӕ хъалонтӕ фидынимӕ. Ӕз бирӕ хӕттыты федтон, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн куыд арфӕ кодта ӕмӕ-иу сӕ къухы бирӕ уӕлахизтӕ кӕй бафтыд. Адӕймаджы бартӕ хъахъхъӕнӕг Европӕйы тӕрхондоны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ рамбылдтой 140 хъуыддагӕй фылдӕр!
КУБӔЙЫ ЙЕГЪОВӔЙЫ ӔВДИСӔНТӔН ФӔЗЫНД ФЫЛДӔР СӔРИБАРДЗИНАД
1990-ӕм азты ӕмгуыст кодтон Фи́лип Бра́млиимӕ (сӕйраг хайадӕй) ӕмӕ Ва́льтер Фарне́тиимӕ (Италийы филиалӕй). Иумӕ архайдтам, цӕмӕй Кубӕйы нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн сӕ бон уыдаид сӕрибарӕй Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Ӕз ныффыстон Кубӕйы посольствомӕ Бельгийы ӕмӕ стӕй фембӕлдтӕн, нӕ хъуыддаг нын чи ӕвзӕрста, уыцы дипломатимӕ. Фыццаг нын нӕ уади, сӕрибарӕй лӕггад кӕныны бар нын цӕй тыххӕй нӕ лӕвӕрдтой, уыцы фарстатӕ аскъуыддзаг кӕнын.
Йегъовӕмӕ куывтам ӕмӕ дзы разамынд куырдтам. Стӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй Кубӕмӕ 5 000 Библийы арвыстаиккам. Ӕмӕ нын уый бар радтой. Библитӕ Кубӕмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ сты, ӕмӕ сӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн байуӕрстой. Ацы хабарӕй бамбӕрстам, Йегъовӕ нын кӕй арфӕ кӕны. Стӕй та ногӕй бар ракуырдтам, цӕмӕй ма ноджыдӕр 27 500 Библийы арвитӕм. Ӕмӕ та нын ацы хатт дӕр бар радтой. Мӕ цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Кубӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ныр уыд сӕхи Библитӕ.
Кубӕмӕ-иу арӕх цыдтӕн алыхуызон юридикон фарстаты фӕдыл. Уыцы рӕстӕг хицауады кусджытӕй кӕимӕ базонгӕ дӕн, уыдонӕй мӕм бирӕтӕ хорз зӕрдӕ дардтой.
ӔХХУЫС КӔНӔМ РУАНДӔЙЫ ХОТӔ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТӔН
1994 азы Руандӕйы адӕмыхатт тутсийы ныхмӕ геноцид куы уыд, уӕд дзы фӕмард 1 000 000 адӕймагӕй фылдӕр. Хъыгагӕн дзы нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр чидӕртӕ фӕмард. Ӕфсымӕртӕ уайтагъд уырдӕм гуманитарон ӕххуыс фӕхӕццӕ кодтой.
Руандӕйы сӕйраг горӕт Кига́лимӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд федтам, тӕлмацгӕнджыты офисы ӕмӕ литературӕйы скълады къултӕ иууылдӕр нӕмгуытӕй хуынчъытӕ кӕй уыдысты. Фехъуыстам бирӕ ӕвирхъау хабӕрттӕ, хоты ӕмӕ-иу ӕфсымӕрты стыр кӕрдтӕй куыд амардтой, уый тыххӕй. Фӕлӕ нӕ чи бафидар кодта, ахӕм хабӕрттӕ дӕр-иу нын радзырдтой. Зӕгъӕм, базонгӕ стӕм тутси адӕмыхаттӕй иу ӕфсымӕримӕ. Уыцы ӕфсымӕры хуту адӕмыхаттӕй иу бинонтӕ (уыдысты Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ) сӕ кӕрты дзыхъхъы ӕмбӕхстой 28 боны. Кигалийы скодтам фембӕлд, цӕмӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ныфс бауагътаиккам. Уыцы фембӕлды уыди 900 хо ӕмӕ ’фсымӕрӕй фылдӕр.
Уый фӕстӕ ацыдыстӕм Заирмӕ (ныр Демократон Республикӕ Конго). Уырдӕм Руандӕйӕ алыгъд бирӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Цардысты ӕрлидзджыты лагерты горӕт Го́мӕмӕ хӕстӕг. Нӕ бон сӕ нӕ уыд ссарын ӕмӕ Йегъовӕмӕ куывтам, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Фӕстӕдӕр нӕ размӕ иу нӕлгоймаг ӕрбацӕйцыд, ӕмӕ йӕ афарстам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй никӕй зоныс, зӕгъгӕ. Уый загъта: «О, ӕз дӕн Йегъовӕйы Ӕвдисӕн. Ныртӕккӕ уӕ акӕндзынӕн, ӕххуысы комитеты чи ис, уыцы ӕфсымӕртӕм». Уыцы ’фсымӕртимӕ куы фембӕлдыстӕм, уый фӕстӕ бабӕрӕг кодтам 1 600 ӕрлидзӕджы бӕрц. Библийы фӕрцы сӕ бафидар кодтам ӕмӕ сӕ ныфс бауагътам. Стӕй сын бакастыстӕм писмо Разамонӕг советӕй. Фыст дзы уыд: «Ӕдзух сымах тыххӕй фӕкувӕм. Зонӕм ӕй, Йегъовӕ уӕ кӕй никуы ныууадздзӕн». Уыцы писмо сын сӕ зӕрдӕтӕ тынг бацагайдта. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Абон Руандӕйы ис 30 000 Ӕвдисӕнӕй фылдӕр ӕмӕ иууылдӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнынц!
МӔ ФИДАР ФӔНД У ИУЗӔРДИОНӔЙ БАЗЗАЙЫН
2011 азы амард мӕ зынаргъ Элли. Иумӕ адджынӕй фӕцардыстӕм 58 азы бӕрц. Йӕ мӕлӕты фӕстӕ мын тынг зын уыд, ӕмӕ-иу Йегъовӕмӕ кувгӕйӕ мӕ зӕрдӕйы тыппыртӕ суагътон. Уый фӕстӕ-иу мын фенцондӕр. Стыр ӕххуыс ма мын фӕци, хорз хабар кӕй хъусын кодтон, уый дӕр.
Ныр мыл 90 азӕй фылдӕр цӕуы, фӕлӕ уӕддӕр алы къуыри дӕр фӕцӕуын хъусын кӕнынмӕ. Ӕхсызгон ма мын у, мӕ бон кӕй у Бельгийы филиалы юридикон хайадӕн ӕххуыс кӕнын, цӕуыл сахуыр дӕн, уый иннӕтӕн амонын ӕмӕ ӕрыгон вефилӕгты фидар кӕнын.
Иу-84 азы размӕ Йегъовӕмӕ фыццаг хатт скуывтон. Уый уыд мӕ фыццаг къахдзӕф Йегъовӕмӕ, ӕмӕ йӕм уый фӕстӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кодтон. Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, цӕрӕнбонты мын мӕ куывдтытӕм кӕй хъуыста, уый тыххӕй! (Пс. 66:19) b.