9 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
75 ЗАРӔГ «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит!»
Цӕттӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ?
«Йегъовӕйӕн йе ’ппӕт хорздзинӕдтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн?» (ПС. 116:12).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Адӕймагӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ афтӕ баввахс уа, ӕмӕ йӕ бафӕнда йӕхи йын снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын.
1, 2. Донаргъуыд райсыны размӕ адӕймаг цы хъуамӕ сараза?
ФӔСТАГ фондз азмӕ милуан адӕймагӕй фылдӕр райстой донаргъуыд ӕмӕ систы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ. Уыдонӕй бирӕтӕ 1 ӕнусы цӕрӕг ахуыргӕнинаг Тимофейау рӕстдзинад зонынц «[сӕ] гыццылӕй фӕстӕмӕ» (2 Тим. 3:14, 15). Чидӕртӕ та дзы Йегъовӕйы базыдтой стырӕй, чидӕртӕ дзы ацӕргӕ уыдысты. Зӕгъӕм, цалдӕр азы размӕ иу сылгоймаг донаргъуыд райста 97-аздзыдӕй!
2 Кӕд ды дӕр Библи ахуыр кӕныс кӕнӕ дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты ӕмӕ дӕ дӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ Хуыцауы фӕндагыл ӕвӕрынц, уӕд, чи зоны, хъуыды кӕныс донаргъуыд райсыныл. Ӕмӕ уый тынг хорз нысан у. Фӕлӕ, цалынмӕ донаргъуыд райсай, уӕдмӕ дӕ хъӕуы дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, цы нысан кӕны, дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай, уый. Стӕй ма дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фенай, цӕуылнӕ хъуамӕ тӕрсай дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын, уымӕ цӕттӕ куы уай, уӕд.
ЦЫ НЫСАН КӔНЫ, ДӔХИ ЙЕГЪОВӔЙӔН СНЫВОНД КӔНАЙ, УЫЙ?
3. Раджы заман Йегъовӕйӕн нывондгонд чи уыд?
3 Библимӕ гӕсгӕ, кӕйдӕр кӕнӕ цыдӕр Хуыцауӕн снывонд кӕнын нысан кӕны, ӕвзӕрст кӕнӕ хицӕнгонд кӕй ӕрцыд сӕрмагонд хъуыддагӕн. Израилӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйӕн нывондгонд адӕм. Фӕлӕ-иу уыдонӕй дӕр чидӕртӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддагӕн. Зӕгъӕм, Аароны сарыхъыл разӕй уыд сызгъӕринӕй конд ӕрттиваг тъӕпӕн гӕбаз. Уый уыд, Аарон Хуыцауӕн нывондгонд кӕй уыд, уый нысан. Уыцы сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз ӕвдыста, Аарон хицӕнгонд кӕй уыд сӕрмагонд хъуыддагӕн – уыди Израилы хистӕр сауджын (Рац. 39:30, фип.; Лев. 8:9). Афтӕ уыд назорейты хабар дӕр. Дзырд «назорей» равзӕрд дзуттаг дзырд нази́р-ӕй ӕмӕ нысан кӕны «хибаргонд», «нывондгонд», «хицӕнгонд». Назорейтӕ хъуамӕ ӕххӕст кодтаиккой Моисейы закъон ӕмӕ, назорейтӕм цы домӕнтӕ уыд, уыдон (Ным. 6:2–8).
4. а) Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын царды сӕйрагдӕр цы свӕййы? б) Ныхӕстӕ «йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд» цы нысан кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
4 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕны, уӕд свӕййы Чырыстийы ахуыргӕнинаг ӕмӕ йын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр свӕййы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын. Дӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕнай, уӕд уый дӕ цардыл куыд фӕзындзӕн? Йесо загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд» (Матф. 16:24). Адӕймаг йӕхи тыххӕй мауал цӕра, уый куыд ӕмбаргӕ у? Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд хъуамӕ ныууадзай, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, уыцы хъуыддӕгтӕ (2 Кор. 5:14, 15). Хъуамӕ дард лидзай «тӕригъӕдджын буары хъуыддӕгтӕй», зӕгъӕм, хӕтындзинадӕй (Гал. 5:19–21; 1 Кор. 6:18). Ахӕм хъуыддӕгтӕ аразӕн кӕй нӕй, уымӕй дӕ цард фӕзындӕр уыдзӕн? Йегъовӕйы куы уарзай ӕмӕ куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, йӕ закъӕттӕ дӕ пайдайӕн кӕй сты, уӕд нӕ (Пс. 119:97; Ис. 48:17, 18). Ӕфсымӕр Ни́колас уый тыххӕй афтӕ загъта: «Адӕймаг, гӕнӕн ис, хъуыды кӕна, ӕмӕ Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ сты ахӕстоны решеткӕйы хуызӕн, ӕмӕ йӕ нӕ уадзынц, цы йӕ фӕнды, уый аразын. Кӕнӕ та сӕ, гӕнӕн ис, нымайа, домбӕйттӕ кӕй фӕстӕ сты ӕмӕ йын тӕссаг цӕмӕй у, уымӕй йӕ чи хъахъхъӕны, ахӕм решеткӕйыл».
5. а) Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куыд снывонд кӕны? б) Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай, уый цӕмӕй хицӕн кӕны, донаргъуыд райсай, уымӕй? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
5 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн куыд снывонд кӕны? Скувы йӕм ӕмӕ йын дзырд ратты, ныр ӕрмӕстдӕр уымӕн кӕй лӕггад кӕндзӕн ӕмӕ йын йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕй уыдзӕн. Стӕй Йегъовӕйӕн дзырд ратты, алкӕддӕр ӕй кӕй уарздзӕн «ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ» (Мар. 12:30). Йӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕны хибарӕй. Уый йӕхи ӕмӕ Йегъовӕйы йеддӕмӕ ничи фӕзоны. Фӕлӕ донаргъуыд та райсы адӕмы раз. Афтӕмӕй йӕ иннӕтӕ базонынц, йӕхи Хуыцауӕн кӕй снывонд кодта, уый. Адӕймаг йӕхи Хуыцауӕн куы снывонд кӕны, уӕд ын ратты сӕрмагонд дзырд. Ӕмӕ хъуамӕ уыцы дзырд ӕххӕст кӕна. Ӕмӕ йӕм Йегъовӕ дӕр уымӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы (Еккл. 5:4, 5).
ДӔХИ ЙЕГЪОВӔЙӔН ЦӔМӔН ХЪУАМӔ СНЫВОНД КӔНАЙ?
6. Адӕймаджы цӕмӕн бафӕнды йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын?
6 Адӕймаг йӕхи Йегъовӕйӕн сӕйраджыдӕр цӕй тыххӕй снывонд кӕны? Уарзгӕ йӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Ахӕм уарзондзинад йӕхигъӕдӕй нӕ фӕзыны ӕмӕ ӕрмӕст ӕнкъарӕнтимӕ баст нӕу. Адӕймаг Йегъовӕйы бауарзы, йӕхи тыххӕй ӕмӕ йын йӕ фӕндоны тыххӕй бӕлвырдӕй куы базоны, уӕд (Кол. 1:9). Библи кӕй ахуыр кодтай, уый фӕрцы дӕ бауырныдта, 1) Йегъовӕ удӕгас Хуыцау кӕй у, 2) Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у ӕмӕ 3) йӕ организацийы уылты йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны.
7. Цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй дӕ?
7 Йӕхи Йегъовӕйӕн чи снывонд кӕны, уый фӕзоны Хуыцауы Ныхасы сӕйраг ахуырӕдтӕ ӕмӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ фӕцӕры. Цӕуыл ӕууӕнды, уый тыххӕй иннӕтӕн фӕдзуры, йӕ уавӕртӕ куыд амонынц, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 28:19, 20). Йегъовӕйы тынг бауарзы ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ бафӕнды ӕрмӕстдӕр уымӕн лӕггад кӕнын. Дӕуӕй дӕр афтӕ ис зӕгъӕн? Кӕд о, уӕд дӕ донаргъуыд райсын уый тыххӕй нӕ фӕнддзӕн, цӕмӕй дӕ ныййарджыты кӕнӕ, демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уый зӕрдӕ балхӕнай, стӕй уый тыххӕй дӕр нӕ, ӕмӕ де ’мбӕлттӕ хъавынц донаргъуыд райсынмӕ. Уыцы къахдзӕф сараздзынӕ, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзыс, уый тыххӕй.
8. Йегъовӕйӕ бузныг куы уай, уӕд дын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дӕхи снывонд кӕнай? (Псалом 116:12–14).
8 Йегъовӕ дын хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнай, уӕд дзы бузныг уыдзынӕ ӕмӕ дӕ бафӕнддзӕн дӕхи йын снывонд кӕнын. (Бакӕс Псалом 116:12–14.) Библийы фыст ис, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» Йегъовӕ кӕй дӕтты (Иак. 1:17). Йе ’ппӕты стырдӕр лӕвар у, йӕ Фырты, Йесойы, нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый. Ахъуыды-ма кӕн, цы диссаджы лӕвар у! Йесойы нывонды фӕрцы уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай. Стӕй ма дын фӕзынд ӕнустӕм цӕрыны ныфс дӕр (1 Иоан. 4:9, 10, 19). Ахӕм уарзондзинад никуы ничи равдыста. Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай, уӕд афтӕмӕй равдисдзынӕ, цы уарзондзинад равдыста, уый тыххӕй ӕмӕ дзы йе ’ппӕт хорздзинӕдты тыххӕй бузныг кӕй дӕ (Дык. з. 16:17; 2 Кор. 5:15). Ууыл дзырд цӕуы чиныджы «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 46 урочы, 4 дӕлсӕргонды. Ис дзы, 3 минуты бӕрц чи цӕуы, ахӕм видеоролик «Нӕ бон цы у Хуыцауӕн лӕварӕн дӕттын?».
ЦӔТТӔ ДӔ ДӔХИ ЙЕГЪОВӔЙӔН СНЫВОНД КӔНЫНМӔ ӔМӔ ДОНАРГЪУЫД РАЙСЫНМӔ?
9. Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай ӕви нӕ, уый куы скъуыддзаг кӕнай, уӕд дӕхи иннӕтимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ барай?
9 Чи зоны дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ нырма цӕттӕ нӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Чи зоны дӕ хъӕуы ноджыдӕр цавӕрдӕр ивындзинӕдтӕ скӕнын, цӕмӕй дӕ Йегъовӕ райгонд уа. Кӕнӕ та дӕ, гӕнӕн ис, хъӕуы фылдӕр рӕстӕг, цӕмӕй дӕ уырнындзинад фидардӕр суа (Кол. 2:6, 7). Библи чи ахуыр кӕны, уыдонӕй чи тагъддӕр, чи сындӕгдӕр саразы къахдзӕфтӕ. Ӕмӕ ӕрыгӕттӕ дӕр уыцы иу кары нӕ вӕййынц цӕттӕ, цӕмӕй сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕной ӕмӕ донаргъуыд райсой. Бацархай, цӕмӕй бамбарай, дӕу цы хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын, уый. Ӕмӕ-иу дӕхи иннӕтимӕ ма бар (Гал. 6:4, 5).
10. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕхи Хуыцауӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ нырма цӕттӕ нӕ дӕ, уӕд дӕ бон цы у аразын? (Кӕс рамкӕ дӕр « Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыцы ӕрыгӕттӕн».)
10 Кӕд нырма цӕттӕ нӕ дӕ дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ, уӕддӕр дарддӕр уыцы нысанмӕ тырн. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, цы хъӕуы, уый фӕивынӕн (Фил. 2:13; 3:16). Йегъовӕ дӕ ӕнӕмӕнг фехъусдзӕн ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн (1 Иоан. 5:14).
ИУӔЙ-ИУТӔ СӔ НЫФС ЦӔУЫЛНӔ ФӔХӔССЫНЦ?
11. Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайӕм?
11 Иуӕй-иутӕ, кӕд цӕттӕ вӕййынц сӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ, уӕддӕр уымӕ сӕ ныфс нӕ фӕхӕссынц. Гӕнӕн ис, фӕхъуыды кӕнынц: «Уӕдта ма уый фӕстӕ уӕззау тӕригъӕд сарӕзтон ӕмӕ мӕ ӕмбырдӕй ацух кодтой». Кӕд ды дӕр уымӕй тӕрсыс, уӕд ӕй зон: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын «алцӕмӕй дӕр йӕ зӕрдӕ рухс кӕнай» (Кол. 1:10). Стӕй дын дӕтдзӕн тыхтӕ дӕр, цӕмӕй, раст цы у, уый аразай. Афтӕ кӕй кӕны, уый бӕрӕг у бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты цардӕй (1 Кор. 10:13). Ӕмбырдтӕй кӕй ацух кӕнынц, уыдон, зӕгъӕн ис, афтӕ бирӕ не сты. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ӕххуыс кӕны, цӕмӕй йыл иузӕрдион уой.
12. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕззау тӕригъӕд ма саразай?
12 Алы ӕнӕххӕст адӕймагӕн дӕр тӕссаг у фӕрӕдийынӕй (Иак. 1:14). Фӕлӕ, куыд бакӕндзынӕ, уый дӕхӕдӕг скъуыддзаг кӕныс. Куыд цӕрдзынӕ, уый дӕхицӕй кӕнгӕ у. Иуӕй-иутӕ фӕдзурынц, не ’нкъарӕнтыл ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтыл нӕ бар кӕй нӕ цӕуы. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ тӕригъӕдджын буары фӕндтыл дӕ бар цӕуа, уый дын зын куы уа, уӕд дӕр. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ма фӕрӕдийай? Алы бон дӕр Хуыцаумӕ кув, ӕдзух Хуыцауы Ныхас иртас, ӕмбырдтӕм цу, иннӕтӕн хорз хабар хъусын кӕн. Ацы хъуыддӕгтӕ ӕдзух куы аразай, уӕд дӕм уыдзӕн тыхтӕ, цӕмӕй, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтай, уый ӕххӕст кӕнай. Рох дӕ макуы уӕд: Йегъовӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдионӕй баззайай (Гал. 5:16).
13. Иосиф нын фӕзминаг цӕмӕй у?
13 Исты дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд куыд бакӕндзынӕ, уый рагацау куы аскъуыддзаг кӕнай, уӕд дын ӕнцондӕр уыдзӕн Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын. Библийы ис, афтӕ-иу чи бакодта, ахӕм адӕймӕгты кой. Ӕмӕ уыдон дӕр махау ӕнӕххӕст уыдысты. Ӕркӕсӕм Иосифы цӕвиттонмӕ. Потифары ус ӕй рӕдийын кодта, нал ӕмӕ йӕ нал уагъта. Фӕлӕ Иосиф рагацау зыдта, ахӕм уавӕры куыд хъуамӕ бакӕна, уый. Библийы фыст ис, Иосиф кӕй «нӕ разы кодта». Уый загъта: «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад ӕмӕ Хуыцауы раз тӕригъӕд куыд хъуамӕ саразон?» (Райд. 39:8–10). Бӕрӕг у, Иосиф, цалынмӕ фӕлварӕныл нӕ сӕмбӕлд, уӕдмӕ дӕр кӕй зыдта, куыд бакӕндзӕн, уый. Ӕмӕ йын уый фӕрцы ӕнцондӕр уыд фидар фӕлӕууын, фӕлварӕныл куы сӕмбӕлд, уӕд.
14. Дӕ бон цы у ныр аразын, цӕмӕй дӕ уый фӕстӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд ма фӕрӕдийай?
14 Дӕ бон куыд у Иосифы бафӕзмын ӕмӕ дӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайын? Дӕ бон у ныр аскъуыддзаг кӕнын, фӕлварӕны куыд бакӕндзынӕ, уый. Исты-иу дӕ куы рӕдийын кӕна, уӕд-иу уайтагъд исты сараз, цӕмӕй ма фӕрӕдийай. Йегъовӕ йе сӕфт цӕмӕй уыны, уыдӕттыл-иу хъуыды дӕр ма кӕн (Пс. 97:10; 119:165). Афтӕ кӕнын куы сахуыр уай, уӕд ӕй зондзынӕ, фӕлварӕны куыд бакӕндзынӕ, уый ӕмӕ нӕ фӕрӕдийдзынӕ.
15. Адӕймагӕн йӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй агуры? (Дзуттӕгтӕм 11:6).
15 Гӕнӕн ис, бамбӕрстай, рӕстдзинад кӕй ссардтай ӕмӕ дӕ фӕнды Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнын. Фӕлӕ уӕддӕр цӕйдӕр тыххӕй дӕ ныфс нӕ хӕссыс дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнынмӕ ӕмӕ донаргъуыд райсынмӕ. Уӕд дӕ бон у паддзах Давидау Йегъовӕйӕн лӕгъстӕ кӕнын: «О Хуыцау, басгар мын мӕ зӕрдӕ ӕмӕ йӕ базон. Ныккӕс мын мӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ йӕ базон, ӕнцой мын цы нӕ дӕтты. Ӕркӕс, мыййаг, мӕ зӕрдӕйы ницы ис ахӕмӕй, фыдбылыз фӕндагмӕ мӕ цы схойы, ӕмӕ мӕ ӕнусон фӕндагыл кӕн» (Пс. 139:23, 24). Йегъовӕ арфӕ кӕны, «зӕрдиагӕй [йӕ] чи агуры, уыдонӕн». Дарддӕр дӕ нысанмӕ куы тырнай, уӕд равдисдзынӕ, ды дӕр Йегъовӕйы зӕрдиагӕй кӕй агурыс. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:6.)
ДАРДДӔР ДӔР ЙЕГЪОВӔМӔ ӔВВАХС КӔН
16, 17. Йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыдоны Йегъовӕ йӕхимӕ куыд ӕрбакӕны? (Иоанны 6:44).
16 Йесо загъта, иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон кӕй нӕу, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинаг суа, Йегъовӕ йӕ куы не ’рбакӕна, уӕд. (Бакӕс Иоанны 6:44.) Уый тынг арф хъуыды у. Ахъуыды-ма кӕн, уый дӕумӕ куыд хауы. Йегъовӕ йӕхимӕ кӕй ӕрбакӕны, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр хорзӕй цыдӕр фены, алчидӕр ын дзы у «уӕлдай зынаргъ» (Дык. з. 7:6). Ӕмӕ дӕумӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕсы.
17 Кӕд дӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сты, уӕд дӕм, гӕнӕн ис, афтӕ кӕсы, ӕмӕ ӕмбырдтӕм ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй цӕуыс, ӕмӕ дӕ ныййарджытӕ кӕнынц афтӕ. Фӕлӕ дӕ Йегъовӕ дӕ бинонты тыххӕй не ’рбакодта, дӕхи дын ӕрбакодта. Уый алы адӕймаджы дӕр хицӕнӕй ӕрбакӕны йӕхимӕ, уыимӕ, йӕ ныййарджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕмӕн сты, уыдонӕй алкӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Библийы фыст ис: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8; 1 Аз. 28:9). Уӕдӕ ды куы скӕныс къахдзӕф, цӕмӕй Йегъовӕмӕ баввахс уай, уӕд дӕм уый дӕр ӕрбаввахс вӕййы. (Абар 2 Фессалоникӕгтӕм 2:13.)
18. Иннӕ статьяйӕ цы базондзыстӕм? (Псалом 40:8).
18 Дӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнай ӕмӕ донаргъуыд куы райсай, уӕд равдисдзынӕ, Йесойы хуызӕн кӕй дӕ. Уый цӕттӕ уыд, йӕ Фыд ын цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уый сӕххӕст кӕнынмӕ. (Бакӕс Псалом 40:8; Дзут. 10:7.) Иннӕ статьяйӕ базондзыстӕм, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй донаргъуыды фӕстӕ дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнай.
ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?
-
Дӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнай, уый цы нысан кӕны?
-
Йегъовӕйӕ бузныг кӕй дӕ, уый дын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дӕхи снывонд кӕнай?
-
Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй уӕззау тӕригъӕд ма саразай?
38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн