Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

38 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

25 ЗАРӔГ Хуыцауӕн уӕлдай зынаргъ адӕм

Йесо нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ хъусӕм?

Йесо нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ хъусӕм?

«Сӕ иуы дзы ракӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты» (МАТФ. 24:40).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йесо цы ӕртӕ фӕсномыг ныхасы радзырдта, уыдон куыд баст сты, ацы цардӕвӕрды кӕрон адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уыцы рӕстӕгимӕ.

1. Йесо тагъд цы сараздзӕн?

 МАХ цӕрӕм диссаджы рӕстӕджы! Тагъд Йесо алы адӕймагӕн дӕр тӕрхон кӕндзӕн. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, адӕмӕн куы тӕрхон кӕна ӕмӕ «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» куы ’рцӕуа, уый хӕдразмӕ цы хабӕрттӕ цӕудзӕн, уый тыххӕй (Матф. 24:3). Йесойы пехуымпарад фыст ис Матфейы 24-ӕм ӕмӕ 25-ӕм сӕрты, Марчы 13-ӕм сӕры ӕмӕ Лукайы 21-ӕм сӕры.

2. Ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм ӕмӕ нын уый зонын ахсджиаг цӕмӕн у?

2 Йесо ӕртӕ фӕсномыг ныхасы фӕрцы бамбарын кодта, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй цӕттӕ уӕм. Уыдон сты фӕсномыг ныхӕстӕ фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй, зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй. Уыдонӕй бӕрӕг у, Йесо адӕмӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм уыцы фӕсномыг ныхӕстыл ӕмӕ сӕ нӕ бон зондӕн райсын цы у, ууыл. Райдайдзыстӕм фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй.

ФЫСТӔ ӔМӔ СӔГЪТӔ

3. Йесо адӕмӕн кӕд тӕрхон кӕндзӕн?

3 Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасы Йесо загъта, адӕмӕн кӕй тӕрхон кӕндзӕн, хорз хабармӕ цы цӕстӕй кастысты ӕмӕ йын йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ӕххуыс кодтой ӕви нӕ, уымӕ гӕсгӕ (Матф. 25:31–46). Адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг, Армагеддоны хӕдразмӕ (Матф. 24:21). Фыййау фысты сӕгътӕй куыд ахицӕн кӕны, афтӕ Йесо дӕр, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн ын чи ӕххуыс кодта, уыдоны ахицӕн кӕндзӕн, чи сын не ’ххуыс кодта, уыдонӕй.

4. Фидарӕй нӕ цӕмӕн уырны, Йесо адӕмӕн раст тӕрхон кӕй кӕндзӕн? (Исай 11:3, 4). (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Исайы пехуымпарадӕй бӕрӕг у, Йесойы тӕрхонгӕнӕгӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта ӕмӕ раст тӕрхон кӕй кӕндзӕн. (Бакӕс Исайы 11:3, 4.) Йесо ныртӕккӕ йӕ хъус дары, адӕм цы аразынц, цӕуыл хъуыды кӕнынц, цы дзурынц ӕмӕ йын йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕм цы цӕстӕй кӕсынц, уымӕ (Матф. 12:36, 37; 25:40). Ӕмӕ тӕрхоны рӕстӕг зондзӕн, йӕ сӕрст ӕфсымӕртӕн ын чи ӕххуыс кодта, уый a. Кӕй сын ӕххуыс кӕнӕм, уый сӕйраджыдӕр бӕрӕг уыдзӕн, хъусын кӕныны хъуыддаджы куы архайӕм, уымӕй. Афтӕ чи кӕны, уыдон «рӕстгӕнджытыл» нымад ӕрцӕудзысты, ӕмӕ сын фӕзындзӕн зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны фадат (Матф. 25:46; Рарг. 7:16, 17). Цы диссаджы хӕрзиуӕг сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы! Стыр бӕллӕхы рӕстӕг ӕмӕ уый фӕстӕ дӕр иузӕрдион куы уой, уӕд сӕ нӕмттӕ «царды чиныджы» баззайдзысты (Рарг. 20:15).

Тагъд Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн, ӕмӕ фысты хуызӕн адӕмы сӕгъты хуызӕн адӕмӕй ахицӕн кӕндзӕн (кӕс 4 абзац)


5. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цы ис зондӕн райсӕн ӕмӕ кӕмӕ хауы?

5 Иузӕрдион ут. Фыстӕ ӕмӕ сӕгъты тыххӕй фӕсномыг ныхас фыццаджыдӕр хауы, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Уырнындзинад сӕм кӕй ис, уый куыд ӕвдисынц? Чырыстийы ӕфсымӕртӕн хъусын кӕнынӕн ӕххуыс кӕнынц ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары разамындмӕ хъусынц (Матф. 24:45). Фӕлӕ ацы фӕсномыг ныхас хауы, уӕлӕрвты цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ дӕр. Цӕмӕн ис афтӕ зӕгъӕн? Уымӕн ӕмӕ Йесо йӕ хъус дары уыдоны хъуыддӕгтӕм, хъуыдытӕм ӕмӕ ныхӕстӕм дӕр. Уыдон дӕр хъуамӕ иузӕрдион уой. Йесо ма радзырдта, сӕйраджыдӕр сӕрст чырыстӕттӕм чи хауы, дыууӕ ахӕм фӕсномыг ныхасы. Уыдон дӕр фыст сты Матфейы 25-ӕм сӕры. Сӕ иу у зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй фӕсномыг ныхас, ӕмӕ уал уымӕ ӕркӕсӕм.

ЗОНДДЖЫН ӔМӔ ӔНӔЗОНД ЧЫЗДЖЫТӔ

6. Фондз чызджы зондджын цӕмӕн ис схонӕн? (Матфейы 25:6–10).

6 Йесо радзырдта фӕсномыг ныхас дӕс чызджы тыххӕй (Матф. 25:1–4). Уыдон рацыдысты сиахсы размӕ. Фӕндыди сӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм сиахсимӕ бацӕуын. Йесо загъта, уыцы чызджытӕй фондз «зондджын» кӕй уыдысты, фондз та – «ӕнӕзонд». Зондджын чызджытӕ сӕхи хорз бацӕттӕ кодтой ӕмӕ цӕттӕ уыдысты, цас хъуыди, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Сиахс куы бафӕстиат уыдаид ӕмӕ ӕхсӕвы дӕр куы ’рбацыдаид, уӕд дӕр нӕ фӕтыхстаиккой, уымӕн ӕмӕ семӕ цырӕгътӕ райстой ӕмӕ ма сӕ цырӕгътимӕ дурынты сой дӕр рахастой. (Бакӕс Матфейы 25:6–10.) Сиахс куы ’рбацыд, уӕд зондджын чызджытӕ йемӕ бахызтысты, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм. Раст афтӕ сӕрст чырыстӕттӕ дӕр хъуамӕ Йесойы ӕрцыдмӕ иузӕрдионӕй баззайой. Уӕд сӕ хӕрзиуӕг райсдзысты ӕмӕ Сиахсимӕ, ома Йесоимӕ, уӕларвон Паддзахады уыдзысты (Рарг. 7:1–3) b. Ӕнӕзонд чызджытӕ та цы баисты?

7. Фондз ӕнӕзонд чызгыл цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн?

7 Зондджын чызджытӕй уӕлдай фондз ӕнӕзонд чызджы цӕттӕ нӕ разындысты, сиахс куы ӕрбацыд, уӕд. Сӕ цырӕгътӕ фӕцӕйхуыссыдысты, сой та сӕм нӕ уыди. Сиахс кӕй ӕрбацӕуы, уый куы базыдтой, уӕд сой ӕлхӕнынмӕ ацыдысты. Фӕлӕ уӕдмӕ сиахс ӕрбахӕццӕ, ӕмӕ, «цӕттӕ чи уыди, уыцы чызджытӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм йемӕ бахызтысты, ӕмӕ уый фӕстӕ дуар ӕхгӕд ӕрцыд» (Матф. 25:10). Уӕдмӕ ӕнӕзонд чызджытӕ дӕр ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ сын сиахс загъта: «Ӕз уӕ нӕ зонын» (Матф. 25:11, 12). Ӕнӕзонд чызджытӕ цӕттӕ нӕ уыдысты, цас хъуыди, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ. Уый сӕрст чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?

8, 9. Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй сӕрст чырыстӕттӕн сӕ бон зондӕн цы у райсын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

8 Цӕттӕ ут. Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ дыууӕ къордыл дих кӕндзысты, ома иутӕ цӕттӕ уыдзысты ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ, иннӕтӕ та – нӕ. Ацы фӕсномыг ныхасӕй Йесо бамбарын кодта, сӕрст чырыстӕттӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй куы нӕ баззайой, уӕд сыл цы ’рцӕудзӕн, уый – сӕ хӕрзиуӕг нӕ райсдзысты (Иоан. 14:3, 4). Уый ахъуыдыйаг у. Зӕххыл цӕрыны ныфс нын ис ӕви уӕлӕрвты,– не ’ппӕт дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, Йесо нӕ дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы фӕрцы цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый. Алчидӕр нӕ хъуамӕ цӕттӕ уа, цӕмӕй кӕронмӕ фидар фӕлӕууа (Матф. 24:13).

9 Зондджын ӕмӕ ӕнӕзонд чызджыты тыххӕй фӕсномыг ныхасы фӕрцы Йесо бамбарын кодта, кӕй хъуамӕ уӕм цӕттӕ. Уый фӕстӕ та радзырдта талантты тыххӕй фӕсномыг ныхас, цӕмӕй бамбарын кодтаид, Хуыцауы хъуыддаджы бирӕ фыдӕбон кӕнын кӕй хъӕуы.

Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы ис ахсджиаг фӕдзӕхст: алчидӕр нӕ хъуамӕ кӕронмӕ фидар фӕлӕууынмӕ цӕттӕ уа (кӕс 8, 9 абзацтӕ)


ТАЛАНТТӔ

10. Дыууӕ цагъары куыд равдыстой, ӕууӕнкджын кӕй сты, уый? (Матфейы 25:19–23).

10 Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасы цы нӕлгоймаджы кой ис, уый сфӕнд кодта балцы ацӕуын. Ӕмӕ йӕ цагъартӕм фӕдзырдта ӕмӕ дзы алкӕмӕн дӕр радта таланттӕ – тынг бирӕ ӕхца (Матф. 25:14–18). Дыууӕ цагъары уыдысты ӕууӕнкджын, ӕмӕ бирӕ бафыдӕбон кодтой. Сӕ хицау сын цы ’хца радта, уыдонӕй раст спайда кодтой ӕмӕ дзы дыууӕ хатты фылдӕр бакуыстой. Хицау куы ӕрыздӕхт, уӕд бацин кодта ӕмӕ сӕ раппӕлыд. Ӕмӕ уыдон дӕр йемӕ цин кодтой. (Бакӕс Матфейы 25:19–23.) Ӕртыккаг цагъар та куыд спайда кодта, йӕ хицау ын цы ’хца радта, уыдонӕй?

11. «Зивӕггӕнаг» цагъарыл цы ’рцыд ӕмӕ цӕмӕн?

11 Хицау иу талант кӕмӕн радта, уыцы цагъар «зивӕггӕнаг» разынд. Уыцы ’хцайӕ ницы бакуыста, зӕххы сӕ баныгӕдта. Ӕмӕ хицау куы ӕрыздӕхт, уӕд ын йӕ талант фӕстӕмӕ радта. Уыцы цагъарӕн раст зондахаст нӕ уыд. Йӕ хицауӕй хатыр нӕ ракуырдта, фӕлӕ ма йӕ «карз лӕг» дӕр схуыдта. Хицау дзы райгондӕй нӕ баззад ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цӕмӕй йын йӕ талант байстаиккой ӕмӕ йын йӕхи та ӕддӕмӕ аппӕрстаиккой (Матф. 25:24, 26–30).

12. Дыууӕ ӕууӕнкджын цагъары абон кӕмӕ амонынц?

12 Дыууӕ ӕууӕнкджын цагъары амонынц иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕм. Ӕмӕ сын Хицау, ома Йесо, дзуры, цӕмӕй йемӕ цин кӕной. Уыдон райсынц сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг. Уыцы хӕрзиуӕг у фыццаг райгасдзинад (Матф. 25:21, 23; Рарг. 20:5б). Зивӕггӕнаг цагъары хабар та сӕрст чырыстӕттӕн у зондзонӕн.

13, 14. Сӕрст чырыстӕттӕ талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй цӕуыл ахуыр кӕнынц? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Бирӕ фыдӕбон кӕнут. Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы куыд уыд, афтӕ талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасы дӕр Йесо уый зӕгъынмӕ нӕ хъавыд, ӕмӕ сӕрст чырыстӕттӕ зивӕггӕнаг суыдзысты. Йесо бамбарын кодта, зӕрдиагӕй куы нал архайой, уӕд цы ’рцӕудзӕн, уый. Уӕд ӕнӕхай фӕуыдзысты, Хуыцау сӕ «цӕмӕ ӕрхуыдта ӕмӕ цӕмӕн равзӕрста, уымӕй» ӕмӕ уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты (2 Пет. 1:10).

14 Дӕс чызджы тыххӕй ӕмӕ талантты тыххӕй фӕсномыг ныхӕстӕй бӕрӕг у, сӕрст чырыстӕттӕ Йесойы ӕрцыдмӕ цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой ӕмӕ бирӕ кӕй хъуамӕ фыдӕбон кӕной. Фӕлӕ ма сӕ Йесо иу цӕмӕйдӕр бафӕдзӕхста. Уый тыххӕй фыст ис Матфейы 24:40, 41 стихты.

Йесойы фӕнды, цӕмӕй сӕрст чырыстӕттӕ кӕронмӕ дӕр бирӕ фыдӕбон кӕной (кӕс 13, 14 абзацтӕ) d


КӔЙ «РАКӔНДЗЫСТЫ»?

15, 16. Матфейы 24:40, 41 стихтӕй куыд у бӕрӕг, сӕрст чырыстӕттӕ къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уой?

15 Ацы ӕртӕ фӕсномыг ныхасы радзурыны размӕ Йесо бамбарын кодта, цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг, сӕрст чырыстон йӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсыны аккагыл нымад кӕй ӕрцыд, уый. Йесо ракодта, быдыры чи кусы, дыууӕ ахӕм лӕджы кой ӕмӕ, ӕрмгуыройӕ чи ссы, дыууӕ ахӕм сылгоймаджы кой. Кӕд дыууӕ лӕджы дӕр уыцы иу куыст кӕнынц ӕмӕ дыууӕ сылгоймаджы дӕр, уӕддӕр Йесо загъта: «Сӕ иуы дзы ракӕндзысты, иннӕйы та ныууадздзысты». (Бакӕс Матфейы 24:40, 41.) Уый фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста: «Уӕдӕ ма бафынӕй ут, уымӕн ӕмӕ, уӕ Хицау цы бон ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут» (Матф. 24:42). Цымӕ ацы ныхӕстӕ сӕрст чырыстӕттӕм хауынц? Куыд зыны, афтӕмӕй о. Уымӕн ӕмӕ Йесо дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхас куы радзырдта, уӕд дӕр фӕстагмӕ ахӕм ныхӕстӕ загъта (Матф. 25:13). Сыгъдӕг тыхӕй ӕцӕгӕй чи у сӕрст ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй чи баззайа, ӕрмӕстдӕр уыдоны акӕндзӕн Йесо йӕ уӕларвон Паддзахадмӕ (Иоан. 14:3).

16 Къӕрцхъус ут. Сӕрст чырыстон къӕрцхъус куы нал уа, уӕд, зӕдтӕ кӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты, уыцы «ӕвзӕрст адӕмы» ’хсӕн нӕ уыдзӕн (Матф. 24:31). Фӕлӕ, зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон дӕр хъуамӕ къӕрцхъус уой ӕмӕ кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайой.

17. Йегъовӕ нӕ рӕстӕджы кӕйдӕрты сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уый тыххӕй мӕт кӕнын цӕуылнӕ хъӕуы?

17 Мах Йегъовӕйы хорз зонӕм. Ӕмӕ зонӕм, алцыдӕр раст кӕй фӕаразы. Ӕмӕ нӕ рӕстӕджы йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕй кӕйдӕрты сыгъдӕг тыхӕй кӕй байсӕрды, уый нӕ хъуамӕ мӕты ма ’фтауа c. Ӕрхъуыды-ма кӕнӕм, Йесо цы загъта, сӕнӕфсирдоны иу сахат йеддӕмӕ чи нӕ бакуыста, уыцы кусджыты тыххӕй (Матф. 20:1–16). Хицау уыдоны фӕстагмӕ ӕрбакодта, фӕлӕ, ӕнӕхъӕн бон чи фӕкуыста, уыдонимӕ сын ӕмхуызон бафыста. Афтӕ у сӕ хабар иузӕрдион сӕрст чырыстӕттӕн дӕр. Уыдон се ’ппӕт дӕр сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсдзысты, ӕмӕ уӕлдай нӕу, сыгъдӕг тыхӕй раджы ӕрцыдысты сӕрст ӕви ӕрӕджы.

ЙЕСОЙЫ ФӔДЗӔХСТЫТӔМ ХЪУСӔМ

18, 19. Йесойы фӕсномыг ныхӕстӕй цы базыдтам?

18 Ацы статьяйӕ цы базыдтам? Фыццаг уал аныхас кодтам фӕсномыг ныхасыл фысты ӕмӕ сӕгъты тыххӕй. Уыцы фӕсномыг ныхасӕй бӕрӕг у, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон Йегъовӕйыл иузӕрдион кӕй хъуамӕ уой ныр дӕр ӕмӕ стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр. Ӕмӕ Йесо адӕмӕн куы тӕрхон кӕна, уӕд Хуыцауы иузӕрдион адӕмы банымайдзӕн ӕнустӕм цӕрыны аккагыл (Матф. 25:46).

19 Аныхас ма кодтам сӕрст чырыстӕттӕм чи хауы, дыууӕ ахӕм фӕсномыг ныхасыл. Дӕс чызджы тыххӕй фӕсномыг ныхасы фондз чызджы уыдысты зондджын. Уыдон сӕхи бацӕттӕ кодтой ӕмӕ сиахсмӕ, цас хъуыд, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ цӕттӕ уыдысты. Ӕнӕзонд чызджытӕ та цӕттӕ нӕ разындысты. Ӕмӕ сиахс куы ’рбаздӕхт, уӕд сӕ нӕ бауагъта, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уырдӕм. Мах дӕр зондджын чызджытау хъуамӕ цӕттӕ уӕм, цас хъӕуы, уыйбӕрц ӕнхъӕлмӕ кӕсынмӕ, уымӕн ӕмӕ нӕ зонӕм, Йесо ацы дунейӕн кӕрон кӕд скӕндзӕн, уый. Талантты тыххӕй фӕсномыг ныхасӕй та базыдтам, бирӕ фыдӕбон чи кодта, дыууӕ ахӕм цагъары тыххӕй. Уыдон се ’хцайӕ раст спайда кодтой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй сӕ хицау уыд райгонд. Зивӕггӕнаг цагъары та ӕддӕмӕ аппарын кодта. Уый махӕн цӕуыл дзурӕг у? Хъуамӕ Йегъовӕйы хъуыддаджы кӕронмӕ дӕр зӕрдиагӕй архайӕм. Фӕстагмӕ та аныхас кодтам, сӕрст чырыстӕттӕ къӕрцхъус кӕй хъуамӕ уой, цӕмӕй сӕ Йесо акӕна, ӕмӕ сӕ уӕларвон хӕрзиуӕг райсой. Уыдон тынг ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, уӕлӕрвты кӕд «ӕрӕмбырд уыдзысты», уымӕ, цӕмӕй Йесоимӕ уой. Армагеддоны фӕстӕ уыдзӕн Уӕрыччы чындзӕхсӕв. Йесо уыдзӕн усгур, уыдон та уыдзысты йӕ усаг (2 Фес. 2:1; Рарг. 19:7, 9).

20. Йегъовӕ куыд раарфӕ кӕндзӕн, йӕ фӕдзӕхстытӕм ын чи хъусы, уыдонӕн?

20 Тагъд Йесо адӕмӕн тӕрхон кӕндзӕн. Фӕлӕ мах тӕрсын нӕ хъӕуы. Иузӕрдион куы уӕм, уӕд нӕ нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд схайджын кӕндзӕн, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ», цӕмӕй нӕ бон бауа «Адӕймаджы Фырты раз ӕрлӕууын» (2 Кор. 4:7; Лук. 21:36). Уӕлӕрвты цӕрыны ныфс нын ис ӕви зӕххыл, уӕддӕр хъуамӕ хъусӕм, Йесойы фӕсномыг ныхӕсты цы фӕдзӕхстытӕ ис, уыдонмӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ уӕларвон Фыды зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм. Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нӕ нӕмттӕ ӕнустӕм фыст ӕрцӕудзысты царды чиныджы (Дан. 12:1; Рарг. 3:5).

26 ЗАРӔГ «Уый мӕнӕн сарӕзтат»

a Кӕс статья «Йегъовӕ адӕмӕн стыр бӕллӕхы рӕстӕг куыд тӕрхон кӕндзӕн?» 2024 азы майы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».

b Фылдӕр базонӕн ис статьяйӕ «Цӕттӕ разындзынӕ?», 2015 азы 15 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».

d НЫВ. Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, ахӕм хо Библи ахуыр кӕны, уымӕй размӕ уацамынды кӕуыл фембӕлд, уыцы ӕрыгон сылгоймагимӕ.