39 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
125 ЗАРӔГ Фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг у амондджын
«Раттын амондджындӕр хъуыддаг у»
«Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (ХЪУЫД. 20:35).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Нӕ бон куыд у иннӕтӕн хорздзинад аразын ӕмӕ уый фӕрцы амондджын цӕмӕн вӕййӕм.
1, 2. Йегъовӕ нӕ афтӕ цӕмӕн сфӕлдыста, ӕмӕ, иннӕтӕн хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд амондджын вӕййӕм?
ЙЕГЪОВӔ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ, иннӕтӕн хорздзинад куы фӕаразӕм, уӕд амондджын вӕййӕм (Хъуыд. 20:35). Фӕлӕ уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ, хорздзинад махӕн куы саразынц кӕнӕ нын исты куы балӕвар кӕнынц, уӕд нын уый ӕхсызгон нӕ вӕййы. Фӕлӕ уӕддӕр амондджындӕр вӕййӕм, хорздзинад нӕхӕдӕг куы саразӕм, уӕд. Куыд хорз у, Йегъовӕ нӕ афтӕ кӕй сфӕлдыста, уый!
2 Афтӕ конд кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕхицӕй кӕнгӕ у, амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ. Иннӕтӕн цас фылдӕр хорздзинад аразӕм, уыйас амондджындӕр уыдзыстӕм. Йегъовӕ нӕ афтӕ кӕй сфӕлдыста, уый диссаг куыннӕ у! (Пс. 139:14).
3. Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» цӕмӕн у?
3 Библийы афтӕ фыст кӕй ис, зӕгъгӕ, райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у, уымӕ гӕсгӕ диссаг нӕу, Йегъовӕ «амондджын Хуыцау» кӕй у (1 Тим. 1:11). Хорздзинад аразын фыццаг Йегъовӕ райдыдта ӕмӕ уый цас хорздзинӕдтӕ аразы, уыйбӕрц ничи. Апостол Павел дзӕгъӕлы нӕ загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм» (Хъуыд. 17:28). Ӕцӕгдӕр, «хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр ӕмӕ алы ӕнӕфау лӕвар дӕр» Йегъовӕйӕ у (Иак. 1:17).
4. Амондджындӕр цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?
4 Ӕвӕццӕгӕн, не ’ппӕты дӕр фӕнды, цӕмӕй нын иннӕтӕн хорздзинад аразын фылдӕр циндзинад хӕсса. Ӕмӕ уый нӕ къухы бафтдзӕн, куы архайӕм, цӕмӕй Йегъовӕйау рӕдау уӕм (Еф. 5:1). Ацы статьяйӕ базондзыстӕм, Йегъовӕ рӕдау кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг ӕмӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, афтӕ нӕм куы кӕса, ӕмӕ нын иннӕтӕ нӕ хорздзинадӕн нӕ аргъ кӕнынц. Уый фӕрцы дарддӕр дӕр хорздзинад араздзыстӕм ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм.
ЙЕГЪОВӔЙАУ РӔДАУ УТ
5. Йегъовӕ нын цы дӕтты?
5 Йегъовӕ рӕдау кӕй у, уый цӕмӕй у бӕрӕг? Аныхас кӕнӕм цалдӕр хъуыддагыл. Йегъовӕ нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Чи зоны, цардӕй къӕртт не ’ппарӕм, фӕлӕ нын Йегъовӕйы фӕрцы ис, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, цы бахӕрӕм, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм ӕмӕ кӕм цӕрӕм, уый (Пс. 4:8; Матф. 6:31–33; 1 Тим. 6:6–8). Цымӕ нын Йегъовӕ уыдӕттӕ уый тыххӕй дӕтты, ӕмӕ уый йӕ хӕсыл нымайы? Уый афтӕ нӕу. Уӕдӕ нын уыйбӕрц хорздзинӕдтӕ цӕмӕн аразы?
6. Матфейы 6:25, 26 стихтӕй нӕ бон цы у базонын?
6 Цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ нын Йегъовӕ дӕтты, уарзгӕ нӕ кӕй кӕны, уый тыххӕй. Ӕркӕсӕм-ма Матфейы 6:25, 26 стихтӕм. (Бакӕс сӕ.) Ам Йесо мӕргъты тыххӕй загъта: «Уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады». Ӕмӕ стӕй, чи йӕм хъуыста, уыдоны бафарста: «Ӕмӕ уӕд сымах уыдонӕй зынаргъдӕр не стут?» Йесойы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты? Йегъовӕйӕн йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ мӕргътӕй дӕр ӕмӕ цӕрӕгойтӕй дӕр бирӕ зынаргъдӕр сты. Ӕмӕ кӕд Йегъовӕ уыдоныл тыхсы, уӕд махыл куыннӕ батыхсдзӕн?! Йегъовӕ у уарзӕгой Фыд ӕмӕ йӕ бинонты, цы хъуаг сты, уый цух никуы ныууадздзӕн (Пс. 145:16; Матф. 6:32).
7. Йегъовӕйау рӕдау кӕй стӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
7 Йегъовӕйау мах дӕр хъуамӕ иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, уарзгӕ сӕ кӕй кӕнӕм, уый тыххӕй. Чи зоны, хӕринаг кӕнӕ дзаума хъуаг чи у, ахӕм ӕфсымӕры кӕнӕ хойы зоныс. Гӕнӕн ис, ӕмӕ йын Йегъовӕ дӕу уылты баххуыс кӕна. Йегъовӕйы адӕм рӕдау кӕй сты, уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг вӕййы, исты бӕллӕх куы ’рцӕуы, уӕд. Зӕгъӕм, коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг ӕххуысхъуаг чи уыд, уыдонӕн хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕххуыс кодтой хӕринагӕй, дзаумайӕ ӕмӕ ма сӕ ноджыдӕр цы хъуыд, уыдӕттӕй. Бирӕтӕ ма рӕдауӕй лӕвӕрдтой мысайнӕгтӕ дӕр ӕппӕтдунеон хъуыддагӕн. Уый фӕрцы нӕ организацийӕн йӕ бон уыд ӕххуыс кӕнын хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕнӕхъӕн зӕххы къорийыл дӕр. Хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ архайдтой, Дзуттӕгтӕм 13:16 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ: «Ма рох кӕнут хорздзинад аразын ӕмӕ уӕм цы ис, уымӕй иннӕтӕн хай кӕнын, уымӕн ӕмӕ ахӕм нывӕндтӕ Хуыцауӕн ӕхсызгон сты».
8. Йегъовӕ нын йӕ тыхы фӕрцы куыд ӕххуыс кӕны? (Исай 40:29).
8 Йегъовӕ нын дӕтты тых. Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджыты йе ’гӕрон тыхӕй хайджын кӕнын. (Бакӕс Исайы 40:29.) Искуы Йегъовӕйӕ тыхтӕ куырдтай, цӕмӕй фӕлварӕнты фидар фӕлӕууыдаис кӕнӕ цавӕрдӕр зындзинад сфӕрӕзтаис? Кӕнӕ йӕм куывтай, цӕмӕй дын боны фаг тыхтӕ ратта? Дӕ куывдӕн-иу дын дзуапп куы радта, уӕд-иу, ӕвӕццӕгӕн, дӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты апостол Павелы ныхӕстӕ: «Алцыдӕр у мӕ бон, хъару мын чи дӕтты, уый фӕрцы» (Фил. 4:13).
9. Йегъовӕйау нӕ бон куыд у нӕ хъаруйы фӕрцы иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
9 Йегъовӕйӕ уӕлдай махӕн нӕ тых ӕгӕрон нӕу. Стӕй нӕ бон нӕу нӕ тыхӕй иннӕтӕн хай кӕнын. Фӕлӕ сын нӕ бон у нӕ хъаруйы фӕрцы ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ бон вӕййы сӕ хӕдзары куыстытӕй истытӕ бакӕнын кӕнӕ та сӕ бӕсты дуканимӕ ацӕуын. Йе та нӕ бон вӕййы Паддзахады зал бафснайынмӕ кӕнӕ йӕм базилынмӕ фӕкӕсын. Нӕ тыхтӕ ахӕм хъуыддӕгтӕн куы не ’вгъау кӕнӕм, уӕд хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн бирӕ хорздзинӕдтӕ сараздзыстӕм.
10. Нӕ бон куыд у нӕ ныхӕстӕй иннӕты тых бауадзын?
10 Рох кӕнын нӕ хъӕуы, ныхӕстӕн дӕр стыр тых кӕй ис. Чи зоны, ахъуыды кодтай, хорз кӕй уаид кӕцыдӕр хо кӕнӕ ’фсымӕрӕй раппӕлын, цӕмӕй дзы тыхтӕ бацӕуа. Йе та, йӕ ныфсыл ныфс бафтауын кӕмӕн хъӕуы, ахӕм искӕй зоныс. Фӕлӕ адӕймагыл ӕрмӕст хъуыды кӕнын фаг нӕу. Кӕй йыл тыхсыс, уый йын ӕвдисгӕ дӕр ракӕн. Зӕгъӕм, дӕ бон ӕм у бацӕуын, телефонӕй йӕм бадзурын, открыткӕ йын балӕвар кӕнын кӕнӕ йӕм сообщени арвитын. Цы зӕгъай, ууыл-иу ӕгӕр ма мӕт кӕн. Хатт адӕймаджы цалдӕр хуымӕтӕг, зӕрдӕбын ныхасы йеддӕмӕ нӕ фӕхъӕуы, цӕмӕй дзы ныфс бацӕуа. Уӕд та йӕм тыхтӕ фӕзыны, цӕмӕй уыцы бон дӕр Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй баззайа кӕнӕ йӕ уавӕрмӕ ӕндӕр цӕстӕй ракӕса (Ӕмб. 12:25; Еф. 4:29).
11. Йегъовӕ нын зонд куыд дӕтты?
11 Йегъовӕ нын дӕтты зонд. Ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Уӕдӕ уӕ кӕд искӕмӕ зонд фаг нӕй, уӕд курӕд Хуыцауӕй,– уымӕн ӕмӕ уый алкӕмӕн дӕр дӕтты рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй» (Иак. 1:5). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ зонд кӕй не ’вгъау кӕны, рӕдауӕй йӕ кӕй дӕтты. Иаков ма афтӕ дӕр загъта, зӕгъгӕ нын зонд дӕтты «ӕнӕ уайдзӕфӕй». Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй дзы разамынд курын ӕфсӕрмы кӕнӕм кӕнӕ нӕм уый худинаг кӕса. Йӕхӕдӕг нын дзуры, цӕмӕй дзы ӕххуыс курӕм (Ӕмб. 2:1–6).
12. Нӕ бон куыд у нӕ зонындзинӕдтӕй иннӕтӕн хай кӕнын?
12 Махӕн та нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын ӕмӕ нӕ зонындзинӕдтӕй иннӕтӕн хай кӕнын? (Пс. 32:8). Нӕ бон сын у амонын, цы зонӕм, уыдӕттӕ. Зӕгъӕм, ногтӕн фӕамонӕм, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн ӕмӕ иннӕ донаргъуыд ӕфсымӕртӕн фӕлмӕнӕй ӕмӕ фӕразонӕй фӕамонынц, ӕмбырды сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕной, уый. Нӕ организацийы агъуыстытӕ аразыны ӕмӕ сӕм зилыны хъуыддаджы фӕлтӕрддзинад кӕмӕ ис, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ дӕр иннӕтӕн фӕамонынц, сӕхӕдӕг цы зонынц, уыдӕттӕ.
13. Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ нӕ бон куыд у Йегъовӕйы фӕзмын?
13 Архай, цӕмӕй иннӕты ахуыр кӕнай, Йегъовӕ нӕ куыд ахуыр кӕны, афтӕ. Куыд загътам, афтӕмӕй нын Йегъовӕ йӕ зондӕй рӕдауӕй хай кӕны. Ӕмӕ мах дӕр фӕнды, нӕхӕдӕг цы зонӕм, уый иннӕтӕн амонын. Мах нӕ тӕрсӕм, нӕ бынат нын куы бацахсой, уымӕй. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ, цыдӕриддӕр зонӕм, уый бацамонӕм, ницы сӕ басусӕг кӕнӕм. Стӕй афтӕ нӕ хъуыды кӕнӕм, зӕгъгӕ, мӕнӕн ничи ницы амыдта, ӕмӕ ӕз дӕр никӕмӕн ницы амонын. Уый раст зондахаст нӕу. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ ӕрмӕст уымӕ не сты цӕттӕ, цӕмӕй, цы зонынц, уый иннӕтӕн дӕр амоной. Фӕлӕ ма цӕттӕ сты иннӕтӕн сӕ «удтӕ раттынмӕ дӕр» (1 Фес. 2:8). Ныфс нӕ ис, «уыдонӕн дӕр сӕ бон [кӕй] уыдзӕн уыдӕттӕ иннӕтӕн амонын» (2 Тим. 2:1, 2). Нӕ зонындзинӕдтӕ иннӕтӕн куы нӕ хӕлӕг кӕнӕм, уӕд не ’ппӕт дӕр фӕлтӕрдджындӕр кӕндзыстӕм ӕмӕ амондджындӕр уыдзыстӕм.
АФТӔ НӔМ КУЫ КӔСА, ӔМӔ НЫН ИННӔТӔ НӔ ХОРЗДЗИНАДӔН НӔ АРГЪ КӔНЫНЦ
14. Адӕмӕн сӕ фылдӕр куыд бакӕнынц, исчи сын хорздзинад куы саразы, уӕд?
14 Искӕмӕн хорздзинад куы саразӕм, уӕлдайдӕр та нӕ хотӕн кӕнӕ не ’фсымӕртӕн, уӕд нын арӕхдӕр бузныг фӕзӕгъынц. Чи зоны нын открыткӕ балӕвар кӕнынц кӕнӕ та ӕндӕр искуыд равдисынц, бузныг нӕ кӕй сты, уый (Кол. 3:15). Ӕмӕ нын уый ӕхсызгон куыннӕ вӕййы!
15. Исчи нын бузныг куы нӕ зӕгъа, уӕд нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
15 Фӕлӕ нын хатт нӕ хорздзинады тыххӕй бузныг нӕ фӕзӕгъынц. Зӕгъӕм, адӕймагыл нӕ рӕстӕг, нӕ тыхтӕ ӕмӕ не ’хца бахардз кодтам, уый та йӕхи афтӕ дары, цыма йӕм уый нымады дӕр нӕу. Ахӕм уавӕры нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ циндзинад ма фесафӕм кӕнӕ ма смӕсты уӕм? Нӕ зӕрдыл дарӕм ацы статьяйы сӕйраг стих, Хъуыддӕгтӕ 20:35 стих. Амондджын уыдзыстӕм ӕви нӕ, уый нӕхицӕй кӕнгӕ у. Нӕ бон у аскъуыддзаг кӕнын, иннӕтӕн хорздзинад цингӕнгӕйӕ кӕй араздзыстӕм, бузныг нӕ уой ӕви нӕ, уӕддӕр. Аныхас кӕнӕм, уымӕн нын цы баххуыс кӕндзӕн, ууыл.
16. Иннӕтӕн хорздзинад аразгӕйӕ нӕ зӕрдыл цы хъуамӕ дарӕм?
16 Дӕ зӕрдыл дар, афтӕмӕй Йегъовӕйы кӕй фӕзмыс. Йегъовӕ адӕмӕн хорздзинад аразы, бузныг дзы сты ӕви нӕ, уӕддӕр (Матф. 5:43–48). Уый нын дзуры, зӕгъгӕ, хорздзинад аразут, «фӕстӕмӕ мацӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, афтӕмӕй» ӕмӕ уӕд «райсдзыстут стыр хӕрзиуӕг» (Лук. 6:35). Уӕдӕ-иу нӕ ныфс ма асӕттӕд, нӕ хорздзинады тыххӕй-иу нын бузныг куы нӕ зӕгъой, уӕд. Нӕ зӕрдыл дарӕм: Йегъовӕ нын арфӕ кӕндзӕн, иннӕтӕн куы ӕххуыс кӕнӕм, уӕд, уымӕн ӕмӕ уый уарзы, «зӕрдиагӕй чи дӕтты» уыдоны (Ӕмб. 19:17; 2 Кор. 9:7).
17. Сӕйраджыдӕр нӕ цӕй тыххӕй фӕнды иннӕтӕн хорздзинад аразын? (Лукайы 14:12–14).
17 Ахсджиаг ма у, цӕмӕй нӕ зӕрдыл дарӕм, Лукайы 14:12–14 стихты цы фыст ис, уый. (Бакӕс сӕ.) Нӕ хорздзинад нын йӕ бон бафидын кӕмӕн у, ахӕм адӕймагӕн хорздзинад куы саразӕм кӕнӕ йӕ уазӕгуаты куы фӕхонӕм, уӕд уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ, зӕгъӕм, бафиппайдтам, арӕх иннӕтӕн хорздзинад кӕй фӕаразӕм, фӕстӕмӕ нын ӕй кӕй бафиддзысты, уый ӕнхъӕлӕй. Кӕд афтӕ у, уӕд хорз уаид, Йесо куыд загъта, афтӕ-иу куы бакӕниккам. Уазӕгуаты фӕхонӕн ис, нӕ хорздзинад бафидын йӕ бон кӕмӕн нӕу, ахӕм адӕймаджы. Уӕд амондджын уыдзыстӕм, уымӕн ӕмӕ афтӕмӕй фӕзмдзыстӕм Йегъовӕйы. Иннӕтӕй куы ницӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уӕд сын алкӕддӕр цингӕнгӕйӕ ӕххуыс кӕндзыстӕм, бузныг-иу нын куы нӕ зӕгъой, уӕд дӕр.
18. Нӕхи цӕмӕй хъуамӕ хизӕм ӕмӕ цӕмӕн?
18 Иннӕтӕй афтӕ ма хъуыды кӕн, ӕмӕ хорздзинадӕн аргъ кӕнын нӕ зонынц (1 Кор. 13:7). Адӕймаг нын бузныг куы нӕ зӕгъа, уӕд-иу ахъуыды кӕнӕм: «Ӕцӕгдӕр нӕ аргъ кӕны хорздзинадӕн ӕви йӕ бузныг зӕгъын рох фӕци?» Бузныг нӕ кӕй у, уый, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕ кӕй нӕ равдыста, уымӕн, чи зоны, ис ӕндӕр аххосӕгтӕ. Чидӕртӕ иннӕтӕй се ’ххуысы тыххӕй бузныг вӕййынц, фӕлӕ уый сӕ бон равдисын нӕ вӕййы. Исчи сын куы феххуыс кӕны, уӕд ӕфсӕрмы фӕкӕнынц, уӕлдайдӕр та кӕд раздӕр иннӕтӕн сӕхӕдӕг ӕххуыс кодтой, уӕд. Фӕлӕ нӕ хоты ӕмӕ не ’фсымӕрты ӕцӕг уарзтӕй куы уарзӕм, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕмӕ хорздзинадӕн нӕ аргъ кӕнынц, ӕмӕ сын цингӕнгӕйӕ ӕххуыс кӕндзыстӕм (Еф. 4:2).
19, 20. Цы ма нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй иннӕтӕн хорздзинад аразгӕйӕ амондджын уӕм? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
19 Ма ӕнхъӕлмӕ кӕс, иннӕтӕ дын дӕ хорздзинады тыххӕй бузныг уайтагъд кӕй зӕгъдзысты. Паддзах Соломон ныффыста: «Дӕ дзул доны ауадз, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ бонты фӕстӕ ссардзынӕ» (Еккл. 11:1). Ацы ныхӕстӕй куыд зыны, афтӕмӕй нын нӕ рӕдаудзинады тыххӕй, чи зоны, бузныг зӕгъой «бирӕ бонты фӕстӕ», ома, бирӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд. Уый бӕрӕг у иу хойы хабарӕй.
20 Иухатт районон цӕстдарӕджы ус открыткӕ балӕвар кодта, ӕрӕджы донаргъуыд чи райста, ахӕм хойӕн. Ныффыста дзы, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй адӕймаг Йегъовӕйыл алкӕддӕр иузӕрдион уа. Ӕмӕ дзы иу-аст азы фӕстӕ дзуапп райста. Хойӕн йӕ писмойы уыди ахӕм ныхӕстӕ: «Бирӕ азты дӕргъы мын тынг ӕххуыс кодтай, кӕд ӕй дӕхӕдӕг нӕ зыдтай, уӕддӕр». Дарддӕр хо ныффыста: «Дӕ фӕлмӕн ныхӕстӕ мын мӕ зӕрдӕ батавтой. Ӕппӕты тынгдӕр мӕ бафидар кодта, цы стих дзы уыди, уый a. Алкӕддӕр ӕй мӕ зӕрдыл дардтон». Цы зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уыдоны кой куы ракодта, уӕд уый фӕстӕ загъта: «Хатт-иу мӕ ницыуал хъуыди. Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын дӕр-иу мӕ нал фӕндыд. Фӕлӕ мӕм цы стих ныффыстай, уый та-иу мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, ӕмӕ та-иу мӕм тыхтӕ фӕзынд». Стӕй ма ныффыста: «Уыцы аст азы дӕргъы мын дӕ ныхӕстӕ ӕмӕ уыцы стих куыд ӕххуыс кодтой, афтӕ ницы». Ахъуыды-ма кӕнут, районон цӕстдарӕджы ус «бирӕ бонты фӕстӕ» уыцы писмо куы райста, уӕд куыд цин кодтаид! Махӕн дӕр, чи зоны, бузныг зӕгъой, хорздзинад куы ракӕнӕм, уымӕй бирӕ рӕстӕг куы рацӕуа, уӕд.
21. Цӕмӕн дӕ фӕнды, цӕмӕй Йегъовӕйау рӕдау уай?
21 Йегъовӕ нӕ афтӕ сфӕлдыста, ӕмӕ кӕд уарзӕм, цӕмӕй нын иннӕтӕ хорздзинад аразой, уӕддӕр амондджындӕр вӕййӕм, хорздзинад нӕхӕдӕг куы фӕаразӕм, уӕд. Мах фӕцин кӕнӕм, нӕ хотӕн ӕмӕ не ’фсымӕртӕн нӕ бон баххуыс кӕнын куы вӕййы, уӕд. Ӕмӕ нын бузныг куы фӕзӕгъынц, уӕд нын ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ нын бузныг зӕгъой ӕви нӕ, уӕддӕр цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ аразӕм, раст цы у, уый. Дӕ зӕрдыл дар: иннӕтӕн цасфӕнды ма радтай, уӕддӕр дын Йегъовӕ «уымӕй бирӕ фылдӕр ратдзӕн» (2 Аз. 25:9). Уый хуызӕн рӕдау ничи у! Ӕмӕ дын Йегъовӕ арфӕ кӕна, уымӕй хуыздӕр ма цы хъуамӕ уа?! Уӕдӕ дарддӕр дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ уӕларвон Фыдау рӕдау уӕм.
17 ЗАРӔГ «Фӕнды мӕ»
a Открыткӕйы фыст уыд 2 Иоанны 8 стих: «Уӕхимӕ кӕсут, мах цӕуыл фӕфыдӕбон кодтам, уымӕй ӕнӕхай куыд нӕ фӕуат, фӕлӕ уӕ хорзӕх ӕххӕстӕй куыд райсат».
b НЫВ. Районон цӕстдарӕджы ус иу хомӕ открыткӕ фыссы, цӕмӕй йӕ бафидар кӕна. Цалдӕр азы фӕстӕ йӕм уыцы хо писмойы бузныджы ныхӕстӕ ныффыста. (Къамы ӕвдыст цы у, уый у инсценировкӕ.)