Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

44 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

Хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕн цӕй фӕрцы ис?

Хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕн цӕй фӕрцы ис?

«Ма бауадз, ӕмӕ дыл ӕвзӕрдзинад фӕуӕлахиз уа, фӕлӕ ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн» (РОМ. 12:21).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсын нӕ бон цӕй фӕрцы уыдзӕн.

1, 2. Хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ цы фенкъарӕм?

 ЙЕСО иухатт радзырдта фӕсномыг ныхас иу идӕдз усы тыххӕй. Уыцы идӕдз ус-иу тӕрхонгӕнӕгӕн лӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йын йӕ хъуыддаг рӕстӕй равзӕрстаид. Уыцы фӕсномыг ныхас Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй бирӕты зӕрдӕтӕ бацагайдтаид, уымӕн ӕмӕ уыцы заман хӕрам хъуыддӕгтӕ арӕх уыдысты (Лук. 18:1–5). Ӕмӕ абон дӕр, хӕрам хъуыддагыл чи нӕ сӕмбӕлд, ахӕм адӕймаг нӕй.

2 Ацы дунейы бирӕтӕ иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, сты фыдзӕрдӕ ӕмӕ зыдгӕнаг, ӕмӕ сӕм искӕй бафхӕрын ницы фӕкӕсы. Уымӕ гӕсгӕ, хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕм уый афтӕ диссаг нӕ фӕкӕсы (Еккл. 5:8). Фӕлӕ ныл ахӕм хабар ӕмбырды куы ’рцӕуы, уӕд хорзау нал фӕвӕййӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕй уӕлдай хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ афтӕ барӕй нӕ бакӕнынц. Афтӕ рауайы, ӕнӕххӕст кӕй сты, уый тыххӕй. Хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, уыцы хъуыддаджы нын фӕзминаг у Йесо. Кӕд не знӕгты хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕм, уӕд нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕн ноджы тынгдӕр хъуамӕ ма быхсӕм? Цымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, ӕмбырдӕй кӕнӕ нӕ иннӕ адӕмӕй исчи ӕнаххосӕй куы бафхӕры, уымӕ? Цымӕ нын нӕ зӕрдӕйы рыст фембары?

3. Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕйы рыст кӕй фембары?

3 Иннӕтӕ нын куыд сты, уымӕ Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы. «Йегъовӕ уарзы рӕстдзинад» (Пс. 37:28). Йесо загъта, афон куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ, «раст ӕмӕ зылын чи у», уый ӕвӕстиатӕй кӕй равзардзӕн (Лук. 18:7, 8). Тагъд не ’ппӕт зындзинӕдтӕн ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон скӕндзӕн (Пс. 72:1, 2).

4. Йегъовӕ нын абон куыд ӕххуыс кӕны?

4 Фӕлӕ цалынмӕ, рӕстдзинад кӕм уыдзӕн, уыцы дуне нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны, цӕмӕй хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕм (2 Пет. 3:13). Зӕгъӕм, амоны нын, исчи нӕ ӕнаххосӕй куы бафхӕра, уӕд нӕхи куыд хъуамӕ дарӕм, цӕмӕй-иу уавӕр ма фӕфыддӕр уа. Уымӕй уӕлдай, Библийы ныффыссын кодта, ахӕм уавӕрты-иу йӕ Фырт, Йесо Чырысти, куыд архайдта, уый. Стӕй ма нын радта хорз уынаффӕтӕ дӕр.

ХӔРАМ ХЪУЫДДАГЫЛ СӔМБӔЛГӔЙӔ КЪӔРЦХЪУС У

5. Хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ къӕрцхъус цӕмӕн хъуамӕ уӕм?

5 Хӕрам хъуыддаг нын, гӕнӕн ис, стыр маст бавзарын кӕна ӕмӕ уый тыххӕй нӕ ныфс дӕр асӕтта (Еккл. 7:7). Ӕмӕ уым диссагӕй ницы ис. Афтӕ-иу маст кодтой иннӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр, зӕгъӕм, Иов ӕмӕ Аввакум (Иов 6:2, 3; Ав. 1:1–3). Фӕлӕ-иу уӕддӕр хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй-иу нӕ масты фӕдыл ма ацӕуӕм ӕмӕ-иу исты ӕнӕзонд ми ма бакӕнӕм.

6. Авессаломы хабар нын зондзонӕн куыд у? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Исчи нын ӕвзӕрӕй исты куы сараза, уӕд нӕ, чи зоны, нӕ маст райсын бафӕнда. Фӕлӕ афтӕмӕй, гӕнӕн ис, хъуыддаг ноджы фыддӕр фӕуа. Зӕгъӕм, паддзах Давиды фырт Авессалом мӕстӕй рафыхт, Амнон ын йӕ хо Фамарӕн тыхми куы бакодта, уӕд. Моисейы закъонмӕ гӕсгӕ, Амноны уый тыххӕй амарын хъуыди (Лев. 20:17). Ӕмӕ Авессалом кӕй смӕсты, уый бамбарӕн ис. Фӕлӕ йын уӕддӕр уый бар нӕ уыд, цӕмӕй Амнонӕн тӕрхон рахастаид ӕмӕ йӕ амардтаид (2 Сам. 13:20–23, 28, 29).

Авессалом йӕ масты фӕдыл ацыд, йӕ хо Фамарӕн ын тыхми куы бакодтой, уӕд (кӕс 6 абзац)


7. Хӕрам хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ иу псаломзарӕггӕнӕг иуафон куыд хъуыды кодта?

7 Чи зоны нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ, хӕрам хъуыддӕгтӕ чи кӕны, уыдон ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, ахъуыды кӕнӕм, ӕмӕ рӕстӕй цӕрын ницы пайда у. Иуафон иу псаломзарӕггӕнӕг дӕр афтӕ хъуыды кодта. Уый уыдта, фыдгӕнджытӕ рӕстгӕнджыты хӕрдмӕ скӕсын кӕй нӕ уадзынц ӕмӕ сӕхӕдӕг цардӕй къӕртт кӕй ӕппарынц. Ӕмӕ загъта: «Афтӕ сты фыдгӕнджытӕ, цӕрӕнбонты кӕнынц ӕнӕмӕт цард» (Пс. 73:12). Хӕрам хъуыддӕгтӕ уынгӕйӕ йӕ ныфс афтӕ тынг асаст, ӕмӕ хъуыды кӕнын райдыдта, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй ницы пайда у. Уый загъта: «Ӕз ууыл хъуыды кодтон, цӕмӕй йӕ бамбӕрстаин, фӕлӕ йӕ мӕ бон нӕ уыд бамбарын» (Пс. 73:14, 16). Стӕй ма ӕргом загъта: «Мӕн та мӕ къах иннӕрдӕм фӕцӕйхаста, иу гыццыл ма, ӕмӕ мӕ къӕхтӕ фӕбырыдаиккой» (Пс. 73:2). Ахӕм хабар ӕрцыд иу ӕфсымӕрыл дӕр, схонӕм ӕй Альбе́рто.

8. Иу ӕфсымӕр хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлд, уӕд ыл уый куыд фӕзынд?

8 Альбертойы фӕаххосджын кодтой, ӕмбырды мысайнӕгтӕй адавта, зӕгъгӕ. Фӕлӕ уый афтӕ нӕ уыд. Уый тыххӕй йӕ бон нал уыд дарддӕр хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын. Стӕй, уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны цӕсты йӕ кад дӕлӕмӕ ӕрхауд. Альберто загъта: «Тынг зын мын уыд. Ӕфсымӕртӕй уый ӕнхъӕл нӕ уыдтӕн. Ӕмӕ сӕм тынг смӕсты дӕн». Уый тыххӕй ӕмбырдтӕм дӕр нал цыд. Афтӕ ахаста 5 азы. Ацы хабарӕй бӕрӕг у, хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ мастӕн нӕ зӕрдӕйы бынат куы скӕнӕм, уӕд уый тӕссаг кӕй у.

ХӔРАМ ХЪУЫДДӔГТӔН ЙЕСОЙАУ БЫХС

9. Йесо цавӕр хӕрам хъуыддӕгтыл сӕмбӕлд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Йесо нын равдыста, хӕрам хъуыддӕгтӕн нӕ бон куыд у быхсын, уый. Бирӕтӕ йӕ ӕфхӕрдтой, суанг йӕ бинонтӕй дӕр чидӕртӕ. Йӕ бинонтӕй йыл чи не ’ууӕндыд, уыдон дзы дзырдтой, йӕ сӕрызонд, дам, фӕцыд. Дины разамонджытӕ та йӕ аххосджын кодтой, хӕйрӕджытимӕ ӕмвӕнд у, зӕгъгӕ. Ромы ӕфсӕддонтӕ дзы хынджылӕг кодтой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг амардтой (Мар. 3:21, 22; 14:55; 15:16–20, 35–37). Фӕлӕ Йесо алцӕмӕн дӕр ныббыхста ӕмӕ йӕ маст райсыныл нӕ архайдта. Йӕ хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

Йесо нын фӕзминаг у, хӕрам хъуыддӕгтӕн куыд быхста, уымӕй (кӕс 9, 10 абзацтӕ)


10. Йесо хӕрам хъуыддӕгтӕн цӕй фӕрцы быхста? (1 Петры 2:21–23).

10 Бакӕс 1 Петры 2:21–23 a. Хӕрам хъуыддагыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ бон у Йесойы фӕзмын. Уый зыдта, хъусӕй лӕууын кӕд хъӕуы ӕмӕ дзурын кӕд хъӕуы, уый (Матф. 26:62–64). Мӕнг ныхӕстӕ-иу дзы чи кодта, уыдонӕн-иу алы хатт дзуапп нӕ радта (Матф. 11:19). Куы-иу дзырдта, уӕд та-иу йе ’фхӕрджыты не ’фхӕрдта ӕмӕ-иу сӕм ӕртхъирӕнтӕ нӕ кодта. Йӕ бон уыд йӕхиуыл хӕцын, уымӕн ӕмӕ «йӕхи бакодта, раст тӕрхон чи кӕны, уый бар». Уый зыдта, ахсджиагдӕр кӕй у, Йегъовӕ алцыдӕр кӕй уыны, уый. Ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кодта, йӕ афоныл хӕрам хъуыддӕгтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн.

11. Кӕд фӕхъӕуы хъусӕй лӕууын ӕмӕ кӕд фӕхъӕуы дзурын? (Кӕс нывтӕм дӕр.)

11 Махӕн дӕр нӕ бон куыд у Йесойау, кӕм хъӕуы, уым хъусӕй лӕууын, кӕм хъӕуы, уым та – дзурын? Хатт нӕ чидӕр гыццыл цӕмӕйдӕр фӕхъыг кӕны. Ӕмӕ уӕд нӕ бон вӕййы, ӕмӕ йӕ мацӕмӕ ӕрдарӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, хуыздӕр уыдзӕн, ӕмӕ мацы зӕгъӕм, цӕмӕй нӕ дзыхӕй ахӕмӕй мацы схауа, ӕмӕ уавӕр фӕфыддӕр уа (Еккл. 3:7; Иак. 1:19, 20). Хатт та фӕхъӕуы дзурын, зӕгъӕм, искӕй сӕрыл кӕнӕ рӕстдзинады сӕрыл (Хъуыд. 6:1, 2). Фӕлӕ-иу хъуамӕ дзурӕм фӕлмӕнӕй ӕмӕ уӕзданӕй (1 Пет. 3:15) b.

Хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ, кӕд ӕмӕ куыд дзурӕм, ууыл лӕмбынӕг куы хъуыды кӕнӕм, уӕд Йесойы фӕзмдзыстӕм (кӕс 11, 12 абзацтӕ)


12. Нӕ бон куыд у нӕхи бакӕнын, «раст тӕрхон чи кӕны, уый бар»?

12 Йесойау махӕн дӕр нӕ бон у нӕхи бакӕнын, «раст тӕрхон чи кӕны, уый бар». Исчи нӕ ӕвзӕр исты куы фӕхъуыды кӕны кӕнӕ нӕ куы фӕхъыг кӕны, уӕд нӕ ныфс Йегъовӕйыл сӕвӕрӕм, уымӕн ӕмӕ уый алцыдӕр зоны. Мах нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, йӕ рӕстӕджы алцыдӕр кӕй сраст кӕндзӕн. Ӕмӕ уый фӕрцы нӕ бон вӕййы хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсын. Алцыдӕр Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд нӕ мӕсты кӕндзыстӕм ӕмӕ-иу иннӕтӕй не сӕфт нӕ фендзыстӕм. Ӕгӕр куы мӕсты кӕнӕм, уӕд тӕссаг у, нӕ масты фӕдыл куы ацӕуӕм, уымӕй. Стӕй ма уӕд нӕ зӕрдӕйы циндзинад нал уыдзӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уыдзыстӕм (Пс. 37:8).

13. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсӕм?

13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мах Йесойау ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕрӕдигӕ не стӕм. Хатт ахӕм исты саразӕм кӕнӕ фӕзӕгъӕм, ӕмӕ йыл уый фӕстӕ фӕфӕсмон кӕнӕм (Иак. 3:2). Хатт та цавӕрдӕр хӕрам хъуыддӕгты тыххӕй нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ буарыл ахӕм хъӕдгӕмттӕ баззайы, ӕмӕ, цалынмӕ ацы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ дӕр, чи зоны, риссой. Кӕд ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ, уӕд ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ алцыдӕр уыны ӕмӕ дӕ хорз ӕмбары. Ӕмӕ дӕ Йесо дӕр ӕмбары, уымӕн ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр хӕрам хъуыддӕгты аххосӕй бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста (Дзут. 4:15, 16). Йегъовӕ ма нын хӕрам хъуыддӕгтӕн быхсынӕн ӕххуыс кӕны Библийы уынаффӕты фӕрцы дӕр. Ӕркӕсӕм дыууӕ уынаффӕмӕ Павелы фыстӕгӕй Ромӕгтӕм.

УӔ МАСТ МА ИСУТ – УЫЙ «ХУЫЦАУЫ БАР БАКӔНУТ»

14. Нӕ бон куыд у Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? (Ромӕгтӕм 12:19).

14 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:19. Нӕ бон куыд у Павелы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын? Хъуамӕ-иу Йегъовӕйӕн бар раттӕм, цӕмӕй аскъуыддзаг кӕна, хъуыддаг кӕд ӕмӕ куыд сраст кӕндзӕн, уый. Ӕфсымӕр Джон дӕр хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлд. Ӕмӕ мӕнӕ цы загъта: «Хиуылхӕцындзинад мӕ тынг хъуыди, цӕмӕй мӕ масты фӕдыл ма ацыдаин. Ромӕгтӕм 12:19 стих мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ ныфс Йегъовӕйыл дардтаин».

15. Хуыздӕр цӕмӕн вӕййы банхъӕлмӕ кӕсын, Йегъовӕ хъуыддаг кӕд сраст кӕндзӕн, уымӕ?

15 Нӕ хъуыддаг Йегъовӕйы бар куы бакӕнӕм, уӕд уый нӕхицӕн хуыздӕр уыдзӕн. Афтӕмӕй нӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕрдзыстӕм ӕмӕ нӕхи ӕнӕхъуаджы мастӕй бахиздзыстӕм. Йегъовӕ нӕм алкӕддӕр йе ’ххуысы къух ӕрбадары. Цыма нын афтӕ фӕзӕгъы: «Ацы хъуыддаг мӕ бар уадз. Ӕз алцыдӕр сраст кӕндзынӕн». Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры: «Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн». Уый нӕ куы уырна, уӕд нал мӕт кӕндзыстӕм. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ зондзыстӕм, Йегъовӕ хъуыддаг, хуыздӕр куыд у, афтӕ кӕй аскъуыддзаг кӕндзӕн. Джон загъта: «Йегъовӕмӕ куы банхъӕлмӕ кӕсон, уӕд уый алцыдӕр мӕнӕй хуыздӕр аскъуыддзаг кӕндзӕн».

«ӔВЗӔРДЗИНАДЫЛ ХОРЗДЗИНАДӔЙ УӔЛАХИЗ КӔН»

16, 17. Куы кувӕм, уӕд нын уый куыд ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй «ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕнӕм»? (Ромӕгтӕм 12:21).

16 Бакӕс Ромӕгтӕм 12:21. Павел ма чырыстӕттӕн бафӕдзӕхста: «Ӕвзӕрдзинадыл хорздзинадӕй уӕлахиз кӕн». Йесо та йӕ зындгонд раныхасы загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй» (Матф. 5:44). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ кодта. Ахъуыды-ма кӕнӕм, Йесо цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, ромаг ӕфсӕддонтӕ йӕ хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд. Тынг ӕгъатыр митӕ йын фӕкодтой, ӕмӕ ахӕм стыр рыст бавзӕрста, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй.

17 Фӕлӕ уӕддӕр йӕ зӕрдӕ нӕ фӕхъӕбӕр. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ нӕ куырдта, цӕмӕй уыцы ӕфсӕддонты бафхӕрдтаид, фӕлӕ йын загъта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Лук. 23:34). Чи нӕ фефхӕры кӕнӕ нӕ чи фӕхъыг кӕны, уыдоны тыххӕй куы кувӕм, уӕд-иу сӕ не сӕфт нӕ фендзыстӕм ӕмӕ сӕм къаддӕр мӕсты кӕндзыстӕм. Ӕмӕ ма-иу сӕм, чи зоны, ӕндӕр цӕстӕй кӕсын дӕр райдайӕм.

18. Альберто ӕмӕ Джон Йегъовӕмӕ кӕй куывтой, уый сын куыд баххуыс кодта?

18 Цы дыууӕ ’фсымӕры кой ракодтам, уыдонӕн дӕр баххуыс кодта, Йегъовӕмӕ кӕй куывтой, уый. Альберто зӕгъы: «Ӕнаххосӕй мӕ чи бафхӕрдта, уыцы ’фсымӕрты тыххӕй Йегъовӕмӕ куывтон. Куырдтон дзы, цӕмӕй мын уыцы хъуыддаг ферох кӕнынӕн баххуыс кодтаид». Ныр та Альберто ногӕй Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕны. Джон та загъта: «Бирӕ хӕттыты Йегъовӕмӕ куывтон, цӕмӕй мӕ чи фӕхъыг кодта, уыцы ’фсымӕрӕн ныххатыр кодтаин. Йегъовӕ мын баххуыс кодта, цӕмӕй йӕм мауал мӕсты кодтаин ӕмӕ йӕм ӕвзӕр цӕстӕй мауал кастаин. Кӕй куывтон, уый фӕрцы мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр».

19. Цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ цы хъуамӕ аразӕм? (1 Петры 3:8, 9).

19 Цалынмӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ ма цавӕр хӕрам хъуыддӕгтӕ бавзардзыстӕм, уый нӕ зонӕм. Фӕлӕ, цыфӕнды куы ’рцӕуа, уӕддӕр-иу Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын баххуыс кӕна. Стӕй хӕрам хъуыддагыл сӕмбӕлгӕйӕ Йесойы фӕзмӕм ӕмӕ дарддӕр дӕр Библийы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ архайӕм. Ӕмӕ нын уӕд хай уыдзӕн Йегъовӕйы хорздзинӕдтӕй. (Бакӕс 1 Петры 3:8, 9.)

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

a Апостол Петр йӕ фыццаг фыстӕджы 2-аг ӕмӕ 3-аг сӕрты кӕны, 1 ӕнусы чырыстӕттӕ цы хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлдысты, уыдоны кой. Зӕгъӕм, кӕйдӕрты карзӕй ӕфхӕрдтой сӕ хицӕуттӕ, чырыстон хотӕй та кӕйдӕрты ӕфхӕрдтой се ’нӕуырнӕг сӕрыхицӕуттӕ (1 Пет. 2:18–20; 3:1–6, 8, 9).

b Сайты jw.org бакӕс видеороликмӕ «Уарзондзинад ахъаз кӕны фарнӕн».