Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сӕдӕ азы размӕ: 1924 аз

Сӕдӕ азы размӕ: 1924 аз

«АФӔДЗЫ райдиан хорз рӕстӕг у, цӕмӕй, Хицауӕн нывондгонд чи у, уыдонӕй алчидӕр фылдӕр фадӕттӕ агура лӕггад кӕнынӕн». Афтӕ фыст уыди 1924 азы январы «Бюллетен»-ы a. Ӕмӕ уыцы аз Библииртасджытӕ уыцы уынаффӕ сӕ зӕрдӕмӕ айстой. Райдыдтой хъусын кӕныны хъуыддаджы ног мадзӕлттӕй пайда кӕнын ӕмӕ архайдтой хъӕбатырӕй.

СӔ НЫФС БАХАСТОЙ РАДИОСТАНЦӔ САРАЗЫНМӔ

Вефилы ӕфсымӕртӕ афӕдзӕй фылдӕр архайдтой, цӕмӕй Нью-Йорчы, сакъадах Статены сарӕзтаиккой радиостанцӕ WBBR. Зӕхх бӕлӕстӕй куы ныссыгъдӕг кодтой, уӕд сарӕзтой стыр цӕрӕнбынат кусджытӕн ӕмӕ хицӕн агъуыст радиойы студийӕн. Уыцы куыстытӕ куы фесты, уӕд та райдыдтой амал кӕнын аппаратурӕ ӕмӕ ӕндӕр ахӕм дзауматӕ. Фӕлӕ цавӕрдӕр цӕлхдуртыл сӕмбӕлдысты.

Ӕнцон нӕ уыд сӕйраг антеннӕ бафидар кӕнын. 91 метры дӕргъӕн антеннӕ хъуыди дыууӕ хъӕдыл ӕрцауындзын. Уыцы хъӕдтӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ дӕргъ уыд 61 метры. Фыццаг сын нӕ рауад. Фӕлӕ Йегъовӕйыл сӕ ныфс сӕвӕрдтой, ӕмӕ сын ӕппынфӕстаг бантыст. Ӕфсымӕр Ка́лвин Про́ссер, уый дӕр уыцы хъуыддагӕн ӕххуыс кодта, афтӕ загъта: «Зӕгъгӕ нын уайтагъд рауад, уӕд нӕхицӕй ныббуц уыдаиккам». Бӕрӕг у, ӕфсымӕртӕ кӕй ӕмбӕрстой, уый Йегъовӕйы фӕрцы кӕй бафтыд сӕ къухы. Фӕлӕ фӕстӕдӕр ӕндӕр цӕлхдуртыл дӕр сӕмбӕлдысты.

WBBR-ы антеннӕ цы хъӕдтыл ауыгъд уыд, уыдонӕй иу ӕвӕрынц

Радиостанцӕтӕ нырма гъеуӕд фӕзындысты, ӕмӕ афтӕ ӕнцон нӕ уыд уыцы куыстӕн аппаратурӕ ссарын. Гъемӕ ӕфсымӕртӕ кӕмӕйдӕр балхӕдтой, йӕ тых 500 ватты кӕмӕн уыд, ахӕм хиконд радиопередатчик. Уыцы адӕймаг дзы иуцасдӕр йӕхӕдӕг пайда кодта. Микрофон та ӕлхӕнгӕ нӕ бакодтой, фӕлӕ спайда кодтой ӕнӕуи телефоны микрофонӕй. Гъе ахӕм хуымӕтӕг аппаратурӕ скодтой сӕхӕдӕг. Гъемӕ февралы иу изӕр ӕфсымӕртӕ загътой, аппаратурӕ, дам, бафӕлварӕм. Хъуыди сӕ радиойӕ исты радзурын. Ӕмӕ сфӕнд кодтой Паддзахады зарджытӕ азарын. Ӕфсымӕр Э́рнест Лоу радзырдта, цы худӕджы хабар сыл ӕрцыд, уый. Куыд зарыдысты, афтӕ сӕм ӕфсымӕр Рутерфорд телефонӕй ӕрбадзырдта. Йӕхӕдӕг Бруклины уыд, иу-25 километры дарддӕр, ӕмӕ сын сӕ зарын радиойӕ хъуыста.

«Уӕ ниуын ныууадзут,– загъта ӕфсымӕр Рутерфорд.– Гӕдыты уаст цы кӕнут!» Ӕфсымӕртӕ иу гыццыл фефсӕрмы сты ӕмӕ уайтагъд сӕ радиопередатчик аххуысын кодтой. Фӕлӕ йӕ ныр зыдтой, сӕ радио йӕ куыст кӕнынмӕ цӕттӕ кӕй у.

1924 азы 24 февралы рацыд фыццаг передачӕ. Ӕмӕ ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы рӕстӕг радиостанцӕ снывонд кодта «Мессийӕйы паддзахады хъуыддагӕн». Загъта, радиостанцӕйӕн йӕ нысан кӕй у «цыфӕнды диныл хӕст адӕмӕн дӕр баххуыс кӕнын, цӕмӕй сӕм Библийы рухс бакӕла ӕмӕ, цы ахсджиаг рӕстӕджы цӕрӕм, уый бамбарой».

Галиуырдыгӕй: Ӕфсымӕр Рутерфорд фыццаг арӕзт студийы

Рахизырдыгӕй: Радиопередатчик ӕмӕ ӕндӕр аппаратурӕ

Нӕ фыццаг передачӕ иттӕг хорз ацыд. Ӕмӕ Йегъовӕйы организаци радиостанцӕйӕ WBBR пайда кодта 33 азы дӕргъы.

ДИНЫ РАЗАМОНДЖЫТӔН ХЪӔБАТЫРӔЙ СӔ АЗЫМ БАЦАМЫДТОЙ

1924 азы июлы Библииртасджытӕ ӕрӕмбырд сты конгрессы Колумбусы (штат Огайо). Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ ӕрцыдысты алы бӕстӕтӕй. Ӕмӕ раныхӕстӕм хъуыстой англисаг, араббаг, венгриаг, грекъаг, италиаг, литоваг, немыцаг, польшӕйаг, украинаг, уырыссаг ӕмӕ французаг ӕвзӕгтыл, стӕй ма скандинаваг ӕвзӕгтыл дӕр. Программӕйы кӕцыдӕр хӕйттӕм ма байхъусӕн уыд радиойӕ дӕр. Стӕй ма ӕфсымӕртӕ бынӕттон газетмӕ курдиат балӕвӕрдтой, цӕмӕй-иу уыцы газеты алы бон дӕр фыст ӕрцыдаид, конгрессы цы уыд, уый.

1924 азы конгресс Колумбусы (штат Огайо)

24 июлы, цыппӕрӕмы, конгресмӕ чи ’рбацыд, уыдонӕй 5 000 адӕймагӕй фылдӕр ацыдысты хъусын кӕнынмӕ. Апарахат кодтой 30 000 чиныджы бӕрц ӕмӕ райдыдтой мингай Библийы ахуыртӕ. «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд, зӕгъгӕ, уый уыд «конгрессы бонтӕн сӕ амондджындӕр бон».

Программӕйы ма уыди ноджыдӕр иу цымыдисаг хабар. 25 июлы, майрӕмбоны, ӕфсымӕр Рутерфорд йӕ раныхасы рӕстӕг бакаст иу документ, сауджынты цы хъуыддаджы азымджын кӕнынц, уый фӕдыл. Уыцы документ фыст уыд юридикон документы хуызӕн. Ӕмӕ дзы цыди политикты, дины разамонджыты ӕмӕ коммерцийы разамонджыты кой, зӕгъгӕ, дам, «адӕмы хъыгдарынц рӕстдзинад базонын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй – адӕмы ӕнусон цардӕй кӕй фӕрцы схайджын кӕндзӕн, уыцы Паддзахады тыххӕй». Сӕ азым ма уый мидӕг уыд, ӕмӕ уыдысты Нациты Лигӕйы фарс ӕмӕ йӕ нымадтой, «Хуыцау разамынд кӕй уылты дӕтты, уыцы организацийыл». Ахӕм хабар фехъусын кӕнынӕн Библииртасджыты стыр хъӕбатырдзинад хъуыд.

Конгресс цы пайда ӕрхаста, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Колумбусы конгрессы ацы гыццыл ӕфсад, Хицауы ӕфсад, тынг бафидар... ӕмӕ сӕ ныр се знӕгты судзгӕ фаттӕ нал бауромдзысты». Ле́о Кла́ус, уый дӕр уыд конгрессы, афтӕ загъта: «Конгрессӕй цӕугӕйӕ нӕ зӕрдӕты зынг сыгъди. Тынг нӕ фӕндыд, конгрессы нын цы бакастысты, уый адӕмӕн тагъддӕр радзурын».

Буклет «Аргъуаны кусджытӕн сӕ азым»

Ӕфсымӕр Рутерфорд конгрессы цы хабар бакаст, уый ныммыхуыр кодтой буклеты, «Аргъуаны кусджытӕн сӕ азым», зӕгъгӕ. Ныммыхуыр дзы кодтой милуангай экземпляртӕ. Ӕмӕ йӕ октябры Библииртасджытӕ парахат кӕнын райдыдтой. Штат Оклахо́мӕйы, гыццыл горӕт Кли́вленды Фрэнк Джо́нсон йӕ участокы буклеттӕ парахат кодта. Ӕмӕ куы фӕци, уӕд ма йын 20 минуты баззад, цалынмӕ иннӕ хъусынгӕнджытимӕ нӕ фембӕлд, уӕдмӕ. Уынджы йын ӕнӕуи лӕууын тӕссаг уыди – горӕты нӕлгоймӕгтӕй йӕм чидӕртӕ смӕсты сты, кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йӕ фӕдыл зылдысты. Гъемӕ ӕфсымӕр Джонсон хӕстӕг аргъуаны бамбӕхст. Мидӕгӕй ничи разынд, ӕмӕ буклеттӕ ныууагъта сауджыны Библийы ӕмӕ алы бадӕн бынатыл дӕр. Стӕй аргъуанӕй тагъд-тагъд рацыд. Фӕлӕ ма йын уӕддӕр иу гыццыл рӕстӕг баззад. Ӕмӕ ма ноджыдӕр дыууӕ аргъуанмӕ бацыд ӕмӕ уым дӕр буклеттӕ ныууагъта.

Уый фӕстӕ Фрэнк азгъордта, иннӕ хъусынгӕнджытимӕ кӕм хъуамӕ фембӕлдаид, уыцы ранмӕ ӕмӕ уал автозаправкӕйы фӕстӕ амбӕхст. Ӕмӕ уырдыгӕй йӕ хъус дардта, чи йӕ агуырдта, уыцы нӕлгоймӕгтӕм. Уыдон йӕ рӕзты машинӕйыл ацыдысты, нӕ йӕ федтой, афтӕмӕй. Ӕмӕ куыддӕр аивгъуыдтой, афтӕ Фрэнкы ӕмбӕлттӕ фӕзындысты, уыдон дӕр уым кӕмдӕр хъусын кодтой. Фрэнк дӕр сӕ машинӕйы абадт ӕмӕ уырдыгӕй ацыдысты.

Фрэнк кӕимӕ уыд, уыдонӕй иу ӕфсымӕр радзырдта: «Горӕтӕй куы цыдыстӕм, уӕд уыцы ӕртӕ аргъуаны рӕзты фӕцӕйцыдыстӕм, ӕмӕ дзы алкӕцыйы раз дӕр лӕууыд иу-50 адӕймаджы. Чидӕртӕ сӕ буклет кастысты, чидӕртӕ та уыцы буклет сауджынӕн ӕвдыстой. Сӕ къухмӕ куы бахаудаиккам, уӕд нӕ хабар хорз нӕ уыдаид. Ӕмӕ Йегъовӕйӕ фӕбузныг стӕм, не знӕгтӕй нӕ кӕй бахъахъхъӕдта ӕмӕ нӕ бон кӕй баци буклет апарахат кӕнын».

ӔНДӔР БӔСТӔТЫ ДӔР УЫД ХЪӔБАТЫР ХЪУСЫНГӔНДЖЫТӔ

Юзеф Кретт

Ӕндӕр бӕстӕты дӕр Библииртасджытӕ хъӕбатырӕй хъусын кодтой. Францийы цӕгат хайы ӕфсымӕр Ю́зеф Кретт хъусын кодта Польшӕйӕ ӕрцӕуӕг шахтёртӕн. Иухатт ын бахӕс кодтой радзурын раныхас «Мӕрдтӕ тагъд райгас уыдзысты». Горӕты цӕрджытӕн хуынды гӕххӕттытӕ куы апарахат кодтой, уӕд бынӕттон сауджын, йӕ аргъуанмӕ чи цыд, уыдоны бафӕдзӕхста, цӕмӕй ма ацыдаиккой. Фӕлӕ йӕм нӕ байхъуыстой. Раныхасмӕ байхъусынмӕ ӕрбацыд 5 000 адӕймагӕй фылдӕр, ӕмӕ ма сауджын йӕхӕдӕг дӕр! Ӕфсымӕр Кретт сауджынӕн загъта, цӕмӕй рацыдаид ӕмӕ, цӕуыл ӕууӕнды, уый сӕрыл исты загътаид, фӕлӕ уый не сразы. Ӕфсымӕр Кретт, цыдӕриддӕр ӕм публикацитӕ уыд, уыдон иууылдӕр апарахат кодта, уымӕн ӕмӕ йӕ уыдта, адӕмы тынг кӕй фӕнды Хуыцауы Ныхасы тыххӕй фылдӕр базонын (Амос 8:11).

Клод Браун

Африкӕйы иу ӕфсымӕр, Клод Браун, зӕгъгӕ, хорз хабар фӕхӕццӕ кодта Сызгъӕрин Былгӕронмӕ (ныртӕккӕ хуыйны Ганӕ). Йӕ раныхӕсты фӕрцы ӕмӕ, цы литературӕ апарахат кодта, уый фӕрцы хорз хабар уыцы бӕстӕйы цыбыр рӕстӕгмӕ апарахат. Иу нӕлгоймаг, Джон Бла́нксон, ӕфсымӕр Брауны раныхӕстӕй иумӕ ӕрбацыд. Уыцы рӕстӕг фармацевтыл ахуыр кодта. Ӕмӕ йӕ уайтагъд бамбӕрста, рӕстдзинад кӕй ссардта. «Рӕстдзинады фӕрцы мӕ зӕрдӕмӕ рухс ӕрбакалд,– загъта Джон.– Ӕмӕ, кӕм ахуыр кодтон, уым ныфсджынӕй хорз хабар дзырдтон».

Джон Бланксон

Иу бон Джон бацыд англикайнаг аргъуанмӕ, цӕмӕй сауджыны Троицӕйы тыххӕй ӕрфӕрстытӕ кодтаид. Джон уӕдмӕ бамбӕрста, уый мӕнг ахуырад кӕй у. Фӕлӕ йыл сауджын схъӕртӕ кодта: «Ды чырыстон нӕ дӕ, ды Хӕйрӕгӕй дӕ! Цӕугӕ кӕн ардыгӕй!» Ӕмӕ йӕ атардта.

Джон сӕхимӕ куы ’рбацыд, уӕд сауджынмӕ писмо ныффыста, зӕгъгӕ, дам, адӕмы раз фембӕлӕм ӕмӕ Троицӕйы ахуырады сӕрыл исты зӕгъ. Фӕлӕ йӕ сауджын хистӕр ахуыргӕнӕджы къабинетмӕ ӕрбацӕуын кодта. Ӕмӕ ахуыргӕнӕг Джоны бафарста, ӕцӕгдӕр, дам, ныффыстай сауджынмӕ.

«О, ныффыстон, сэр»,– дзуапп радта Джон.

Ахуыргӕнӕг Джонӕй ӕрдомдта, цӕмӕй сауджынмӕ ногӕй ныффыстаид ӕмӕ дзы хатыр ракуырдтаид.

Гъемӕ Джон дӕр фыссын райдыдта: «Сэр, мӕ ахуыргӕнӕг мын загъта, цӕмӕй дӕ хатыр ракурон. Ӕмӕ дӕ ракурдзынӕн хатыр, кӕд, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй амоныс, ууыл басӕттай, уӕд».

Ахуыргӕнӕг ӕй дисгӕнгӕ бафарста: «Бланксон, ӕцӕгдӕр ӕм ахӕм писмо арвитинаг дӕ?»

«О, сэр. Ӕндӕр ӕм мӕ бон ницы у ныффыссын».

«Скъолайӕ дӕ атӕрдзысты. Афтӕ дӕм кӕсы, ӕмӕ паддзахадон аргъуаны сауджыны ныхмӕ куы дзурай, уӕд ма дӕ бон паддзахадон скъолайы ахуыр кӕнын уыдзӕн?»

«Омӕ, сэр, уроктӕ нын куы фӕуадзыс ӕмӕ исты куы нӕ бамбарӕм, уӕд дӕм фарстатӕ нӕ фӕдӕттӕм?»

«Ай-гъайдӕр, фӕдӕттут».

«Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ рауад, сэр. Уыцы нӕлгоймаг нын Библийы фыст хабӕрттӕ амыдта, ӕмӕ йӕ цӕмӕйдӕр бафарстон. Ӕмӕ кӕд йӕ бон нӕу фарстайӕн дзуапп раттын, уӕд дзы хатыр цӕмӕн хъуамӕ курон?»

Гъемӕ Бланксоны скъолайӕ нӕ ратардтой. Ӕмӕ йӕ хатыр курын дӕр нӕ бахъуыд.

ТЫРНЫДТОЙ ФЫЛДӔР КУЫСТМӔ

1924 азы хъусынгӕнджытӕн цы бантыст, уый тыххӕй «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Махӕн нӕ бон у фидарӕй зӕгъын Давиды ныхӕстӕ: „Ды мын тохы бонмӕ мӕ астӕу хъаруйӕ ӕрбалвасдзынӕ“ (Псалом 18:39). Ацы аз нӕ уырнындзинад тынг бафидар, уымӕн ӕмӕ уыдтам нӕ Хицауы къух. Хицауӕн нывондгонд чи у, уыдон адӕмӕн цингӕнгӕйӕ хъусын кодтой».

Уыцы азы кӕрон ӕфсымӕртӕ спълан кодтой ноджыдӕр ма иу радиостанцӕ саразын. Сарӕзтой йӕ Чикагомӕ хӕстӕг. Ӕмӕ йӕ куыст райдыдта. Ацы ног станцӕ схуыдтой WORD, нысан кӕны «ныхас». Уыцы ном ыл хорз фидыдта, уымӕн ӕмӕ радиойӕ хъусын кодтой Хуыцауы Ныхас. Пайда кодтой, йӕ тых 5 000 ватты кӕмӕн уыд, ахӕм радиопередатчикӕй. Ӕмӕ Паддзахады хабар радиойӕ фӕхӕццӕ ноджы дарддӕр, суанг Канадӕмӕ дӕр.

Иннӕ аз та, 1925 азы, рӕстдзинады рухс ноджы тынгдӕр ӕрбакалд. Библииртасджытӕ фӕбӕлвырддӕр кодтой Раргомады 12-ӕм сӕры фыст хабӕрттӕ. Кӕмӕндӕрты уый сси цӕлхдур. Фӕлӕ бирӕтӕ та цин бакодтой, уӕлӕрвты цы ’рцыд, уый хуыздӕр кӕй бамбӕрстой ӕмӕ уый зӕххыл Хуыцауы адӕмыл хуыздӕрырдӕм кӕй фӕзындзӕн, ууыл.

a Ныртӕккӕ уый у «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад».