Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИОГРАФИ

Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ амондджын дӕн

Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ амондджын дӕн

1951 азы ӕрцыдтӕн Руэ́нмӕ. Уый у гыццыл горӕт Канадӕйы, провинци Квебе́кы. Ӕфсымӕртӕ мын цы адрис радтой, уырдӕм ӕрбацыдтӕн ӕмӕ дуар бахостон. Ракасти мӕм иу нӕлгоймаг. Уый уыд Марсе́ль Фильто́. Марсель фӕци Галаады скъола, цыди йыл 23 азы a. Мӕныл та уӕд цыди 16 азы. Марсель уыд тынг бӕрзонд, хӕрдмӕ йӕм кастӕн. Радтон ӕм, цы писмо мӕм уыд, уый. Фыст дзы уыди, Руэнмӕ мӕ пионерӕй кӕй снысан кодтой. Марсель ӕй бакаст ӕмӕ мӕ бафарста: «Ам кӕй дӕ, уый дӕ мад зоны?»

НӔ БИНОНТӔ

Мӕ ныййарджытӕ Швейцарийӕ Канадӕмӕ ӕрлыгъдысты ӕмӕ ӕрцардысты горӕт Ти́мминсы (провинци Онта́рио). Уый уыд шахтерты горӕт. Ӕз райгуырдтӕн 1934 азы. Иу-1939 азы мӕ мад райдыдта журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» кӕсын ӕмӕ ӕмбырдтӕм цӕуын. Мах уыдыстӕм авд сывӕллоны, ӕмӕ-иу нӕ йемӕ акодта. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ донаргъуыд райста.

Мӕ фыды зӕрдӕмӕ нӕ цыди, мӕ мад Йегъовӕйы Ӕвдисӕн кӕй сси, уый. Фӕлӕ мӕ мад рӕстдзинад уарзта ӕмӕ Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ ницӕй тыххӕй сивтаид. 1940 азты райдианы Канадӕйы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг ӕхгӕд ӕрцыд. Фӕлӕ уыцы рӕстӕг дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кодта. Кӕд-иу ӕй мӕ фыд ныхасӕй ӕфхӕрдта, уӕддӕр ӕй мӕ мад нымадта, ӕмӕ йӕм иу тызмӕг ныхас дӕр никуы скодта. Нӕ мадмӕ кӕсгӕйӕ мах дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Фӕстӕдӕр мӕ фыды зӕрдӕ фӕфӕлмӕндӕр, ӕмӕ тынг аивта.

РАЙДЫДТОН ӔХХӔСТРӔСТӔГ ЛӔГГАД КӔНЫН

1950 азы августы Нью-Йорчы уыд конгресс «Теократи размӕ цӕуы». Уым базонгӕ дӕн бирӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ алы бӕстӕтӕй. Ӕмӕ, Галаады скъола чи фӕци, уыдоны интервьютӕм куы байхъуыстон, уӕд мӕ зӕрдӕйы зынг ссыгъд ӕмӕ мӕ бафӕндыд ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Хӕдзармӕ куы ӕрыздӕхтӕн, уӕд байдзаг кодтон курдиат пионерӕй лӕггад кӕныны тыххӕй. Канадӕйы филиалӕй мӕм дзуапп ӕрбарвыстой, зӕгъгӕ, дам, уал фыццаг донаргъуыд райс. Гъемӕ 1950 азы 1 октябры донаргъуыд райстон. Иу мӕйы фӕстӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын, ӕмӕ мӕ снысан кодтой Капуске́йсингмӕ. Уыцы горӕт уыди, кӕм цардтӕн, уырдыгӕй цалдӕр сӕдӕ километры дарддӕр.

Лӕггад кӕнын Квебекы

1951 азы уалдзӕджы филиал фехъусын кодта, зӕгъгӕ, хорз уаид, французаг ӕвзаг чи зоны, уыдон Квебекмӕ хъусын кӕнынмӕ куы ацӕуиккой, уымӕн ӕмӕ дзы хъусынгӕнджытӕ нӕ фаг кодта. Ӕз мӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ французагау дӕр дзырдтон ӕмӕ англисагау дӕр. Гъемӕ загътон, зӕгъын, мӕ бон у ацӕуын. Снысан мӕ кодтой Руэнмӕ, райдианы кӕй кой кодтон, уыцы горӕтмӕ. Ӕппындӕр дзы никӕй зыдтон. Уыди мӕм ӕрмӕстдӕр ӕфсымӕры адрис. Фӕлӕ алцыдӕр хорз рауад. Марселимӕ хорз ӕмбӕлттӕ систӕм. Квебекы лӕггад кӕнын мӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Фӕлӕггад дзы кодтон цыппар азы. Фӕстагмӕ ма мӕ сӕрмагонд пионерӕй дӕр снысан кодтой.

ГАЛААДЫ СКЪОЛА ФӔДӔН, СТӔЙ МӔ БИРӔ ӔНХЪӔЛМӔ КӔСЫН БАХЪУЫД

Квебекы куы лӕггад кодтон, уӕд мӕ фӕхуыдтой Галаады скъолайы 26 къласмӕ. Мӕ цинӕн кӕрон нӕ уыд. Ахуыр кодтам Са́ут-Ла́нсингы (штат Нью-Йорк). 1956 азы 12 февралы Галаады скъола фӕдӕн, ӕмӕ мӕ снысан кодтой Ныгуылӕн Африкӕмӕ, ныр Ганӕ чи хуыйны, уыцы бӕстӕмӕ b. Фӕлӕ мӕ фыццаг хъуыди цалдӕр къуыримӕ Канадӕмӕ ацӕуын, цӕмӕй мӕ документты кой бакодтаин. Фӕлӕ цалдӕр къуырийы авд мӕйы рауадысты.

Уыцы рӕстӕг цардтӕн Торо́нтойы. Суазӕг мӕ кодтой Крипсты бинонтӕ. Сӕ чызг Ше́йлӕимӕ кӕрӕдзийы бауарзтам. Цасдӕры фӕстӕ йын зӕгъинаг уыдтӕн, нӕ цард баиу кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ уӕдмӕ мӕ визӕ сцӕттӕ. Шейлӕимӕ Йегъовӕмӕ скуывтам ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, Африкӕмӕ кӕй ацӕудзынӕн. Баныхас кодтам, нӕ цард фӕстӕдӕр кӕй баиу кӕндзыстӕм, уӕдмӕ та уал кӕрӕдзимӕ кӕй фысдзыстӕм. Ахӕм уынаффӕ рахӕссын ӕнцон нӕ уыд. Фӕлӕ фӕстӕдӕр бамбӕрстам, раст кӕй бакодтам.

Африкӕмӕ фӕцыдтӕн ӕнӕхъӕн мӕй: кӕм поездыл, кӕм уӕзласӕн науыл, кӕм та хӕдтӕхӕгыл. Ӕппынфӕстаг ӕрхӕццӕ дӕн А́ккрӕмӕ (Ганӕ). Уым мӕ снысан кодтой облӕстон цӕстдарӕгӕй. Мӕ территоримӕ хаудысты Ганӕ, Пылыстӕджы былгӕрон (ныр Кот-д’Ивуа́р) ӕмӕ Тоголе́нд (ныр То́го). Иу ранӕй иннӕ ранмӕ арӕхдӕр цыдтӕн иунӕгӕй, филиал мын цы джип радта, ууыл. Уый диссаджы рӕстӕг уыд, никуы йӕ ферох кӕндзынӕн!

Сабаты ӕмӕ-иу хуыцаубоны уыдтӕн районон конгрессты. Конгрессты залтӕ нын нӕ уыд. Гъемӕ-иу ӕфсымӕртӕ бамбукы хъӕдтӕй ӕмӕ пальмӕйы къалиутӕй навес скодтой, цӕмӕй-иу адӕм аууоны бадтаиккой. Холодильниктӕ нӕм нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ-иу, конгресс кӕм уыд, уырдӕм хӕстӕг ӕфсымӕртӕ фос дардтой, цӕмӕй-иу сӕ аргӕвстаиккой ӕмӕ-иу делегаттӕн хӕринаг скодтаиккой.

Уыцы конгрессты-иу худӕг хабӕрттӕ дӕр ӕрцыд. Иухатт иу миссионер Херб Дже́ннингс раныхас дзырдта c. Ӕмӕ дын ӕвиппайды сценӕйы размӕ уӕныг куы ралидзид. Херб йӕ ныхас баурӕдта. Уӕныг та дыууӕрдӕм ралидз-балидз систа. Фӕлӕ йӕ фидӕрттӕ арӕзт цыппар ӕфсымӕры ӕрцахстой ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ йӕ бынаты бакодтой. Бӕстӕ къухӕмдзӕгъдӕй байдзаг.

Къуырийы иннӕ бонты та-иу сыхаг хъӕуты цӕрджытӕн ӕвдыстон киноныв «Ног дунейы чи цӕры, уыцы адӕм». Дыууӕ цӕджындзмӕ кӕнӕ-иу дыууӕ бӕласмӕ урс хъуымац бабастон, ӕмӕ-иу проектор скусын кодтон. Адӕмӕн киноныв сӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд. Бирӕтӕ сӕ киномӕ фыццаг хатт кастысты. Адӕм донаргъуыд куыд исынц, уый-иу куы федтой, уӕд-иу ӕмдзӕгъд кӕнын райдыдтой. Уыцы кинонывы фӕрцы-иу бамбӕрстой, ӕппӕтдунеон организаци кӕй стӕм, ӕмӕ не ’хсӕн иудзинад кӕй ис.

Нӕ чындзӕхсӕвы бон. Ганӕ, 1959 аз

Африкӕйы фӕлӕггад кодтон дыууӕ азы бӕрц. 1958 азы ацыдтӕн ӕхсӕнадӕмон конгрессмӕ Нью-Йоркмӕ. Шейлӕ дӕр уырдӕм ӕрцыд. Кӕрӕдзийыл тынг фӕцин кодтам. Уыцы рӕстӕг Шейлӕ лӕггад кодта сӕрмагонд пионерӕй Квебекы. Кӕрӕдзимӕ писмотӕ фыстам, фӕлӕ ныр куы фембӕлдыстӕм, уӕд ын загътон, зӕгъын, нӕ цард баиу кӕнӕм. Гъемӕ сразы. Ӕз ныффыстон ӕфсымӕр Норрмӕ ӕмӕ йӕ бафарстон, зӕгъын, уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Шейлӕйы Галаады скъоламӕ фӕхоной ӕмӕ стӕй мемӕ Африкӕйы лӕггад кӕна d. Уый сразы. Галаады скъолайы фӕстӕ Шейлӕ Ганӕмӕ ӕрцыд, ӕмӕ 1959 азы 3 октябры Аккрӕйы нӕ цард баиу кодтам. Ӕмбӕрстам ӕй, Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кодта, царды нын фыццаг бынаты кӕй уыд, уый тыххӕй.

ЛӔГГАД КӔНӔМ КАМЕРУНЫ

Лӕггад кӕнын Камеруны филиалы

1961 азы нӕ снысан кодтой Камеру́нмӕ. Хъуамӕ дзы ног филиал байгом уыдаид. Ӕмӕ мын загътой, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы баххуыс кодтаин. Куыст уыд хъуырмӕ. Снысан мӕ кодтой филиалы цӕстдарӕгӕй ӕмӕ хъуамӕ бирӕ цӕуылдӕрты сахуыр уыдаин. 1965 азы Шейлӕимӕ базыдтам, сывӕллон нын кӕй уыдзӕн. Раст зӕгъгӕйӕ, уымӕ цӕттӕ нӕ уыдыстӕм. Фӕлӕ фӕстӕдӕр цин кӕнын райдыдтам. Ӕмӕ хъуыды кодтам фӕстӕмӕ Канадӕмӕ ацӕуыныл. Фӕлӕ ныл уыцы рӕстӕг уӕззау хабар ӕрцыд.

Шейлӕ февзӕр, ӕмӕ сывӕллон йӕ гуыбыны амард. Дохтыр нын загъта, лӕппу кӕй уыд. Уымӕй 50 азӕй фылдӕр рацыд, фӕлӕ нӕ уыцы хабар никуы ферох. Тынг маст кодтам. Фӕлӕ уӕддӕр фӕсарӕнты баззадыстӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ лӕггад нӕ зӕрдӕмӕ тынг цыд.

Шейлӕимӕ Камеруны, 1965 аз

Хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Камеруны ӕфхӕрд ӕййӕфтой, политикӕйы кӕй нӕ архайдтой, уый тыххӕй. Президенты ӕвзӕрстытӕ-иу куы уыд, уӕд та-иу уавӕр ноджы фыддӕр фӕци. Хъыгагӕн, ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕй тарстыстӕм, уый ӕрцыд – 1970 азы 13 майы Камеруны Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты хъуыддаг сӕхгӕдтой. Нӕ рӕсугъд филиалы фондз мӕйы йеддӕмӕ нӕма уыдыстӕм, афтӕ нын ӕй хицауад байста. Хицауад миссионертӕн радта иу къуыри, цӕмӕй бӕстӕйӕ ацыдаиккой. Шейлӕимӕ нын зын уыди хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты ныууадзын, уымӕн ӕмӕ сӕ тынг уарзтам. Ӕмӕ мӕт кодтам, куыд уыдзысты, ууыл.

Камерунӕй куы рацыдыстӕм, уӕд ӕхсӕз мӕйы фестӕм Францийы филиалы. Уым дӕр, мӕ бон цы уыд, уый арӕзтон, цӕмӕй Камеруны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕххуыс кодтаин. Декабры нӕ снысан кодтой Нигерийы филиалмӕ. Уыцы филиал йӕ хъус дарын райдыдта Камеруны нӕ хъуыддаг куыд цӕуы, уымӕ. Хотӕ ӕмӕ ныл ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой. Уыцы ран фӕлӕггад кодтам цалдӕр азы.

УЫНАФФӔ РАХӔССЫН НЫН АФТӔ ЗЫН НИКУЫ УЫД

1973 азы нӕ хъуыди уынаффӕ рахӕссын. Уый нын уӕдӕй зындӕр никуы уыди. Шейлӕ цасдӕр рӕстӕг низтӕй хъӕрзыдта. Нью-Йорчы конгрессы куы уыдыстӕм, уӕд скуыдта ӕмӕ мын загъта: «Мӕ бон нал у! Ӕдзух фӕллад ӕмӕ рынчын вӕййын». Ныгуылӕн Африкӕйы иумӕ фӕлӕггад кодтам 14 азӕй фылдӕр. Афтӕ иузӕрдион кӕй уыд, уый тыххӕй дзы тынг сӕрыстыр уыдтӕн. Фӕлӕ нӕ ныр хъуыди цыдӕртӕ фӕивын. Бирӕ фӕхъуды кодтам, ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕкуывтам. Ӕмӕ аскъуыддзаг кодтам, фӕстӕмӕ Канадӕмӕ кӕй аздӕхдзыстӕм. Уым ын ӕнцондӕр уыдаид йӕхи дзӕбӕх кӕнын. Тынг зын нын уыд Африкӕйӕ ацӕуын ӕмӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад ныууадзын. Уынаффӕ рахӕссын нын уӕд куыд зын уыди, афтӕ никуы.

Канадӕмӕ куы ’рцыдтӕн, уӕд Торонтомӕ хӕстӕг куыст ссардтон. Мӕ рагон ӕмбӕлттӕй иу машинӕтӕ уӕй кодта, ӕмӕ ӕз дӕр йемӕ кусын райдыдтон. Шейлӕимӕ квартирӕ баххуырстам, кӕмӕйдӕр зӕронд мебель балхӕдтам, ӕмӕ нӕ уымӕ гӕсгӕ хӕстӕ исын нӕ бахъуыд. Фӕндыди нӕ хуымӕтӕг цард кӕнын, уымӕн ӕмӕ нӕ ныфс уыд, иу бон та нӕ бон ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй суыдзӕн. Ӕмӕ уыцы бон ралӕууыд, ӕнхъӕл кӕд уыдыстӕм, уымӕй раздӕр.

Но́рвалы (провинци Онтарио) аразын райдыдтой ног конгрессты зал, ӕмӕ-иу алы сабаты дӕр уым ӕххуыс кодтон. Фӕстӕдӕр мын ӕфсымӕртӕ загътой, цӕмӕй конгрессты залы цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын райдыдтаин. Уӕдмӕ Шейлӕ фӕсӕрӕндӕр, ӕмӕ сразы стӕм. Конгрессты залмӕ цӕрынмӕ ацыдыстӕм 1974 азы июны. Тынг цин кодтам, ногӕй та ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын кӕй райдыдтам, ууыл!

Шейлӕйӕн йе ’нӕниздзинад хуыздӕрӕй-хуыздӕр кодта. Ӕмӕ дыууӕ азы фӕстӕ мӕ бон баци районон цӕстдарӕгӕй лӕггад кӕнын. Нӕ район уыди Манито́бӕйы. Уыцы провинци зындгонд у йӕ хъызт зымӕджытӕй. Фӕлӕ нӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ сӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавтой. Мах бамбӕрстам иу хъуыддаг: кӕм лӕггад кӕнӕм, уый ахсджиаг нӕу. Ахсджиаг у, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнӕм, кӕмфӕнды ма уӕм, уӕддӕр.

АХСДЖИАГ ЦӔУЫЛДӔР САХУЫР ДӔН

Цалдӕр азы дӕргъы ӕмбырдтӕ бӕрӕг кодтам. Ӕмӕ нӕ стӕй 1978 азы фӕхуыдтой Канадӕйы Вефилмӕ. Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ахсджиаг цӕуылдӕр сахуыр дӕн, кӕд, цы ’рцыд, уый мын фыццаг ӕхсызгон нӕ уыд, уӕддӕр. Бахӕс мын кодтой, цӕмӕй сӕрмагонд фембӕлды Монреа́лы французаг ӕвзагыл раныхас радзырдтаин. Уыцы раныхас уыди сахат ӕмӕ ’рдӕг. Хъыгагӕн, хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн мӕ раныхасмӕ хъусын зын уыди. Ӕмӕ мын уацамындӕн дзуапдӕттӕг хайадӕй иу ӕфсымӕр уынаффӕ радта. Ныр ӕй ӕмбарын, раныхӕстӕ дзурынмӕ бынтон дӕсны кӕй нӕ дӕн, фӕлӕ мӕм уӕд йӕ уынаффӕ хъыг фӕкаст, ӕмӕ фӕбыцӕу стӕм. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ ӕгӕр фауы, иу ӕппӕлӕн ныхас дӕр мын нӕ загъта. Мӕ рӕдыд уый мидӕг уыд, ӕмӕ уынаффӕмӕ нӕ байхъуыстон, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд чи мын ӕй радта ӕмӕ мын ӕй куыд радта, уый.

Ахсджиаг цӕуылдӕр сахуыр дӕн, французаг ӕвзагыл мын раныхас куы уыди, уый фӕстӕ

Цалдӕр боны фӕстӕ филиалы комитетӕй иу ӕфсымӕр мемӕ аныхас кодта. Бамбӕрстон, уынаффӕмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ ракастӕн, ӕмӕ загътон, кӕй фӕсмон кӕнын. Уый фӕстӕ, мӕ раныхасы фӕдыл мын уынаффӕ чи радта, уыцы ’фсымӕримӕ аныхас кодтон. Хатыр дзы ракуырдтон, ӕмӕ мын уый дӕр зӕрдиагӕй ныххатыр кодта. Уыцы хабар никуы ферох кӕндзынӕн. Уый фӕрцы бамбӕрстон, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сӕрныллӕг уон (Ӕмб. 16:18). Йегъовӕмӕ уый тыххӕй бирӕ фӕкуывтон. Ӕмӕ мӕхицӕн загътон, исчи мын уынаффӕ куы ратта, уӕд-иу ӕм кӕй байхъусдзынӕн.

Ныр Канадӕйы Вефилы лӕггад кӕнын 40 азӕй фылдӕр. 1985 азӕй лӕггад кӕнын филиалы комитеты. Хъыгагӕн, 2021 азы февралы мӕ зынаргъ Шейлӕ фӕзиан. Ӕнӕ Шейлӕйӕ мын тынг зын у, уымӕй уӕлдай ма ме ’нӕниздзинад дӕр сӕ хӕрзтӕй нӕу. Фӕлӕ ӕз тынг амондджын дӕн, уымӕн ӕмӕ мын Йегъовӕ мӕ бар бирӕ хъуыддӕгтӕ бакодта. Ӕмӕ мӕ не ’вдӕлы, «цард куыд тагъд тӕхы», ууыл хъуыды кӕнынмӕ (Еккл. 5:20). Кӕд бирӕ зындзинӕдтӕ федтон, уӕддӕр мыл хорз хабӕрттӕ бирӕ фылдӕр ӕрцыди. Ӕз ӕппындӕр нӕ фӕсмон кӕнын, Йегъовӕ алы хатт дӕр мӕ царды фыццаг бынаты кӕй уыд. Ӕмӕ ныр 70 азы дӕргъы ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнын. Фӕкувын, цӕмӕй не ’рыгон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр Йегъовӕ царды фыццаг бынаты уа. Мӕхицӕй йӕ зонын, адӕймаг Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, ӕрмӕстдӕр уӕд кӕй уыдзӕн амондджын, цардӕй райгонд ӕмӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕфсӕст.

a Марсель Фильтойы биографи «Иегова мне прибежище и сила» бакӕсӕн ис 2000 азы 1 февралы «Сторожевая башня»-йы.

b 1957 азы онг Африкӕйы ацы хай уыди Британийы колони ӕмӕ хуынди Сызгъӕрин былгӕрон.

c Херберт Дженнингсы биографи «Вы не знаете, что будет с вашей жизнью завтра» бакӕсӕн ис 2000 азы 1 декабры «Сторожевая башня»-йы.

d Уыцы рӕстӕг Нейтан Норр разамынд лӕвӕрдта, нӕ организаци цы куыст кӕны, уымӕн.