Зыдтай йӕ?
Ефиопаг хицау цавӕр бӕхуӕрдоныл цыд, Филипп ын куы хъусын кодта, уӕд?
«БӔХУӔРДОН»-ӕй тӕлмац грекъаг дзырд «Ног дунейы тӕлмац»-ы фӕамоны алыхуызон бӕхуӕрдӕттӕм (Хъуыд. 8:28, 29, 38). Фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй, ефиопаг лӕг цы бӕхуӕрдоныл цыди, уый уыди ӕнӕуи хӕстон бӕхуӕрдонӕй кӕнӕ-иу ерыс кӕуыл кодтой, ахӕм бӕхуӕрдонӕй стырдӕр. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм цалдӕр хъуыдымӕ.
Уыцы ефиопаг лӕг уыди стыр хицау ӕмӕ йӕ хъуыд дард фӕндагыл цӕуын. Уымӕн йӕ бар уыдысты «Ефиопийы ус-паддзахы хӕзнатӕ иууылдӕр» (Хъуыд. 8:27). Рагон Ефио́пи цы территори ахста, уымӕ хаудысты, ныртӕккӕ Суда́н кӕм ис, уыцы зӕххытӕ ӕмӕ, Египеты ӕппӕты хуссардӕр хайы чи ис, уыцы зӕххытӕ. Ефиопаг хицау уыцы балцы рӕстӕг, ӕвӕццӕгӕн, уыцы иу бӕхуӕрдоныл нӕ цыд. 1 ӕнусы-иу адӕм цы бӕхуӕрдӕттыл цыдысты, уыдонӕй иутӕ уыдысты, цыппар цалхы кӕмӕн уыд, ахӕм ӕхгӕдсӕр бӕхуӕрдӕттӕ. Иу чиныджы фыст ис: «Ахӕм бӕхуӕрдӕтты уыд фылдӕр бынат бӕлццӕтты дзаумӕттӕн, ӕнцондӕр сыл уыд цӕуын ӕмӕ сыл, ӕвӕццӕгӕн, уыд дарддӕр рӕттӕм ацӕуӕн» (Acts—An Exegetical Commentary).
Филипп ефиопаг хицауимӕ ныхас кӕнын куы райдыдта, уӕд уый цыдӕр каст. Библийы фыст ис: «Филипп базгъордта бӕхуӕрдонмӕ ӕмӕ фехъуыста, уыцы лӕг хъӕрӕй кӕй каст пехуымпар Исайы чиныг» (Хъуыд. 8:30). Искуыдӕм-иу кӕуыл цыдысты, уыцы бӕхуӕрдӕттӕ афтӕ конд нӕ уыдысты, цӕмӕй сыл тагъд цыдаиккой. Сындӕгдӕр-иу кӕй цыдысты, уый фӕрцы ефиопаг лӕгӕн йӕ бон уыд цӕугӕ-цӕуын кӕсын, стӕй Филиппӕн дӕр йӕ бон баци бӕхуӕрдон баййафын.
Ефиопаг хицау Филиппӕн «ныллӕгъстӕ кодта, зӕгъгӕ-ма бӕхуӕрдонмӕ схиз ӕмӕ мӕ фарсмӕ ӕрбад» (Хъуыд. 8:31). Ерыс-иу кӕуыл кодтой, уыцы бӕхуӕрдоны-иу лӕугӕ кодтой. Ефиопаг хицау кӕуыл цыд, уыцы бӕхуӕрдоны та уыд фаг бынат, цӕмӕй дзы йӕхӕдӕг дӕр сбадтаид ӕмӕ Филипп дӕр.
Хуыцауы Ныхасы Хъуыддӕгты 8-ӕм сӕры цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ историкты бӕлвырдгӕнӕнтӕм гӕсгӕ фӕстаг рӕстӕг нӕ публикациты ефиопаг хицауы ӕнӕуи хӕстон бӕхуӕрдоныл кӕнӕ-иу ерыс кӕуыл кодтой, ахӕм бӕхуӕрдоныл цӕугӕйӕ не сныв кӕнынц, фӕлӕ стырдӕр бӕхуӕрдоныл цӕугӕйӕ.