Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

3 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

124 ЗАРӔГ Алкӕд ӕнувыд, иузӕрдион уӕм

Йегъовӕ дын зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕндзӕн

Йегъовӕ дын зын рӕстӕджыты ӕххуыс кӕндзӕн

«[Йегъовӕ уӕ] бафидар... кӕндзӕн, уӕ хъарутыл уын хъарутӕ бафтаудзӕн» (1 ПЕТ. 5:10).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ зын рӕстӕджыты баххуыс кӕна.

1, 2. Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц?

 АДӔЙМАГЫЛ цавӕрдӕр ӕвзӕр кӕнӕ ӕнамонд хабар куы ’рцӕуы, уӕд, гӕнӕн ис, йӕ цард цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕива. Ӕмӕ йӕ фембары, раздӕр куыд уыд, афтӕ кӕй никуыуал уыдзӕн. Зӕгъӕм, ӕфсымӕр Луи́смӕ ссардтой рак a. Дохтыр ын загъта, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ йын кӕй нал баззад. Мо́никӕ йӕ лӕгимӕ Йегъовӕйӕн зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодтой. Фӕлӕ иу бон базыдта, йӕ лӕг, хистӕр нӕлгоймаг, цалдӕр азы дӕргъы кӕимӕдӕр кӕй хӕтыд. Оли́вийӕ у ӕнӕцыд хо. Уый та бахъуыд йӕ хӕдзарӕй лидзын, уымӕн ӕмӕ сын загътой, тыхдымгӕ кӕй ӕрбахӕстӕг. Уый фӕстӕ куы ’рбаздӕхт, уӕд йӕ хӕдзарӕй хӕлддзӕгтӕ йеддӕмӕ ницыуал баййӕфта. Ацы ӕртӕ адӕймагӕн сӕ цард цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕивта. Ды дӕр искуы ахӕм цыдӕр бавзӕрстай? Афтӕ дӕм каст, ӕмӕ дыл дуне рафӕлдӕхт?

2 Йегъовӕйы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ дӕр хызт не сты, иннӕ адӕм цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц ӕмӕ цы низтӕй хъӕрзынц, уыдонӕй. Уымӕй уӕлдай ма нӕ Хуыцауы знӕгтӕ ӕфхӕрынц, нӕ фӕдыл зилынц. Йегъовӕ нӕ ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕй нӕ бахизы. Фӕлӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн (Ис. 41:10). Ӕмӕ уый фӕрцы тынг зын уавӕрты дӕр нӕ бон вӕййы дарддӕр цингӕнгӕйӕ ӕмӕ иузӕрдионӕй лӕггад кӕнын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, ууыл. Ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ. Стӕй ма аныхас кӕндзыстӕм, нӕхӕдӕг цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй-иу нын баххуыс кӕна.

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ХЪАХЪХЪӔНДЗӔН ДӔ ЗӔРДӔ ӔМӔ ДӔ ЗОНД

3. Исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд нын зын цы вӕййы?

3 Исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд нын зын вӕййы рӕстмӕ хъуыды кӕнын ӕмӕ уынаффӕтӕ хӕссын. Афтӕ цӕмӕн вӕййы? Адӕймаг, цы маст бавзӕрста, уый тыххӕй йӕхицӕн бынат нал фӕары, зӕрдӕ дур фесты. Афтӕ йӕм фӕкӕсы, цыма мигъы фӕцӕуы ӕмӕ йӕ размӕ йӕ фӕндаг нӕ уыны, ӕмӕ, кӕдӕм цӕуа, уый нӕ зоны. Райдианы цы дыууӕ хойы кой ракодтам, уыдон цы ’нкъардтой, ууыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Оливийӕ загъта: «Тыхдымгӕ мын мӕ хӕдзар кӕй ныппырх кодта, уый куы федтон, уӕд цыма дзӕгъӕл фӕдӕн, афтӕ уыдтӕн. Дарддӕр куыд цӕрдзынӕн, уый нал зыдтон». Йӕ лӕг гадзрахатӕй кӕуыл рацыд, уыцы хо, Моникӕ, та афтӕ загъта: «Искуы мыл ахӕм хабар ӕрцӕудзӕн, уый ӕнхъӕл никуы уыдтӕн. Цы уавӕры уыдтӕн, уый ныхӕстӕй зын у бамбарын кӕнын. Мӕ зӕрдӕ базгъӕлӕнтӕ. Цыма мын дзы кард нытътъыстой, афтӕ мӕм каст. Дарддӕр куыд цӕрон, цы кӕнон, уый нал зыдтон». Йегъовӕ нын ахӕм уавӕрты куыд баххуыс кӕны?

4. Филиппӕгтӕм 4:6, 7 стихтӕм гӕсгӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

4 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Зӕрдӕ нын бавӕрдта, кӕй нын дӕтдзӕн «Хуыцауы фарн». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:6, 7.) Уыцы фарн амоны, Йегъовӕ не ’ввахс Хӕлар кӕй у, уый фӕрцы нӕ зӕрдӕ сабыр кӕй вӕййы ӕмӕ ӕгӕр кӕй ницӕуыл фӕтыхсӕм, уымӕ. Хуыцауы фарныл «зонд... не ’ххӕссы», ома, нӕ бон бамбарын цы у кӕнӕ ахъуыды кӕнын цӕуыл у, уымӕй диссагдӕр у. Искуы дын афтӕ уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ зӕрдиагӕй скуывтай ӕмӕ уый фӕстӕ дӕ зӕрдӕ ӕвиппайды афтӕ ӕрсабыр, ӕмӕ диссаг? Гъе уый у «Хуыцауы фарн».

5. Хуыцауы фарн нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд куыд хъахъхъӕны?

5 Филиппӕгтӕм 4:7 стихы ма фыст ис, зӕгъгӕ уын «Хуыцауы фарн... бахъахъхъӕндзӕн уӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ уӕ зонд». «Бахъахъхъӕндзӕн»-ӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый баст уыд хӕстон хабӕрттимӕ ӕмӕ амыдта, ӕфсӕддонтӕ-иу горӕт знагӕй кӕй хъахъхъӕдтой, уымӕ. Ӕмӕ-иу горӕты цӕрджытӕ ӕхсӕвы ӕнӕмӕтӕй фынӕй кодтой, уымӕн ӕмӕ йӕ зыдтой, горӕты кулдуӕрттӕ ӕфсӕддонтӕ кӕй хъахъхъӕнынц. Раст афтӕ нын Хуыцауы фарн бахъахъхъӕны нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нӕ зонд. Нӕ зӕрдӕ вӕййы сабыр, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонӕм, Йегъовӕимӕ нын тӕссаг кӕй ницӕмӕй у (Пс. 4:8). Аннӕйы хабар куыд уыд, афтӕ махӕн дӕр кӕд нӕ уавӕр уайтагъд нӕ фӕивы, уӕддӕр нал фӕмӕт кӕнӕм (1 Сам. 1:16–18). Ӕмӕ нын уӕд ӕнцондӕр вӕййы, цы саразын хъӕуы, уый бамбарын ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссын.

Хуыцаумӕ кув, цалынмӕ нӕ банкъарай, «Хуыцауы фарн» дын дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд куыд хъахъхъӕны, уый (кӕс 4–6 абзацтӕ)


6. Цы дӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй Хуыцауы фарнӕй схайджын уай? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

6 Нӕхи цы хъӕуы аразын? Зын уавӕры куы уай ӕмӕ истӕуыл куы мӕт кӕнай, уӕд-иу «хъахъхъӕнджытӕм» фӕдзур. Уый дӕ бон куыд у саразын? Хуыцаумӕ кув, цалынмӕ нӕ банкъарай, йӕ фарнӕй кӕй схайджын дӕ, уый (Лук. 11:9; 1 Фес. 5:17). Райдианы кӕй кой кодтам, уыцы ӕфсымӕры, Луисы, хабарыл-ма ахъуыды кӕнӕм. Йӕ бинойнаг Аннӕимӕ сын цы баххуыс кодта, цалдӕр мӕйы йеддӕмӕ йын кӕй нӕ баззад, уый куы базыдтой, уӕд? Луис загъта: «Ахӕм рӕстӕджыты тынг зын вӕййы, адӕймаг йӕхи куыд дзӕбӕх кӕна, уый фӕдыл ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгты фӕдыл уынаффӕтӕ хӕссын. Фӕлӕ-иу Хуыцаумӕ куывтам, ӕмӕ-иу уый фӕрцы нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр сты. Куы нӕ куывтаиккам, уӕд не сфӕрӕзтаиккам». Луис ӕмӕ Аннӕ Йегъовӕйӕ ӕдзухдӕр зӕрдиагӕй куырдтой, цӕмӕй сын йӕ фарн раттаид, сӕ зӕрдӕтӕ сын ӕрсабыр кодтаид ӕмӕ сын баххуыс кодтаид раст уынаффӕтӕ рахӕссынӕн. Ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстой, кӕй сын ӕххуыс кӕны. Кӕд ды дӕр зын уавӕры дӕ, уӕд ӕппынӕдзух Йегъовӕмӕ кув. Ӕмӕ йӕ банкъардзынӕ, йӕ фарн дын дӕ зӕрдӕ ӕмӕ дӕ зонд куыд хъахъхъӕны, уый (Ром. 12:12).

ЙЕГЪОВӔ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ МА ФӔЦУДАЙ

7. Зын уавӕры арӕх цы фенкъарӕм?

7 Зын уавӕры куы вӕййӕм, уӕд нын хатт зын вӕййы нӕхиуыл хӕцын ӕмӕ не ’нкъарӕнтыл дӕр нӕ бар нал фӕцӕуы. Абухгӕ денджызы уылӕнтӕ нау дыууӕрдӕм куыд фӕраппар-баппар кӕнынц, афтӕ махӕн дӕр нӕ мидӕг не ’нкъарӕнтӕ фӕабухынц. Гӕнӕн ис, иу цыдӕр ӕнкъарӕм ӕмӕ стӕй сонтӕй – ӕндӕр цыдӕр. Луисы мӕлӕты фӕстӕ Аннӕ дӕр афтӕ уыд. Уый загъта: «Иунӕгӕй кӕй баззадтӕн, ууыл-иу куы хъуыды кодтон, уӕд та-иу мӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын райдыдтон. Уый фӕстӕ та-иу Луисмӕ мӕсты кодтон, кӕй мӕ ныууагъта, уый тыххӕй». Стӕй-иу стыхст, раздӕр Луисы бар цы хъуыддӕгтӕ уыдысты, уыдон ныр йӕхи кӕй хъуыд аразын, уый тыххӕй. Хатт-иу ӕм афтӕ каст, цыма абухгӕ денджызы астӕу ис. Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ нӕ уылӕнтау сӕ быны куы скӕнынц, уӕд?

8. 1 Петры 5:10 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

8 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Уый нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй-иу фидар фӕлӕууӕм ӕмӕ ма фӕцудӕм. (Бакӕс 1 Петры 5:10.) Денджызы тыхдымгӕ куы сысты, уӕд уылӕнтӕ нау дыууӕрдӕм раппар-баппар кӕнын райдайынц. Ӕмӕ, цӕмӕй нау ма фӕфӕлдӕха ӕмӕ ма фӕдӕлдон уа, уый тыххӕй науыл бынӕй дыууӕрдыгӕй вӕййы стабилизатортӕ, вӕййынц доны бын. Уыцы стабилизаторты фӕрцы уылӕнтӕ нау афтӕ тынг нал фӕраппар-баппар кӕнынц. Стӕй, науыл чи фӕцӕуы, уыцы адӕмӕн дӕр вӕййы ӕдасдӕр ӕмӕ ӕнцондӕр. Фӕлӕ уыцы стабилизатортӕй бирӕтӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕкусынц, нау дарддӕр размӕ куы фӕцӕуы, уӕд. Ӕмӕ мах дӕр фӕлварӕнты рӕстӕг дарддӕр размӕ куы цӕуӕм ӕмӕ Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм.

Ӕрмӕг иртасынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдоны фӕрцы дӕхи фидар кӕн, цӕмӕй дӕ зындзинӕдты уылӕнтӕ ма раппар-баппар кӕной (кӕс 8, 9 абзацтӕ)


9. Ӕрмӕг иртасынӕн нӕм цы публикацитӕ ис, уыдон нын куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуа? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

9 Нӕхи цы хъӕуы аразын? Алыхуызон ӕнкъарӕнтӕ дӕ уылӕнтау сӕ быны куы скӕной, уӕд-иу уӕддӕр архай, цӕмӕй ӕдзух Йегъовӕмӕ кувай, ӕмбырдтӕм цӕуай ӕмӕ хорз хабар хъусын кӕнай. Чи зоны, дӕ бон ма уа, раздӕр цас арӕзтай, уыйбӕрц аразын. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕ дӕ, дӕ бон цас у, уымӕй фылдӕр нӕ домы. (Абар Лукайы 21:1–4.) Рахицӕн ма-иу кӕн рӕстӕг, цӕмӕй дӕхӕдӕг Библи иртасай ӕмӕ йыл хъуыды кӕнай. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Йегъовӕ нын йӕ организацийы уылты дӕтты уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг, зӕгъӕм, замманай статьятӕ, видеороликтӕ ӕмӕ кинотӕ. Ӕмӕ нын уыдон ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй-иу зын рӕстӕджыты не ’нкъарӕнтыл нӕ бар цӕуа. Хъӕугӕ ӕрмӕг ссарынӕн дын баххуыс кӕндзысты приложени JW Library®, «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕрмӕг агурынӕн ӕххуыс» кӕнӕ «Индекс публикаций Сторожевой башни». Уый размӕ кӕй кой кодтам, уыцы хо, Моникӕ, загъта, мӕсты кӕнын-иу куы райдыдта кӕнӕ-иу йӕ зӕрдӕйы рыст куы фӕтыхджындӕр, уӕд та-иу библиотекӕйы кӕнӕ индексы кӕй райдыдта фылдӕр ӕрмӕг агурын. Зӕгъӕм, агуырдта-иу ӕрмӕг «мӕсты кӕнын»-ы, «гадзрахатӕй рацӕуын»-ы кӕнӕ «иузӕрдиондзинад»-ы фӕдыл. Ӕмӕ-иу ын цалынмӕ нӕ фенцондӕр, уӕдмӕ-иу, кӕй ссардта, уыцы ӕрмӕг касти ӕмӕ касти. Моникӕ загъта: «Исты агурын-иу куы райдыдтон, уӕд-иу фыртыхстӕй клавиатурӕ сзынг кодтон. Фӕлӕ-иу кӕсын куы райдыдтон, уӕд-иу мӕм афтӕ фӕкаст, цыма мӕ Йегъовӕ йӕ хъӕбысы ӕрбакодта. Кӕсгӕ-кӕсын-иу бамбӕрстон, Йегъовӕ кӕй зоны, мӕ зӕрдӕйы ахӕм ӕнкъарӕнтӕ кӕй ис, уый, алцыдӕр хорз кӕй ӕмбары ӕмӕ мын кӕй ӕххуыс кӕны». Йегъовӕ дӕуӕн дӕр баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де ’нкъарӕнтыл дӕ бар цӕуа, цалынмӕ «сабырдӕр дӕттӕм» нӕ бахӕццӕ уай, уӕдмӕ (Пс. 119:143, 144).

ЙЕГЪОВӔ ДӔ ИУНӔГӔЙ НӔ НЫУУАДЗДЗӔН

10. Исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд уый фӕстӕ куыд вӕййӕм?

10 Адӕймагыл исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуы, уӕд ын уый фӕстӕ арӕх тынг ӕвзӕр вӕййы, тыхы мур ӕм нал вӕййы, ницыуал ӕй фендавы. Уӕд вӕййӕм, кӕддӕр тагъд чи згъордта, фӕлӕ йӕ къах тынг чи ныццавта ӕмӕ ныр къуылых-къуылых чи цӕуы, ахӕм спортсмены хуызӕн. Раздӕр ӕнцонтӕй кӕй арӕзтам ӕмӕ нӕ зӕрдӕмӕ чи цыд, уыцы хъуыддӕгтӕ аразын дӕр нын зын вӕййы ӕмӕ нӕ ницыуал фӕфӕнды. Хатт нӕм Илийайы хуызӕн уый хъару дӕр нӕ вӕййы, цӕмӕй нӕ хуыссӕнӕй сыстӕм. Фӕфӕнды нӕ ӕрмӕст фынӕй кӕнын (1 Пад. 19:5–7). Ахӕм уавӕры нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны?

11. Йегъовӕ ма нын ноджыдӕр куыд баххуыс кӕны? (Исай 41:13).

11 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Зӕрдӕ нын бавӕрдта, нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн ӕмӕ нын нӕ къухыл кӕй хӕцдзӕн, уымӕй. (Бакӕс Исайы 41:13.) Йӕ къах чи ныццавта, уыцы спортсмены фӕхъӕуы, цӕмӕй йыл исчи хӕца ӕмӕ йӕ бон уа цӕуын. Ӕмӕ мах дӕр афтӕ фӕхъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй дарддӕр Йегъовӕйӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕнӕм. Паддзах Давид ахӕм ӕххуыс йӕхиуыл бавзӕрста. Фӕлварӕнты куы бахауд ӕмӕ йе знӕгтӕ йемӕ куы тох кодтой, уӕд Йегъовӕйӕн загъта: «Дӕ рахиз къух мыл хӕцдзӕн» (Пс. 18:35). Фӕлӕ Йегъовӕ куыд равдисы, нӕ фарсмӕ кӕй ис ӕмӕ ныл кӕй хӕцы, уый?

Дӕ бинонты, де ’мбӕлтты ӕмӕ-иу хистӕр нӕлгоймӕгты бауадз, цӕмӕй дын баххуыс кӕной (кӕс 11–13 абзацтӕ)


12. Ныфссаст куы вӕййӕм, уӕд нын Йегъовӕ арӕх кӕй уылты баххуыс кӕны?

12 Йегъовӕ арӕх иннӕты баразӕнгард кӕны, цӕмӕй нын баххуыс кӕной. Зӕгъӕм, иухатт Давид ныфссаст куы уыд, уӕд ӕм йе ’мбал Ионафан ӕрбацыд ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтыдта (1 Сам. 23:16, 17). Илийайӕн та Йегъовӕ ӕххуысгӕнӕгӕй равзӕрста Елисейы (1 Пад. 19:16, 21; 2 Пад. 2:2). Абон нын, гӕнӕн ис, Йегъовӕ баххуыс кӕна нӕ бинонты, не ’мбӕлтты кӕнӕ хистӕр нӕлгоймӕгты уылты. Фӕлӕ зӕрдӕрыст куы вӕййӕм, уӕд нӕ, чи зоны, фӕфӕнды иунӕгӕй баззайын ӕмӕ нӕм никӕй уынын фӕцӕуы. Ӕмӕ уым дӕр диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ нӕ цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ искӕй уылты баххуыс кӕна?

13. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ искӕй уылты баххуыс кӕна? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

13 Нӕхи цы хъӕуы аразын? Дӕ зӕрдӕйы коммӕ ма кӕс ӕмӕ дӕхи иннӕтӕй дард ма лас. Адӕймаг йӕхи иннӕтӕй дард куы фӕласы, уӕд йӕхи йеддӕмӕ ӕмӕ йӕ зындзинӕдтӕ йеддӕмӕ ницыуал фӕуыны. Ӕмӕ уый та хорз нӕу, уымӕн ӕмӕ уӕд, гӕнӕн ис, раст уынаффӕтӕ ма рахӕсса (Ӕмб. 18:1). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, алкӕй дӕр нӕ хатт фӕфӕнды, цӕмӕй-иу иунӕгӕй аззайа, уӕлдайдӕр ныл исты ӕвзӕр кӕнӕ ӕнамонд хабар куы ’рцӕуы, уӕд. Фӕлӕ афтӕ бирӕ рӕстӕг куы ахӕсса, уӕд нӕхи ӕнӕхай фӕкӕндзыстӕм, Йегъовӕ кӕй уылты архайы, уыдоны ӕххуысӕй. Уӕдӕ-иу дын дӕ бинонтӕ, де ’мбӕлттӕ ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕ баххуыс кӕнынмӕ куы хъавой, уӕд-иу сӕ бауадз, тынг ныфссаст куы уай, уӕд дӕр. Дӕ зӕрдыл дар, уыдоны уылты дын Йегъовӕ кӕй ӕххуыс кӕны (Ӕмб. 17:17; Ис. 32:1, 2).

ЙЕГЪОВӔ ДЫН ДӔ ЗӔРДӔ ӔРСАБЫР КӔНДЗӔН

14. Иуӕй-иу хатт нӕ тас цӕй тыххӕй бацӕуы?

14 Хатт цӕмӕйдӕр фӕтӕрсӕм. Библийы фыст ис, раджы заманты дӕр-иу Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ се знӕгтӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕмӕйдӕрты кӕй тарстысты ӕмӕ-иу сӕ тас кӕй бацыд (Пс. 18:4; 55:1, 5). Ӕмӕ абон махӕн дӕр, гӕнӕн ис, нӕ уырнындзинады тыххӕй скъолайы, куысты, нӕ бинонтӕ кӕнӕ хицауад нӕ ныхмӕ цӕуой. Кӕнӕ, гӕнӕн ис, мӕлӕтдзаг рынчын фӕуӕм. Ахӕм рӕстӕджыты нӕхимӕ фӕкӕсӕм сывӕллонау ӕнӕбон. Уӕд нын Йегъовӕ куыд баххуыс кӕны?

15. Псалом 94:19 стихмӕ гӕсгӕ нын Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

15 Йегъовӕ цы сараздзӕн? Йегъовӕ нын йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны. (Бакӕс Псалом 94:19.) Ацы псалом кӕсгӕйӕ нӕ бон у нӕ цӕстытыл ахӕм ныв ауайын кӕнын. Арв гыбар-гыбур кӕны ӕмӕ цӕхӕртӕ калы. Гыццыл чызг уымӕй фӕтарст ӕмӕ фынӕй кӕнын нӕ уӕнды. Уӕд ӕм йӕ фыд ӕрбацыд, йӕ хъӕбысмӕ йӕ систа ӕмӕ йӕ рӕвдауӕн ныхӕстӕй сабыртӕ кӕны. Ӕмӕ кӕд ӕддейӕ нырма арв нӕргӕ кӕны, уӕддӕр сывӕллон йӕ фыды хъӕбысы ницӕмӕйуал тӕрсы ӕмӕ ӕрсабыр, ӕмӕ стӕй бафынӕй. Мах дӕр фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ хатт тас бацӕуы. Ӕмӕ, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр уа, уый тыххӕй хъӕуы, цӕмӕй нӕ нӕ уӕларвон Фыд йӕ «хъӕбысмӕ» сиса. Цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна?

Дӕ уӕларвон Фыды-иу бауадз, цӕмӕй-иу дын йӕ Ныхасы фӕрцы дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна (кӕс 15, 16 абзацтӕ)


16. Нӕхи цы хъӕуы аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕ нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

16 Нӕхи цы хъӕуы аразын? Йегъовӕимӕ арӕх рӕстӕг ӕрвит, кув ӕм ӕмӕ йын йӕ Ныхас кӕс (Пс. 77:1, 12–14). Афтӕ кӕнын куы сахуыр уай, уӕд зын уавӕры дӕр фыццаджыдӕр дӕ уӕларвон Фыды бацагурдзынӕ. Цӕмӕй тӕрсыс, цӕуыл тыхсыс, уыдӕттӕ йын иууылдӕр дзур. Уый фӕстӕ-иу Библи бакӕс, цы зӕгъинаг дын у, уымӕ-иу байхъус. Ӕмӕ-иу ӕй афтӕмӕй бауадз, цӕмӕй дын йӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дӕ уд барӕвдауа ӕмӕ дын дӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕна (Пс. 119:28). Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд дын Библийы чингуытӕй кӕцыдӕртӕ уӕлдай тынгдӕр баххуыс кӕндзысты, зӕгъӕм, Иовы чиныг, Псаломтӕ ӕмӕ Ӕмбисӕндтӕ, стӕй Матфейы чиныджы 6-ӕм сӕр (уым фыст сты Йесойы ныхӕстӕ). Йегъовӕмӕ куы кувай ӕмӕ йын йӕ Ныхас куы кӕсай, уӕд ӕй банкъардзынӕ, дӕ зӕрдӕ дын куыд ӕрсабыр кодта.

17. Цӕуыл хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм?

17 Хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм: Йегъовӕ уыдзӕн нӕ фарсмӕ нӕ царды ӕппӕты ӕнамонддӕр бонты дӕр. Иунӕг никуы уыдзыстӕм (Пс. 23:4; 94:14). Зӕрдӕ нын ӕвӕры, нӕ зӕрдӕтӕ ӕмӕ нын нӕ зонд кӕй хъахъхъӕндзӕн, кӕй нын дӕтдзӕн хъарутӕ, цӕмӕй ма фӕцудӕм, иунӕгӕй нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ-иу нын нӕ зӕрдӕ кӕй ӕрсабыр кӕндзӕн. Йегъовӕйы тыххӕй Исайы 26:3 стихы фыст ис: «Фидар зондыл хӕст чи у, уыцы адӕймаджы ды схайджын кӕндзынӕ ӕгӕрон фарнӕй ӕмӕ йӕ хъахъхъӕндзынӕ, уымӕн ӕмӕ дӕуыл дары йӕ зӕрдӕ». Уӕдӕ дӕ зӕрдӕ алкӕддӕр Йегъовӕйыл дар ӕмӕ-иу ӕй бауадз, цӕмӕй дын баххуыс кӕна. Ӕмӕ-иу дӕ уӕд суанг уӕззау рӕстӕджыты дӕр ногӕй тыхтӕ бацӕудзӕн.

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕйы ӕххуыс нӕ уӕлдай тынгдӕр кӕд фӕхъӕуы?

  • Зын рӕстӕджыты нын Йегъовӕ кӕй баххуыс кӕны, уый цавӕр цыппар хъуыддагӕй вӕййы бӕрӕг?

  • Нӕхи цы фӕхъӕуы саразын, цӕмӕй-иу нын Йегъовӕ баххуыс кӕна?

12 ЗАРӔГ Стыр Хуыцау Йегъовӕ

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.