Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Зыдтай йӕ?

Зыдтай йӕ?

Израилӕгты царды музыкӕ цавӕр бынат ахста?

РАГОН Израилы культурӕйы музыкӕ ахсджиаг бынат ахста. Библийы бирӕ рӕтты ис фыст, чидӕртӕ-иу музыкалон инструменттыл кӕй цагътой ӕмӕ кӕй зарыдысты. Библийӕн йӕ 10-ӕм хайы бӕрц сты зарджытӕ. Уыдонӕй ӕппӕты зындгонддӕр сты Псаломты чиныг, Соломоны зарӕг ӕмӕ Йеремийы хъарӕг. Иу чиныджы фыст ис: «Библийӕ бӕрӕг у, израилӕгтӕн сӕ царды бирӕ хъуыддӕгтӕ музыкӕимӕ баст кӕй уыдысты» (Music in Biblical Life).

Музыкӕ ӕрвылбоны царды. Израилӕгтӕ-иу музыкӕйы фӕрцы ӕвдыстой се ’нкъарӕнтӕ (Ис. 30:29). Сылгоймӕгтӕ-иу далатыл цагътой, зарыдысты ӕмӕ-иу кафыдысты, ног паддзах-иу куы сӕвӕрдтой кӕнӕ-иу се знӕгтыл куы фӕуӕлахиз сты, уӕд ӕмӕ бӕрӕгбӕтты рӕстӕг (Тӕрх. 11:34; 1 Сам. 18:6, 7; 1 Пад. 1:39, 40). Исчи-иу куы амард, уӕд та-иу зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ кодтой (2 Аз. 35:25). Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «дзуттӕгтӕ музыкӕ тынг уарзтой» (McClintock and Strong’s Cyclopedia).

Музыкӕ паддзахы галуаны. Израилы паддзӕхтӕ музыкӕмӕ хъусын уарзтой. Паддзах Саул Давиды йӕ галуанмӕ ӕрбакӕнын кодта, цӕмӕй йын дыууадӕстӕнон фӕндырыл цагътаид (1 Сам. 16:18, 23). Давид йӕхӕдӕг паддзах куы сси, уӕд арӕзта музыкалон инструменттӕ, фыста рӕсугъд зарджытӕ ӕмӕ оркестр скодта. Фӕстӕдӕр уыцы оркестр цагъта Йегъовӕйы кувӕндоны (2 Аз. 7:6; Амос 6:5). Паддзах Соломоны галуаны дӕр уыди зарӕггӕнджытӕ – нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ (Еккл. 2:8).

Музыкӕ израилӕгты лӕггады. Музыкӕ ахсджиаг бынат ахста израилӕгтӕн сӕ лӕггады. Иерусалимы кувӕндоны уыди, музыкалон инструменттыл чи цагъта, 4 000 ахӕм нӕлгоймаджы (1 Аз. 23:5). Уыдон цагътой ӕрхуы тӕбӕгътыл, уадындзтыл, дыууадӕстӕнон фӕндыртыл ӕмӕ ӕндӕр хъисын инструменттыл (2 Аз. 5:12). Фӕлӕ ӕрмӕст уыдон нӕ кадджын кодтой Йегъовӕйы музыкӕйӕ. Алы аз дӕр-иу Иерусалиммӕ бӕрӕгбӕттӕм цӕугӕйӕ израилӕгтӕй бирӕтӕ зарыдысты Псаломтӕ 120–134. Дзуттаг раввинты фыстыты куыд фыст ис, афтӕмӕй-иу Куадзӕны ӕхсӕвӕры рӕстӕг та израилӕгтӕ зарыдысты псаломтӕ Халлел a.

Музыкӕ Хуыцауы адӕмӕн абон дӕр тынг ахсджиаг у (Иак. 5:13). Зарджытӕ хауынц нӕ лӕггадмӕ (Еф. 5:19). Музыкӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ ӕнгомдӕр кӕны (Кол. 3:16). Ӕмӕ нӕ зындзинӕдты рӕстӕг бафидар кӕны (Хъуыд. 16:25). Куыд хорз у, музыкӕ нын кӕй ис, уый! Йӕ фӕрцы нӕ бон у ӕвдисын, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм ӕмӕ йӕ кӕй уарзӕм.

a Дзуттӕгтӕ афтӕ хуыдтой Псаломтӕ 113–118 ӕмӕ-иу сӕ зарыдысты Йегъовӕйы кадӕн.