Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

12 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

77 ЗАРӔГ Рухс талынг дунейы

Уӕхи хизут талынгӕй – алкӕддӕр рухсы цӕут

Уӕхи хизут талынгӕй – алкӕддӕр рухсы цӕут

«Кӕддӕр сымах дӕр талынджы уыдыстут, ныр та... стут рухсы» (ЕФ. 5:8).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Павел Ефесӕгтӕм 5-ӕм сӕры талынджы ӕмӕ рухсы тыххӕй цы ныффыста, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм.

1, 2. а) Апостол Павел Ефесӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уӕд цавӕр уавӕрты уыд? б) Цавӕр фарстатыл аныхас кӕндзыстӕм?

 АПОСТОЛ Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд йӕ бон нӕ уыд йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты бабӕрӕг кӕнын. Фӕлӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй сӕ бафидар кодтаид, ӕмӕ сӕм фыстӕджытӕ ныффыста. Йӕ фыстӕджытӕй иу ныффыста Ефесы ӕмбырдмӕ н. э. 60 кӕнӕ 61 азмӕ ’ввахс (Еф. 1:1; 4:1).

2 Уымӕй иу-10 азы размӕ Павел Ефесы дзӕвгар рӕстӕг фӕци. Уым хорз хабар хъусын кодта ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кодта (Хъуыд. 19:1, 8–10; 20:20, 21). Павел йӕ хоты ӕмӕ йе ’фсымӕрты тынг уарзта. Уый фӕндыд, цӕмӕй сын баххуыс кодтаид дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн. Фӕлӕ цымӕ сӕрст чырыстӕттӕм талынджы ӕмӕ рухсы тыххӕй цӕмӕн ныффыста? Ӕмӕ уый чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр куыд хауы? Ныртӕккӕ ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм.

ТАЛЫНГӔЙ РУХСМӔ

3. Павел ефесӕгты тыххӕй цы загъта?

3 Павел Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕм ныффыста: «Кӕддӕр сымах дӕр талынджы уыдыстут, ныр та... стут рухсы» (Еф. 5:8). Талынг ӕмӕ рухсы кой уый тыххӕй скодта, цӕмӕй равдыстаид, уыцы чырыстӕттӕ куыд тынг фӕивтой, уый. Ныртӕккӕ базондзыстӕм, Павел ефесӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, «кӕддӕр... талынджы уыдыстут».

4. Цӕмӕн ис зӕгъӕн, ӕмӕ ефесӕгтӕ талынджы уыдысты?

4 Талынджы мӕнг дины тыххӕй. Цалынмӕ ефесӕгтӕ рӕстдзинад нӕ базыдтой ӕмӕ чырыстӕттӕ нӕ систы, уӕдмӕ мӕнг динты ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты. Ефесы уыд Артемидӕйы зындгонд кувӕндон. Уый нымад уыд рагон дунейы авд диссагӕй сӕ иуыл. Уым-иу адӕм куывтой гуымирытӕн. Ӕрмгуыстгӕнджытӕ-иу кодтой Артемидӕйы кувӕндоны хуызӕн гыццыл кувӕндӕттӕ ӕмӕ-иу сӕ уӕй кодтой, ӕмӕ уый фӕрцы бирӕ ӕхца куыстой (Хъуыд. 19:23–27). Уымӕй уӕлдай ма уыцы горӕты уыд бирӕ кӕлӕнгӕнджытӕ (Хъуыд. 19:19).

5. Ефесӕгтӕ ма ноджыдӕр цавӕр хъуыддӕгты тыххӕй уыдысты талынджы?

5 Талынджы ӕнӕгъдау хъуыддӕгты тыххӕй. Ефесы цӕрджытӕ уыдысты хӕлд ӕмӕ ӕнӕфсармӕй алы чъизи хъуыддӕгтӕ кодтой. Театрты-иу цы спектакльтӕ ӕвдыстой, уыдоны рӕстӕг ӕмӕ суанг сӕ дины бӕрӕгбӕтты рӕстӕг дӕр арӕх ӕвзӕр дзыхӕй дзырдтой ӕмӕ кодтой ӕнӕфсарм хъазӕн ныхӕстӕ (Еф. 5:3). Бирӕтӕ дзы «се ’фсарм бынтондӕр фесӕфтой» (Еф. 4:17–19). Ацы ныхӕстӕ комкоммӕ куы ратӕлмац кӕнӕм, уӕд афтӕ уыдзысты: «рыст нал ӕмбӕрстой». Уыдон нӕ зыдтой, Йегъовӕйы цӕсты хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый, ӕмӕ сӕ сӕ хъуыддӕгты тыххӕй сӕ цӕсгом нӕ хордта. Ӕмӕ сӕ Йегъовӕйы раз дзуапп дӕттын кӕй хъӕудзӕн, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтой. Павел дӕр уый тыххӕй ныффыста, зӕгъгӕ, «зондӕй сты талынджы ӕмӕ, Хуыцауӕй чи цӕуы, уыцы цардӕй сты дард».

6. Павел ефесӕгтӕн афтӕ цӕмӕн загъта, «ныр... стут рухсы», зӕгъгӕ?

6 Фӕлӕ ефесӕгтӕй чидӕртӕ талынгӕй рацыдысты. Павел ныффыста: «Ныр... нӕ Хицауимӕ баиу стут ӕмӕ стут рухсы» (Еф. 5:8). Уыдон райдыдтой Хуыцауы Ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрын. Уый сын сӕ фӕндаг рухс кодта (Пс. 119:105). Уыдон ныууагътой мӕнг динимӕ баст хъуыддӕгтӕ ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ нал кодтой. Райдыдтой Хуыцауы фӕзмын ӕмӕ, сӕ бон цыдӕриддӕр уыд, уый арӕзтой, цӕмӕй сӕ лӕггадӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кодтаиккой (Еф. 5:1).

7. Нӕ уавӕр Ефесы цӕрӕг чырыстӕтты уавӕры хуызӕн цӕмӕй у?

7 Мах дӕр, цалынмӕ рӕстдзинад нӕ базыдтам, уӕдмӕ уыдыстӕм талынджы. Чидӕртӕ нӕ мӕнг динимӕ баст бӕрӕгбӕттӕ кодтой. Чидӕртӕ та кодтой ӕнӕгъдау цард. Фӕлӕ, Йегъовӕ хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайы, уый куы базыдтам, уӕд нӕ цард аивтам ӕмӕ райдыдтам йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Уый фӕрцы бирӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын стӕм (Ис. 48:17). Фӕлӕ нӕ уӕддӕр хъӕуы архайын, цӕмӕй та ногӕй талынг хъуыддӕгтӕ аразын ма райдайӕм, фӕлӕ, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». Уый нӕ къухы цӕй фӕрцы бафтдзӕн?

Image digitally reproduced with the permission of the Papyrology Collection, Graduate Library, University of Michigan, P.Mich.inv. 6238. Licensed under CC by 3.0

Павел ефесӕгтӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдон абон махӕн дӕр баххуыс кӕндзысты (кӕс 7 абзац) b


УӔХИ ХИЗУТ ТАЛЫНГӔЙ

8. Ефесӕгтӕм 5:3–5 стихтӕм гӕсгӕ, Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ сӕхи цӕмӕй хъуамӕ хызтаиккой?

8 Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:3–5. Цӕмӕй та Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕ ногӕй ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ кӕнын ма райдыдтаиккой, уый тыххӕй сӕ дарддӕр дӕр хъуыди, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕй сӕхи хизын. Уыдӕттӕм ӕрмӕст хӕтындзинад ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ нӕ хаудысты, фӕлӕ ма ӕнӕфсарм, ӕнӕгъдау ныхӕстӕ дӕр. Павел уыцы чырыстӕттӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, уыдӕттӕй сӕхи кӕй хъуамӕ хызтаиккой, цӕмӕй сын «Чырысти ӕмӕ Хуыцауы паддзахады бынтӕй хай» уыдаид.

9. Чъизи ӕмӕ ӕнӕгъдау цы у, уыдӕттӕм цӕуылнӕ хъуамӕ кӕсӕм кӕнӕ хъусӕм, стӕй сыл цӕуылнӕ хъуамӕ ныхас кӕнӕм?

9 Мах дӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр нӕхи хизӕм «талынджы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕй» (Еф. 5:11). Адӕймаг чъизи, ӕнӕгъдау цӕмӕдӕрты куы фӕкӕсы, куы фӕхъусы кӕнӕ уыдӕттыл куы фӕныхас кӕны, уӕд йӕ бон вӕййы ӕнцонтӕй фӕрӕдийын (Райд. 3:6; Иак. 1:14, 15). Иу бӕстӕйы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ интернеты группӕ скодтой. Уыдысты бирӕйӕ. Фыццаг-иу дзы Йегъовӕйы тыххӕй ӕмӕ рӕстдзинады тыххӕй цыдӕртӕ фыстой. Фӕлӕ сабыргай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм цыдӕртӕ фыссын райдыдтой. Фылдӕр-иу ӕнӕгъдау цыдӕртӕ фыстой. Фӕстӕдӕр уыцы чырыстӕттӕй чидӕртӕ загътой, уый сӕ ӕнӕгъдаудзинадмӕ кӕй ӕркодта.

10. Хӕйрӕг нӕ цавӕр зондыл аразы? (Ефесӕгтӕм 5:6).

10 Хӕйрӕджы дуне нӕ ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, Йегъовӕ чъизийыл ӕмӕ ӕнӕгъдауыл цы нымайы, уым ӕцӕгӕй ӕвзӕрӕй ницы ис (2 Пет. 2:19). Ӕмӕ нӕм уый диссаг нӕ кӕсы. Хӕйрӕг алкӕддӕр архайдта, цӕмӕй адӕмы зонд сзыгъуыммӕ кӕна ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый ма ӕмбарой (Ис. 5:20; 2 Кор. 4:4). Ӕмӕ уый тыххӕй, бирӕ киноты, телепередачӕты ӕмӕ сайтты цы февдисынц кӕнӕ цы фӕдзурынц, уыдӕттӕ вӕййынц Йегъовӕйы уагӕвӕрдты ныхмӕ. Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй афтӕ хъуыды кӕнын райдайӕм, ӕмӕ хӕлд ӕмӕ ӕвзӕр митӕ куы кӕнӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис ӕмӕ ӕхсызгондзинад ӕмӕ циндзинад цы хӕссынц, ӕндӕр ницы. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:6.)

11. Анжелӕйы хабарӕй куыд у бӕрӕг, ахсджиаг кӕй у Ефесӕгтӕм 5:7 стихы фыст уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Хӕйрӕджы фӕнды, цӕмӕй нӕ рӕстӕг ӕрвитӕм, Йегъовӕйы чи нӕ уарзы, ахӕм адӕмимӕ. Уӕд нын зындӕр уыдзӕн Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын. Ефесӕгтӕн дӕр уымӕй тӕссаг уыд. Уымӕ гӕсгӕ сӕм Павел ныффыста, зӕгъгӕ уын семӕ, ома, Хуыцауы цӕсты ӕвзӕр цы у, уый чи арӕзта, уыдонимӕ, «иумӕйагӕй мацы уӕд» (Еф. 5:7). Фӕлӕ мах хъуамӕ ефесӕгтӕй къӕрцхъусдӕр уӕм, уымӕн ӕмӕ абон адӕм ӕнӕуи дӕр фембӕлынц ӕмӕ ма социалон сетьты дӕр фӕдзурынц ӕмӕ фӕфыссынц кӕрӕдзимӕ. Анже́лӕ цӕры Азийы a. Уый бамбӕрста, социалон сетьтӕ куыд тӕссаг сты, уый. Афтӕ зӕгъы: «Социалон сетьтӕ сты ӕцӕг къӕппӕг. Сабыргай мын мӕ зондахастыл ӕндавын райдыдтой. Кӕимӕ дзы лымӕн кодтон, уыдон Библийы уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дардтой, ӕмӕ мӕм уый ӕвзӕр нал каст. Фӕстӕдӕр афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтон, ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, ахӕм исты саразай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис». Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Анжелӕйӕн баххуыс кодтой, цы хъуыд, уый аивынӕн. Анжелӕ загъта: «Ныр мӕ хъуыдытӕ социалон сетьтыл нал вӕййынц, фӕлӕ Йегъовӕйыл».

Хорз ӕмбӕлттӕ нын куы уа, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын (кӕс 11 абзац)


12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйы уагӕвӕрдтыл фидар хӕцӕм?

12 Кӕд нӕ ацы дуне ахӕм зондыл аразы, зӕгъгӕ, ӕнӕгъдау цард кӕнай, уым ӕвзӕрӕй ницы ис, уӕддӕр мах зонӕм, уый раст кӕй нӕу. Ӕмӕ хъуамӕ нӕхимӕ ахӕм хъуыдытӕ ӕмгӕрон дӕр ма уадзӕм (Еф. 4:19, 20). Хорз уаид, ахӕм фарстатыл куы ахъуыды кӕниккам: «Архайын, цӕмӕй, Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, ахӕм адӕмимӕ къаддӕр рӕстӕг ӕрвитон, зӕгъӕм, куысты кӕнӕ скъолайы? Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ныфсджынӕй фӕархайын, кӕд мӕ иннӕтӕ уый тыххӕй фанатик фӕхонынц, уӕддӕр?» 2 Тимофеймӕ 2:20–22 стихтӕм гӕсгӕ, хъуамӕ суанг ӕмбырды дӕр нӕхицӕн ӕмбӕлттӕ лӕмбынӕг ӕвзарӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ, гӕнӕн ис, чырыстӕттӕй дӕр чидӕртӕ ӕвзӕр зондыл аразой. Ӕмӕ уӕд нӕ бон нӕ уыдзӕн Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын.

«РУХСЫ ХЪӔБУЛТӔН КУЫД ӔМБӔЛЫ, АФТӔ ЦӔРУТ»

13. Цы нысан кӕнынц ныхӕстӕ, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрут»? (Ефесӕгтӕм 5:7–9).

13 Павел ефесӕгтӕн ӕрмӕст уый нӕ бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕхи талынгӕй хызтаиккой, фӕлӕ ма цӕмӕй, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цардаиккой». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:7–9.) Уый цы нысан кӕны? Хъуамӕ алкӕддӕр нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй бӕрӕг уа, ӕцӕг чырыстӕттӕ кӕй стӕм. Уый нӕ къухы бафтдзӕн, Библи ӕмӕ нӕ публикацитӕ лӕмбынӕг куы кӕсӕм ӕмӕ сӕ куы иртасӕм, уӕд. Уӕлдай ахсджиаг та у Йесойы царды хабӕрттӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ иртасын, уымӕн ӕмӕ уый у «ацы дунейӕн рухс» (Иоан. 8:12; Ӕмб. 6:23).

14. Сыгъдӕг тых нын куыд ӕххуыс кӕны?

14 Хъӕуы ма нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы ӕххуыс дӕр, цӕмӕй дарддӕр дӕр, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм». Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ацы хӕлд дунейы зын у хӕрзӕгъдау цард кӕнын (1 Фес. 4:3–5, 7, 8). Сыгъдӕг тых нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ацы дунейы зондӕй ма фӕхъӕстӕ уӕм, уыимӕ, Хуыцауы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыдытӕй ӕмӕ философитӕй. Стӕй ма нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй тырнӕм алы хорздзинадмӕ ӕмӕ рӕстдзинадмӕ (Еф. 5:9).

15. Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тых кӕд ратты? (Ефесӕгтӕм 5:19, 20).

15 Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых дӕтта? Хъуамӕ йӕм кувӕм ӕмӕ дзы йӕ сыгъдӕг тых курӕм. Йесо загъта: «Фыд... куыннӕ ратдзӕн сыгъдӕг тых, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Лук. 11:13). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ иумӕ Йегъовӕйы ӕмбырдты куы фӕкадджын кӕнӕм, уӕд афтӕмӕй дӕр схайджын вӕййӕм сыгъдӕг тыхӕй. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:19, 20.) Сыгъдӕг тыхы фӕрцы нӕ бон уыдзӕн афтӕ цӕрын, цӕмӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм.

16. Цы нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм? (Ефесӕгтӕм 5:10, 17).

16 Ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы хъӕуа, уӕд-иу хъуамӕ бамбарӕм, «Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый» ӕмӕ-иу уымӕ гӕсгӕ архайӕм. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:10, 17.) Библийы куы фӕагурӕм, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм уагӕвӕрдтӕ, уӕд афтӕмӕй фӕархайӕм, Хуыцау уыцы хъуыддаджы фӕдыл цы хъуыды кӕны, уый бамбарыныл. Ӕмӕ-иу уыцы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ куы бацархайӕм, уӕд-иу раст уынаффӕ рахӕсдзыстӕм.

17. Нӕ бон куыд у нӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын? (Ефесӕгтӕм 5:15, 16). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

17 Павел ма Ефесы цӕрӕг чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кодтаиккой. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 5:15, 16.) «Фыдбылызы», ома не знаг Хӕйрӕджы, фӕнды, цӕмӕй ацы дунейы хъуыддӕгтыл афтӕ суӕм, ӕмӕ нын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн рӕстӕг мауал уа (1 Иоан. 5:19). Гӕнӕн ис, чырыстонӕн царды сӕйрагдӕр суа ӕхца, уӕлдӕр ахуыр кӕнӕ та куыст. Афтӕ куы рауайа, уӕд уый ууыл дзурӕг уыдзӕн, ӕмӕ ацы дунейы зондӕй фӕхъӕстӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыдӕттӕ дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ не сты. Фӕлӕ нын хъуамӕ царды ӕппӕты сӕйраг макуы уой. Цӕмӕй, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм», уый тыххӕй хъуамӕ «[нӕ] рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнӕм», ома хъуамӕ нӕ рӕстӕг хардз кӕнӕм, ӕцӕгӕй ахсджиаг чи сты, уыцы хъуыддӕгтыл.

Павел ефесӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кодтаиккой (кӕс 17 абзац)


18. Дональд цы сарӕзта, цӕмӕй йӕ рӕстӕгӕй, хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ пайда кӕнын райдыдтаид?

18 Фадӕттӕ агур, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕнай. Афтӕ кодта ӕфсымӕр До́нальд дӕр. Уый цӕры Хуссар-Африкаг Республикӕйы. Афтӕ зӕгъы: «Мӕ цардыл ахъуыды кодтон. Фӕндыди мӕ фылдӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕмӕ куывтон. Дзырдтон ын, зӕгъгӕ мын баххуыс кӕн ахӕм куыст ссарынӕн, цӕмӕй мӕ бон уа фылдӕр хъусын кӕнын. Йегъовӕ мын мӕ куывдӕн дзуапп радта, ӕмӕ ахӕм куыст ссардтон. Ныр мӕ бинойнагимӕ иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнӕм».

19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм»?

19 Павел ефесӕгтӕм цы фыстӕг ныффыста, уый сын куыннӕ баххуыс кодтаид, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодтаиккой. Ӕмӕ махӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн. Мах дӕр хъуамӕ ирхӕфсӕнтӕ ӕмӕ ӕмбӕлттӕ ӕвзаргӕйӕ ӕмбаргӕ уӕм. Стӕй ма ахсджиаг у ӕдзух Библи иртасын. Уый фӕрцы рӕстдзинады рухсы цӕудзыстӕм. Хъӕуы ма нӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых дӕр, цӕмӕй нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнӕм. Павелы фыстӕг ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссӕм. Ефесӕгтӕм цы ныффыста, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нӕхи талынгӕй хиздзыстӕм ӕмӕ алкӕддӕр рухсы цӕудзыстӕм!

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Ефесӕгтӕм 5:8 стихы ныхӕстӕ «талынг» ӕмӕ «рухс» цӕмӕ амонынц?

  • Нӕ бон куыд у нӕхи «талынгӕй» хизын?

  • Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, «рухсы хъӕбултӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрӕм»?

95 ЗАРӔГ Рухс тынгӕй-тынгдӕр кӕны

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

b НЫВ. Павел ефесӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы рагон къопи.