36 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
89 ЗАРӔГ Байхъус, ӕмӕ арфӕгонд уай
«Уыцы дзырд ӕххӕст... кӕнут»
«Уыцы дзырд ӕххӕст дӕр кӕнут, ма ут, ӕрмӕстдӕр ӕй хъусгӕ чи кӕны... ахӕмтӕ» (ИАК. 1:22).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ тынгдӕр фӕнда алы бон дӕр Хуыцауы Ныхас кӕсын, хъуыды йыл кӕнын ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын.
1, 2. Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ амондджын цӕмӕн сты? (Иаковы 1:22–25).
ЙЕГЪОВӔЙЫ ӕмӕ йӕ зынаргъ Фырты фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм. 119-ӕм псаломы 2-аг стихы фыст ис: «Амондджын сты, йӕ амындтӕ йын чи ӕххӕст кӕны, уыцы адӕм. Уыдон ӕй агурынц ӕппӕт зӕрдӕйӕ». Йесо та загъта: «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лук. 11:28).
2 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ сты амондджын адӕм. Цӕмӕн? Бирӕ цӕйдӕрты тыххӕй. Иу уымӕн, ӕмӕ алы бон дӕр фӕкӕсӕм Хуыцауы Ныхас ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ фӕархайӕм. (Бакӕс Иаковы 1:22–25.)
3. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы?
3 Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый куы феххӕст кӕнӕм, уӕд нын уый стыр пайда ӕрхӕссы. Зӕгъӕм, афтӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ фӕрухс кӕнӕм, ӕмӕ вӕййӕм амондджын (Еккл. 12:13). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд нӕ бинонтимӕ дӕр ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ дӕр ӕнгомдӕр свӕййӕм. Ӕвӕццӕгӕн, уый дӕхицӕй дӕр зоныс. Уымӕй уӕлдай ма нӕхи бахизӕм, Йегъовӕмӕ чи нӕ хъусы, уыдон кӕуыл сӕмбӕлынц, уыцы зындзинӕдтӕй бирӕтӕй. Мах разы стӕм паддзах Давиды ныхӕстимӕ. Йегъовӕйы закъоны, уагӕвӕрдты ӕмӕ тӕрхӕтты кой куы ракодта, уӕд загъта: «Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уый ссары стыр хорзӕх» (Пс. 19:7–11).
4. Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнын алы хатт ӕнцон цӕуылнӕ вӕййы?
4 Цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ кӕсӕм ӕмӕ иртасӕм. Фӕлӕ уымӕн рӕстӕг ссарын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уымӕн ӕмӕ тынг ӕнӕвдӕлон вӕййӕм. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ, цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм.
ХУЫЦАУЫ НЫХАС КӔСЫНӔН-ИУ РӔСТӔГ РАХИЦӔН КӔН
5. Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытыл цавӕр ахсджиаг хӕстӕ ис?
5 Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ тынг ӕнӕвдӕлон адӕм сты. Бирӕ рӕстӕг сын цӕуы, Библи ахсджиаг кӕй хоны, уыцы хъуыддӕгтыл. Зӕгъӕм, хъӕуы сӕ кусын, цӕмӕй сӕхи дӕр ӕмӕ сӕ бинонты дӕр дарой (1 Тим. 5:8). Бирӕты ма фӕхъӕуы сӕ ацӕргӕ кӕнӕ рынчын хиуӕттӕм кӕсын. Стӕй нӕ алкӕй дӕр хъӕуы йе ’нӕниздзинадмӕ йӕ хъус дарын, ӕмӕ уымӕн дӕр рӕстӕг хъӕуы. Уымӕй уӕлдай ма нын ӕмбырды дӕр ис цавӕрдӕр хӕстӕ. Нӕ сӕйраг хӕстӕй иу у хорз хабар хъусын кӕнын. Фӕлӕ ныл кӕд уыйбӕрц хӕстӕ ис, уӕддӕр нӕ бон куыд у рӕстӕг ссарын, цӕмӕй алы бон дӕр Библи кӕсӕм, хъуыды йыл кӕнӕм ӕмӕ, цы бакӕсӕм, уымӕ гӕсгӕ архайӕм?
6. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи алы бон дӕр кӕсай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
6 Филиппӕгтӕм 1:10 стихы фыст ис, «ахсджиагдӕр цы у», уый-иу кӕй хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм. Чырыстӕттӕ ахсджиагыл кӕй нымайынц, уыцы хъуыддӕгтӕй иу у Библи кӕсын. 1-аг псаломы амондджын адӕймаджы тыххӕй фыст ис: «Уыцы адӕймагӕн циндзинад хӕссы Йегъовӕйы закъон, ӕмӕ йын йӕ закъон ӕхсӕвӕй-бонӕй кӕсы сабыр хъӕлӕсӕй» (Пс. 1:1, 2). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, ахсджиаг кӕй у, цӕмӕй-иу Библи кӕсынӕн рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм. Библи кӕсынӕн хуыздӕр рӕстӕг кӕд у? Уымӕн бӕлвырд дзуапп нӕй. Алкӕмӕн дӕр йӕхи бон у равзарын, Библи кӕд кӕсдзӕн, уый. Ахсджиагдӕр у, цӕмӕй йӕ алы бон дӕр кӕсӕм. Ӕфсымӕр Виктор загъта: «Мӕ зӕрдӕмӕ цӕуы Библи райсомӕй кӕсын. Раджы стын нӕ уарзын, фӕлӕ уыцы афон хуыздӕр фӕхъуыды кӕнын ӕмӕ мӕ ницы фӕхъыгдары». Дӕуӕн дӕр дӕ бон у ахъуыды кӕнын: «Мӕнӕн та Библи кӕсынӕн ӕппӕты хуыздӕр рӕстӕг кӕд у?»
ЦЫ БАКӔСЫС, УУЫЛ-ИУ АХЪУЫДЫ КӔН
7, 8. Афтӕ цӕмӕн рауайы, ӕмӕ Библи кӕсӕм, фӕлӕ нын пайда нӕ хӕссы? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
7 Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймаг бирӕ цыдӕртӕ бакӕсы, фӕлӕ дзы уый фӕстӕ йӕ бон ницы вӕййы ӕрхъуыды кӕнын. Дӕуӕн дӕр искуы афтӕ уыд? Ахӕм хабар нӕ, ӕвӕццӕгӕн, алкӕуыл дӕр ӕрцыд. Хъыгагӕн, Библи кӕсгӕйӕ дӕр вӕййы афтӕ. Чи зоны, дӕ разы нысан сӕвӕрдтай, алы бон дӕр Библийӕ цалдӕр сӕры кӕй кӕсдзынӕ. Ӕмӕ уый тынг хорз нысан у! Нӕ разы нысӕнттӕ хъуамӕ ӕвӕрӕм ӕмӕ тырнӕм, цӕмӕй-иу нӕ къухы бафтой (1 Кор. 9:26). Библи кӕсын хорз нысан у. Фӕлӕ уый хъуыддагӕн ӕрмӕстдӕр йӕ райдиан у. Цӕмӕй нын Библи фылдӕр пайда хӕсса, уый тыххӕй йӕ ӕрмӕст кӕсын фаг нӕу.
8 Ахъуыды кӕнӕм ахӕм цӕвиттоныл. Зайӕгойты хъӕуы къӕвда, цӕмӕй рӕзой. Фӕлӕ цыбыр рӕстӕгмӕ бирӕ куы ӕруара, уӕд зӕхх ныллӕхъир уыдзӕн. Ӕмӕ ма ноджыдӕр куы ӕруара, уӕд уый зайӕгойтӕн ницы пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕхъӕуы рӕстӕг, цӕмӕй дон зӕххы ахъара. Раст афтӕ мах дӕр Библи тагъд-тагъд куы кӕсӕм, цӕмӕй дзы фылдӕр бакӕсӕм, уӕд-иу ыл хъуыды нӕ акӕндзыстӕм, нӕ зӕрдыл дзы ницы бадардзыстӕм ӕмӕ нӕ бон нӕ уыдзӕн, цы бакастыстӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын (Иак. 1:24).
9. Кӕд Библи тагъд-тагъд фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цы у саразын?
9 Кӕд Библи тагъд-тагъд фӕкӕсыс, уӕд дӕ бон цы у саразын? Бацархай, цӕмӕй йӕ сындӕгдӕр кӕсай, ӕмӕ-иу дӕ бон уа, цы кӕсыс, ууыл хъуыды кӕнын. Науӕд та-иу, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕн, каст куы фӕуай, уӕд. Афтӕ дӕм ма кӕсӕд, ӕмӕ уый зын у. Зӕгъӕм, Библи иртасынӕн ис фылдӕр рӕстӕг рахицӕн кӕнӕн, цӕмӕй-иу ыл хъуыды дӕр акӕнай. Кӕнӕ та дӕ бон у, ӕнӕуи цас бакӕсыс, уымӕй къаддӕр бакӕсын, цӕмӕй дын рӕстӕг уа, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнынӕн. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕр, Виктор, загъта: «Библийӕ арӕхдӕр иу сӕр йеддӕмӕ нӕ бакӕсын. Райсомӕй йӕ кӕй фӕкӕсын, уымӕ гӕсгӕ йыл мӕ бон вӕййы боны дӕргъы хъуыды кӕнын». Библи куыдфӕнды ма кӕсай,– сӕйрагдӕр у, цӕмӕй-иу тагъд ма кӕнай ӕмӕ, цы бакастӕ, ууыл ахъуыды кӕнай (Пс. 119:97; кӕс рамкӕ « Фарстатӕ ахъуыды кӕнынӕн»).
10. Дӕ бон куыд у, цы бакӕсыс, уымӕ гӕсгӕ архайын? Ӕрхӕсс цӕвиттон (1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18).
10 Зӕгъӕм, аскъуыддзаг кодтай, Библи кӕд кӕсдзынӕ ӕмӕ дзы цас кӕсдзынӕ, уый. Ныр та дӕ хъӕуы иннӕ къахдзӕф скӕнын – цы бакӕсыс, уымӕ гӕсгӕ архайын. Библийӕ исты скъуыддзаг куы бакӕсыс, уӕд-иу ахъуыды кӕн: «Цы бакастӕн, уымӕй мӕ бон куыд у спайда кӕнын ныр кӕнӕ фидӕны?» Зӕгъӕм, бакастӕ 1 Фессалоникӕгтӕм 5:17, 18 стихтӕ. (Бакӕс сӕ.) Дӕ бон у ӕрлӕууын ӕмӕ ахъуыды кӕнын: «Цас арӕх фӕкувын? Зӕрдӕбынӕй фӕкувын?» Стӕй ма дӕ бон у ахъуыды кӕнын, Йегъовӕйӕ бузныг цӕй тыххӕй дӕ, ууыл. Ӕмӕ дӕ, чи зоны, бафӕнда, цӕмӕй йын, зӕгъӕм, ӕртӕ бӕлвырд хъуыддаджы тыххӕй бузныг зӕгъай. Цы бакӕсыс, ууыл-иу цалдӕр минуты дӕр куы ахъуыды кӕнай, уӕд Хуыцауы Ныхас ӕмбаргӕ дӕр кӕндзынӕ ӕмӕ дзы цы фыст ис, уый ӕххӕст дӕр кӕндзынӕ. Библи алы бон дӕр афтӕ куы кӕсай, уӕд дын фылдӕр пайда ӕрхӕсдзӕн. Фӕлӕ дӕм афтӕ куы кӕса, ӕмӕ дӕ бирӕ цӕуылдӕрты хъӕуы бакусын, уӕд та?
ДӔ РАЗЫ ӔГӔР БИРӔ НЫСӔНТТӔ МА ӔВӔР
11. Хатт нӕ ныфс цӕй тыххӕй асӕтты? Ӕрхӕсс цӕвиттон.
11 Библи куы фӕкӕсыс, уӕд, чи зоны, хатт дӕ ныфс асӕтты, уымӕн ӕмӕ бамбарыс, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын. Зӕгъӕм, иу бон Библийы бакастӕ уынаффӕ, хъулон митӕ кӕй хъуамӕ ма кӕнӕм (Иак. 2:1–8). Чи зоны, бамбӕрстай, ууыл дӕ бакусын кӕй хъӕуы, ӕмӕ дӕ разы ахӕм нысан сӕвӕрдтай. Уый тынг хорз у! Дыккаг бон та бакастӕ, ахсджиаг кӕй у ӕвзаджы рохтыл хӕцын (Иак. 3:1–12). Ӕмӕ бамбӕрстай, хатт дӕ ныхӕстӕй иннӕты зӕрдӕ кӕй фӕриссын кӕныс. Уымӕ гӕсгӕ дӕхицӕн загътай, кӕй архайдзынӕ, цӕмӕй, цы дзурыс, уымӕй иннӕты фидар кӕнай. Ӕртыккаг бон та бакастӕ, ацы дунеимӕ кӕй хъуамӕ ма лымӕн кӕнӕм (Иак. 4:4–12). Ӕмӕ бамбӕрстай, ирхӕфсӕнтӕ ӕвзаргӕйӕ лӕмбынӕгдӕр кӕй хъуамӕ уай. Гъемӕ цыппӕрӕм бонмӕ дӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ федтай, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын.
12. Библи кӕсгӕйӕ куы бамбарай, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын, уӕд дӕ ныфс цӕуылнӕ хъуамӕ асӕтта? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
12 Кӕд бамбӕрстай, бирӕ цӕуылдӕрты дӕ кӕй хъӕуы бакусын, уӕд дӕ ныфс ма асӕттӕд. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ дын хорз зӕрдӕ ис ӕмӕ сӕрныллӕг дӕ. Сӕрныллӕг адӕймаг Библи кӕсгӕйӕ фӕархайы, цӕмӕй фена, цы йӕ хъӕуы фӕивын, уый a. Стӕй дӕ зӕрдыл дар: адӕймаг йӕ «удыхъӕд ногмӕ» иу бонмӕ нӕ раивы (Кол. 3:10). Ууыл ӕдзух фӕхъӕуы архайын. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дарддӕр дӕр, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнай?
13. Нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕргӕйӕ нӕ бон куыд у бонзонгӕйӕ архайын? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
13 Ӕнӕмӕнг нӕу, цӕмӕй, цы бакастӕ, уыдӕттӕй се ’ппӕтӕй дӕр уайтагъд спайда кӕнай. Бонзонгӕ у ӕмӕ дӕ разы ӕгӕр бирӕ нысӕнттӕ ма ӕвӕр (Ӕмб. 11:2). Афӕлвар афтӕ бакӕнын: ныффысс, цӕуыл дӕ хъӕуы бакусын, уыдӕттӕ. Ӕмӕ уал дзы иу кӕнӕ дыууӕйыл бакус. Иннӕтӕ та фӕстӕдӕрмӕ ныууадз. Цӕмӕй ис райдайӕн?
14. Дӕ бон цавӕр нысӕнттӕй у райдайын?
14 Дӕ бон у райдайын, дӕ къухы ӕнцондӕрӕй чи бафтдзӕн, уыцы нысанӕй кӕнӕ та дӕ тынгдӕр цӕуыл хъӕуы бакусын, уымӕй. Куы аскъуыддзаг кӕнай, фыццаг цӕуыл бакусдзынӕ, уӕд-иу уый фӕдыл ӕрмӕг бацагур. Уымӕн дын баххуыс кӕндзысты, зӕгъӕм, «Индекс публикаций Сторожевой Башни» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс». Стӕй-иу Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ дӕ нысанмӕ тырнын «фӕндгӕ дӕр кӕна ӕмӕ архайгӕ дӕр» кӕнай (Фил. 2:13). Уый фӕстӕ-иу, цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ архай. Куы уынай, кӕй дын уайы цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнын кӕнӕ цавӕрдӕр миниуӕг хуыздӕр ӕвдисын, уӕд дӕ тынгдӕр фӕнддзӕн дӕ иннӕ нысӕнттӕм дӕр тырнын. Ӕмӕ, чи зоны, уыдон дӕ къухы ӕнцондӕрӕй бафтой.
ХУЫЦАУЫ НЫХАС «ЙӔ КУЫСТ КӔНӔД УӔ МИДӔГ»
15. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библи чи кӕсы, уыдонӕй бирӕтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц? (1 Фессалоникӕгтӕм 2:13).
15 Иуӕй-иутӕ фӕзӕгъынц, Библи бирӕ хӕттыты кӕй бакастысты. Фӕлӕ дзы цы фыст ис, ууыл ӕууӕндынц? Цы базонынц, уымӕ гӕсгӕ цӕрынц ӕмӕ Библийӕн бар дӕттынц, цӕмӕй сӕ ива? Хъыгагӕн, арӕхдӕр афтӕ нӕ вӕййы. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ Библимӕ ӕндӕр цӕстӕй кӕсынц. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттау ӕй нымайынц, «ӕцӕгӕй цы у, ууыл – Хуыцауы ныхасыл». Стӕй архайынц, цӕмӕй йӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрой. (Бакӕс 1 Фессалоникӕгтӕм 2:13.)
16. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый ӕххӕст кӕнӕм?
16 Библи кӕсын ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ архайын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Хатт зын вӕййы рӕстӕг ссарын, цӕмӕй-иу Хуыцауы Ныхас бакӕсӕм. Кӕнӕ та, чи зоны, Библи тагъд-тагъд фӕкӕсӕм ӕмӕ дзы цы фыст ис, ууыл нӕ ахъуыды кӕнӕм. Йе та, чи зоны, нӕ ныфс асаст, уымӕн ӕмӕ бамбӕрстам, бирӕ цӕуылдӕрты нӕ кӕй хъӕуы бакусын. Куыдфӕнды ма уа, Йегъовӕйы фӕрцы нын алцыдӕр рауайдзӕн. Уӕдӕ-иу Йегъовӕйы ӕххуысыл сразы уӕм ӕмӕ, йӕ Ныхасы цы бакӕсӕм, уый-иу ма ферох кӕнӕм, фӕлӕ йӕ ӕххӕст кӕнӕм. Библи алы бон куы кӕсӕм ӕмӕ, цы базонӕм, уымӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд амондджындӕр уыдзыстӕм (Иак. 1:25).
94 ЗАРӔГ Бузныг стӕм Хуыцауы Ныхасы тыххӕй
a Сайты jw.org кӕс видеороликмӕ «Де ’мгӕрттӕ цы дзурынц. Библи кӕсын».