42 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
103 ЗАРӔГ Фыййӕуттӕ – Хуыцауы лӕвӕрттӕ
Бӕрнон ӕфсымӕртӕй бузныг ут
«Уӕлӕмӕ куы ссыд, уӕд... радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» (ЕФ. 4:8).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ нын районон цӕстдарджытӕ куыд ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ сӕ бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын.
1. Йесо нын цавӕр лӕвӕрттӕ скодта?
ЙЕСО иннӕтӕн цас хорздзинӕдтӕ сарӕзта, уыйбӕрц иу адӕймаг дӕр нӕ сарӕзта. Зӕххыл куы уыд, уӕд-иу адӕмӕн баххуыс кӕныны тыххӕй диссӕгтӕ арӕзта (Лук. 9:12–17). Суанг ма мах тыххӕй йӕ цард дӕр радта. Уымӕй стырдӕр лӕвар нӕй! (Иоан. 15:13). Йесо йӕ мӕлӕты размӕ куыд рӕдау уыд, афтӕ рӕдау уыд, куы райгас, уый фӕстӕ дӕр. Йӕ фӕдылдзӕуджытӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кодта: йӕ Фыдӕн загъта, цӕмӕй сын сыгъдӕг тых радта, ӕмӕ сӕ уыцы тых ахуыр кӕна ӕмӕ сын ныфс дӕтта (Иоан. 14:16, 17 фип.; 16:13). Йесо нын ӕмбырды уылты, цыдӕриддӕр нӕ хъӕуы, уый дӕтты, цӕмӕй ӕнӕхъӕн дунейы дӕр ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнӕм (Матф. 28:18–20).
2. Ефесӕгтӕм 4:7, 8 стихты кӕй кой ис, уыцы «лӕвӕрттӕ» чи сты?
2 Аныхас кӕнӕм Йесойы иннӕ лӕвӕрттыл. Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, Йесо уӕлӕрвтӕм куы ссыд, уӕд «радта лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты». (Бакӕс Ефесӕгтӕм 4:7, 8.) Павел бамбарын кодта, Йесо сӕ кӕй радта ӕмбырдӕн ӕххуыс кӕнынӕн (Еф. 1:22, 23; 4:11–13). Уыцы лӕвӕрттӕ абон сты кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ районон цӕстдарджытӕ a. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ӕнӕххӕст сты ӕмӕ рӕдийынц (Иак. 3:2). Фӕлӕ нын нӕ Хицау Йесо Чырысти уыдоны уылты ӕххуыс кӕны. Уыдон сты йӕ лӕвӕрттӕ.
3. Нӕ бон куыд у ӕфсымӕртӕн ӕмбырд фидар кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
3 Йесо уыцы нӕлгоймӕгты снысан кодта, цӕмӕй ӕмбырд фидар кӕной (Еф. 4:12). Фӕлӕ сын махӕн дӕр нӕ бон у уыцы ахсджиаг хӕс ӕххӕст кӕнынӕн ӕххуыс кӕнын. Уый абарӕн ис Паддзахады зал аразынимӕ. Зал фӕаразынц аразджытӕ, иннӕтӕ та сын ӕххуыс фӕкӕнынц. Зӕгъӕм, фӕкӕнынц хӕринаг кӕнӕ, цы фӕхъӕуы, уыдӕттӕ ӕрбаласынц. Афтӕ махӕн дӕр нӕ бон у кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн ӕмбырд фидар кӕнынӕн ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй ӕххуыс кӕнын. Уӕдӕ аныхас кӕнӕм, сӕ фыдӕбон нын цы пайда хӕссы ӕмӕ нӕ бон куыд у ӕвдисын, уыдонӕй дӕр ӕмӕ нын сӕ чи балӕвар кодта, уымӕй дӕр бузныг кӕй стӕм.
КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔРТӔ ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫНЦ
4. Фыццаг ӕнусы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ иннӕтӕн куыд ӕххуыс кодтой?
4 Фыццаг ӕнусы ӕфсымӕртӕй иуӕй-иутӕ лӕггад кодтой кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй (1 Тим. 3:8). Ӕмӕ Павел афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, ӕвӕрд ӕрцыдысты «иннӕтӕн ӕххуыс кӕнынӕн» уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыдоны кой кодта (1 Кор. 12:28). Уыдон бирӕ ахсджиаг куыстытӕ кодтаиккой, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фылдӕр рӕстӕг уыдаид хоты ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ сӕ фидар кӕнынӕн. Чи зоны, ӕххуыс кодтой Фыстадӕй къопитӕ кӕнынӕн кӕнӕ-иу уымӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ ӕлхӕдтой.
5. Абон кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ӕххӕст кӕнынц?
5 Абон кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды бирӕ хӕстӕ ис (1 Пет. 4:10). Уыдон дзуапп фӕдӕттынц ӕмбырды ӕхцатӕн ӕмӕ участоктӕн, заказ фӕкӕнынц литературӕ, сӕ хъус фӕдарынц аппаратурӕмӕ, вӕййынц уагдартӕ ӕмӕ Паддзахады залмӕ зилынӕн феххуыс кӕнынц. Уый фӕрцы ӕмбырды алцыдӕр вӕййы «уаг ӕмӕ ӕгъдауыл» (1 Кор. 14:40). Уымӕй уӕлдай ма дзы кӕмӕндӕрты бахӕс кӕнынц, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды кӕцыдӕр хӕслӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕргом раныхӕстӕ дӕр. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн ма, гӕнӕн ис, бахӕс кӕной, цӕмӕй ӕххуыс кӕна уацамындон къорды цӕстдарӕгӕн. Хатт та сӕ искӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕ семӕ акӕнынц, хоты ӕмӕ ’фсымӕрты куы фӕбӕрӕг кӕнынц, уӕд.
6. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй бузныг цӕй тыххӕй стӕм?
6 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ цы куыст кӕнынц, уый тыххӕй иуӕй-иутӕ цы зӕгъынц? Боливийӕ иу хо, Бе́берли, загъта: «Ӕз сӕ тынг бузныг дӕн. Сӕ фыдӕбоны фӕрцы ӕмбырды мӕ бон вӕййы зарын, комментаритӕ дӕттын, раныхӕстӕм хъусын, видеотӕм ӕмӕ нывтӕм кӕсын. Уыдон тыхсынц нӕ ӕдасдзинадыл, стӕй, ӕмбырдмӕ йӕ бон ӕрбацӕуын кӕмӕн нӕу, уыдонӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу программӕмӕ видеоконференцийы уылты баиу уой. Ӕмбырды фӕстӕ та феххуыс кӕнынц зал ӕфснайынӕн, мысайнӕгтӕ нымайынӕн, ӕмӕ нын литературӕ фӕдӕттынц. Уӕдӕ сӕ куыннӕ хъуамӕ уарзон!» b Ле́сли та цӕры Колумбийы, йӕ сӕрыхицау у хистӕр нӕлгоймаг. Лесли зӕгъы: «Ӕмбырды бирӕ цыдӕртӕ фӕхъӕуы аразын. Хорз у, ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ис. Уыдон бирӕ фыдӕбон кӕнынц. Уыдон куы нӕ уаиккой, уӕд мӕ сӕрыхицауы, ӕвӕццӕгӕн, уынгӕ дӕр нӕ кӕнин. Тынг зынгзӕрдӕ сты ӕмӕ баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц. Ӕз сӕ тынг бузныг дӕн!». Ӕвӕццӕгӕн, сымах дӕр ацы хоты ныхӕстимӕ разы стут (1 Тим. 3:13).
7. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
7 Библийы фыст ис: «Бузныг ут» (Кол. 3:15). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕрмӕст нӕ зӕрдӕйы мидӕг хъуамӕ ма уӕм бузныг, фӕлӕ ма уый ӕвдисгӕ дӕр кӕнӕм. Иу хистӕр нӕлгоймаг Финляндийӕ, Кши́штоф, загъта: «Алкӕддӕр фӕархайын, цӕмӕй-иу сӕ бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй раппӕлон, зӕгъӕм, сӕ фыдӕбоны тыххӕй кӕнӕ мӕ сӕ ныхӕстӕй цы бафидар кодта, уый тыххӕй. Уый сын ныффыссын открыткӕйы кӕнӕ сообщенийы. Стӕй ма дзы Библийӕ дӕр стих ныффыссын». Паска́ль ӕмӕ Жаэ́ль цӕрынц Ног Каледонийы. Уыдон та загътой: «Фӕстаг рӕстӕг арӕх фӕкувӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты тыххӕй. Йегъовӕйӕн уыдоны тыххӕй бузныг фӕдзурӕм ӕмӕ дзы фӕкурӕм, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна». Йегъовӕ ахӕм куывдтытӕн дзуапп ратты, ӕмӕ уый ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр пайда хӕссы (2 Кор. 1:11).
ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ БИРӔ ФЫДӔБОН КӔНЫНЦ
8. Павел афтӕ цӕмӕн загъта, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ «фыдӕбон кӕнынц», зӕгъгӕ? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13).
8 Фыццаг ӕнусы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ бирӕ фыдӕбон кодтой. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:12, 13; 1 Тим. 5:17.) Уыдон ӕмбырдӕн разамынд лӕвӕрдтой – фембӕлдтӕ уагътой ӕмӕ иумӕ уынаффӕтӕ хастой. Хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн зонд амыдтой – куы-иу хъуыд, уӕд-иу сын уынаффӕ радтой, цӕмӕй сӕ уырнындзинад ма ’рлӕмӕгъ уыдаид (1 Фес. 2:11, 12; 2 Тим. 4:2). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы нӕлгоймӕгтӕ ма бирӕ фыдӕбон кодтой, цӕмӕй сӕ бинонты дардтаиккой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтаиккой (1 Тим. 3:2, 4; Тит. 1:6–9).
9. Абон хистӕр нӕлгоймӕгты хӕстӕй иуӕй-иутӕ цавӕртӕ сты?
9 Абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ хӕстӕ ис. Уыдон хъусын кӕнынц хорз хабар (2 Тим. 4:5). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбырды территорийы хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд дӕттынц, ахуыр нӕ кӕнынц, цӕмӕй ӕнтыстджын хъусынгӕнджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уӕм ӕмӕ сӕхӕдӕг дӕр сты зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ. Уымӕй уӕлдай ма сты фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ раст тӕрхон фӕкӕнынц. Ӕмбырды исчи уӕззау тӕригъӕд куы саразы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй йын баххуыс кӕной ӕмӕ та Йегъовӕмӕ баввахс уа. Ӕмӕ уыимӕ фӕархайынц, цӕмӕй ӕмбырд сыгъдӕг уа (1 Кор. 5:12, 13; Гал. 6:1). Фӕлӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕйраджыдӕр сты фыййӕуттӕ (1 Пет. 5:1–3). Уыдон бацӕттӕ кӕнынц Библийыл арӕзт раныхӕстӕ, архайынц, цӕмӕй ӕмбырды алкӕйдӕр хорз базоной ӕмӕ хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фӕбӕрӕг кӕнынц, цӕмӕй-иу сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Уымӕй уӕлдай ма сӕ чидӕртӕ ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн, конгресстӕ цӕттӕ кӕнынӕн, лӕггад кӕнынц рынчындӕттимӕ ӕмгуыстгӕнӕг комитетты ӕмӕ, рынчынты чи бӕрӕг кӕны, уыцы къордты. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ мах тыххӕй ӕцӕгдӕр тынг бирӕ фыдӕбон кӕнынц.
10. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕй бузныг цӕй тыххӕй стӕм?
10 Йегъовӕ загъта, йӕ фысты сӕргъы фыййӕуттӕ кӕй сӕвӕрдзӕн, ӕмӕ «ницӕмӕйуал тӕрсдзысты, сӕ зӕрдӕты сын тас ницыуал уадздзӕн» (Йер. 23:4). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый Финляндийӕ иу хо, Йоха́ннӕ, йӕхиуыл бавзӕрста, йӕ мад уӕззау низӕй куы фӕрынчын, уӕд. Уый радзырдта: «Мӕ зӕрдӕйы цы ис, уый мын иннӕтӕн дзурын тынг зын у. Фӕлӕ мӕ иухатт бафӕндыд, цӕуыл мӕт кодтон, уый тыххӕй искӕмӕн радзурын. Ӕмӕ, хорз дӕр кӕй нӕ зыдтон, иу ахӕм хистӕр нӕлгоймаг мӕм тынг лӕмбынӕг байхъуыста. Уый мемӕ скуывта ӕмӕ мын загъта, Йегъовӕ мӕ бирӕ кӕй уарзы. Бӕлвырдӕй мын цавӕр ныхӕстӕ загъта, уый нал хъуыды кӕнын, фӕлӕ хъуыды кӕнын, куыд мын фенцон ис. Ӕз ӕй зонын Йегъовӕ мӕм уыцы ’фсымӕры кӕй ӕрбарвыста, ӕххуыс мӕ ӕппӕты тынгдӕр куы хъуыди, уӕд». Ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕуӕн та куыд баххуыс кодтой?
11. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн нӕ бон куыд у ӕвдисын, бузныг сӕ кӕй стӕм, уый? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕвдисӕм, «сӕ фыдӕбоны тыххӕй» сӕ бузныг кӕй стӕм (1 Фес. 5:12, 13). Хенрие́ттӕ дӕр цӕры Финляндийы. Уый загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ алкӕддӕр иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ цӕттӕ вӕййынц. Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыдонӕн фылдӕр рӕстӕг ис кӕнӕ сӕм фылдӕр тыхтӕ ис, кӕнӕ та сын зындзинӕдтӕ нӕй. Хатт сын ӕрмӕст фӕзӕгъын: „Ды тынг хорз хистӕр нӕлгоймаг дӕ“». Сера́ та, иу хо Турцийӕ, загъта: «Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн фӕхъӕуы сӕ ныфс бафидар кӕнын. Уый сын ӕххуыс кӕндзӕн дарддӕр дӕр сӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Уымӕ гӕсгӕ сын нӕ бон у цалдӕр ныхасы открыткӕйыл афыссын, уазӕгуаты сӕ фӕхонын кӕнӕ семӕ лӕггад кӕнынмӕ ацӕуын». Де ’мбырды ахӕм хистӕр нӕлгоймаг ис, йӕ фыдӕбоны тыххӕй уӕлдай бузныг кӕмӕй дӕ? Уӕд ын уый тыххӕй зӕгъ кӕнӕ йын ӕндӕрхуызон равдис, бузныг дзы кӕй дӕ, уый (1 Кор. 16:18).
РАЙОНОН ЦӔСТДАРДЖЫТӔ ФИДАР КӔНЫНЦ ӔМБЫРДТӔ
12. Ӕмбырдтӕ фидар кӕнынӕн ма Йесо ноджыдӕр кӕй радта? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8).
12 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕй уӕлдай ма Йесо ӕмбырдӕн радта цӕуӕг цӕстдарджыты дӕр. Цӕмӕн? Цӕмӕй ӕмбырдтӕ фидар кӕной (Хъуыд. 15:40, 41). Иерусалимы чи уыд, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ-иу Йесойы разамындмӕ гӕсгӕ Павелы, Варнавӕйы ӕмӕ иннӕ нӕлгоймӕгты арвыстой ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кӕнынмӕ (Хъуыд. 11:22). Уыцы нӕлгоймӕгтӕ-иу иннӕты ахуыр кӕныны ӕмӕ фидар кӕныны тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кодтой. Суанг ма-иу сӕ цард дӕр тӕссаг уавӕры ӕппӕрстой. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:7, 8.)
13. Районон цӕстдарджытӕ цавӕр куыст кӕнынц?
13 Районон цӕстдарджытӕ бирӕ рацу-бацу кӕнынц. Иуӕй-иуты дзы иу ӕмбырдӕй иннӕмӕ фӕхъӕуы сӕдӕгай километртӕ ацӕуын. Алы къуыри дӕр районон цӕстдарӕг радзуры цалдӕр раныхасы, бабӕрӕг кӕны хоты ӕмӕ ’фсымӕрты, ауадзы фембӕлдтӕ пионертимӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ӕмӕ уацамындон фембӕлдтӕ. Бацӕттӕ кӕны районон ӕмӕ регионалон конгресстӕ ӕмӕ дзы раныхӕстӕ фӕдзуры. Фӕуадзы пионерты скъола, бацӕттӕ кӕны сӕрмагонд фембӕлд районы пионертимӕ. Хатт ма йын филиал дӕр цавӕрдӕр хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕны ӕмӕ дзы кӕцыдӕртӕ фӕхъӕуы ӕвӕстиатӕй саразын.
14. Районон цӕстдарджытӕй бузныг цӕмӕн стӕм?
14 Районон цӕстдарджытӕ цы куыст кӕнынц, уый ӕмбырдӕн цы пайда хӕссы? Иу ӕфсымӕр Турцийӕ загъта: «Районон цӕстдарӕг нӕ куы бабӕрӕг кӕны, уӕд та мӕ ноджы тынгдӕр бафӕнды хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кӕнын. Не ’мбырд нын бирӕ районон цӕстдарджытӕ бӕрӕг кодтой, фӕлӕ мӕм афтӕ никуы фӕкаст, ӕмӕ дзы кӕйдӕр мӕнмӕ не ’вдӕлы кӕнӕ йӕ мемӕ ныхас кӕнын нӕ фӕнды». Раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Йоханнӕ районон цӕстдарӕгимӕ уацамынды ацыд. Хӕдзары никӕй баййӕфтой, фӕлӕ уӕддӕр уыцы ’фсымӕримӕ куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй загъта: «Уыцы бон мӕ никуы ферох уыдзӕн. Уымӕй размӕ мӕ дыууӕ хойы ӕндӕр кӕдӕмдӕр цӕрынмӕ ацыдысты, ӕмӕ сӕ тынг мысыдтӕн. Районон цӕстдарӕг мын мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, кӕрӕдзи кӕй нӕ уынӕм, уый рӕстӕгмӕ кӕй у, ног дунейы та мын бирӕ фадӕттӕ кӕй уыдзӕн мӕ рӕстӕг мӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ ме ’мбӕлттимӕ ’рвитынӕн. Уый мын тынг баххуыс кодта». Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕй бирӕтӕн у сӕ бон ӕрхъуыды кӕнын, районон цӕстдарӕг-иу сӕ куыд бафидар кодта, ахӕм хабӕрттӕ (Хъуыд. 20:37–21:1).
15. а) 3 Иоанны 5–8 стихтӕм гӕсгӕ, нӕ бон куыд у ӕвдисын, районон цӕстдарджытӕй бузныг кӕй стӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.) б) Ӕмбырды уӕззау фыдӕбон чи кӕны, уыдоны устытӕй бузныг цӕмӕн хъуамӕ уӕм ӕмӕ уый нӕ бон куыд у ӕвдисын? (Кӕс рамкӕ « Сӕ устыты сын ма рох кӕнут».)
15 Апостол Иоанн Гаймӕ ныффыста, цӕмӕй дарддӕр дӕр уазӕгуарзондзинад ӕвдыстаид, чи-иу сӕ бӕрӕг кодта, уыцы ӕфсымӕртӕм ӕмӕ йын бафӕдзӕхста: «Афӕндараст сӕ кӕн, Хуыцауы зӕрдӕмӕ куыд цӕуы, афтӕ». (Бакӕс 3 Иоанны 5–8.) Махӕн та нӕ бон куыд у районон цӕстдарджытӕм уазӕгуарзондзинад ӕвдисын? Нӕ бон сӕ у сихор бахӕрынмӕ фӕхонын. Стӕй ма, цы уацамындон фембӕлдтӕ фӕуадзы, уыдонмӕ цӕуын. Раздӕр цы хойы кой кодтам, Лесли, зӕгъгӕ, уый та загъта: «Ӕз Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ цух сӕ ма уадза. Мӕ сӕрыхицауимӕ ма сӕм писмотӕ дӕр ныффыссӕм ӕмӕ сын фӕзӕгъӕм, кӕй нӕ бабӕрӕг кодтой, уый фӕрцы тынг кӕй бафидар стӕм». Ма рох кӕнут, районон цӕстдарджытӕ дӕр махау зындзинӕдтыл кӕй ӕмбӕлынц ӕмӕ кӕй бафӕллайынц. Хатт уыдон дӕр фӕрынчын вӕййынц, цӕуылдӕр фӕмӕт кӕнынц ӕмӕ сӕ ныфс дӕр асӕтты. Ӕмӕ сын, чи зоны, Йегъовӕ сӕ куывдтытӕн дзуапп радта уӕ фӕлмӕн ныхӕсты кӕнӕ уӕ хуымӕтӕг лӕвары фӕрцы (Ӕмб. 12:25).
ӔМБЫРДТЫ ХЪӔУЫ БӔРНОН ӔФСЫМӔРТӔ
16. Ӕмбисӕндтӕ 3:27 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ӕфсымӕртӕн сӕ бон цавӕр фарстатыл у ахъуыды кӕнын?
16 Ӕгас дунейы дӕр ӕмбырдты хъӕуы фылдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ, цӕмӕй хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кӕной ӕмӕ сӕ фидар кӕной. Кӕд донаргъуыд ӕфсымӕр дӕ, уӕд дӕ бон баххуыс кӕнын у? (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:27.) Дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр суай? Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр дӕ, уӕд тырныс, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг суай c? Дӕ бон нӕ уаид дӕ царды исты фӕивын, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад хъусынгӕнджыты скъолайы ахуыр кӕныны тыххӕй курдиат бадӕттай? Уыцы скъола дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хуыздӕр ӕххӕст кӕнай, Йесо-иу дын дӕ бӕрны кӕй бакӕна, уыцы хӕстӕ. Кӕд дӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ уый аккаг нӕ дӕ кӕнӕ дӕ бон нӕ бауыдзӕн, уӕд Йегъовӕмӕ кув. Сыгъдӕг тых дзы кур, цӕмӕй-иу дӕ бон бауа, цы дын бахӕс кӕнынц, уый сӕххӕст кӕнын (Лук. 11:13; Хъуыд. 20:28).
17. Нӕ Паддзах Йесо Чырысти нын «лӕвӕрттӕ – адӕймӕгты» кӕй радта, уый цӕуыл дзурӕг у?
17 Йесо ӕмбырд фидар кӕнынӕн кӕй радта, уыцы ’фсымӕртӕ сты бӕлвырдгӕнӕн, Йесо ацы фӕстаг бонты немӕ кӕй ис, уымӕн (Матф. 28:20). Нӕ уарзӕгой ӕмӕ нӕ рӕдау Паддзах нын, чи ныл тыхсы, ахӕм ӕфсымӕртӕ кӕй радта, уый тыххӕй дзы бузныг не стӕм? Уӕдӕ архайӕм, цӕмӕй уыцы удуӕлдай ’фсымӕртӕн ӕвдисӕм, сӕ фыдӕбоны тыххӕй сын кӕй аргъ кӕнӕм. Стӕй ма рох кӕнӕм Йегъовӕйы кадджын кӕнын, уымӕн ӕмӕ уымӕй цӕуы, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» (Иак. 1:17).
99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ
a Разамонӕг совет, Разамонӕг советы ӕххуысгӕнджытӕ, филиалты комитетты чи лӕггад кӕны ӕмӕ ӕндӕр хӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдон дӕр сты «лӕвӕрттӕ».
b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.
c Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй кӕнӕ хистӕр нӕлгоймагӕй лӕггад кӕнын куыд ис райдайӕн, уый фӕдыл фылдӕр информаци ссардзынӕ статьяты «Ӕфсымӕртӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ тырнут?» ӕмӕ «Ӕфсымӕртӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕй лӕггад кӕнынмӕ тырнут?» 2024 азы ноябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».