Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

45 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

138 ЗАРӔГ «Урс сӕр у рӕсугъд кадыхуд»

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕстаг ныхӕстӕй?

Цӕуыл ахуыр кӕнӕм иузӕрдион лӕггадгӕнджыты фӕстаг ныхӕстӕй?

«Ау, зонд зӕрӕдтӕм нӕй? Ӕмӕ ӕмбарындзинад, бирӕ чи фӕцард, уыдонмӕ?» (ИОВ 12:12).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын абон дӕр арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ нӕ фидӕны та схайджын кӕндзӕн ӕнусон цардӕй.

1. Хистӕрты зондмӕ цӕмӕн хъуамӕ хъусӕм?

 ИСТЫ ахсджиаг уынаффӕ рахӕссын нӕ куы фӕхъӕуы, уӕд не ’ппӕты дӕр фӕхъӕуы ӕххуыс. Ахӕм уавӕры нын тынг баххуыс кӕнынц хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ иннӕ фӕлтӕрд чырыстӕттӕ. Ӕмӕ махӕй бирӕ хистӕр куы уой, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕ абоны царды ницы пайда сты. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕрты зондмӕ хъусӕм. Уыдон махӕй фылдӕр фӕцардысты, ӕмӕ сӕм уымӕ гӕсгӕ ис фылдӕр фӕлтӕрддзинад, ӕмбаргӕдзинад ӕмӕ зонд (Иов 12:12).

2. Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

2 Раджы заманты Йегъовӕ йӕ адӕмы арӕх фидар кодта ӕмӕ сын разамынд лӕвӕрдта иузӕрдион ацӕргӕ нӕлгоймӕгты уылты, зӕгъӕм, Моисейы, Давиды, апостол Иоанны уылты. Уыдон цардысты алыхуызон рӕстӕджыты, ӕмӕ сӕ уавӕртӕ кӕрӕдзийӕ тынг хицӕн кодтой. Алчидӕр сӕ йӕ царды кӕрон кӕстӕртӕн хорз уынаффӕ радта. Уыдон дзырдтой, Хуыцауы коммӕ кӕсын ахсджиаг кӕй у, уый тыххӕй. Йегъовӕ сын сӕ ныхӕстӕ Библийы ныффыссын кодта. Ӕмӕ абон сӕ уынаффӕтӕ махӕн не ’ппӕтӕн дӕр – ӕрыгӕттӕн дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕн дӕр – сты пайда (Ром. 15:4; 2 Тим. 3:16). Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, уыцы ӕртӕ лӕггадгӕнӕджы цы загътой ӕмӕ сын сӕ ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм, ууыл.

«РАВЗАРУТ ЦАРД, ЦӔМӔЙ ЦӔРАТ»

3. Моисейы тыххӕй цы зонӕм?

3 Моисей Йегъовӕйӕн цӕрӕнбонты иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Уый уыд пехуымпар, тӕрхонгӕнӕг, разамонӕг ӕмӕ фыссӕг. Царды бирӕ цыдӕртӕ федта ӕмӕ уыд фӕлтӕрдджын. Уый израилӕгты Египетӕй ракодта ӕмӕ, Йегъовӕ цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй бирӕтӕ йӕхи цӕстӕй федта. Йегъовӕйы разамындӕй ныффыста Библийы фыццаг фондз чиныджы, 90-ӕм псалом ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, 91-ӕм псалом дӕр. Стӕй Иовы чиныг дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уый ныффыста.

4. Моисей кӕй бафидар кодта ӕмӕ цӕмӕн?

4 Моисей амард, 120 азы йыл куы цыди, уӕд. Йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгты ӕрӕмбырд кодта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтаид, цы федтой, уыдӕттӕ. Йегъовӕ цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон, стӕй египетӕгты куыд бафхӕрдта, уый чидӕртӕ сӕхи цӕстӕй федтой. Уӕд нырма хӕрзӕрыгон уыдысты (Рац. 7:3, 4). Йегъовӕ Сырх денджызы дӕттӕ куы адих кодта, уӕд иннӕ фарсмӕ сур зӕххыл ахызтысты ӕмӕ федтой, фараоны ӕфсад куыд фӕдӕлдон (Рац. 14:29–31). Ӕдзӕрӕг быдыры сӕ Йегъовӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ сыл тыхсти (Дык. з. 8:3, 4). Ӕмӕ израилӕгты Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацӕуынмӕ бирӕ куы нал хъуыд, уӕд ма сӕ Моисей фӕстаг хатт бафидар кодта a.

5. Моисей йӕ мӕлӕты размӕ израилӕгтӕн цы загъта? (Дыккаг закъон 30:19, 20).

5 Моисей цы загъта? (Бакӕс Дыккаг закъон 30:19, 20.) Уый израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, диссаджы фидӕн сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Йегъовӕйы фӕрцы сӕ бон уыд бирӕ цӕрын, зӕрдӕ сын кӕмӕй бавӕрдта, уыцы зӕххыл. Уый уыд тынг рӕсугъд ӕмӕ хъӕздыг зӕхх. Моисей сын загъта: «Уыцы зӕххыл уыдзӕн, ды кӕй нӕ сарӕзтай, ахӕм стыр ӕмӕ рӕсугъд горӕттӕ, алы диссӕгтӕй ды кӕй нӕ байдзаг кодтай, ахӕм хӕдзӕрттӕ, ды кӕй не скъахтай, ахӕм доны дзыхъхъытӕ, ды кӕй нӕ ныссагътай, ахӕм сӕнӕфсирдӕттӕ ӕмӕ оливӕбӕлӕстӕ» (Дык. з. 6:10, 11).

6. Хуыцау-иу цӕмӕн бауагъта, цӕмӕй-иу иннӕ адӕмтӕ Израилыл фӕуӕлахиз уыдаиккой?

6 Моисей ма израилӕгты фӕдзӕхсгӕ дӕр бакодта. Цӕмӕй уыцы хъӕздыг зӕххыл бирӕ цардаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтаиккой. Куы йӕм хъуыстаиккой ӕмӕ йыл ӕнувыд куы уыдаиккой, уӕд афтӕмӕй равзӕрстаиккой цард. Фӕлӕ йӕ израилӕгтӕ ныууагътой. Уымӕ гӕсгӕ Хуыцау фӕстӕдӕр бауагъта, цӕмӕй сыл ассириӕгтӕ, уый фӕстӕ та вавилойнӕгтӕ фӕуӕлахиз уыдаиккой ӕмӕ сӕ уацары акодтаиккой (2 Пад. 17:6–8, 13, 14; 2 Аз. 36:15–17, 20).

7. Моисейы ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

7 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд цӕрдзыстӕм ӕнустӕм. Израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕххы къӕсӕрыл куыд лӕууыдысты, афтӕ мах та лӕууӕм ног дунейы къӕсӕрыл. Мах фендзыстӕм, зӕхх дзӕнӕт куыд суыдзӕн (Ис. 35:1; Лук. 23:43). Хӕйрӕг ӕмӕ дӕлимонтӕ нал уыдзысты (Рарг. 20:2, 3). Мӕнг динтӕ адӕмы нал сайдзысты (Рарг. 17:16). Нал уыдзысты, адӕмы бартӕ чи ссӕнды, уыцы хицауӕдтӕ (Рарг. 19:19, 20). Дзӕнӕты иу фыдгӕнӕджы дӕр нал фендзыстӕм (Пс. 37:10, 11). Адӕм иууылдӕр Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕххӕст кӕндзысты, ӕмӕ уый фӕрцы зӕххыл уыдзӕн иудзинад ӕмӕ фарн. Кӕрӕдзийы уарздзысты ӕмӕ кӕрӕдзийыл ӕууӕнддзысты (Ис. 11:9). Цӕй диссаджы цард нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд дзӕнӕты цалдӕр сӕдӕ азы нӕ цӕрдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм (Пс. 37:29; Иоан. 3:16).

Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд зӕххыл дзӕнӕты цалдӕр сӕдӕ азы нӕ цӕрдзыстӕм, фӕлӕ ӕнустӕм (кӕс 7 абзац)


8. Иу миссионерӕн ӕнусон царды ныфс куыд баххуыс кодта? (Иудӕйы 20, 21).

8 Ӕнусон царды ныфс нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр Хуыцауы коммӕ кӕсӕм. (Бакӕс Иудӕйы 20, 21.) Уыцы ныфс ма нын дӕтдзӕн тых нӕ буары монцтимӕ кӕнӕ лӕмӕгъдзинӕдтимӕ тох кӕнынӕн дӕр. Бирӕ азты дӕргъы Африкӕйы миссионерӕй чи лӕггад кӕны, иу ахӕм ӕфсымӕр цавӕрдӕр лӕмӕгъдзинадимӕ тох кодта. Уый загъта: «Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕйы коммӕ куы нӕ кӕсон, уӕд ӕнустӕм цӕрыны ныфсӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзынӕн. Уый мын баххуыс кодта, цӕмӕй мӕ къухтӕ ма ’руагътаин ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕмӕ ноджы арӕхдӕр куывтаин. Ӕмӕ йын ныр сыгъдӕг цӕсгомимӕ лӕггад кӕнын».

ДӔ БОН УЫДЗӔН ӔМБАРГӔЙӔ АРХАЙЫН

9. Давид цавӕр зындзинӕдтӕ бавзӕрста?

9 Давид уыд тынг хорз паддзах. Уый ма уыд музыкант, поэт, хӕстон лӕг ӕмӕ пехуымпар дӕр. Бирӕ азты дӕргъы йӕ бахъуыд паддзах Саулӕй ӕмбӕхсын, уымӕн ӕмӕ йӕ Саул марынмӕ хъавыд. Паддзах куы сси, уӕд та лидзинаг фӕци йӕ фырт Авессаломӕй. Уый хъавыд йӕ фыды паддзахбадӕн бацахсынмӕ. Кӕд Давидӕн йӕ цард ӕнцон нӕ уыд ӕмӕ стыр рӕдыдтытӕ дӕр сарӕзта, уӕддӕр йӕ мӕлӕты онг Хуыцауыл иузӕрдион уыд. Йегъовӕ йӕ схуыдта йӕ «зӕрдӕйӕн адджын» адӕймаг. Уӕдӕ Давиды уынаффӕтӕм куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕн нӕй (Хъуыд. 13:22; 1 Пад. 15:5).

10. Соломон паддзах куы сси, уый размӕ йын Давид уынаффӕ цӕмӕн радта?

10 Соломон паддзах куы сси, уый размӕ йын йӕ фыд Давид радта уынаффӕ. Йегъовӕ ӕрыгон Соломоны равзӕрста, цӕмӕй йын йӕ номыл кувӕндон сарӕзтаид (1 Аз. 22:5). Уый тынг стыр куыст уыди. Стӕй цӕмӕй адӕмӕн разамынд лӕвӕрдтаид, уый тыххӕй дӕр ӕй Йегъовӕйы ӕххуыс хъуыд. Цӕй ӕмӕ йӕ базонӕм, Давид ын цавӕр уынаффӕ радта.

11. Давид Соломонӕн цы загъта ӕмӕ, йӕ ныхӕстӕ раст кӕй уыдысты, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? (1 Паддзӕхты 2:2, 3). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Давид цы загъта? (Бакӕс 1 Паддзӕхты 2:2, 3.) Давид йӕ фыртӕн загъта, Йегъовӕмӕ куы хъуса, уӕд ын кӕй арфӕ кӕндзӕн ӕмӕ хорз разамонӕг кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ бирӕ азты дӕргъы Соломон архайдта ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ уыд тынг ӕнтыстджын (1 Аз. 29:23–25). Уый сарӕзта ӕмбисонды кувӕндон ӕмӕ Библийы чингуытӕй цалдӕр ныффыста. Уымӕй уӕлдай ма йӕ ныхӕстӕ ӕмбӕлынц Библийы ӕндӕр чингуыты дӕр. Соломоны зонд ӕмӕ хъӕздыгдзинады кой дӕрдтыл айхъуыст (1 Пад. 4:34). Фӕлӕ йын Давид куыд загъта, афтӕмӕй ӕнтыстджын уыдаид, Йегъовӕмӕ куы хъуыстаид, ӕрмӕстдӕр уӕд. Хъыгагӕн, Соломон фӕстагмӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн кувын райдыдта. Йегъовӕ дзы райгонд нал уыд, ӕмӕ йын нал арфӕ кодта. Йӕ зондӕй йын нал хай кодта, ӕмӕ йӕ бон нал уыд адӕмӕн хорз разамынд дӕттын (1 Пад. 11:9, 10; 12:4).

Давид йӕ мӕлӕты размӕ Соломонӕн цы загъта, уымӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын зонд кӕй дӕтдзӕн ӕмӕ уый фӕрцы раст уынаффӕтӕ кӕй хӕсдзыстӕм (кӕс 11, 12 абзацтӕ) b


12. Давиды ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

12 Соломоны хабарӕй нӕ бон цы у нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйы коммӕ куы кӕсӕм, уӕд архайдзыстӕм ӕмбаргӕйӕ ӕмӕ уыдзыстӕм ӕнтыстджын (Пс. 1:1–3). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йегъовӕ нын афтӕ нӕ зӕгъы, ӕмӕ мах дӕр Соломонау хъӕздыг ӕмӕ зындгонд уыдзыстӕм. Фӕлӕ йӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд нын зонд дӕтдзӕн (Ӕмб. 2:6, 7; Иак. 1:5). Йӕ уагӕвӕрдтӕ нын ӕххуыс кӕндзысты раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн, зӕгъӕм, куысты фӕдыл, уӕлдӕр ахуыры фӕдыл, ирхӕфсӕнты ӕмӕ ӕхцайы фӕдыл. Йӕ уынаффӕтӕм ын куы хъусӕм, уӕд дзы никуы адард уыдзыстӕм ӕмӕ ӕнусон цардӕй схайджын уыдзыстӕм (Ӕмб. 2:10, 11). Стӕй нын уыдзӕн хорз ӕмбӕлттӕ ӕмӕ амондджын бинонтӕ.

13. Карменӕн йӕ цард хуыздӕрырдӕм цӕй фӕрцы фӕивта?

13 Ка́рмен цӕры Мозамби́кы. Уый хъуыды кодта, уӕлдӕр ахуырад куы райса, уӕд йӕ цард хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Гъемӕ университетмӕ бацыд, ахуыр кодта архитекторыл. Кармен ныффыста: «Мӕ ахуыр мӕ зӕрдӕмӕ цыди, фӕлӕ мын ууыл бирӕ рӕстӕг цыд. Стӕй-иу фӕллайгӕ дӕр тынг бакодтон. Университеты-иу уыдтӕн райсомы асты ’рдӕгӕй изӕры ӕхсӕз сахатмӕ. Ӕмбырдтӕм цӕуын мын зын уыди, ӕмӕ мӕ уырнындзинад лӕмӕгъ кӕнын райдыдта. Ӕмбӕрстон ӕй, дыууӕ хицауӕн лӕггад кӕныныл кӕй архайын» (Матф. 6:24). Уӕд Кармен уый тыххӕй Йегъовӕмӕ кувын райдыдта ӕмӕ нӕ публикациты ӕрмӕг бацагуырдта. Уый ма ныффыста: «Хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ мӕ мадимӕ аныхас кодтон, ӕмӕ сфӕнд кодтон университет ныууадзын ӕмӕ пионерӕй лӕггад кӕнын. Уый уыд ӕппӕты растдӕр уынаффӕ. Ӕппындӕр ыл нӕ фӕсмон кӕнын».

14. Моисейӕн ӕмӕ Давидӕн сӕ ныхӕсты сӕйраг хъуыды цы уыд?

14 Моисей ӕмӕ Давид Йегъовӕйы уарзтой ӕмӕ йӕ зыдтой, йӕ коммӕ кӕсын тынг ахсджиаг кӕй у. Сӕ фӕстаг ныхӕстӕй иннӕты баразӕнгард кодтой, цӕмӕй сӕ бафӕзмыдтаиккой ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой. Уымӕй уӕлдай ма загътой, Йегъовӕйы чи ныууадза, уыдон йӕ хорзӕхӕй ӕмӕ фидӕны арфӕдзинӕдтӕй ӕнӕхай кӕй фӕуыдзысты. Ӕмӕ, цы загътой, уый абон дӕр ахсджиаг у. Ӕнустӕ фӕстӕдӕр ма ӕндӕр лӕггадгӕнӕг дӕр бамбарын кодта, Йегъовӕйыл иузӕрдион уӕм, уый тынг ахсджиаг кӕй у.

«УЫМӔЙ ӔХСЫЗГОНДӔР... ЦЫ ХЪУАМӔ УА!»

15. Иоанн йӕ царды цытӕ федта?

15 Иоанн уыд Йесойы ӕввахс ӕмбал ӕмӕ йӕ апостол (Матф. 10:2; Иоан. 19:26). Уый Йесоимӕ бирӕ рӕстӕг хъусын кодта ӕмӕ, цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдон федта. Ӕмӕ йыл уӕззау рӕстӕджыты дӕр иузӕрдион уыд. Йесойы хъӕдыл куы байтыгътой, уӕд Иоанн дӕр уым уыд. Уый фӕстӕ Йесо куы райгас, уӕд дӕр ӕй федта. Иоанн бирӕ фӕцард, ӕмӕ федта, чырыстӕтты гыццыл къорд стыр ӕмбырд куыд сси ӕмӕ хорз хабар «арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр» хъуыстгонд куыд ӕрцыд, уый (Кол. 1:23).

16. Иоанны фыстӕджытӕ уӕд кӕй бафидар кодтой ӕмӕ абон кӕй фидар кӕнынц?

16 Иоанмӕ йӕ царды кӕрон ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ ныффыста Библийы чингуытӕй цалдӕр. Зӕгъӕм, ныффыста Раргомады чиныг (Рарг. 1:1). Ныффыста ма иу Евангели ӕмӕ ӕртӕ фыстӕджы. Йе ’ртыккаг фыстӕг ныффыста, хъӕбулы уарзт кӕй кодта, уыцы иузӕрдион чырыстон Гаймӕ (3 Иоан. 1). Иоанн ахӕм зӕрдӕ кӕмӕ дардта, ахӕмтӕ ӕмбырды, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ уыди. Ӕмӕ уыцы ацӕргӕ иузӕрдион лӕггадгӕнӕг цы ныффыста, уый Йесойы ахуыргӕнинӕгты фидар кӕны абоны онг дӕр.

17. 3 Иоанны 4 стихмӕ гӕсгӕ, стыр циндзинад цы хӕссы?

17 Иоанн цы ныффыста? (Бакӕс 3 Иоанны 4.) Иоанны ныхӕстӕй бӕрӕг у, Хуыцауы коммӕ кӕсын циндзинад кӕй хӕссы. Йе ’ртыккаг фыстӕг куы ныффыста, уӕдмӕ ӕмбырды фӕзынд, мӕнг ахуырӕдтӕ чи парахат кодта ӕмӕ ӕмбырд дихтӕ кӕнын кӕй тыххӕй райдыдта, ахӕмтӕ. Фӕлӕ иннӕ чырыстӕттӕ дарддӕр рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ цардысты. Уыдон Йегъовӕйы коммӕ кастысты ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кодтой (2 Иоан. 4, 6). Иоаннӕн уый тынг ӕхсызгон уыд. Ӕмӕ ууыл ӕрмӕст уый нӕ цин кодта, фӕлӕ Йегъовӕ дӕр (Ӕмб. 27:11).

18. Иоанны ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

18 Нӕ бон цы у уымӕй нӕхицӕн зондӕн райсын? Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уӕм, уӕд уый циндзинад хӕсдзӕн нӕхицӕн дӕр ӕмӕ иннӕтӕн дӕр (1 Иоан. 5:3). Зӕгъӕм, мах фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы зӕрдӕ куы барухс кӕнӕм, уӕд. Йегъовӕ та фӕцин кӕны, ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй нӕхи куы фӕхизӕм ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд (Ӕмб. 23:15). Ӕмӕ ууыл фӕцин кӕнынц уӕлӕрвты зӕдтӕ дӕр (Лук. 15:10). Мах дӕр тынг фӕцин кӕнӕм, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ фӕлварӕнты дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайынц кӕнӕ сын фӕрӕдийынӕй тӕссаг куы вӕййы, уӕд фидар куы фӕлӕууынц (2 Фес. 1:4). Ӕмӕ, Хӕйрӕджы дунейӕн йӕ кӕрон куы ’рцӕуа, уӕд та цин кӕндзыстӕм, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй кӕй баззадыстӕм, ууыл.

19. Хо Рейчел цы загъта, иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый тыххӕй? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

19 Уӕлдай тынгдӕр фӕцин кӕнӕм, Йегъовӕйы тыххӕй иннӕтӕн куы фӕдзурӕм, уӕд. Хо Ре́йчел цӕры Доминика́ны Республикӕйы. Иннӕтӕн Йегъовӕйы базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕны, уый йӕхицӕн стыр кадыл нымайы. Библи кӕимӕ ахуыр кодта, уыдонӕй цалдӕр систы Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ. Рейчел загъта: «Библи кӕимӕ фӕахуыр кӕнын, уыдон Йегъовӕйы куы бауарзынц, сӕ ныфс дарын ыл куы райдайынц ӕмӕ сӕ цард куы аивынц, уӕд тынг фӕцин кӕнын. Ӕмӕ кӕд ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын ӕнцон нӕу, уӕддӕр, уый цы циндзинад хӕссы, уый йӕ фыдӕбоны аргъ у».

Исчи Йегъовӕйы куы бауарзы ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсын куы райдайы, уӕд тынг фӕцин кӕнӕм (кӕс 19 абзац)


УӔ ЗӔРДӔМӔ АЙСУТ ИУЗӔРДИОН ЛӔГГАДГӔНДЖЫТЫ ФӔСТАГ НЫХӔСТӔ

20. Моисеимӕ, Давидимӕ ӕмӕ нын Иоаннимӕ иумӕйагӕй цы ис?

20 Моисей, Давид ӕмӕ Иоанн тынг раджы цардысты, ӕмӕ уӕд цард дӕр ӕндӕрхуызон уыд. Фӕлӕ нын уӕддӕр семӕ иумӕйагӕй бирӕ цыдӕртӕ ис. Уыдон лӕггад кодтой ӕцӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ абон мах дӕр уыцы Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм. Уыцы рагон лӕггадгӕнджытау мах дӕр Йегъовӕмӕ фӕкувӕм, нӕ ныфс ыл дарӕм ӕмӕ йын йӕ разамынд фӕагурӕм. Ӕмӕ уыдонау мах дӕр фидарӕй уырны, Йегъовӕ кӕй арфӕ кӕны, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыдонӕн.

21. Цавӕр арфӕдзинӕдтӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, Моисейы, Давиды ӕмӕ Иоанны уынаффӕтӕм чи хъусы, уыдонмӕ?

21 Цӕй уӕдӕ уыцы ацӕргӕ иузӕрдион нӕлгоймӕгты уынаффӕтӕм хъусӕм ӕмӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнӕм. Уӕд алы хъуыддаджы дӕр архайдзыстӕм ӕмбаргӕйӕ. Йегъовӕ нын ратдзӕн «бирӕ цӕрӕнбон» – ӕнусон цард (Дык. з. 30:20). Ӕмӕ, нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды зӕрдӕ кӕй рухс кӕнӕм, ууыл цин кӕндзыстӕм. Уый та нын раарфӕ кӕндзӕн, ӕнхъӕл дӕр куыд не стӕм, афтӕ (Еф. 3:20).

129 ЗАРӔГ Фидар лӕудзыстӕм

a Йегъовӕ Сырх денджызы раз цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон чи федта, уыцы израилӕгтӕй бирӕтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ нӕ бацыдысты (Ным. 14:22, 23). Йегъовӕ загъта, 20 азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ фыст чи ’рцыд, уыдон ӕдзӕрӕг быдыры кӕй амӕлдзысты (Ным. 14:29). Фӕлӕ 20 азӕй къаддӕр кӕуыл цыд, уыдонӕй бирӕтӕ, стӕй Йесо На́вин, Хале́в ӕмӕ ма Левийы мыггагӕй бирӕтӕ удӕгасӕй баззадысты. Уыдон иууылдӕр Иорданы цӕугӕдоны сӕрты ахызтысты ӕмӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхмӕ бацыдысты (Дык. з. 1:24–40).

b НЫВ. Галиуырдыгӕй: Давид йӕ мӕлӕты размӕ йӕ фырт Соломонӕн уынаффӕ дӕтты. Рахизырдыгӕй: хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ Пионерты скъолайы цӕуыл сахуыр вӕййынц, уый сын стыр пайда хӕссы.