Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

25 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару

Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у

Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у

«Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау» (ПС. 18:46).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Ахсджиаг цӕмӕн у зӕрдыл дарын, цы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, уый «удӕгас Хуыцау» кӕй у.

1. Кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уӕддӕр сын цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕной?

 БИБЛИЙЫ куыд фыст ис, афтӕмӕй мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕг» (2 Тим. 3:1). Йегъовӕйы адӕм дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма сӕ фӕдыл зилынц ӕмӕ сӕ ӕфхӕрынц, Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Кӕд ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уӕддӕр нын цы ’ххуыс кӕны, цӕмӕй Йегъовӕйӕн дарддӕр дӕр лӕггад кӕнӕм? Мах зонӕм, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у (Йер. 10:10; 2 Тим. 1:12).

2. Йегъовӕйы тыххӕй цы зонӕм ӕмӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нын уый куыд феххуыс кӕны?

2 Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау. Уый нын нӕ зындзинӕдтӕ фӕуыны ӕмӕ йӕ алкӕддӕр фӕфӕнды, цӕмӕй нын баххуыс кӕна (2 Аз. 16:9; Пс. 23:4). Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕраздзыстӕм. Уый бӕрӕг у паддзах Давиды хабарӕй.

3. Давид афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, «Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау», уӕд ӕй уымӕй цы зӕгъын фӕндыд?

3 Давид Йегъовӕйы зыдта ӕмӕ йыл йӕ ныфс дардта. Йе знӕгтӕ йӕ фӕдыл куы зылдысты, уыимӕ паддзах Саул дӕр, уӕд Давид Йегъовӕмӕ куывта ӕмӕ дзы ӕххуыс куырдта (Пс. 18:6). Хуыцау ын йӕ куывдтытӕн дзуапп куы радта ӕмӕ йӕ йе знӕгтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд Давид загъта: «Йегъовӕ у удӕгас Хуыцау» (Пс. 18:46). Уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд? Иу чиныджы фыст ис, зӕгъгӕ, Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, кӕй йӕ уырныдта, «Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн алкӕддӕр кӕй феххуыс кӕны». Давид зыдта, Йегъовӕ йын йӕ зындзинӕдтӕ кӕй уыны ӕмӕ йын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у. Уый фӕрцы йӕ ноджы тынгдӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ кадджын кӕнын (Пс. 18:28, 29, 49).

4. Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна?

4 Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд нын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм. Уый фӕрцы ма нӕ бон уыдзӕн фӕлварӕнтӕ сфӕразын ӕмӕ нӕ фӕнддзӕн дарддӕр дӕр зӕрдиагӕй лӕггад кӕнын. Стӕй уый бар ницӕмӕн ратдзыстӕм, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна.

УДӔГАС ХУЫЦАУ ДЫН ХЪАРУТӔ ДӔТДЗӔН

5. Фӕлварӕнтӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм? (Филиппӕгтӕм 4:13).

5 Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у ӕмӕ нын йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн цыфӕнды фӕлварӕн дӕр сфӕразын – гыццыл уа ӕви стыр. Иу ахӕм фӕлварӕн дӕр нӕй, ӕмӕ йыл Йегъовӕйы бон ма цӕуа. Уый у Ӕппӕтхъомысджын, ӕмӕ нын йӕ бон у хъарутӕ раттын, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм. (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:13.) Уымӕ гӕсгӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй сын бафӕраздзыстӕм. Йегъовӕ нын гыццыл зындзинӕдты куыд баххуыс кӕны, уый-иу куы фенӕм, уӕд ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕндзыстӕм, стыр зындзинӕдты рӕстӕг дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

6. Давидыл ӕрыгонӕй цавӕр хабӕрттӕ ’рцыд ӕмӕ йын куыд баххуыс кодтой, цӕмӕй йӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарын райдыдтаид?

6 Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм Давиды цардӕй дыууӕ хабары. Уыдоны фӕрцы йӕ ныфс Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарын райдыдта. Ӕрыгонӕй йӕ фыды фыстӕ куы хызта, уӕд иухатт арс ӕрбацыд ӕмӕ дзы иу ахаста, ӕндӕр хатт та – домбай. Давид-иу сӕ фӕстейӕ асырдта ӕмӕ-иу фысы сырды дзыхӕй ратыдта. Фӕлӕ афтӕ нӕ хъуыды кодта, ӕмӕ уыдӕттӕ йӕхи хъаруйы фӕрцы сарӕзта. Зыдта йӕ, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кодта (1 Сам. 17:34–37). Уыцы хабӕрттӕ дзы рох никуы уыдысты. Хъуыды сыл кодта, ӕмӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндыд, удӕгас Хуыцау ын фидӕны дӕр хъарутӕ кӕй дӕтдзӕн.

7. Давидӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй Голиафы ныхмӕ рацыдаид?

7 Фӕстӕдӕр Давид ацыд, израилаг ӕфсад кӕм ӕрбынат кодта, уырдӕм, йе ’фсымӕрты абӕрӕг кӕнынмӕ. Уӕд ыл 20 азы дӕр нӕма цыд. Давид федта, филистимаг богал Голиаф израилаг ӕфсадӕй кӕй хынджылӕг кодта ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ быны дон кӕй бацыд (1 Сам. 17:10, 11). Афтӕ тынг уымӕн фӕтарстысты, ӕмӕ хъуыды кодтой, Голиаф цӕйас у ӕмӕ сын цытӕ фӕдзырдта, ууыл (1 Сам. 17:24, 25). Фӕлӕ Давид уыцы уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй каст. Уый зыдта, Голиаф израилаг ӕфсадӕй куы хынджылӕг кодта, уӕд афтӕмӕй «удӕгас Хуыцауы ӕфсадӕй» кӕй хынджылӕг кодта (1 Сам. 17:26). Давид хъуыды кодта Йегъовӕйыл. Зыдта йӕ, фыййау куы уыд, уӕд ын цы Хуыцау ӕххуыс кодта, уыцы Хуыцау ӕй ныр дӕр кӕй нӕ ныууадздзӕн. Йӕ ныфс Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый фӕрцы Голиафы ныхмӕ рацыд ӕмӕ фӕуӕлахиз (1 Сам. 17:45–51).

8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй тынгдӕр ӕууӕндӕм, Йегъовӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Удӕгас Хуыцау нын баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд-иу мах дӕр фӕлварӕнты фидар фӕлӕудзыстӕм (Пс. 118:6). Йегъовӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл ноджы тынгдӕр цӕй фӕрцы ӕууӕнддзыстӕм? Нӕ бон у Библийы кӕсын, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд ирвӕзын кодта, уый тыххӕй (Ис. 37:17, 33–37). Абон йӕ лӕггадгӕнджытӕн куыд ӕххуыс кӕны, ахӕм хабӕрттӕ та ссарӕн ис сайты jw.org. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у хъуыды кӕнын, Йегъовӕ махӕн куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Чи зоны, ахъуыды кӕнай, зӕгъгӕ, мӕнӕн Йегъовӕ диссаджы хуызы никуы баххуыс кодта – нӕдӕр домбаимӕ хӕцыдтӕн, нӕдӕр арсимӕ. Фӕлӕ ахсджиагдӕр у, Йегъовӕ дӕ царды алкӕддӕр кӕй архайдта. Уый дӕ йӕхимӕ ӕрбакодта, ӕмӕ ныр дӕ йӕ хӕлар (Иоан. 6:44). Ӕмӕ дын ныр дӕр ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йын лӕггад кӕнай. Уӕдӕ Йегъовӕйӕ кур, цӕмӕй дын дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕна, дӕ куывдтытӕн-иу дын дзуапп куыд радта, бахъуаджы сахат-иу дын куыд баххуыс кодта ӕмӕ-иу дын зын уавӕры хъарутӕ куыд радта, цӕмӕй фидар фӕлӕууыдаис. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дӕ ноджы тынгдӕр уырндзӕн, дарддӕр дӕр дын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн.

Фӕлварӕнты Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд равдисӕм, Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у (кӕс 8, 9 абзацтӕ)


9. Фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм? (Ӕмбисӕндтӕ 27:11).

9 Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ рох куы нӕ уа, уӕд нӕ фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсдзыстӕм. Фӕлварӕнты рӕстӕг-иу хъуамӕ нӕ зӕрдыл иу ахсджиаг хъуыддаг дарӕм: Хӕйрӕг дзуры, зӕгъгӕ, фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд Йегъовӕйы ныууадздзыстӕм (Иов 1:10, 11; бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 27:11). Уымӕ гӕсгӕ, ахӕм уавӕрты куыд бакӕндзыстӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕнӕ риссын фӕкӕндзыстӕм, кӕнӕ йын ӕй барухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайӕм, уӕд равдисдзыстӕм, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм ӕмӕ Хӕйрӕг сайӕгой кӕй у. Чи зоны, хицауад дӕ ныхмӕ цӕуы, ӕхцайӕ фӕтыхстӕ, уацамынды дӕм ничи байхъусы кӕнӕ та, чи зоны, ӕндӕр фӕлварӕныл ӕмбӕлыс. Кӕд афтӕ у, уӕд ӕй зон, кӕй дын ис фадат, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕнай. Стӕй дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕ кӕй нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауай, дӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны (1 Кор. 10:13). Уый дын хъарутӕ ратдзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууай.

УДӔГАС ХУЫЦАУ ДӔ СХОРЗӔХДЖЫН КӔНДЗӔН

10. Удӕгас Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты куыд схорзӕхджын кӕндзӕн?

10 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты алкӕддӕр схорзӕхджын кӕны (Дзут. 11:6). Дӕтты нын фарн ӕмӕ нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ныр дӕр нӕ цардӕй райгонд уӕм. Фидӕны та нӕ схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй. Мах фидарӕй уырны, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй нӕ схорзӕхджын кӕна ӕмӕ уый йӕ бон дӕр кӕй у. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йын ӕппӕт хъарутӕй лӕггад кӕнӕм. Афтӕ кодтой Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕ дӕр, зӕгъӕм, Тимофей (Дзут. 6:10–12).

11. Тимофей ӕмбырды бирӕ цӕмӕн фыдӕбон кодта? (1 Тимофеймӕ 4:10).

11 Бакӕс 1 Тимофеймӕ 4:10. Тимофей йӕ ныфс дардта удӕгас Хуыцауыл. Ӕмӕ уый тыххӕй ӕмбырды бирӕ арӕзта. Зӕгъӕм, Павел ын бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕмбырды дӕр ӕмӕ уацамынды дӕр иннӕты ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхстаид. Стӕй ма хъуамӕ фӕзминаг уыдаид йӕ хотӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕн – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ фидарӕй, фӕлӕ фӕлмӕнӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зонд амыдтаид (1 Тим. 4:11–16; 2 Тим. 4:1–5). Ӕмӕ уый та ӕнцон нӕ уыд. Адӕм-иу хатт нӕ федтой, Тимофей цас фыдӕбон кӕны, уый кӕнӕ-иу ын йӕ фыдӕбонӕн нӕ саргъ кодтой. Фӕлӕ уый нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны ӕмӕ йӕ кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Ром. 2:6, 7).

12. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды бирӕ цӕмӕн фыдӕбон кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

12 Нӕ зынаргъ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, Йегъовӕ уын уӕ фыдӕбон уыны ӕмӕ уын тынг аргъ кӕны. Сымах бирӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнут: хоты ӕмӕ ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнут ӕмӕ сӕ бафидар кӕнут, ахуыр сӕ кӕнут ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнут. Бирӕтӕ ма уӕ феххуыс кӕнынц нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ, цавӕрдӕр бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн. Чидӕртӕ уӕ лӕггад кӕнынц, рынчынты чи бӕрӕг кӕны, уыцы къордты, чидӕртӕ та – рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ӕмбырд Йегъовӕйы кӕй у, цыдӕр адӕймаджы нӕ, фӕлӕ. Уымӕ гӕсгӕ сӕ хӕстӕ зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕнынц ӕмӕ ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнынц, Йегъовӕ сӕ сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕй схорзӕхджын кӕндзӕн (Кол. 3:23, 24).

Ӕмбырды бирӕ куы фыдӕбон кӕнай, уӕд дӕ удӕгас Хуыцау схорзӕхджын кӕндзӕн (кӕс 12, 13 абзацтӕ)


13. Нӕ лӕггады цы аразӕм, уымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы?

13 Алкӕй бон нӕу хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын. Фӕлӕ не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕн цыдӕр дӕттын. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон вӕййы, нӕ лӕггады, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм. Уый фены, ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн мысайнаг куы раттӕм, кӕд гыццыл раттӕм, уӕд дӕр. Тынг фӕцин кӕны, ӕмбырды нӕ къухыл куы схӕцӕм ӕмӕ дзуапп куы раттӕм, кӕд ӕфсӕрмыгӕнаг стӕм, уӕддӕр. Ӕмӕ йын ӕхсызгон вӕййы, иннӕты рӕдыдтытӕ куы ницӕмӕ ’рдарӕм ӕмӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдонӕн куы ныххатыр кӕнӕм. Чи зоны, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнгӕйӕ дӕ бон нӕу, цас дӕ фӕнды, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ аргъ кӕны, дӕ бон цы у, уый кӕй аразыс, уымӕн. Уый дӕ уарзы ӕмӕ дӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзӕн (Лук. 21:1–4).

УДӔГАС ХУЫЦАУӔЙ МАКУЫ АДАРД У

14. Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

14 Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый нӕ зӕрдыл куы дарӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм. Уый бӕрӕг у Иосифы хабарӕй. Иосиф нӕ бакуымдта ӕнӕгъдау хъуыддаг саразын, уымӕн ӕмӕ зыдта, Хуыцау удӕгас кӕй у ӕмӕ йӕ нӕ фӕндыд йӕ зӕрдӕ йын фӕриссын кӕнын (Райд. 39:9). Мах дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у. Уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн? Хъуамӕ-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм, цӕмӕй йӕм кувӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас иртасӕм. Махӕн дӕр Иосифау Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар куы уа, уӕд нӕхи хиздзыстӕм, йӕ зӕрдӕ йын цы фӕриссын кӕндзӕн, уыдӕттӕй (Иак. 4:8).

Удӕгас Хуыцаумӕ ӕввахсдӕр куы кӕнай, уӕд ыл алкӕддӕр иузӕрдион уыдзынӕ (кӕс 14, 15 абзацтӕ)


15. Израилӕгты хабар нын зондзонӕн куыд у? (Дзуттӕгтӕм 3:12).

15 Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, уый кӕмӕй ферох вӕййы, уыдон дзы ӕнцонтӕй адард вӕййынц. Уый бӕрӕг у, израилӕгтыл ӕдзӕрӕг быдыры цы ’рцыд, уымӕй. Уыдон зыдтой, Йегъовӕ кӕй ис, фӕлӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдтой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ сын кӕй дӕтдзӕн. Афтӕ дзурын дӕр ма райдыдтой: «Йегъовӕ немӕ ис ӕви нӕ?» (Рац. 17:2, 7). Ӕппынфӕстаг Хуыцауы ныхмӕ рацыдысты. Сӕ хабар нын у зондзонӕн. Мах нӕ фӕнды, цӕмӕй уыдонау ӕгоммӕгӕс разынӕм. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 3:12.)

16. Нӕ уырнындзинад, гӕнӕн ис, фӕлвӕрд куыд ӕрцӕуа?

16 Ацы дуне архайы, цӕмӕй нӕ Йегъовӕйӕ адард кӕна. Бирӕтӕ не ’ууӕндынц, Хуыцау кӕй ис, ууыл. Ӕмӕ адӕймагмӕ арӕх афтӕ фӕкӕсы, цыма, Хуыцауы закъӕттӕ чи ницӕмӕ дары, уыдон хорз цард кӕнынц. Уыдӕттӕ уынгӕйӕ, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд цӕуа. Ӕвӕццӕгӕн, афтӕ хъуыды кӕнын нӕ райдайдзыстӕм, ӕмӕ Хуыцау нӕй. Фӕлӕ, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнын райдайӕм, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн, ууыл. 73-ӕм псалом чи ныффыста, уымӕ дӕр иуафон афтӕ каст. Йӕ алыварс цы адӕм уыд, уыдон Хуыцауы закъӕттӕ ницӕмӕ дардтой, фӕлӕ уӕддӕр амондджын цард кодтой. Гъемӕ дызӕрдыг кӕнын райдыдта, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын исты пайда у ӕви нӕ (Пс. 73:11–13).

17. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйӕ макуы адард уӕм?

17 Псаломзарӕггӕнӕгӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй йӕ зондахаст сраст кодтаид? Хъуыды кодта, Йегъовӕйы чи ферох кӕны, уыдоныл цы ’рцӕудзӕн, ууыл (Пс. 73:18, 19, 27). Стӕй ма хъуыды кодта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын цы пайда у, ууыл дӕр (Пс. 73:24). Махӕн дӕр нӕ бон у, Йегъовӕ нӕ цы арфӕдзинӕдтӕй схайджын кодта, уыдоныл хъуыды кӕнын. Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Йегъовӕйӕн куы нӕ лӕггад кӕниккам, уӕд нӕ цард цыхуызӕн уаид. Уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм ӕмӕ нӕ бон уыдзӕн псаломзарӕггӕнӕгау зӕгъын: «Мӕнӕн та хорз у Хуыцаумӕ ӕввахс кӕнын» (Пс. 73:28).

18. Фидӕны цы уыдзӕн, уымӕй цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсӕм?

18 Ацы фӕстаг бонты цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр сын бафӕраздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ лӕггад кӕнӕм «удӕгас, ӕцӕг Хуыцауӕн» (1 Фес. 1:9). Уый нӕ уарзы ӕмӕ нын алкӕддӕр ӕххуыс кӕндзӕн. Афтӕ кодта раджы заманты ӕмӕ афтӕ кӕндзӕн абон дӕр. Тагъд уыдзӕн, чи никуыма уыд, ахӕм стыр бӕллӕх. Фӕлӕ мах иунӕг нӕ уыдзыстӕм, Йегъовӕ уыдзӕн немӕ (Ис. 41:10). Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзут. 13:5, 6).

3 ЗАРӔГ Нӕ ныфс, нӕ хъару, нӕ фидар мӕсыг