Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

46 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

49 ЗАРӔГ Йегъовӕйы зӕрдӕйӕн цин хӕссӕм

Ӕфсымӕртӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ тырнут?

Ӕфсымӕртӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ тырнут?

«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (ХЪУЫД. 20:35).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Донаргъуыд ӕфсымӕртӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ тырной ӕмӕ сӕ нысан сӕ къухы бафта.

1. Апостол Павел кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй каст?

 КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӕфсымӕртӕ ӕмбырды ахсджиаг хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц. Апостол Павел уыцы иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕн тынг аргъ кодта. Зӕгъӕм, филиппӕгтӕм кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы райдианы скодта хистӕр нӕлгоймӕгты кой дӕр ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты кой дӕр (Фил. 1:1).

2. Луис цы загъта, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕй лӕггад кӕны, уый тыххӕй?

2 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынц алы кары донаргъуыд ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ сын уый стыр цины хос у. Зӕгъӕм, Де́ваны кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй куы снысан кодтой, уӕд ыл цыди 18 азы, Лу́исыл та – 50 азӕй фылдӕр. Луис цы загъта, уыимӕ бирӕ ӕфсымӕртӕ сразы уыдзысты: «Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕй лӕггад кӕнын, уый мӕхицӕн стыр кадыл нымайын. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ бирӕ хъуыддӕгтӕй равдыстой, кӕй мӕ уарзынц, уый. Ӕмӕ ныр мӕнӕн дӕр мӕ бон у, кӕй сӕ уарзын, уый равдисын».

3. Цавӕр фарстатӕм ӕркӕсдзыстӕм?

3 Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй нӕма лӕггад кӕныс, уӕд дӕ бон нӕу дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрын? Уый дӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? Ӕмӕ дӕм, Библимӕ гӕсгӕ, цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа? Ацы фарстатӕн дзуаппытӕ базондзыстӕм ацы статьяйӕ. Фӕлӕ уал фыццаг аныхас кӕнӕм, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц, ууыл.

КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔРТӔ ЦАВӔР ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫНЦ?

4. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй снысан кӕнынц донаргъуыд ӕфсымӕрты. Уыдон Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ӕрцӕуынц, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕххуыс кӕной алыхуызон хъуыддӕгты. Иутӕ дзуапп фӕдӕттынц участоктӕн ӕмӕ литературӕйӕн. Иннӕтӕ феххуыс кӕнынц Паддзахады зал ӕфснайынӕн ӕмӕ йӕм зилынӕн. Чидӕртӕ дзы вӕййынц уагдартӕ, чидӕртӕ та дзуапп фӕдӕттынц аппаратурӕйӕн. Уыдӕттӕ кӕй аразынц, уый ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс у. Фӕлӕ сӕйрагдӕр у, Йегъовӕйы кӕй уарзынц ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ кӕй цӕрынц, уый. Стӕй уарзынц хоты ӕмӕ ’фсымӕрты дӕр (Матф. 22:37–39). Донаргъуыд ӕфсымӕры цы хъӕуы аразын, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суа?

Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ иннӕтӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ уымӕй Йесойы фӕзмынц (кӕс 4 абзац)


5. Ӕфсымӕрӕн йӕ бон цы у аразын, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суа?

5 Библийы фыст ис, ӕфсымӕрмӕ цавӕр миниуджытӕ хъуамӕ уа, цӕмӕй йӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй снысан кӕной (1 Тим. 3:8–10, 12, 13). Дӕ бон у уыцы миниуджыты тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ сыл кусын. Фӕлӕ уал фыццаджыдӕр ахъуыды кӕн, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын дӕ цӕмӕн фӕнды, ууыл.

КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔРӔЙ ЛӔГГАД КӔНЫН ДӔ ЦӔМӔН ФӔНДЫ?

6. Хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын дӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕнда? (Матфейы 20:28; кӕс нывмӕ дӕр).

6 Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесо Чырыстийыл. Цыдӕриддӕр арӕзта, уый арӕзта, йӕ Фыды ӕмӕ адӕмы кӕй уарзта, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ бирӕ фыдӕбон кодта ӕмӕ, иннӕтӕ сӕ сӕрмӕ цы нӕ хастой, уыдӕттӕ аразын дӕр йӕ сӕрмӕ хаста. (Бакӕс Матфейы 20:28; Иоан. 13:5, 14, 15.) Кӕд ды дӕр Йегъовӕйы, стӕй хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уарзыс ӕмӕ дӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын уый тыххӕй фӕнды, уӕд дын Йегъовӕ арфӕ кӕндзӕн. Ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ нысан дӕ къухы бафта (1 Кор. 16:14; 1 Пет. 5:5).

Йесо йӕ апостолтӕн сӕ къӕхтӕ ӕхсы ӕмӕ сын афтӕмӕй амоны, иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй кӕй хъуамӕ лӕггад кӕной, кадджын бынатмӕ ма тырной, фӕлӕ (кӕс 6 абзац)


7. Ӕфсымӕр йӕхи цӕмӕй хъуамӕ хиза ӕмӕ цӕмӕн?

7 Ацы дунейы цыдӕртӕ кӕмӕн бантысы, уыдоны арӕх бӕрзонд сисынц. Фӕлӕ Йегъовӕйы организацийы афтӕ нӕу. Адӕмы Йесойау чи уарзы, уыцы ӕфсымӕр йӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр нӕ февӕры ӕмӕ йӕхицӕн уӕлдай кад нӕ фӕдомы. Кадмондаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд ӕфсымӕры кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй куы снысан кӕной, уӕд Йегъовӕйы зынаргъ уӕрыччытыл, куыд ӕмбӕлы, афтӕ нӕ тыхсдзӕн. Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ йӕ хъӕудзӕн хуымӕтӕг хӕстӕ ӕххӕст кӕнын дӕр, ӕмӕ сӕ, гӕнӕн ис, йӕ сӕрмӕ ма хӕсса (Иоан. 10:12). Кадмондаг ӕмӕ сӕрбӕрзонд адӕймагӕн Йегъовӕ нӕ арфӕ кӕндзӕн (1 Кор. 10:24, 33; 13:4, 5).

8. Йесо йӕ апостолтӕн цавӕр уынаффӕ радта?

8 Йесойы ӕввахс ӕмбӕлттӕ дӕр кадджын хӕстӕм тырныдтой. Фӕлӕ-иу сӕ уымӕ алы хатт уарзондзинад нӕ разӕнгард кодта. Зӕгъӕм, апостолтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн иухатт Йесойӕн загътой, цӕмӕй сын йӕ Паддзахады кадджын бынӕттӕ раттаид. Йесо сӕ уый тыххӕй ӕппӕлгӕ нӕ ракодта. Фӕлӕ апостолтӕн се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Кӕй уӕ фӕнды, цӕмӕй кадджын уа, уый уын хъуамӕ уа лӕггадгӕнӕг. Ӕмӕ уӕ кӕй фӕнды, цӕмӕй уа фыццаг, уый се ’ппӕтӕн дӕр хъуамӕ уа цагъар» (Мар. 10:35–37, 43, 44). Кадджын хӕстӕм иннӕтӕн лӕггад кӕныны тыххӕй чи тырны, уыцы ӕфсымӕртӕ ӕмбырдӕн стыр ӕххуыс уыдзысты (1 Фес. 2:8).

ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДӔ ИННӔТӔН ЛӔГГАД КӔНЫН ФӔНДА?

9. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнын фӕнда?

9 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ды Йегъовӕйы уарзыс ӕмӕ дӕ фӕнды иннӕтӕн лӕггад кӕнын. Фӕлӕ дӕ, чи зоны, афтӕ тынг нӕ фӕнды дӕхимӕ фылдӕр хӕстӕ райсын ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын. Уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Ахъуыды кӕн, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, ууыл. Йесо загъта: «Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35). Ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр афтӕ цард. Иннӕтӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын стыр циндзинад хаста. Ӕмӕ уый дӕуӕн дӕр хӕсдзӕн циндзинад.

10. Йесойӕн иннӕтӕн лӕггад кӕнын ӕхсызгон кӕй уыд, уый цӕмӕй уыд бӕрӕг? (Марчы 6:31–34).

10 Ӕркӕсӕм иу хабармӕ Йесойы цардӕй. Уымӕй бӕрӕг у, иннӕтӕн лӕггад кӕнын кӕй уарзта. (Бакӕс Марчы 6:31–34.) Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ бафӕлладысты, ӕмӕ хибар ранмӕ фӕцӕйцыдысты, цӕмӕй иу гыццыл баулӕфыдаиккой. Фӕлӕ адӕм уый базыдтой, ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сын Йесо истытӕ бацамыдтаид. Йесойӕн йӕ бон уыд адӕмы фӕстӕмӕ арвитын. Йӕ апостолтимӕ йӕ «къӕбӕр бахӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлд». Кӕнӕ та сын йӕ бон уыд гыццыл цыдӕртӕ радзурын ӕмӕ сӕ стӕй арвитын. Фӕлӕ адӕмы бирӕ кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ сын «райдыдта бирӕ цыдӕртӕ амонын». Ӕмӕ сӕ суанг изӕрмӕ ахуыр кодта (Мар. 6:35). Цымӕ афтӕ уымӕн бакодта, ӕмӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд? Нӕ, фӕтӕригъӕд сын кодта, ӕмӕ уый тыххӕй. Уый фӕндыд адӕмы ахуыр кӕнын, уымӕн ӕмӕ сӕ уарзта. Иннӕтӕн кӕй лӕггад кодта, уый йын стыр циндзинад хаста.

11. Йесо адӕмӕн куыд ӕххуыс кодта? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

11 Йесо уыцы адӕмӕн бирӕ цыдӕртӕ бацамыдта. Фӕлӕ ма сын уымӕй уӕлдай, цӕмӕй хъуыд, уымӕй дӕр баххуыс кодта. Уый сарӕзта диссаг – хӕринаг сбирӕ кодта, се ’ппӕты фаг дӕр куыд уыдаид. Стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй сыл хӕринӕгтӕ байуӕрстаиккой (Мар. 6:41). Афтӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, иннӕтӕн куыд лӕггад кӕнын хъӕуы, уый. Ӕмӕ ма сын бамбарын кодта, ӕнӕуи хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнын дӕр ахсджиаг кӕй у. Ахъуыды-ма кӕнут, апостолтӕ куыд цин кодтой, Йесоимӕ уыйбӕрц адӕмы куы бафсӕстой, уӕд! «Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты» (Мар. 6:42). Йесо адӕмыл йӕхицӕй фылдӕр кӕй хъуыды кодта, уый ӕрмӕст ацы хабарӕй нӕу бӕрӕг. Зӕххыл цӕргӕйӕ ӕдзухдӕр иннӕтӕн лӕггад кодта (Матф. 4:23; 8:16). Уый уарзта адӕмы ахуыр кӕнын ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнын. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр иннӕтӕн бирӕ алыхуызон хъуыддӕгты фӕлӕггад кӕнынц. Ӕмӕ ды дӕр тынг цин кӕндзынӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр куы суай ӕмӕ иннӕтӕн куы лӕггад кӕнай, уӕд.

Йегъовӕйы куы уарзай ӕмӕ дӕ иннӕтӕн лӕггад кӕнын куы фӕнда, уӕд цӕттӕ уыдзынӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн алыхуызон хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынмӕ (кӕс 11 абзац) a


12. Афтӕ цӕуылнӕ хъуамӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ мӕм ахӕм курдиӕттӕ нӕй, цӕмӕй ӕмбырдӕн истӕмӕй ӕххуыс кӕнон?

12 Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ дӕм уадиссаг курдиӕттӕ нӕй, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Ӕмбырдӕн хорз ӕххуыс кӕй фӕрцы фӕуыдзынӕ, ахӕм миниуджытӕ дӕм ӕнӕмӕнгдӕр ис. Дӕ бон у ахъуыды кӕнын, 1 Коринфӕгтӕм 12:12–30 стихты Павел цы загъта, ууыл. Ӕмӕ уый фӕстӕ Йегъовӕйӕ ӕххуыс ракур, цӕмӕй бамбарай, уыцы ныхӕстӕ дӕумӕ куыд хауынц, уый. Ацы стихтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы иннӕ лӕггадгӕнджытау дӕуӕн дӕр ӕмбырды ахсджиаг бынат кӕй ис. Кӕд дӕ нырма цӕуылдӕр бакусын хъӕуы, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суай, уӕд дӕ къухтӕ ма ’руадз. Дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕн. Дӕ бон цы у, уый араз. Ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕн: хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу дын бахӕс кӕндзысты, хуыздӕр кӕмӕ арӕхсыс, ахӕм хъуыддӕгтӕ (Ром. 12:4–8).

13. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм чи хъуамӕ уа, уыцы миниуджытӕн сӕ фылдӕрӕй цы ис зӕгъӕн?

13 Ноджыдӕр ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм чи хъуамӕ уа, уыцы миниуджытӕн сӕ фылдӕр хъуамӕ уой алы чырыстонмӕ дӕр. Не ’ппӕт дӕр хъуамӕ Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнӕм, иннӕтӕн зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнӕм ӕмӕ, куыд цӕрӕм, уымӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Фӕлӕ ӕфсымӕры бӕлвырдӕй цы аразын хъӕуы, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суа?

ДӔ БОН ЦЫ У АРАЗЫН, ЦӔМӔЙ КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔР СУАЙ?

14. Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ «хъуамӕ уой уӕззаузонд», зӕгъгӕ? (1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12).

14 Аныхас кӕнӕм, 1 Тимофеймӕ 3:8–10, 12 стихты цы миниуджыты кой ис, уыдонӕй цалдӕрыл. (Бакӕс сӕ.) Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ «хъуамӕ уой уӕззаузонд». Ацы ныхӕстӕ ма ратӕлмац кӕнӕн ис афтӕ дӕр: «кады аккаг уой»; «сӕхи афтӕ дарой, цӕмӕй сын иннӕтӕ аргъ кӕной». Уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ дӕ бон худын кӕнӕ хынджылӕг кӕнын нӕу (Еккл. 3:1, 4). Фӕлӕ хъуамӕ дӕ хӕстӕ ӕмӕ дӕ хӕслӕвӕрдтӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнай. Дӕ бӕрны дын цы хъуыддӕгтӕ бакӕнынц, уыдон-иу хорз сараз. Ӕмӕ уӕд хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ зондзысты, ӕууӕндӕн дыл кӕй ис, ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты.

15. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ «ма уой дывзагон», стӕй «ма уой зыд ӕмӕ хи пайда ма агурой»?

15 «Ма уой дывзагон». Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ уай ӕнӕхин ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг. Дзырд куы раттай, уӕд-иу ӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕнай ӕмӕ сайгӕ ма кӕнай (Ӕмб. 3:32). «Ма уой зыд ӕмӕ хи пайда ма агурой». Уый та куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ дыл куыстимӕ ӕмӕ ӕхцаимӕ баст хъуыддӕгты ӕууӕнк уа. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй хъуамӕ ма пайда кӕнай, цӕмӕй ӕхца бакусай.

16. а) Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ «ма уой... нозтуарзаг», зӕгъгӕ? б) Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн хъуамӕ «сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг», зӕгъгӕ?

16 «Ма уой... нозтуарзаг». Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ хъуамӕ ӕгӕр бирӕ ма нуазай ӕмӕ дын нозтуарзаг адӕймаджы ном ма уа. «Сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг». Ахӕм адӕймаг цӕры Йегъовӕйы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ. Кӕд ӕнӕххӕст у, уӕддӕр у Йегъовӕйы ӕввахс хӕлар ӕмӕ уый фӕрцы йӕ зӕрдӕйы ис фарн.

17. Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ сӕ «хъӕуы бафӕлварын, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ»? (1 Тимофеймӕ 3:10; кӕс нывмӕ дӕр).

17 «Хъӕуы [сӕ] бафӕлварын, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ». Уый афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ дӕ цалынмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй не снысан кӕной, уӕдмӕ дӕр хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ уыной, цавӕрдӕр хӕстӕ дын бахӕс кӕнӕн кӕй ис. Уӕдӕ-иу дын исты хъуыддаг куы бахӕс кӕной, уӕд-иу ӕй сараз сӕ амындтӕм гӕсгӕ ӕмӕ организацийы разамындмӕ гӕсгӕ. Хорз-иу бамбар, бӕлвырдӕй дӕ цы саразын хъӕуы ӕмӕ кӕдмӕ. Дӕ хӕслӕвӕрдтӕ зӕрдиагӕй куы ’ххӕст кӕнай, уӕд уый хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ уындзысты ӕмӕ дын аргъ кӕндзысты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, уӕ зӕрдыл дарут, донаргъуыд ӕфсымӕрты ахуыр кӕнын кӕй хъӕуы. (Бакӕс 1 Тимофеймӕ 3:10.) 10–14 азы кӕнӕ уымӕй къаддӕр кӕуыл цӕуы, ахӕм донаргъуыд ӕфсымӕртӕ ис уе ’мбырды? Библи сӕхӕдӕг фӕиртасынц? Ӕмбырдты дзуаппытӕ арӕх фӕдӕттынц ӕмӕ уацамынды арӕх фӕцӕуынц? Кӕд о, уӕд-иу сын сӕ кармӕ гӕсгӕ исты хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнут. Афтӕмӕй сӕ уӕ бон уыдзӕн бафӕлварын. Ӕмӕ сӕ уӕд 17-аздзыдӕй дӕр уыдзӕн кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй снысан кӕнӕн.

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ донаргъуыд ӕфсымӕртӕн цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ кӕй бахӕс кӕнынц, уый фӕрцы сӕ бон вӕййы бамбарын, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ цӕттӕ сты ӕви нӕ (кӕс 17 абзац)


18. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм хъуамӕ фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа, зӕгъгӕ, куыд ӕмбаргӕ у?

18 Хъуамӕ сӕм фау ӕрхӕссӕн мацӕмӕй уа. Уый та куыд ӕмбаргӕ у? Хъуамӕ афтӕ цӕрай, цӕмӕй уый ӕфсон макӕмӕн уа, ӕмӕ дӕ ӕвзӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кӕна. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕй мӕнг ныхӕстӕ дӕр фӕкӕнынц. Йесойӕ дӕр-иу кодтой мӕнг ныхӕстӕ. Ӕмӕ уый загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ дӕр уымӕй хызт кӕй нӕ уыдзысты (Иоан. 15:20). Фӕлӕ Йесойау рӕстӕй куы цӕрай ӕмӕ ӕвзӕрӕй куы ницы аразай, уӕд дын ӕмбырды хорз ном уыдзӕн (Матф. 11:19).

19. Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн «иу ус йеддӕмӕ ма уӕд», зӕгъгӕ?

19 «Иу ус йеддӕмӕ [йын] ма уӕд». Йегъовӕ бинонты цардӕн бындур куы ’рӕвӕрдта, уӕд лӕгӕн радта иу ус, усӕн та – иу лӕг. Ӕмӕ, бинонтӕ кӕмӕн ис, уыцы чырыстӕттӕ хъуамӕ уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрой (Матф. 19:3–9). Чырыстон нӕлгоймаг хъуамӕ йӕ усыл гадзрахатӕй макуы рацӕуа (Дзут. 13:4). Уымӕй уӕлдай ма йыл хъуамӕ алкӕддӕр иузӕрдион уа ӕмӕ ӕндӕр сылгоймӕгтӕм йе ’ргом ма здаха (Иов 31:1).

20. Куыд ӕмбаргӕ у, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр «йӕ бинонтӕн уӕд хорз уынаффӕгӕнӕг», зӕгъгӕ?

20 «Йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн уӕд хорз уынаффӕгӕнӕг». Бинонты хистӕры хӕстӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕнай, куыд ӕмбӕлы, афтӕ. Алы къуыри дӕр бинонты ахуыр уадз. Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, дӕ бинонтӕй алкӕимӕ дӕр уацамынды арӕхдӕр цу. Дӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕной (Еф. 6:4). Кӕд нӕлгоймаг йӕ бинонтыл хорз тыхсы, уӕд йӕ бон уыдзӕн ӕмбырдыл батыхсын дӕр. (Абар 1 Тимофеймӕ 3:5.)

21. Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй нӕма лӕггад кӕныс, уӕд дӕ бон цы у аразын?

21 Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй нӕма лӕггад кӕныс, уӕд, дӕ хорзӕхӕй, ацы статьяйыл лӕмбынӕг ахъуыды кӕн ӕмӕ Йегъовӕмӕ дӕр скув. Библимӕ гӕсгӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдонӕй алкӕцы дӕр раиртас ӕмӕ дӕхиуыл кус. Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕн ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ноджы тынгдӕр уарз. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, цӕмӕн дӕ фӕнды лӕггад сын кӕнын (1 Пет. 4:8, 10). Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр куы суай, уӕд банкъардзынӕ, хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн лӕггад кӕнын цы циндзинад хӕссы, уый. Нӕ зӕрдӕ дын зӕгъы, цӕмӕй дын Йегъовӕ раарфӕ кӕна, ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суай! (Фил. 2:13).

17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»

a НЫВ. Галиуырдыгӕй: Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кӕны. Рахизырдыгӕй: кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр ацӕргӕ ӕфсымӕрӕн ӕххуыс кӕны.