37 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
118 ЗАРӔГ «Бафтау нын нӕ уырнындзинадыл»
Кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы фыстӕг
«Райдианы [нӕ] цы уырныдта, ууыл фидар хӕцӕм кӕронмӕ дӕр» (ДЗУТ. 3:14).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Дзуттӕгтӕм фыстӕг нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ уырнындзинад бахъахъхъӕнӕм ӕмӕ фидар фӕлӕууӕм, цалынмӕ ацы дунейы кӕрон не ’рцыд, уӕдмӕ.
1, 2. а) Апостол Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уӕд Иудейӕйы цавӕр уавӕр уыд? б) Павелы фыстӕг йӕ рӕстӕгыл цӕмӕн уыд?
ИЕРУСАЛИМЫ ӕмӕ Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕттӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ бирӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты. Чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ знӕгтӕ чырыстӕтты карзӕй ӕфхӕрын райдыдтой (Хъуыд. 8:1). Уымӕй иу-20 азы фӕстӕ та скодта ӕххормаг рӕстӕг, ӕмӕ уый тыххӕй чырыстӕттӕй бирӕтӕ смӕгуыр сты (Хъуыд. 11:27–30). Фӕлӕ н. э. 61 азмӕ ӕввахс чырыстӕттӕн скодта сабыр рӕстӕг. Уыцы рӕстӕг Йегъовӕ Павелӕн ныффыссын кодта фыстӕг. Уый уыд йӕ тӕккӕ афоныл, уымӕн ӕмӕ фидӕны чырыстӕттӕм ӕнхъӕлмӕ каст зындзинӕдтӕ.
2 Павелы фыстӕг йӕ рӕстӕгыл цӕмӕн уыд? Уымӕн ӕмӕ, Йесо цы бӕллӕхы кой кодта, уый хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта. Тагъд Иерусалим хъуамӕ пырхгонд ӕрцыдаид (Лук. 21:20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел дӕр ӕмӕ Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕ дӕр нӕ зыдтой, уыцы хабар бӕлвырдӕй цы бон ӕмӕ цы сахат ӕрцӕудзӕн, уый. Фӕлӕ уӕдмӕ чырыстӕтты хъуыди сӕ удыхъӕды ахсджиаг миниуджытӕ фидар кӕнын – уырнындзинад ӕмӕ фидардзинад. Ӕмӕ сын Павелы фыстӕг стыр ӕххуыс уыд (Дзут. 10:25; 12:1, 2).
3. Абон чырыстӕтты цӕмӕн хъӕуы зонын, Дзуттӕгтӕм фыстӕджы цы фыст ис, уый?
3 Тагъд райдайдзӕн стыр бӕллӕх. Ӕмӕ уый уыдзӕн, 1 ӕнусы чи ’рцыд, уыцы бӕллӕхӕй стырдӕр (Матф. 24:21; Рарг. 16:14, 16). Уымӕ гӕсгӕ ӕркӕсӕм, Йегъовӕ Иудейӕйы цӕрӕг чырыстӕттӕн цы уынаффӕтӕ радта, уыдонмӕ ӕмӕ базонӕм, махӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзысты, уый.
«ӔППӔТ ХЪАРУТӔЙ ТЫРНӔМ ФӔЛТӔРДДЗИНАДМӔ»
4. Дзуттаг чырыстӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
4 Дзуттӕгтӕй чырыстон чи сси, уыдоны хъуыди стыр ивындзинӕдтӕ скӕнын, ӕмӕ сын уый ӕнцон нӕ уыд. Бирӕ рӕстӕг дзуттӕгтӕ уыдысты Йегъовӕйы ӕвзӕрст адӕм. Иерусалимы уыд, Йегъовӕйы номӕй чи архайдта, уыцы паддзӕхтӕн сӕ паддзахбадӕн, стӕй адӕм ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы кувӕндон. Алы иузӕрдион дзуттаг дӕр ӕххӕст кодта Моисейы закъон ӕмӕ, дины разамонджытӕ кӕй сфидар кодтой, уыцы ӕгъдӕуттӕ. Уыдон хаудысты, зӕгъӕм, хӕринӕгтӕм, сунӕт кӕнынмӕ ӕмӕ, ӕндӕр адӕмтимӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уымӕ. Фӕлӕ Йесойы мӕлӕты фӕстӕ Моисейы закъон йӕ тыхы нал уыд, ӕмӕ нывӕндтӕ хӕссын дӕр нал хъуыд. Дзуттӕгтӕй-иу чырыстон чи сси, уыдоны хъуыди Йегъовӕйӕн ӕндӕрхуызон лӕггад кӕнын. Уый сын ӕнцон нӕ уыд (Дзут. 10:1, 4, 10). Суанг фӕлтӕрдджын чырыстӕттӕн дӕр, зӕгъӕм, апостол Петрӕн, уый зын уыд (Хъуыд. 10:9–14; Гал. 2:11–14). Уымӕй уӕлдай ма чырыстӕттӕ сӕ ног дины тыххӕй дзуттаг дины разамонджыты къухӕй ӕфхӕрд ӕййӕфтой.
5. Чырыстӕттӕн ӕнцон цӕуылнӕ уыдаид Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын?
5 Дзуттаг чырыстӕттӕ дывыдон арты бахаудысты. Иуырдыгӕй сӕ ныхмӕ цыдысты дзуттаг дины разамонджытӕ, дзуттаг диныл сӕ къух кӕй систой, уый тыххӕй. Иннӕрдыгӕй та ӕмбырдӕй чидӕртӕ дзырдтой, чырыстӕтты дарддӕр дӕр Моисейы закъонӕй цыдӕртӕ ӕххӕст кӕнын кӕй хъӕуы. Афтӕ, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй дзырдтой, цӕмӕй ӕфхӕрд ма баййӕфтаиккой (Гал. 6:12). Чырыстӕттӕн цы баххуыс кодтаид, цӕмӕй Йегъовӕйыл иузӕрдион уыдаиккой?
6. Павел хоты ӕмӕ ’фсымӕрты цӕмӕ баразӕнгард кодта? (Дзуттӕгтӕм 5:14–6:1).
6 Павел йӕ фыстӕджы хоты ӕмӕ ’фсымӕрты баразӕнгард кодта Хуыцауы Ныхас арфдӕр иртасынмӕ. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 5:14–6:1.) Дзуттаг Фыстыты фӕрцы сын бамбарын кодта, Йегъовӕйӕн ныр куыд лӕггад кӕнынц, уый хуыздӕр кӕй у, раздӕр ын куыд лӕггад кодтой, уымӕй a. Павелы фӕндыд, цӕмӕй сӕ зонындзинӕдтӕ фылдӕр кодтаиккой ӕмӕ рӕстдзинад хуыздӕр ӕмбӕрстаиккой. Уый фӕрцы рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кодтаиккой ӕмӕ-иу мӕнг ахуырӕдтыл нӕ баууӕндыдаиккой.
7. Абон цавӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм?
7 Дзуттаг чырыстӕттау мах дӕр арӕх фехъусӕм, Хуыцауы уагӕвӕрдты ныхмӕ чи сты, ахӕм ныхӕстӕ. Иуӕй-иуты зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, хӕрзӕгъдау цард кӕй кӕнӕм, уый, ӕмӕ фӕзӕгъынц, ӕгӕр карз ӕгъдӕуттӕ нӕм кӕй ис. Куыд дарддӕр, афтӕ адӕмы зондахаст Йегъовӕйы зондахастӕй тынгӕй-тынгдӕр хицӕн кӕны (Ӕмб. 17:15). Уымӕ гӕсгӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кӕнӕм ӕмӕ ма бауадзӕм, цӕмӕй, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон нӕ стӕрсын кӕной, ӕмӕ Йегъовӕйӕ адард уӕм (Дзут. 13:9).
8. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлтӕрдджындӕр кӕнӕм?
8 Хъуамӕ не ’ппӕт дӕр хъусӕм, Павел дзуттаг чырыстӕттӕн цы фӕдзӕхст радта, уымӕ ӕмӕ ӕппӕт хъарутӕй фӕлтӕрддзинадмӕ тырнӕм. Уый тыххӕй та хъуамӕ Библи лӕмбынӕг иртасӕм ӕмӕ, Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, афтӕ хъуыды кӕнын сахуыр уӕм. Ӕмӕ афтӕ хъуамӕ кӕнӕм донаргъуыды фӕстӕ дӕр. Йегъовӕйӕн рагӕй лӕггад кӕнӕм ӕви йын ӕрӕджы райдыдтам лӕггад кӕнын,– хъуамӕ алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕсӕм ӕмӕ йӕ иртасӕм (Пс. 1:2). Афтӕмӕй фидар кӕндзыстӕм нӕ уырнындзинад, Павел йӕ фыстӕджы кӕй кой кодта, уыцы миниуӕг (Дзут. 11:1, 6).
ИС НӔМ «УЫРНЫНДЗИНАД, ЦӔМӔЙ НӔ ЦАРД БАХЪАХЪХЪӔНӔМ»
9. Иудейӕйы чи цард, уыцы чырыстӕтты фидар уырнындзинад цӕмӕн хъуыд?
9 Дзуттаг чырыстӕтты хъуыди фидар уырнындзинад, цӕмӕй, хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр чи кодта, уыцы бӕллӕхы удӕгасӕй баззадаиккой (Дзут. 10:37–39). Йесо йӕ фӕдылдзӕуджыты бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ, Иерусалимыл ӕфсӕдтӕ кӕй ӕртыхстысты, уый куы фенат, уӕд хӕхтӕм лидзут. Уый хауд чырыстӕттӕм се ’ппӕтмӕ дӕр – Иерусалимы чи уыд, уыдонмӕ дӕр ӕмӕ, йӕ алыварс хъӕуты чи уыд, уыдонмӕ дӕр (Лук. 21:20–24). Раджы заманты-иу знаг куы ӕрбабырста, уӕд-иу адӕм сӕ сӕр бафснайдтой горӕты, йӕ фидар къулты фӕстӕ. Уымӕ гӕсгӕ кӕмӕдӕрты раст нӕ фӕкастаид, Йесо афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, хӕхтӕм алидзут. Ӕмӕ сӕ хъуыдаид фидар уырнындзинад, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстмӕ байхъуыстаиккой.
10. Чырыстӕтты сӕ фидар уырнындзинад цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кодтаид? (Дзуттӕгтӕм 13:17).
10 Уымӕй уӕлдай ма дзуттаг чырыстӕттӕ хъуамӕ ӕууӕндыдаиккой, Йесо ӕмбырдӕн разамынд кӕй уылты лӕвӕрдта, уыцы ӕфсымӕртыл. Уыцы ӕфсымӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, чырыстӕттӕн лӕвӕрдтой бӕлвырд амындтӕ, Иерусалимӕй кӕд ӕмӕ куыд хъуамӕ алыгъдаиккой, уый фӕдыл. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:17.) Дзуттӕгтӕм 13:17 стихы «хъусут»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый нысан кӕны, адӕймаг кӕйдӕр амындтӕм уый тыххӕй кӕй нӕ фӕхъусы, ӕмӕ йын ӕндӕр гӕнӕн нӕ вӕййы, фӕлӕ йыл кӕй феууӕнды, уый тыххӕй. Уымӕ гӕсгӕ чырыстӕттӕ хъуамӕ сахуыр уыдаиккой, разамынд сын чи лӕвӕрдта, уыдонмӕ хъусын, цалынмӕ бӕллӕх нӕ райдыдта, уӕдмӕ. Сабыр рӕстӕджыты хистӕр нӕлгоймӕгты амындтӕм куы хъуыстаиккой, уӕд сын зын рӕстӕджыты сӕ коммӕ кӕсын ӕнцон уыдаид.
11. Фидар уырнындзинад нӕ цӕмӕн хъӕуы?
11 Дзуттаг чырыстӕттау мах дӕр хъӕуы фидар уырнындзинад. Ацы дунейӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый абон бирӕты нӕ уырны ӕмӕ ма ныл худгӕ дӕр фӕкӕнынц (2 Пет. 3:3, 4). Стӕй кӕд Библийы стыр бӕллӕхы тыххӕй цыдӕртӕ ис фыст, уӕддӕр бирӕ цыдӕртӕ нӕ зонӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, Хуыцау цы бон снысан кодта, растдӕр уыцы бон. Ӕмӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, уыцы рӕстӕг нын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕндзӕн (Ав. 2:3).
12. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй стыр бӕллӕхы сӕрты ахизӕм?
12 Хъуамӕ ма нӕ фидарӕй уырна, абон нын Йегъовӕ разамынд кӕй дӕтты «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары» уылты (Матф. 24:45). Стыр бӕллӕх куы райдайа, уӕд нын, ӕвӕццӕгӕн, дӕтдзысты бӕлвырд амындтӕ, ӕмӕ уыдоны фӕрцы нӕ бон уыдзӕн фервӕзын. Фыццаг ӕнусы ромӕгтӕ Иерусалимыл куы ӕртыхстысты, уӕд дӕр чырыстӕттӕн сӕ хабар, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ уыд. Уӕдӕ тынг ахсджиаг у, цӕмӕй, разамынд нын чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртыл ӕууӕндӕм. Сӕ коммӕ ныр куы нӕ кӕсӕм, уӕд нын стыр бӕллӕхы рӕстӕг дӕр сӕ коммӕ кӕсын зын уыдзӕн.
13. Афтӕ зӕгъӕн цӕмӕн ис, ӕмӕ Дзуттӕгтӕм 13:5 стихы цы фӕдзӕхст ис, уый йӕ афоныл уыд?
13 Цалынмӕ хӕхтӕм лидзыны рӕстӕг не ’рцыд, уӕдмӕ дзуттаг чырыстӕттӕ хъуамӕ хуымӕтӕг цард кодтаиккой ӕмӕ «ӕхцауарзаг» ма суыдаиккой. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 13:5.) Чидӕртӕ сӕ ӕххормаг ӕмӕ мӕгуыр цард бавзӕрстой (Дзут. 10:32–34). Ӕмӕ кӕд кӕддӕр хорз хабары тыххӕй зындзинӕдтӕ бавзарынмӕ цӕттӕ уыдысты, уӕддӕр сӕ фӕстӕдӕр чидӕртӕ ӕхцайыл систы. Ӕвӕццӕгӕн сӕм афтӕ каст, ӕмӕ сӕ се ’хцатӕ бахъахъхъӕндзысты. Фӕлӕ сӕ уыдон, Иерусалиммӕ цы бӕллӕх ӕнхъӕлмӕ каст, уымӕй нӕ бахъахъхъӕдтаиккой (Иак. 5:3). Йӕ зӕрдӕ йӕ мулкыл баст кӕмӕн уыд, уыдонӕн зындӕр уыдаид хӕхтӕм алидзын ӕмӕ сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ исбон ныууадзын.
14. Нӕ уырнындзинад фидар куы уа, уӕд ӕхцамӕ ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсдзыстӕм?
14 Йегъовӕ тагъд ацы дуне кӕй фесафдзӕн, уый нӕ фидарӕй куы уырна, уӕд ӕхцауарзаг не суыдзыстӕм. Стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕмы се ’хца ӕмӕ сӕ мулк нӕ бахъахъхъӕндзысты. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «се ’взист уынгтӕм калдзысты», уымӕн ӕмӕ бамбардзысты: «Йегъовӕйы судзгӕ масты бон сӕ нӕдӕр се ’взист фервӕзын кӕндзӕн, нӕдӕр сӕ сызгъӕрин» (Йез. 7:19). Уӕдӕ бирӕ ӕхца бакусыныл ма архайӕм, фӕлӕ хуымӕтӕг цард кӕнӕм. Зондыл дзурӕг нӕ уыдзӕн ӕнӕхъуаджы хӕстӕ исын кӕнӕ нӕм цы ис, уыдӕттӕм зилыныл бирӕ рӕстӕг хардз кӕнын. Стӕй хъуамӕ нӕхимӕ кӕсӕм, цӕмӕй нын нӕ мулк сӕйраг ма суа (Матф. 6:19, 24). Абон уа ӕви райсом – алкӕй дӕр нӕ хъӕудзӕн равзарын, нӕ ныфс Йегъовӕйыл дардзыстӕм ӕви нӕ мулк ӕмӕ не ’хцайыл.
«СЫМАХ ХЪӔУЫ ФИДАРДЗИНАД»
15. Дзуттаг чырыстӕтты фидардзинад цӕмӕн хъуыд?
15 Дзуттаг чырыстӕтты хъуыд фидардзинад, уымӕн ӕмӕ сӕм разӕй ӕнхъӕлмӕ каст стыр фӕлварӕнтӕ (Дзут. 10:36). Чидӕртӕ сӕ карз ӕфхӕрд баййӕфтой. Бирӕтӕ та рӕстдзинад базыдтой, чырыстӕттӕн сабыр рӕстӕг куы скодта, уӕд. Фӕлӕ сын Павел сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, цӕттӕ кӕй хъуамӕ уой карздӕр ӕфхӕрд баййафынмӕ ӕмӕ Йесойау суанг мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззайынмӕ (Дзут. 12:4). Чырыстон дин цас тынгдӕр парахат кодта, уыйас знӕгтӕ чырыстӕтты ныхмӕ тынгдӕр цыдысты. Павел Дзуттӕгтӕм фыстӕг куы ныффыста, уымӕй цалдӕр азы размӕ хъусын кодта Иерусалимы. Уӕд дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ систы. 40 лӕгӕй фылдӕр «расомы кодтой, зӕгъгӕ, цалынмӕ Павелы нӕ амарӕм, уӕдмӕ нӕдӕр хӕргӕ бакӕндзыстӕм, нӕдӕр нуазгӕ» (Хъуыд. 22:22; 23:12–14). Кӕд чырыстӕттӕй се сӕфт уыдтой ӕмӕ сӕ ӕфхӕрдтой, уӕддӕр хъуамӕ дарддӕр дӕр иумӕ ӕмбырд кодтаиккой, хорз хабар хъусын кодтаиккой ӕмӕ сӕ уырнындзинад фидар кодтаиккой.
16. Дзуттӕгтӕм фыстӕг нын куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй кӕсӕм? (Дзуттӕгтӕм 12:7).
16 Дзуттаг чырыстӕттӕн фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн цы баххуыс кодтаид? Хъуамӕ сӕм раст цӕстӕй кастаиккой. Павел бамбарын кодта, Хуыцау фӕлварӕнтӕ кӕй бауадзы, цӕмӕй чырыстон ахсджиаг цӕуылдӕр сахуыр уа. (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 12:7.) Зын уавӕрты йӕм, гӕнӕн ис, фӕзына, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм миниуджытӕ кӕнӕ та, гӕнӕн ис, уыцы миниуджытыл бакуса. Дзуттаг чырыстӕттӕ куы хъуыды кодтаиккой, фӕлварӕнтӕ сын цы пайда ӕрхӕсдзысты, ууыл, уӕд сын фидар фӕлӕууын ӕнцондӕр уыдаид (Дзут. 12:11).
17. Фӕлварӕнтыл ӕмбӕлгӕйӕ Павел цӕуыл сахуыр?
17 Павел хотӕм ӕмӕ ’фсымӕртӕм ныффыста, цӕмӕй-иу фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаиккой. Ӕмӕ сын йӕ бон хорз уынаффӕ раттын дӕр уыд. Кӕддӕр чырыстӕтты йӕхӕдӕг ӕфхӕрдта. Ӕфхӕрд ӕййафын цы у, уый дӕр зыдта. Чырыстон куы сси, уӕд бирӕ алыхуызон фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд (2 Кор. 11:23–25). Уымӕ гӕсгӕ хорз зыдта, фӕлварӕны фидар фӕлӕууынӕн цы хъӕуы, уый: дӕ ныфс дӕхиуыл ма дар, фӕлӕ Йегъовӕйыл. Павелӕн йӕ бон уыд фидарӕй зӕгъын: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзут. 13:6).
18. Разӕй нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый куы зонӕм, уӕд нын уый фӕлварӕнтӕ сфӕразынӕн куыд баххуыс кӕндзӕн?
18 Нӕ хотӕй ӕмӕ не ’фсымӕртӕй чидӕртӕ ныртӕккӕ ӕфхӕрд ӕййафынц. Нӕ бон у уыдоны тыххӕй кувын ӕмӕ сын, цӕмӕй хъӕуы, уымӕй ӕххуыс кӕнын (Дзут. 10:33). Библийы комкоммӕ фыст ис: «Хуыцауыл иузӕрдионӕй ӕмӕ Йесо Чырыстиимӕ иудзинады цӕрын кӕй фӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр ӕфхӕрд ӕййафдзысты» (2 Тим. 3:12). Уымӕ гӕсгӕ нӕ алчидӕр хъуамӕ йӕхи бацӕттӕ кӕна, разӕй нӕм цы зын рӕстӕджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдонмӕ. Уӕдӕ нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, цыфӕнды фӕлварӕн сфӕразынӕн дӕр нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Йӕ рӕстӕджы Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн се ’ппӕтӕн дӕр удӕнцой ратдзӕн (2 Фес. 1:7, 8).
19. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи стыр бӕллӕхмӕ бацӕттӕ кӕнӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
19 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павелы фыстӕг Дзуттӕгтӕм 1 ӕнусы чырыстӕттӕн баххуыс кодта, цӕмӕй сӕхи бацӕттӕ кодтаиккой, цы бӕллӕх хъуамӕ ӕрцыдаид, уымӕ. Павел хоты ӕмӕ ’фсымӕрты разӕнгард кодта, цӕмӕй Фыстад лӕмбынӕг иртӕстаиккой. Уый фӕрцы рӕстдзинад мӕнгдзинадӕй хицӕн кодтаиккой ӕмӕ-иу мӕнг ахуырӕдтыл нӕ баууӕндыдаиккой. Стӕй сын загъта, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар кодтаиккой. Уый фӕрцы-иу уайтагъд архайын райдыдтаиккой Йесойы ӕмӕ, ӕмбырдӕн разамынд чи лӕвӕрдта, уыдоны амындтӕм гӕсгӕ. Бамбарын ма сын кодта, фидардзинад сӕ кӕй хъӕуы, цӕмӕй фӕлварӕнтӕ сфӕрӕзтаиккой. Хъуамӕ фӕлварӕнтӕм раст цӕстӕй кастаиккой ӕмӕ сӕ зӕрдыл дардтаиккой, Хуыцау фӕлварӕнтӕ кӕй бауадзы, цӕмӕй чырыстон ахсджиаг цӕуылдӕрты сахуыр уа. Цӕй ӕмӕ мах дӕр ацы уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайӕм. Ӕмӕ уӕд Йегъовӕйыл кӕронмӕ иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм (Дзут. 3:14).
126 ЗАРӔГ Ут цӕттӕ, хъӕбатыр ӕмӕ фидар
a Йӕ фыстӕджы Дзуттӕгтӕм Павел ӕрхаста бирӕ скъуыддзӕгтӕ Дзуттаг Фыстытӕй, цӕмӕй дзуттӕгтӕн бамбарын кодтаид, Йегъовӕйӕн ныр куыд лӕггад кӕнынц, уый хуыздӕр кӕй у, раздӕр ын куыд лӕггад кодтой, уымӕй. 1-аг сӕры ӕрхаста ӕппынкъаддӕр 7 ахӕм скъуыддзаджы (Дзут. 1:5–13).