Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

4 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

30 ЗАРӔГ Мӕ Хуыцау, мӕ Фыд ӕмӕ мӕ Хӕлар

Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй

Йегъовӕ дӕ уарзы фӕлмӕн уарзтӕй

«Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы» (ИАК. 5:11).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый нын куыд баххуыс кӕны, цӕмӕй йӕм баввахсдӕр уӕм, мацӕмӕйуал тӕрсӕм ӕмӕ нӕ хъарутӕ бацӕуа.

1. Библийы Йегъовӕ куыд ӕвдыст у?

 ИСКУЫ хъуыды кодтай, цымӕ Йегъовӕ цыхуызӕн у, зӕгъгӕ? Куы йӕм фӕкувыс, уӕд дӕ цӕстытыл цыхуызӕнӕй ауайы? Кӕд ӕнӕуынгӕ у, уӕддӕр ӕй Библи алыхуызӕтты ӕвдисы. Зӕгъӕм, фыст дзы ис, Йегъовӕ кӕй у «хур ӕмӕ... уарт» ӕмӕ «ӕппӕт дӕр чи ныхъуыры, ахӕм арт» (Пс. 84:11; Дзут. 12:29). Йезекил цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕ кӕй бадти сапфирдуры хуызӕн паддзахбадӕныл. Зынаргъ згъӕртӕ ӕрттывдтытӕ куыд фӕкалынц, афтӕ ӕрттывдтытӕ калдта, йӕ алыварс та уыди цӕхӕркалгӕ арвӕрдыны хуызӕн цыдӕр (Йез. 1:26–28). Ахӕм ныхӕстӕ куы фӕкӕсӕм, уӕд дисы бафтӕм, нӕ хъуын арц сбады кӕнӕ та нӕ тас бацӕуы.

2. Иуӕй-иуты цӕуылнӕ фӕуырны, Йегъовӕ сӕ кӕй уарзы, уый?

2 Нӕ бон Йегъовӕйы фенын кӕй нӕу, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, зынтӕй фӕуырны, кӕй нӕ уарзы, уый. Кӕйдӕрты та уый нӕ фӕуырны, царды цытӕ бавзӕрстой, уый тыххӕй. Чи зоны, нӕ базыдтой, цы у фыды рӕвдыд. Ӕмӕ нӕ Йегъовӕ хорз ӕмбары. Фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Уымӕ гӕсгӕ нын Библийы раргом кодта, фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау кӕй у.

3. Йегъовӕйы уарзондзинадыл бӕстондӕр цӕмӕн хъӕуы аныхас кӕнын?

3 Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый кой куы кӕнӕм, уӕд ӕппӕты хуыздӕр сфидаудзӕн дзырд уарзондзинад. Библийы фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоан. 4:8). Ӕмӕ, цыдӕриддӕр аразы, уый аразы, кӕй нӕ уарзы, уый тыххӕй. Йегъовӕмӕ уыйбӕрц уарзондзинад ис ӕмӕ йӕ уарзондзинад ахӕм тыхджын у, ӕмӕ йӕ чи нӕ уарзы, уыдонӕн дӕр дзы хай кӕны (Матф. 5:44, 45). Ацы статьяйы бӕстондӕр аныхас кӕндзыстӕм Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ уарзондзинады тыххӕй. Нӕ Хуыцауы хуыздӕр куы базонӕм, уӕд ӕй тынгдӕр бауарздзыстӕм.

ЙЕГЪОВӔ НӔ ТЫНГ БИРӔ УАРЗЫ

4. Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзтыл куы фӕхъуыды кӕныс, уӕд цы фенкъарыс? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

4 Библийы фыст ис: «Йегъовӕ фӕлмӕн уарзтӕй... уарзы» (Иак. 5:11). Йегъовӕ йӕхи бары, йӕ хъӕбулы фӕлмӕн уарзтӕй чи уарзы, ахӕм мадимӕ (Ис. 66:12, 13). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, мад йӕ гыццыл хуры тыныл куыд цинтӕ кӕны, уый. Йӕ хъӕбысмӕ йӕ систа ӕмӕ йын фӕлмӕн, рӕвдауӕн хъӕлӕсӕй цыдӕртӕ дзуры. Мад йӕ сывӕллонмӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус фӕдары. Исты дзы куы фӕриссы ӕмӕ куы фӕкӕуы, уӕд ӕм уайтагъд ӕрбауайы ӕмӕ йӕ фӕсабыртӕ кӕны. Ӕмӕ дӕуӕн дӕр дӕ зӕрдӕ истӕуыл куы рисса, истӕуыл куы тыхсай, уӕд дӕ Йегъовӕ йӕ уарзондзинадӕй батавдзӕн. Псаломзарӕггӕнӕг ныффыста: «Тыхст хъуыдытӕ мын-иу ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уӕд мын дӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ рӕвдыдтой мӕ уд» (Пс. 94:19).

«Адӕймагӕн йӕ мад йӕ зӕрдӕ куыд сабыр кӕна, афтӕ уын ӕз дӕр уӕ зӕрдӕ сабыр кӕндзынӕн» (кӕс 4 абзац)


5. Йегъовӕйы ӕнувыд уарзтӕн цӕмӕн аргъ кӕныс?

5 Йегъовӕ у ӕнувыд ӕмӕ иузӕрдион (Пс. 103:8). Истӕмӕй куы фӕрӕдийӕм, уӕд дӕр ныл йӕ къух нӕ сисы. Израилӕгтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕ иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ фӕриссын кодтой. Фӕлӕ-иу куы ’рфӕсмон кодтой ӕмӕ-иу се ’взӕр хъуыддӕгтӕ куы ныууагътой, уӕд-иу сын загъта, ӕнувыд уарзтӕй сӕ кӕй уарзы. Зӕгъӕм, уый равдыста ахӕм ныхӕстӕй: «Зынаргъ мын кӕй дӕ, уый тыххӕй кадджын дӕ мӕ цӕсты, ӕмӕ дӕ тынг уарзын» (Ис. 43:4, 5). Ӕмӕ Йегъовӕ абон мах дӕр афтӕ уарзы ӕмӕ нӕ алкӕддӕр уарздзӕн. Суанг стыр рӕдыдтытӕ куы ’руадзӕм, уӕд дӕр нӕ нӕ ныууадзы. Куы ’рфӕсмон кӕнӕм ӕмӕ йӕм куы раздӕхӕм, уӕд ӕй фендзыстӕм, раздӕрау нӕ кӕй уарзы. Уый зӕрдӕ ӕвӕры, зӕрдиагӕй нын кӕй «ныххатыр кӕндзӕн» (Ис. 55:7). Библийы фыст ис, Йегъовӕ нын куы ныххатыр кӕны, уӕд нӕ афтӕмӕй «йӕхӕдӕг ног хъарутӕ» кӕй бауадзы (Хъуыд. 3:19).

6. Захари 2:8 стихӕй Йегъовӕйы тыххӕй цы ис базонӕн?

6 Бакӕс Захарийы 2:8. Йегъовӕ нӕ бирӕ уарзы, ӕмӕ уайтагъд фены, нӕ зӕрдӕ цӕуылдӕр кӕй риссы кӕнӕ цӕуылдӕр кӕй маст кӕнӕм, уый. Ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды, зиан нын цы ӕрхӕсдзӕн, уымӕй нӕ бахъахъхъӕнын. Махӕн зын куы вӕййы, уӕд уымӕн дӕр зын вӕййы. Уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ бон у афтӕ кувын: «Цӕстыгагуыйау мӕ хъахъхъӕн» (Пс. 17:8). Адӕймагӕн йӕ цӕстмӕ куы бавналай, уӕд уайтагъд фесхъиудзӕн, стӕй цӕстытӕ тынг хъӕуы хъахъхъӕнын. Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ йӕ цӕстыгагуыимӕ куы фӕбары, уӕд цыма афтӕ фӕдзуры: «Сымахмӕ чи ӕвналы, уый ӕвналы, зынаргъ мын цы у, уымӕ».

7. Иуӕй-иу хатт цӕмӕн фӕдызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, ууыл?

7 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй нӕ фидарӕй уырна, кӕй нӕ уарзы, уый. Фӕлӕ йӕ зоны, царды цытӕ бавзӕрстам, уый тыххӕй кӕнӕ, ныр зын уавӕры кӕй стӕм, уый тыххӕй, гӕнӕн ис, дызӕрдыг кӕнӕм, кӕй нӕ уарзы, ууыл. Цӕмӕй уыцы дызӕрдыг хъуыдытӕй фервӕзӕм, уый тыххӕй ис ахъуыды кӕнӕн, Йегъовӕ Йесойы, сӕрст чырыстӕтты ӕмӕ махӕй алкӕй дӕр кӕй уарзы, уый куыд равдыста, ууыл.

ЙЕГЪОВӔ ЙӔ УАРЗОНДЗИНАД КУЫД ӔВДИСЫ?

8. Йесо цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта, йӕ Фыд ӕй кӕй уарзы, ууыл?

8 Йегъовӕ ӕмӕ йӕ Фырт иумӕ цас сты, уымӕн банымайӕн дӕр нӕй. Уыйбӕрц иумӕ никуы ничи цард. Миллиардгай азты дӕргъы кӕрӕдзийӕн афтӕ адджын систы, ӕмӕ сӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн. Йегъовӕ-иу ӕргом дзырдта, Йесойы кӕй уарзы, уый. Зӕгъӕм, уый тыххӕй бакӕсӕн ис Матфейы 17:5 стихы. Йегъовӕйӕн йӕ бон уыд ӕнӕуи зӕгъын: «Ай у мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг адӕймаг». Фӕлӕ Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй йӕ зонӕм, Йесойы куыд тынг уарзы, уый. Уымӕ гӕсгӕ загъта: «Ай у мӕ уарзон Фырт». Йегъовӕ Йесойӕ сӕрыстыр уыд, уӕлдайдӕр йӕ цард раттынмӕ цӕттӕ кӕй уыд, уый тыххӕй (Еф. 1:7). Ӕмӕ Йесо никуы дызӕрдыг кодта, йӕ Фыдӕн зынаргъ кӕй у, ууыл. Зыдта йӕ, кӕй йӕ уарзы, ӕмӕ йӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ӕнкъардта. Ӕмӕ-иу уый кой арӕх кодта (Иоан. 3:35; 10:17; 17:24).

9. Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты куыд тынг уарзы, уый цавӕр абарстӕй у бӕрӕг? Дӕ дзуапп бамбарын кӕн (Ромӕгтӕм 5:5).

9 Йегъовӕ ма уарзы сӕрст чырыстӕтты дӕр. (Бакӕс Ромӕгтӕм 5:5.) Сӕ зӕрдӕтӕ Хуыцауы уарзтӕй кӕй «байдзаг сты», уый цӕмӕ амоны? Йегъовӕ сӕрст чырыстӕтты уыйбӕрц уарзы, ӕмӕ йӕ уарзондзинад абарӕн ис доны гуылфӕнимӕ. Сӕрст чырыстӕттӕ йӕ зонынц, «Хуыцау [сӕ] кӕй уарзы» (Иуд. 1). Ӕмӕ иууылдӕр цы ӕнкъарынц, уый тыххӕй апостол Иоанн ныффыста: «Ахъуыды-ма кӕнут, Фыд нӕ куыд тынг бауарзта – мах хуыйнӕм Хуыцауы хъӕбултӕ!» (1 Иоан. 3:1). Фӕлӕ Йегъовӕ ӕрмӕст уыдоны нӕ уарзы. Уый уарзы махӕй алкӕй дӕр.

10. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр куыд равдыста?

10 Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый ӕппӕты тынгдӕр равдыста, йӕ Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уымӕй. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад никуы ничи равдыста! (Иоан. 3:16; Ром. 5:8). Хъулон уарзт кӕй кодта, уыцы Фырты рарвыста, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр йӕ цард радтаид. Уый фӕрцы уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд ӕрцӕуой ӕмӕ Хуыцауы хӕлӕрттӕ суӕм (1 Иоан. 4:10). Йегъовӕ ӕмӕ Йесо цы стыр аргъ бафыстой, ууыл цас фылдӕр хъуыды кӕнӕм, уыйас хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, махӕй алкӕй дӕр куыд тынг уарзынц, уый (Гал. 2:20). Хуыцау йӕ Фырты нывондӕн ӕрмӕст уый тыххӕй не ’рхаста, ӕмӕ афтӕ йӕ раст тӕрхон домдта. Уыцы лӕвар у йӕ уарзондзинадыл дзурӕг. Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй йӕ уарзон Фырт мах тыххӕй фӕхъизӕмар кодтаид ӕмӕ амардаид.

11. Йереми 31:3 стихӕй нӕ бон цы у базонын?

11 Куыд федтам, афтӕмӕй Йегъовӕ йӕ уарзондзинад не ’мбӕхсы, фӕлӕ нын ӕргом дзуры, кӕй нӕ уарзы, уый. (Бакӕс Йеремийы 31:3.) Ӕмӕ нӕ йӕхимӕ дӕр уый тыххӕй ӕрбакодта. (Абар Дыккаг закъон 7:7, 8.) Йӕ уарзондзинадӕй нӕ ничи ӕмӕ ницы фӕхицӕн кӕндзӕн (Ром. 8:38, 39). Йегъовӕйы уарзондзинад дӕуыл куыд ӕндавы? Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм 23-ӕм псаломмӕ ӕмӕ фендзыстӕм, Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт Давидыл куыд ӕндӕвта ӕмӕ махыл дӕр куыд ӕндавы, уый.

ЙЕГЪОВӔЙЫ УАРЗОНДЗИНАД ДЫЛ КУЫД ӔНДАВЫ?

12. 23-ӕм псаломы цӕй кой ис, уый цыбыртӕй радзур.

12 Бакӕс Псалом 23:1–6. 23-ӕм псаломӕй бӕрӕг у, Давиды фидарӕй кӕй уырныдта, Йегъовӕ йӕ кӕй уарзта ӕмӕ йыл кӕй тыхсти, уый. Йегъовӕ уыд йе ’ввахс Хӕлар. Давид ӕй хоны йӕ Фыййау. Уый йыл йӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дардта ӕмӕ йын йӕ разамындмӕ хъуыста. Ӕмӕ уый фӕрцы ницӕмӕй тарст. Давид зыдта, Йегъовӕйы ӕнувыд уарзт йемӕ кӕй уыдзӕн цӕрӕнбонты. Уый йӕ афтӕ фидарӕй цӕмӕн уырныдта?

13. Давид цӕуылнӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йын, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ кӕй дӕтдзӕн, ууыл?

13 «Ӕз ницы цух уыдзынӕн». Давид ууыл нӕ дызӕрдыг кодта, уымӕн ӕмӕ уыдта, Йегъовӕ йын алкӕддӕр кӕй лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг ӕй цы хъуыд, уыдӕттӕ. Стӕй Йегъовӕ уыд йӕ Хӕлар ӕмӕ дзы уыд райгонд. Ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Давид зыдта: фидӕны цыфӕнды ма ’рцӕуа,– Йегъовӕ йӕ, ӕнӕмӕнг цы у, уыдӕттӕй цух нӕ уадздзӕн. Фӕлмӕн уарзтӕй йӕ кӕй уарзы, уый йӕ афтӕ тынг уырныдта, ӕмӕ-иу ницӕуылуал мӕт кодта. Ӕмӕ уыди тынг амондджын (Пс. 16:11).

14. Йегъовӕ куыд равдисы, фӕлмӕн уарзтӕй нӕ кӕй уарзы, уый?

14 Йегъовӕ нӕ фӕлмӕн уарзтӕй кӕй уарзы, уый уӕлдайдӕр равдисы, исты бӕллӕхтӕ ныл куы ’рцӕуы, уӕд. Клэр Вефилы лӕггад кӕны 20 азӕй фылдӕр a. Иуафон йӕ бинонтыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл ӕрцыд, ӕмӕ йӕ сӕрӕн ницыуал зыдта. Йӕ фыдӕн уыди инсульт, йӕ хотӕй сӕ иуы ӕмбырдӕй ацух кодтой, сӕ бинонтӕ иумӕ цы куыст кодтой, ӕнӕ уымӕй баззадысты ӕмӕ ма сын банк сӕ хӕдзар дӕр байста. Цымӕ Йегъовӕ куыд равдыста, фӕлмӕн уарзтӕй сӕ кӕй уарзы? Клэр загъта: «Йегъовӕ мӕ бинонтӕн алы бон дӕр лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ. Цал хатты уыди афтӕ, ӕмӕ-иу нын фагӕй дӕр фылдӕр радта! Куыд нын баххуыс кодта, ууыл арӕх фӕхъуыды кӕнын. Ӕмӕ мӕ никуы ферох уыдзӕн, йе ’нувыд уарзтӕй нӕ куыд барӕвдыдта, уый. Ныр ӕндӕр зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлын, уӕд мын уыцы хабӕрттӕ баххуыс кӕнынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнон».

15. Давиды-иу ног хъарутӕ цӕй фӕрцы бацыд? (Кӕс нывмӕ дӕр.)

15 «Мӕ уды мын хъарутӕ бауадзы». Хатт-иу Давид йӕ зындзинӕдтӕй йӕ хъуырмӕ сси (Пс. 18:4–6). Фӕлӕ-иу дзы Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт хъарутӕ бауагъта. Давидмӕ-иу тыхы мур куы нал уыд, уӕд-иу Йегъовӕ йӕ хӕлары акодта «кӕрдӕгджын хизӕнтӕм» ӕмӕ «донджын улӕфӕн бынӕттӕм». Уый фӕрцы-иу Давиды ног хъарутӕ бацыд ӕмӕ-иу йӕ бон уыд дарддӕр Йегъовӕйӕн цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын (Пс. 18:28–32).

Давид-иу тынг зын уавӕры куы уыд, уӕд-иу дзы Йегъовӕйы фӕлмӕн уарзт хъарутӕ бауагъта (кӕс 15 абзац)


16. Радзур, Йегъовӕйы уарзондзинад дӕ хъарутӕ куыд бауагъта, уый тыххӕй.

16 Кӕд мах дӕр царды бирӕ цыдӕртӕ бавзӕрстам, уӕддӕр «нӕ фесӕфтыстӕм Йегъовӕйы ӕнувыд уарзты фӕрцы» (Йер. хъ. 3:22; Кол. 1:11). Ӕркӕсӕм Ре́йчелы хабармӕ. Коронавирусы пандемийӕйы рӕстӕг ӕй йӕ лӕг ныууагъта ӕмӕ Йегъовӕйы дӕр ныууагъта. Рейчелӕн йӕ цард царды ад нал кодта. Йегъовӕ йын куыд баххуыс кодта? Уый зӕгъы: «Уыдтон ӕй, Йегъовӕ ӕмӕ мӕ ме ’мбӕлттӕ кӕй уарзынц. Йегъовӕ мын радта бирӕ хорз ӕмбӕлттӕ. Уыдон мемӕ рӕстӕг ӕрвыстой, хӕринаг-иу мын ӕрбахастой, зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ-иу мӕм ӕрбарвыстой, Библийы стихтӕй-иу мын мӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой, сӕ мидбылхудтӕй-иу мын мӕ зӕрдӕ батавтой ӕмӕ-иу мын ӕдзух мӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы, уый. Йегъовӕйӕн ӕдзух бузныг фӕдзурын, ахӕм стыр ӕнувыд бинонтӕ мын кӕй радта, уый тыххӕй».

17. Давид цӕмӕн загъта, «ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн», зӕгъгӕ?

17 «Ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ды мемӕ дӕ». Давид-иу арӕх мӕлӕты цӕстытӕм каст ӕмӕ йын уыди бирӕ тыхджын знӕгтӕ. Фӕлӕ-иу Йегъовӕйы уарзондзинадыл куы ахъуыды кодта, уӕд-иу йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, йӕ дӕлбазыр кӕй ис ӕмӕ йӕ кӕй бахъахъхъӕндзӕн. Давид алы уавӕры дӕр уыдта, Йегъовӕ йӕ фарсмӕ кӕй ис, ӕмӕ та-иу дзы ныфс бацыд. Уымӕ гӕсгӕ зарыд: «Цӕмӕй тарстӕн,– алцӕмӕй дӕр мӕ фервӕзын кодта» (Пс. 34:4). Кӕд-иу цӕмӕйдӕрты тарст, уӕддӕр-иу Йегъовӕйы уарзондзинад уыдӕттыл фӕтых.

18. Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд дӕ Йегъовӕйы уарзондзинад ныфс куыд бауадздзӕн?

18 Исты ӕвзӕр хабар ныл куы ’рцӕуы, уӕд нӕ Йегъовӕйы уарзондзинад тых куыд бауадзы? Сю́зи лӕггад кӕны пионерӕй. Уый радзырдта, йӕ лӕгимӕ цы уавӕры уыдысты, сӕ лӕппу йӕхи куы амардта, уӕд: «Адӕймагыл ахӕм ӕвирхъау хабар куы ’рцӕуы, уӕд ыл дуне баталынг вӕййы. Фӕтӕрсы, ноджыдӕр ма исты ӕвзӕр хабар куы ’рцӕуа, уымӕй. Дарддӕр куыд цӕра, уый нал фӕзоны. Фӕлӕ нӕ Йегъовӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй барӕвдыдта ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ ӕрсабыр кодта». Гыццыл раздӕр кӕй кой уыд, уыцы хо, Рейчел, радзырдта: «Иу ӕхсӕв мыл мӕ зӕрдӕйы рыст уӕлдай тынгдӕр ӕртӕфст. Мӕ зӕрдӕ скъуыдтӕ кодта, ӕмӕ мӕ цыдӕр тас бацыд. Афтӕ зын мын уыд, ӕмӕ Йегъовӕмӕ кӕугӕйӕ хъӕрӕй куывтон. Ӕмӕ уайтагъд банкъардтон, куыд мӕ ӕрсабыр кодта, уый. Мад дӕр ма йӕ хъӕбулы афтӕ ӕрсабыр кӕны. Ӕмӕ бафынӕй дӕн. Уый мӕ никуы ферох уыдзӕн». Та́сос у хистӕр нӕлгоймаг. Ӕфсадмӕ кӕй нӕ ацыд, уый тыххӕй 4 азы фӕбадт ахӕстоны. Йегъовӕйы уарзондзинад йӕхиуыл куыд банкъардта? Уый загъта: «Йегъовӕ мын лӕвӕрдта, ӕнӕмӕнг мӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ ӕмӕ уымӕй дӕр фылдӕр. Уый фӕрцы йыл мӕ ныфс тынгдӕр дарын райдыдтон. Лӕвӕрдта ма мын йӕ сыгъдӕг тых дӕр. Ӕмӕ йын уый фӕрцы мӕ бон уыд суанг ахӕстоны дӕр цингӕнгӕйӕ лӕггад кӕнын. Ӕз бамбӕрстон: Йегъовӕмӕ цас ӕнгомдӕр уон, уыйас ын хуыздӕр уындзынӕн йӕ хорздзинӕдтӕ. Ӕмӕ нырма ахӕстоны уыдтӕн, афтӕ райдыдтон пионерӕй лӕггад кӕнын».

ДӔ ФӔЛМӔН ФЫДМӔ ӔВВАХСДӔР КӔН

19. а) Йегъовӕ нӕ кӕй уарзы, уый кӕй зонӕм, уый нӕ куывдтытыл куыд фӕзыны? б) Йегъовӕ йӕ уарзондзинад цы ныхӕстӕй ӕвдисы, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ хъарынц? (Кӕс рамкӕ « Йегъовӕ йӕ фӕлмӕн уарзт цы ныхӕстӕй ӕвдисы, уыдон».)

19 Цы цӕвиттонтыл аныхас кодтам, уыдон ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ, «уарзондзинады... Хуыцау», немӕ ис! (2 Кор. 13:11). Уый махӕй алкӕмӕ дӕр йӕ хъус дары. Мах рӕвдыд стӕм йе ’нувыд уарзтӕй (Пс. 32:10). Йегъовӕ йӕ уарзондзинад куыд ӕвдисы, ууыл цас фылдӕр фӕхъуыды кӕнӕм, уыйас хуыздӕр фенӕм, кӕй ныл тыхсы, уый ӕмӕ йӕм баввахсдӕр вӕййӕм. Нӕ бон ӕм у сӕрибарӕй кувын ӕмӕ йын дзурын, йӕ уарзондзинад нӕ куыд тынг хъӕуы, уый. Нӕ бон ма йын у дзурын, цы нӕ тыхсын кӕны, цӕуыл мӕт кӕнӕм, уыдӕттӕ. Мах зонӕм, кӕй нӕ ӕмбары ӕмӕ йӕ тынг кӕй фӕнды махӕн баххуыс кӕнын (Пс. 145:18, 19).

20. Цӕмӕн нӕ фӕнды Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын?

20 Уазал бон нӕ куыд фӕфӕнды нӕхи арты хъарммӕ батавын, афтӕ нӕ фӕнды Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнын, цӕмӕй нӕ йӕ фӕлмӕн уарзтӕй тава. Йӕ уарзондзинад тыхджын дӕр у ӕмӕ фӕлмӕн дӕр у. Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы, уымӕй хуыздӕр дӕ царды ницы ис! Ӕмӕ-иу ын ды дӕр зӕгъ, Йегъовӕ, уарзын дӕ, зӕгъгӕ (Пс. 116:1).

ЦАВӔР ДЗУАПП РАТДЗЫНӔ?

  • Йегъовӕйы уарзондзинад цавӕр у, уый куыд бамбарын кӕнис?

  • Йегъовӕ дӕ бирӕ кӕй уарзы, уый дӕ фидарӕй цӕмӕн уырны?

  • Йегъовӕйы уарзондзинад дыл куыд ӕндавы?

108 ЗАРӔГ Хуыцауы ӕнувыд уарзт

a Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.