Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

43 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

90 ЗАРӔГ Кӕрӕдзи фидар кӕнӕм

Дызӕрдыг хъуыдытӕй куыд ис фервӕзӕн

Дызӕрдыг хъуыдытӕй куыд ис фервӕзӕн

«Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут» (1 ФЕС. 5:21).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Куыд ис фервӕзӕн, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын нӕ чи хъыгдары, ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕй.

1, 2. а) Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕм хатт цавӕр дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзыны? б) Ацы статьяйӕ цы базондзыстӕм?

 НЕ ’ППӔТМӔ дӕр хатт дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзыны a. Ӕмӕ уый карӕй кӕнгӕ нӕу. Зӕгъӕм, ӕрыгӕттӕй чидӕр дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы, ууыл. Ӕмӕ уый тыххӕй донаргъуыд райсыныл фӕстӕ кӕны. Кӕнӕ та ӕфсымӕр ӕрыгонӕй аскъуыддзаг кодта, царды йын фыццаг бынаты Йегъовӕйы хъуыддаг кӕй уыдзӕн, бирӕ ӕхца кусын нӕ, фӕлӕ. Ӕмӕ ныр йӕ бинонтӕ ӕхцайӕ фӕтыхстысты, ӕмӕ дызӕрдыг кӕны, ӕрыгонӕй раст уынаффӕ кӕй рахаста, ууыл. Йе та, зӕгъӕм, хойыл азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, ӕмӕ йе уӕнгты хъару нал ис. Ӕмӕ мӕт кӕны, раздӕр цас арӕзта, йӕ бон уыйбӕрц аразын кӕй нал у, ууыл. Чи зоны, дӕумӕ дӕр фӕзыны ахӕм фарстатӕ: «Йегъовӕ мӕ ӕцӕгдӕр уарзы? Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕныны тыххӕй мӕхи цӕмӕйдӕрты дзӕгъӕлы нӕ фӕцух кодтон? Йегъовӕйы ма хъӕуын?»

2 Ахӕм фарстатӕн дзуаппытӕ куы нӕ агурӕм, уӕд нӕ уырнындзинад ӕрлӕмӕгъ уыдзӕн, ӕмӕ уый нӕ лӕггадыл дӕр фӕзындзӕн. Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Библийы уынаффӕтӕ нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй ма дызӕрдыг кӕнӕм, 1) Йегъовӕ нӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы, 2) раздӕр цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдон раст кӕй уыдысты ӕмӕ 3) Йегъовӕйы ныр дӕр кӕй хъӕуӕм.

КУЫД ИС ДЫЗӔРДЫГ ХЪУЫДЫТӔЙ ФЕРВӔЗӔН

3. Дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд-иу цы хъуамӕ аразӕм?

3 Дызӕрдыг хъуыдытӕ нӕм куы фӕзыны, уӕд ахсджиаг вӕййы, цӕмӕй-иу нӕ фарстатӕн дзуаппытӕ Хуыцауы Ныхасы агурӕм. Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд-иу бафидар уыдзыстӕм, Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ нӕ уырнындзинад фӕцудын нӕ бауадздзыстӕм (1 Кор. 16:13).

4. Нӕ бон куыд вӕййы «алцыдӕр... сбӕлвырд кӕнын»? (1 Фессалоникӕгтӕм 5:21).

4 Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 5:21. Библийы ис ахӕм фӕдзӕхст: «Алцыдӕр-иу сбӕлвырд кӕнут». Уый куыд ис аразӕн? Истӕуыл дызӕрдыг кӕнын куы райдайӕм, уӕд-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, Библийы уый тыххӕй цы фыст ис. Зӕгъӕм, ӕрыгон хо кӕнӕ ’фсымӕр дызӕрдыг кӕны, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзы ӕмӕ йын кӕй аргъ кӕны, ууыл. Фӕлӕ йӕм ахӕм хъуыды кӕй фӕзынд, уый ууыл дзурӕг нӕу ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ у. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ сбӕлвырд кӕна, Йегъовӕ та уый тыххӕй цы хъуыды кӕны.

5. Йегъовӕ нын нӕ фарстайӕн цавӕр дзуапп дӕтты, уый нӕ бон куыд у фехъусын?

5 Библи куы фӕкӕсӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, Йегъовӕйы хъӕлӕс фӕхъусӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ фарстайӕн дзуапп ссарӕм, уый тыххӕй фӕхъӕуы бафыдӕбон кӕнын. Хъуамӕ раиртасӕм, нӕ фарстайы фӕдыл Библийы цы фыст ис, уый. Нӕ публикациты ӕрмӕг бацагурӕм (Ӕмб. 2:3–6). Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй нын йӕ хъуыды бамбарынӕн баххуыс кӕна. Уый фӕстӕ нӕ бон у бацагурын, нӕ уавӕры нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм информаци ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ Библийӕ. Стыр ӕххуыс ма нын фӕуыдзысты, Йегъовӕйы рагон лӕггадгӕнджытӕй, мах цы уавӕры стӕм, ахӕм уавӕры чи уыд, уыдоны хабӕрттӕ.

6. Ӕмбырдтӕ нын дызӕрдыг хъуыдытимӕ тох кӕнынӕн куыд ӕххуыс кӕнынц?

6 Йегъовӕйы хъӕлӕс ма фӕхъусӕм не ’мбырдты дӕр. Ӕмбырдтӕ куы нӕ цух кӕнӕм, уӕд, чи зоны, раныхасы кӕнӕ искӕй дзуаппы фехъусӕм, нӕ дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, ахӕм хъуыды (Ӕмб. 27:17). Ныр та базонӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн нӕ дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзынӕн.

ЙЕГЪОВӔ МӔ ӔЦӔГДӔР УАРЗЫ?

7. Кӕмӕдӕрты цавӕр фарста фӕзыны?

7 Чидӕртӕ фӕхъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ, Хуыцау кӕм ис, ӕмӕ ӕз та кӕм дӕн. Афтӕ сӕм фӕкӕсы, ӕмӕ Дун-дуне Сфӕлдисӕг сӕ Хӕлар уа, уымӕн гӕнӕн нӕй. Ӕвӕццӕгӕн, ахӕм хъуыдытӕ уыд паддзах Давидмӕ дӕр. Дисы йӕ ӕфтыдта, Йегъовӕ ӕнӕххӕст адӕймӕгты дӕр кӕй уыны. Давид загъта: «О Йегъовӕ, цы у адӕймаг, ӕмӕ йӕ ды уынай? Цы у адӕймаджы фырт, ӕмӕ йӕм де ’ргом здахай?» (Пс. 144:3). Дӕ бон куыд у базонын, Йегъовӕ дыл тыхсы ӕви нӕ?

8. Йегъовӕ адӕммӕ кӕсгӕйӕ цы фӕуыны? (1 Самуилы 16:6, 7, 10–12).

8 Библийӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ алы адӕймаджы дӕр кӕй уыны, иннӕты цӕсты стыр аргъ кӕмӕн нӕй, суанг уыдоны дӕр. Зӕгъӕм, иухатт Йегъовӕ Самуилы арвыста Йессейы хӕдзармӕ, цӕмӕй йын йӕ фырттӕй иуы сойӕ байсӕрстаид, ӕмӕ Израилы паддзах суыдаид. Йессей йӕ аст фыртӕй авдмӕ фӕдзырдта, кӕстӕрмӕ та, Давидмӕ, нӕ фӕдзырдта b. Афтӕмӕй та Йегъовӕ Давиды равзӕрста. (Бакӕс 1 Самуилы 16:6, 7, 10–12.) Йегъовӕ уыдта Давидӕн йӕ зӕрдӕйы цы ис, уый ӕмӕ зыдта, уыцы ӕрыгон лӕппу йӕ бирӕ кӕй уарзы.

9. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн хъуамӕ уырна? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ дӕм йӕ хъус кӕй дары, уый цӕмӕй бӕрӕг у. Ратты дын, дӕ уавӕры дӕ чи фӕхъӕуы, растдӕр ахӕм уынаффӕ (Пс. 32:8). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дӕ хорз зоны (Пс. 139:1). Йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы архайай ӕмӕ дын уый пайда кӕй хӕссы, уый куы уынай, уӕд нал дызӕрдыг кӕндзынӕ, Йегъовӕ дӕ ӕцӕгдӕр кӕй уарзы (1 Аз. 28:9; Хъуыд. 17:26, 27). Йегъовӕ зоны, уый тыххӕй цыдӕриддӕр аразыс, уый. Дӕ хорз миниуджытӕ дын уыны ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй дӕ Хӕлар уа (Йер. 17:10). Ӕмӕ дӕу дӕр куы бафӕнда, цӕмӕй йӕ хӕлар суай, уӕд ын йӕ зӕрдӕ барухс кӕндзынӕ (1 Иоан. 4:19).

«Куы йӕ агурай [ома Йегъовӕйы], уӕд ӕй ссардзынӕ» (1 Аз. 28:9) (кӕс 9 абзац) c


ЦЫМӔ РАСТ УЫНАФФӔТӔ РАХАСТОН?

10. Раздӕр цы уынаффӕтӕ рахастам, уыдоны тыххӕй нӕм, гӕнӕн ис, цавӕр фарстатӕ фӕзына?

10 Адӕймаг йӕ цардыл куы фӕхъуыды кӕны, уӕд хатт дызӕрдыг кӕнын райдайы, кӕддӕр раст уынаффӕтӕ кӕй рахаста, ууыл. Чи зоны, чидӕр йӕ хорз куыст ныууагъта кӕнӕ бирӕ ӕхца бакусыныл йӕ къух систа, цӕмӕй Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кодтаид. Ӕмӕ ныр уыны, йӕ рӕстӕджы ӕхцайы фӕдыл чи ацыд, уыдон ӕппындӕр кӕй ницы хъуаг сты. Уымӕ гӕсгӕ, чи зоны, хъуыды кӕна: «Йегъовӕйы тыххӕй мӕхи цӕмӕйдӕрты дзӕгъӕлы нӕ фӕцух кодтон? Цы фадӕттӕ мын уыди, уыдон дзӕгъӕлы нӕ ауагътон?»

11. 73 псалом чи ныффыста, уымӕн ӕнцой цы нӕ лӕвӕрдта?

11 Кӕд дӕумӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ фӕзыны, уӕд-ма 73 псаломыл ахъуыды кӕн. Уыцы псалом чи ныффыста, уый дӕр ахӕм уавӕры уыд. Уый уыдта, иннӕтӕ Йегъовӕйӕн кӕй нӕ лӕггад кӕнынц, фӕлӕ кӕй сты ӕнӕниз ӕмӕ хъӕздыг ӕмӕ ӕнӕмӕт цард кӕй кӕнынц (Пс. 73:3–5, 12). Уыдонмӕ кӕсгӕйӕ хъуыды кодта, Йегъовӕйӕн дзӕгъӕлы кӕй лӕггад кӕны ӕмӕ йӕхимӕ тынг ӕнамонд каст (Пс. 73:13, 14). Цымӕ йын йӕ уӕззау хъуыдытӕй фервӕзынӕн цы баххуыс кодта?

12. Псалом 73:16–18 стихтӕм гӕсгӕ псаломзарӕггӕнӕгӕн цы баххуыс кодта?

12 Бакӕс Псалом 73:16–18. Псаломзарӕггӕнӕг бацыд Йегъовӕйы кувӕндонмӕ. Уым Хуыцауы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн йӕ бон баци уыцы уавӕрмӕ раст цӕстӕй ракӕсын. Бамбӕрста йӕ, кӕд уыцы адӕм ӕнӕмӕт цард кодтой, уӕддӕр сын фидӕнӕй ныфс кӕй нӕ уыд. Ӕмӕ нал дызӕрдыг кодта, Йегъовӕйы йӕ царды фыццаг бынаты кӕй сӕвӕрдта, уый раст уынаффӕ кӕй уыди. Уӕд йӕ зӕрдӕ ’рсабыр ӕмӕ та йӕм тыхтӕ фӕзынд дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынӕн (Пс. 73:23–28).

13. Раздӕр цы уынаффӕтӕ рахастай, уыдоныл куы фӕсмон кӕнай, уӕд дӕ бон цы у аразын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Кӕд дӕ раздӕры уынаффӕтыл фӕсмон кӕныс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа ӕмӕ мауал мӕт кӕнай? Ахъуыды кӕн, дӕ царды хорзӕй цы ис ӕмӕ дын Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, ууыл. Стӕй ахъуыды кӕн, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыцы адӕмы цардыл дӕр. Уыдон сӕ ныфс дарынц, ацы дунейы сын цы бантыст, уыдӕттыл, уымӕн ӕмӕ сӕ фидӕнӕй ныфс нӕй. Махӕн та Йегъовӕ ӕрцӕттӕ кодта, нӕ бон нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын дӕр кӕй нӕу, ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕ (Пс. 145:16). Стӕй-ма иу цӕуылдӕр ахъуыды кӕн. Ӕндӕр уынаффӕтӕ куы рахастаис, уӕд дӕ хабар куыд уыдаид, уый бӕлвырдӕй зоныс? Ӕвӕццӕгӕн, нӕ. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕлвырд у: Хуыцауы ӕмӕ адӕмы куы уарзай ӕмӕ уый дӕ уынаффӕтӕй бӕрӕг куы уа, уӕд уыдзынӕ ӕцӕг амондджын.

Йегъовӕ дын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоныл хъуыды кӕн (кӕс 13 абзац) d


ЦЫМӔ МА ЙЕГЪОВӔЙЫ ХЪӔУЫН?

14. Чырыстӕттӕй чидӕртӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ сӕм цавӕр фарста фӕзыны?

14 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй кӕуылдӕрты азтӕ сӕ уӕз ӕруагътой, чидӕртӕ сӕ сты рынчын, чидӕртӕ та – инвалидтӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй дызӕрдыг кӕнын райдайынц, Йегъовӕ сын кӕй аргъ кӕны, ууыл. Ӕмӕ фӕхъуыды кӕнынц: «Цымӕ ма Йегъовӕйы хъӕуын?»

15. 71 псалом чи ныффыста, уыцы псаломзарӕггӕнӕг фидарӕй цы зыдта?

15 71 псалом чи ныффыста, уыцы псаломзарӕггӕнӕгмӕ дӕр ахӕм хъуыдытӕ уыд. Уый Йегъовӕмӕ куывта: «Хъару мӕм куы нал уа, уӕд мӕ ма ныууадз» (Пс. 71:9, 18). Фӕлӕ уӕддӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕна, уӕд уый йӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг зыдта, адӕймаг цыфӕнды уавӕры дӕр, йӕ бон цы у, уый куы араза, уӕд дзы Йегъовӕ райгонд кӕй уыдзӕн (Пс. 37:23–25).

16. Ацӕргӕтӕн сӕ бон цы у Йегъовӕйы хъуыддаджы аразын? (Псалом 92:12–15).

16 Нӕ зынаргъ ацӕргӕтӕ, уӕхимӕ Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсут! Кӕд, раздӕр цас арӕзтат, уыйбӕрц аразын уӕ бон нал у, уӕддӕр уын Йегъовӕ ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕнат ӕмӕ дидинӕг калат. (Бакӕс Псалом 92:12–15.) Уӕ бон цы нӕу аразын, уыдӕттыл ма хъуыды кӕнут, фӕлӕ, уӕ бон цы у, ууыл. Сымах хоты ӕмӕ ’фсымӕрты фидар кӕнут, иузӕрдионӕй кӕй лӕггад кӕнут ӕмӕ иннӕтыл кӕй тыхсут, уымӕй. Йегъовӕ уын бирӕ азты дӕргъы ӕххуыс кодта, стӕй уӕ фидарӕй уырны, йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ-иу сын уыдӕтты тыххӕй дӕр дзурут. Хоты ӕмӕ ’фсымӕрты тыххӕй ма уӕ бон у кувын дӕр. Рох уӕ ма уӕд: ахӕм куывдтытӕн стыр тых ис! (1 Пет. 3:12). Уӕдӕ цыфӕнды уавӕрты ма уӕм, не ’ппӕтӕн дӕр нӕ бон у Йегъовӕйӕн ӕмӕ иннӕтӕн исты аразын.

17. Нӕхи иннӕтимӕ цӕуылнӕ хъуамӕ барӕм?

17 Гӕнӕн ис, фӕмӕт кӕныс, дӕ бон фылдӕр аразын кӕй нӕу, ууыл. Фӕлӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ тынг кӕй аргъ кӕны, цы аразыс, уымӕн. Чи зоны, дӕхи иннӕтимӕ фӕбарыс. Фӕлӕ уый раст нӕу, уымӕн ӕмӕ нӕ Йегъовӕ кӕрӕдзиимӕ нӕ бары (Гал. 6:4). Зӕгъӕм, Марийӕ Йесойӕн балӕвар кодта тынг зынаргъ хӕрздӕф сой (Иоан. 12:3–5). Мӕгуыр идӕдз ус та кувӕндоны ӕхцавӕрӕны ныппӕрста дыууӕ лыстӕг ӕхцайы (Лук. 21:1–4). Фӕлӕ Йесо уыцы дыууӕ сылгоймаджы кӕрӕдзиимӕ нӕ барста. Уый зыдта, сӕ лӕвӕрттӕ сӕ фидар уырнындзинадыл дзурӕг кӕй уыдысты. Йесо алцӕмӕй дӕр уыд йӕ Фыды хуызӕн. Уӕдӕ Йегъовӕ, кӕй йыл ӕууӕндыс ӕмӕ йӕ кӕй уарзыс, уый тыххӕй цы аразыс, уымӕн тынг аргъ кӕны, кӕд дӕхимӕ афтӕ кӕсы, ӕмӕ уадиссагӕй ницы аразыс, уӕддӕр.

18. Дызӕрдыг хъуыдытӕй цӕй фӕрцы фервӕздзыстӕм? (Кӕс рамкӕ дӕр « Йегъовӕйы Ныхас нын баххуыс кӕндзӕн дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзынӕн».)

18 Алкӕмӕ дӕр хатт дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзыны, фӕлӕ сӕ Библийы фӕрцы нӕ бон у фервӕзын. Архай, цӕмӕй-иу дӕ фарстатӕн дзуапп ссарай. Ӕмӕ-иу уӕд дызӕрдыг нал кӕндзынӕ. Фидарӕй зондзынӕ, Йегъовӕ дӕ кӕй уыны ӕмӕ дӕ хорз кӕй зоны. Уый аргъ кӕны, цы аразыс, уымӕн, ӕмӕ дын ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн. Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй алчидӕр тынг зынаргъ у.

111 ЗАРӔГ Нӕ циндзинад

a АЦЫ НЫХӔСТӔН СӔ ХЪУЫДЫ ЦЫ У. Ацы статьяйы дзырд кӕуыл цӕуы, ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ адӕймагмӕ куы фӕзыны, уӕд ӕм афтӕ кӕсын райдайы, ӕмӕ йын Йегъовӕ нӕ аргъ кӕны кӕнӕ, раздӕр цы уынаффӕтӕ рахаста, уыдон раст нӕ уыдысты. Уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ адӕймаг Йегъовӕйыл ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл не ’ууӕнды.

b Йегъовӕ Давиды куы равзӕрста, уӕд ыл цал азы цыди, уый Библийы фыст нӕй, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, хӕрзӕрыгон уыд. (Кӕс 2011 азы 1 сентябры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», 29 фарс, 2 абзац.)

c НЫВ. Ӕрыгон хо Библи иртасы ӕмӕ йӕ фарстайӕн дзуапп агуры.

d НЫВ. Ӕфсымӕр рудзгуытӕ ӕхсы, цӕмӕй йӕ бинонты фӕдара. Йӕ хъуыдытӕ та сты, дзӕнӕты куыд цӕрдзӕн, ууыл.