ЦАВӔРДӔР ХЪУЫДЫ БИБЛИЙӔ
Уырнындзинад дӕм ис?
Цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм, уый тыххӕй нӕм хъуамӕ уа уырнындзинад. Фӕлӕ Библийы фыст ис, «уырнындзинад се ’ппӕтмӕ нӕй», зӕгъгӕ (2 Фес. 3:2). Ацы стихы апостол Павел кодта, чи йӕ ӕфхӕрдта, уыцы «ӕвзӕргӕнджыты ӕмӕ фыдадӕмы» кой. Фӕлӕ йӕ ныхӕстӕ ӕрмӕст уыдонмӕ нӕ хауынц. Зӕгъӕм, абон иуӕй-иуты нӕ уырны, ӕппӕт дӕр Хуыцау кӕй сфӕлдыста (Ром. 1:20). Иннӕты та уырны, кӕй ис ӕнӕуынгӕ хъомысджын тых. Фӕлӕ ахӕм уырнындзинад фаг нӕу, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕна.
Хъуамӕ нӕ фидарӕй уырна, Йегъовӕ кӕй ис ӕмӕ йыл фидарӕй чи ӕууӕнды, уыдонӕн кӕй арфӕ кӕны (Дзут. 11:6). Уырнындзинад у, сыгъдӕг тыхы дыргъмӕ цы миниуджытӕ хауы, уыдонӕй сӕ иу. Ӕмӕ, цӕмӕй сыгъдӕг тыхӕй схайджын уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕмӕ кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм (Лук. 11:9, 10, 13). Стӕй хъуамӕ Библи кӕсӕм, уымӕн ӕмӕ уыцы чиныг фыст ӕрцыд Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй. Уый фӕстӕ, цы бакастыстӕм, ууыл-иу хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм ӕмӕ дзы нӕ царды спайда кӕнӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ цардӕй бӕрӕг уа, уырнындзинад нӕм кӕй ис. Ӕмӕ нӕ уӕд Йегъовӕ райгонд уыдзӕн.