40 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар
Йегъовӕ «дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны»
«Уый дзӕбӕх кӕны, зӕрдӕсаст чи у, уыдоны, бӕтты сын сӕ хъӕдгӕмттӕ» (ПС. 147:3).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йегъовӕ тыхсы, зӕрдӕсаст чи у, уыдоныл. Ацы статьяйы фендзыстӕм, Йегъовӕ нӕ ныфс куыд бауадзы ӕмӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, цӕмӕй мах дӕр иннӕтӕн ныфсы хос уӕм.
1. Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цы зӕрдӕ дары?
ЙЕГЪОВӔ йӕ лӕггадгӕнджытӕм йӕ хъус дары ӕмӕ зоны, цӕуыл фӕцин кӕнынц ӕмӕ цӕуыл фӕмӕт кӕнынц, уый (Пс. 37:18). Нӕ лӕггады нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый куы фӕаразӕм, кӕд нӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр фӕриссы, уӕд дӕр, уӕд ын уый тынг ӕхсызгон вӕййы. Уый алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы, цӕмӕй нын баххуыс кӕна ӕмӕ нӕ ныфс бауадза.
2. Зӕрдӕсаст чи у, уыдонӕн Йегъовӕ куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой?
2 Псалом 147:3 стихӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ кӕй тыхсы «зӕрдӕсаст чи у, уыдоныл», хорз дохтыр рынчыныл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы тынг кӕй фӕнды, зӕрдӕсаст чи у, уыдонӕн баххуыс кӕнын. Фӕлӕ цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ байгас уой? Зӕгъӕм, хорз дохтыр алцыдӕр аразы, цӕмӕй рынчын сдзӕбӕх уа. Фӕлӕ ӕрмӕст уый фаг нӕу. Рынчын хъуамӕ кӕна, дохтыр ын цы дзуры, уыдӕттӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, зӕрдӕрыст чи у, уыдонӕн Йегъовӕ йӕ Ныхасы уылты цы дзуры ӕмӕ базондзыстӕм, нӕ бон куыд у йӕ уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын.
ЙЕГЪОВӔ ЗӔГЪЫ, ТЫНГ ЗЫНАРГЪ ЫН КӔЙ СТӔМ
3. Иуӕй-иутӕ сӕхимӕ ницӕйаг цӕмӕн кӕсынц?
3 Ацы дунейы уарзондзинад нӕй. Уымӕ гӕсгӕ бирӕтӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ никӕй хъӕуынц. Иу хо, Хе́лен, радзырдта: «Ӕз уарзӕгой бинонты ’хсӕн не схъомыл дӕн. Мӕ фыд карз адӕймаг уыд ӕмӕ-иу мын алы бон дӕр дзырдта, ницӕмӕн бӕззыс, зӕгъгӕ» a. Чи зоны, дӕумӕ дӕр Хеленау ӕвзӕр цӕстӕй кастысты, фаутӕ дӕм хастой кӕнӕ сӕхи демӕ афтӕ дардтой, цыма зӕххӕй сисыны аккаг дӕр нӕ дӕ. Кӕд афтӕ у, уӕд дӕ, ӕвӕццӕгӕн, зынтӕй уырны, чидӕр дӕ ӕцӕгӕй кӕй уарзы.
4. Псалом 34:18 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ ныфс цӕмӕй ӕвӕры?
4 Кӕд дӕм иннӕтӕ ӕвзӕр цӕстӕй кӕсынц, уӕддӕр ма дызӕрдыг кӕн: Йегъовӕ дӕ уарзы ӕмӕ дын аргъ кӕны. Уый «хӕстӕг у, зӕрдӕсаст чи у, уыдонмӕ». (Бакӕс Псалом 34:18.) Кӕд ныфссаст дӕ, уӕд ма рох кӕн, Йегъовӕ дӕм хорзӕй цыдӕр кӕй федта, ӕмӕ дӕ уый тыххӕй кӕй ӕрбакодта йӕхимӕ (Иоан. 6:44). Уый дын баххуыс кӕнынмӕ алкӕддӕр цӕттӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ йын тынг зынаргъ дӕ.
5. Иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕмӕ кастысты, уыдонмӕ Йесо цы зӕрдӕ дардта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
5 Йегъовӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дары, уый нӕ бон у базонын, Йесо сӕм цы зӕрдӕ дардта, уымӕй. Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд тӕригъӕд кодта, иннӕтӕ ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кӕмӕ кастысты, уыдонӕн (Матф. 9:9–12). Иухатт ӕм ӕрбацыд, удхайраг низӕй чи хъӕрзыд, ахӕм сылгоймаг. Ныфс ӕй уыд, йӕ уӕлӕдарӕсыл дӕр ын куы андзӕва, уӕд кӕй сдзӕбӕх уыдзӕн. Ӕмӕ йыл куы андзӕвыд, уӕд ӕм Йесо не смӕсты, фӕлӕ йӕ ’рсабыр кодта ӕмӕ дзы йӕ фидар уырнындзинады тыххӕй раппӕлыд (Мар. 5:25–34). Йесо алцӕмӕй дӕр йӕ Фыды хуызӕн у (Иоан. 14:9). Уымӕ гӕсгӕ ма дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕ дын кӕй уыны дӕ хорз миниуджытӕ, дӕ фидар уырнындзинад ӕмӕ йӕ бирӕ кӕй уарзыс, уый.
6. Адӕймаг йӕхимӕ ницӕйаг куы кӕса, уӕд ын цы баххуыс кӕндзӕн?
6 Кӕд дӕхимӕ ницӕйаг кӕсыс, уӕд дын цы баххуыс кӕндзӕн? Йегъовӕйӕн зынаргъ кӕй дӕ, уый тыххӕй кӕм ис фыст, ахӕм стихтӕ кӕс ӕмӕ-иу сыл хъуыды кӕн (Пс. 94:19) b. Кӕд дӕ разы цыдӕр нысан сӕвӕрдтай, фӕлӕ дӕ къухы нӕ бафтыд кӕнӕ, иннӕтӕ цас аразынц, дӕуӕн уыйбӕрц дӕ бон нӕу, уӕд дӕхи ма хӕр. Йегъовӕ дӕ, дӕ бон цы нӕу, уый нӕ домы (Пс. 103:13, 14). Кӕд дӕ раздӕр ӕфхӕрдтой ӕмӕ-иу дын дӕ зӕрдӕ фӕриссын кодтой, уӕд афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ уый дӕу аххос у. Дӕ зӕрдыл дар: Йегъовӕ дзуапп ӕрдомдзӕн, ӕвзӕрдзинад кӕмӕн аразынц, уыдонӕй нӕ, фӕлӕ йӕ чи аразы, уыдонӕй (1 Пет. 3:12). Сандрӕйы-иу гыццылӕй йӕ ныййарджытӕ арӕх фӕнадтой. Уый зӕгъы: «Ӕдзух Йегъовӕмӕ фӕкувын, цӕмӕй мӕхимӕ раст цӕстӕй кӕсон ӕмӕ мӕм уый цы хорз миниуджытӕ уыны, уыдон уынон».
7. Царды цытӕ бавзӕрстам, уый нын нӕ лӕггады куыд ӕххуыс кӕндзӕн?
7 Макуы дызӕрдыг кӕн, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у дӕу уылты иннӕтӕн баххуыс кӕнын. Ахӕм кады аккаг дӕ скодта, ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕныс ӕмӕ йе ’мкусӕг дӕ (1 Кор. 3:9). Дӕхӕдӕг цытӕ бавзӕрстай, уый фӕрцы хуыздӕр ӕмбардзынӕ, зындзинӕдтӕ чи ’взары, уыдоны. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо Хеленӕн баххуыс кодтой Йегъовӕ, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ. Ӕмӕ ныр йӕхицӕн дӕр йӕ бон у иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын. Уый дзуры: «Афтӕ хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ ничи уарзы ӕмӕ мӕ ницы пайда ис. Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕрцы афтӕ нал хъуыды кӕнын». Ныр Хелен пионерӕй лӕггад кӕны ӕмӕ у амондджын.
ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНДЫ, ЦӔМӔЙ НӔ УЫРНА, КӔЙ НЫН НЫХХАТЫР КОДТА
8. Исайы 1:18 стихы нын Йегъовӕ цы дзуры?
8 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй чидӕртӕ сӕхи фӕхӕрынц, донаргъуыды размӕ кӕнӕ уый фӕстӕ кӕй сарӕзтой, уыцы тӕригъӕдты тыххӕй. Фӕлӕ нӕ хъуамӕ рох ма уа, Йегъовӕ нӕ афтӕ тынг кӕй уарзы, ӕмӕ мах тыххӕй йӕ Фырты нывондӕн ӕрхаста. Ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы лӕварӕн аргъ кӕнӕм. Йегъовӕ зӕгъы, ӕмӕ иугӕр йемӕ «аныхас кодтам» ӕмӕ «хъуыддӕгтӕ равзӕрстам», уӕд нын нӕ тӕригъӕдтӕ кӕй никуыуал ӕрхъуыды кӕндзӕн c. (Бакӕс Исайы 1:18.) Куыд бузныг стӕм Йегъовӕйӕ, нӕ тӕригъӕдтӕ нын кӕй ферох кӕны, нӕ хорз хъуыддӕгтӕ та нын йӕ зӕрдыл кӕй дары! (Пс. 103:9, 12; Дзут. 6:10).
9. Нӕ раздӕры тӕригъӕдтыл хъуыды кӕныны бӕсты хуыздӕр цӕуыл у хъуыды кӕнын ӕмӕ цӕмӕн?
9 Кӕд дӕ раздӕры тӕригъӕдты тыххӕй дӕхи хӕрыс, уӕд бацархай, цӕмӕй сыл мауал хъуыды кӕнай. Уый бӕсты хъуыды кӕн, абон цы аразыс ӕмӕ фидӕны дӕ бон цы уыдзӕн аразын, ууыл. Ӕркӕсӕм-ма апостол Павелы цӕвиттонмӕ. Раздӕр чырыстӕтты карзӕй кӕй ӕфхӕрдта, уый тыххӕй йӕ бон уыд цӕрӕнбонты йӕхи фӕсмонӕй хӕрын. Фӕлӕ йӕ зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ныххатыр кодта (1 Тим. 1:12–15). Уымӕ гӕсгӕ Павел нӕдӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтыл хъуыды кодта, нӕдӕр, дзуттаг диныл хӕст куы уыд, уӕд ын цытӕ бантыст, уыдӕттыл (Фил. 3:4–8, 13–15). Уый бӕсты Хуыцауӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ фидӕныл хъуыды кодта. Павелау махӕн дӕр нӕ бон нӕу, раздӕр цы уыд, уый аивын. Фӕлӕ нӕ бон у нӕ уавӕрты Йегъовӕйы кадджын кӕнын ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ рухс кӕнын, стӕй нын ныфс цӕмӕй бавӕрдта, ууыл хъуыды кӕнын.
10. Нӕ бон цы у саразын, кӕд раздӕр кӕйдӕр зӕрдӕ фӕриссын кодтам, уӕд?
10 Чи зоны, раздӕр кӕйдӕр зӕрдӕ фӕриссын кодтай, ӕмӕ ныр ууыл мӕт кӕныс. Ахӕм уавӕры дын цы баххуыс кӕндзӕн? Кӕд исты сраст кӕнӕн ис, уӕд ӕй сраст кӕн, зӕгъӕм, адӕймагӕй хатыр ракур (2 Кор. 7:11). Стӕй Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй, кӕй зӕрдӕ фӕриссын кодтай, уымӕн баххуыс кӕна. Йегъовӕйӕн йӕ бон у баххуыс кӕнын дӕуӕн дӕр ӕмӕ уымӕн дӕр, цӕмӕй йын дарддӕр дӕр лӕггад кӕнат ӕмӕ та уӕ зӕрдӕты фарн уа.
11. Пехуымпар Ионӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
11 Дӕ раздӕры рӕдыдтытӕ-иу дын зондзонӕн фӕуӕнт ӕмӕ-иу цӕттӕ у, Йегъовӕйы цы фӕнды, уый аразынмӕ. Ахъуыды-ма кӕнӕм пехуымпар Ионӕйыл. Хуыцау ӕй Ниневимӕ арвыста. Фӕлӕ уый бынтон ӕндӕрырдӕм алыгъд. Йегъовӕ йын йӕ рӕдыд бамбарын кодта, ӕмӕ йын уый зондзонӕн фӕци (Ионӕ 1:1–4, 15–17; 2:7–10). Йегъовӕ йӕ пехуымпарыл йӕ къух нӕ систа. Ногӕй та йын загъта, цӕмӕй Ниневимӕ ацыдаид. Ӕмӕ йӕм ацы хатт Ионӕ уайтагъд байхъуыста. Кӕд Ионӕ йӕ рӕдыдыл фӕсмон кодта, уӕддӕр йӕхимӕ нӕ ныхъхъуыста ӕмӕ йын Йегъовӕ цы бахӕс кодта, уый сарӕзта (Ионӕ 3:1–3).
ЙЕГЪОВӔ НӔ НЫФС БАУАДЗЫ ЙӔ СЫГЪДӔГ ТЫХЫ ФӔРЦЫ
12. Йегъовӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ куыд ӕрсабыр кӕны, исты уӕззау хабар ныл куы ӕрцӕуы, уӕд? (Филиппӕгтӕм 4:6, 7).
12 Исты уӕззау хабар ныл куы ӕрцӕуы, уӕд нӕ Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы ныфс бауадзы. Ӕркӕсӕм Рон ӕмӕ Кэ́ролы хабармӕ. Уыдонӕн сӕ фырт йӕхи амардта. Рон ӕмӕ Кэрол мӕнӕ цы загътой: «Раздӕр дӕр-иу ныл ӕрцыд уӕззау хабӕрттӕ. Фӕлӕ ныл амӕй уӕззаудӕр хабар никуы ӕрцыд. Бирӕ хӕттыты-иу ныл хуыссӕг нал хӕцыд ӕмӕ-иу ныл кувгӕйӕ сбон ис. Ӕмбӕрстам ӕй, Йегъовӕ нын кӕй лӕвӕрдта, Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихты кӕй кой ис, уыцы фарн». (Бакӕс сӕ.) Кӕд дӕуыл дӕр исты уӕззау хабар ӕрцыд, уӕд дӕ бон у Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй кувын. Йегъовӕ дӕм хъусдзӕн, цасфӕнды йӕм ма кувай, уӕддӕр (Пс. 86:3; 88:1). Сыгъдӕг тых дзы кур, ӕмӕ дын ӕнӕмӕнгӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Лук. 11:9–13).
13. Сыгъдӕг тых нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнӕм? (Ефесӕгтӕм 3:16).
13 Уӕззау фӕлварӕны рӕстӕг адӕймагмӕ тыхы мур нал баззайы. Мыййаг, ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ? Кӕд о, уӕд дӕ сыгъдӕг тых сфидар кӕндзӕн, ӕмӕ дӕ бон уыдзӕн дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын. (Бакӕс Ефесӕгтӕм 3:16.) Ӕркӕсӕм-ма хо Фло́рӕйы хабармӕ. Йӕ сӕрыхицауимӕ иумӕ лӕггад кодтой миссионертӕй. Уый йыл гадзрахатӕй рацыд, ӕмӕ ахицӕн сты. Флорӕ загъта: «Ахӕм зӕрдӕрыст бавзӕрстон, ӕмӕ мӕ бон ӕндӕр ницӕуыл уыд хъуыды кӕнын. Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых куырдтон. Ӕмӕ мын баххуыс кодта, кӕд мӕм фыццаг афтӕ каст, ӕмӕ мӕхимӕ никуыуал ӕрцӕудзынӕн, уӕддӕр». Ныр Флорӕ Йегъовӕйыл йӕ ныфс ноджы тынгдӕр дары ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕны, йӕ фӕрцы цыфӕнды фӕлварӕн дӕр кӕй сфӕраздзӕн. Уый ма загъта: «Мӕнӕн дӕр мӕ бон у зӕгъын, Псалом 119:32 стихы куыд фыст ис, афтӕ: „Ӕз цӕудзынӕн, дӕ фӕдзӕхстытӕ цы фӕндаг амонынц, ууыл, уымӕн ӕмӕ мын мӕ зӕрдӕ кӕныс ӕмбарынхъом“».
14. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын сыгъдӕг тых ӕххуыс кӕна?
14 Йегъовӕйӕ сыгъдӕг тых куы ракурай, уӕд дарддӕр цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй дзы схайджын уай? Ӕмбырдтӕм цу ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕн. Стӕй Библи алы бон дӕр кӕс ӕмӕ афтӕмӕй Йегъовӕйы хъуыдытӕй дӕ зонд дзаг кӕн (Фил. 4:8, 9). Библи кӕсгӕйӕ-иу дӕ хъус дар, фӕлварӕнты чи бахауд, уыцы рагон лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕм ӕмӕ-иу хъуыды кӕн, Йегъовӕ сын фидар фӕлӕууынӕн куыд баххуыс кодта, ууыл. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Сандрӕ, бирӕ зындзинӕдтӕ бавзӕрста. Уый загъта: «Иосифы хабар мӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы. Царды бирӕ фӕлварӕнтыл ӕмӕ хӕрам хъуыддӕгтыл сӕмбӕлд, фӕлӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй Йегъовӕйӕ адард уыдаид» (Райд. 39:21–23).
ЙЕГЪОВӔ НӔ НЫФС БАУАДЗЫ ХОТЫ ӔМӔ ’ФСЫМӔРТЫ УЫЛТЫ
15. Йегъовӕ нын хоты ӕмӕ ’фсымӕрты уылты куыд баххуыс кӕны ӕмӕ нӕ ныфс куыд бауадзы? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
15 Зын нын куы вӕййы, уӕд нын арӕх хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ «стыр ӕххуыс ӕмӕ ныфсы хос» фӕвӕййынц (Кол. 4:11). Йегъовӕ нын ахӕм бинонтӕ кӕй радта, уымӕй бӕрӕг у, бирӕ нӕ кӕй уарзы. Уыдон нӕм лӕмбынӕг куы байхъусынц, уӕд нын фенцондӕр вӕййы. Бирӕ хатт та нын фаг вӕййы, нӕ фарсмӕ кӕй ӕрбалӕууынц, ӕрмӕст уый дӕр. Гӕнӕн ис, Библийӕ нын бакӕсой, нӕ ныфс нын чи бафидар кӕндзӕн, ахӕм стих кӕнӕ немӕ скувой (Ром. 15:4) d. Хатт та нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнынц, Йегъовӕ нын нӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый. Кӕнӕ та нын ӕндӕр истӕмӕй баххуыс кӕнынц, зӕгъӕм, хӕринаг нын скӕнынц, уымӕн нӕм тыхтӕ куы нӕ вӕййы, уӕд.
16. Цы фӕхъӕуы саразын, цӕмӕй-иу нын хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ баххуыс кӕной?
16 Ӕххуыс нӕ кӕй хъӕуы, уый тыххӕй хатт зӕгъын фӕхъӕуы. Хотӕ ӕмӕ нӕ ’фсымӕртӕ бирӕ уарзынц ӕмӕ нӕ фарсмӕ балӕууынмӕ цӕттӕ вӕййынц (Ӕмб. 17:17). Фӕлӕ, гӕнӕн ис, ма зоной, цы кӕнӕм ӕмӕ нӕ цавӕр ӕххуыс хъӕуы (Ӕмб. 14:10). Кӕд истӕмӕй тыхсыс кӕнӕ истӕуыл мӕт кӕныс, уӕд де ’нкъарӕнты тыххӕй дӕ фӕлтӕрдджын ӕмбӕлттӕн радзур. Зӕгъ сын, сӕ бон дын цӕмӕй у баххуыс кӕнын. Дӕ бон ма у аныхас кӕнын, ӕнцондӕр дын кӕимӕ у, иу кӕнӕ дыууӕ ахӕм хистӕр нӕлгоймагимӕ. Хотӕй кӕмӕндӕрты та фенцондӕр вӕййы, фӕлтӕрдджын хотӕй искӕимӕ куы аныхас кӕнынц, уӕд.
17. Иннӕты ӕххуысӕй нӕхи ӕнӕхай цӕй аххосӕй фӕкӕнӕм ӕмӕ нын уыцы зындзинӕдты сӕрты ахизынӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
17 Чи зоны дын хатт афтӕ зын вӕййы, ӕмӕ дӕм никӕй уынын фӕцӕуы. Хатт та дӕ, чи зоны, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ нӕ бамбарынц, ӕмӕ дын сӕ ныхӕстӕй дӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынц (Иак. 3:2). Фӕлӕ сӕ уый тыххӕй дӕхи дард ма лас. Гӕнӕн ис, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ уыдоны уылты бафидар кӕна. Иу хистӕр нӕлгоймаг, Гэ́вин, тох кӕны депрессиимӕ. Уый загъта: «Арӕх мӕ ӕппындӕр никӕй уынын фӕфӕнды». Фӕлӕ уӕддӕр Гэвин фӕархайы, цӕмӕй-иу хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ йӕ рӕстӕг ӕрвита. Ӕмӕ йын уӕд фенцондӕр вӕййы. Хо Э́ми та загъта: «Царды мыл цытӕ ӕрцыд, уый тыххӕй мын иннӕтыл ӕууӕндын зын у. Фӕлӕ архайын, цӕмӕй мӕ хоты ӕмӕ ме ’фсымӕрты уарзон, Йегъовӕ сӕ куыд уарзы, афтӕ ӕмӕ сыл ӕууӕндон. Зонын ӕй, уый Йегъовӕйӕн ӕхсызгон кӕй у. Ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ кӕй рухс кӕнын, уый мын циндзинад хӕссы».
ЙЕГЪОВӔ НЫН ЗӔРДӔ ЦӔМӔЙ ӔВӔРЫ, УЫЙ УӔ НЫФС УАДЗӔД
18. Цавӕр фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ ныр цы хъуамӕ аразӕм?
18 Нӕ бон у фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсын, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм, Йегъовӕ нӕ маст ӕмӕ рыстӕй кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Рарг. 21:3, 4). Ӕвзӕрӕй ныл цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдон нӕ «зӕрдӕйы дӕр нал баззайдзысты» (Ис. 65:17). Фӕлӕ нын Йегъовӕ абон дӕр ӕххуыс кӕны ӕмӕ, зӕрдӕсаст куы вӕййӕм, уӕд нӕ ныфс бауадзы. Йе ’ххуысыл ын дӕхи макуы атигъ кӕн, ӕмӕ дыл кӕй тыхсы, ууыл макуы дызӕрдыг кӕн! (1 Пет. 5:7).
7 ЗАРӔГ Йегъовӕ у нӕ хъару
a Нӕмттӕ ивд сты.
b Кӕс рамкӕ « Йегъовӕйӕн зынаргъ дӕ».
c Цӕмӕй Йегъовӕимӕ «хъуыддӕгтӕ равзарӕм», уый тыххӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕнӕм. Уый бӕрӕг уыдзӕн, нӕ тӕригъӕдты тыххӕй дзы хатыр куы ракурӕм ӕмӕ не ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууадзӕм, уымӕй. Кӕд уӕззау тӕригъӕд ракодтам, уӕд хъуамӕ ӕххуыс ракурӕм хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр (Иак. 5:14, 15).