Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

1 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ

38 ЗАРӔГ Хуыцау дӕ бафидар кӕндзӕн

Куы тӕрсай, уӕд дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар

Куы тӕрсай, уӕд дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар

2024 АЗЫ СТИХ: «Куы фӕтӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл» (ПС. 56:3).

МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ

Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр дарӕм ӕмӕ нӕ зӕрдӕты тас ма бацӕуа.

1. Иуӕй-иу хатт цӕмӕй фӕтӕрсӕм?

 АЛЫ адӕймаг дӕр иуӕй-иу хатт цӕмӕйдӕр фӕтӕрсы. Библи кӕй ахуыр кӕнӕм, уый фӕрцы нал тӕрсӕм мӕрдтӕй, хӕйрӕджытӕй кӕнӕ, адӕммӕ фидӕны цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уымӕй. Фӕлӕ нӕ рӕстӕджы цӕуы «ӕвирхъау хабӕрттӕ», зӕгъӕм, хӕстытӕ, фыдракӕндтӕ, адӕм рынчын кӕнынц алыхуызон низтӕй (Лук. 21:11). Ӕмӕ ныл уыдӕттӕ, гӕнӕн ис, тас ӕфтауой. Чи зоны ма фӕтӕрсӕм адӕмӕй дӕр, зӕгъӕм, хицауад нӕ куы фефхӕры кӕнӕ нӕ бинонтӕ нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд. Чидӕртӕ та фӕмӕт кӕнынц, цы фӕлварӕныл сӕмбӕлдысты кӕнӕ фидӕны цы фӕлварӕныл сӕмбӕлдзысты, уый кӕй не сфӕраздзысты, ууыл.

2. Давид Гефы цавӕр уавӕры бахауд?

2 Давид дӕр иуӕй-иу хатт цӕмӕйдӕрты тарст. Зӕгъӕм, паддзах Саул йӕ фӕдыл куы зылд ӕмӕ йӕ марынмӕ куы хъавыд, уӕд алыгъд филистимаг горӕт Гефмӕ. Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ Гефы паддзах Анху́с базыдта, уый размӕ Давидӕн кӕй зарыдысты, филистимӕгтӕй амардта «дӕсгай минтӕ», зӕгъгӕ. Ӕмӕ Давид «тынг фӕтарст», Анхус ӕй кӕй амардзӕн, уымӕй (1 Сам. 21:10–12). Цымӕ йын уыцы уавӕры цы баххуыс кодта?

3. Псалом 56:1–3, 11 стихтӕм гӕсгӕ, Давидӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид?

3 56-ӕм псаломы Давид ӕргом дзуры, Гефы куы уыд, уӕд цы ӕнкъардта, цӕмӕй тарст, уыдӕтты тыххӕй. Стӕй ма дзы бамбарын кодта, цы йын баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид. Давид йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл. (Бакӕс Псалом 56:1–3, 11.) Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл. Йегъовӕ йын баххуыс кодта, ӕмӕ ӕнахуыр цыдӕр ӕрхъуыды кодта: йӕхицӕй ӕрра сарӕзта! Гъемӕ Анхус афтӕ нал хъуыды кодта, ай нын исты знаггад ракӕндзӕн, ӕмӕ йӕ амарын хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕндыди йӕ, цӕмӕй дзы тагъддӕр фервӕзтаид. Ӕмӕ афтӕмӕй Давид аирвӕзт (1 Сам. 21:13–22:1).

4. Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дарӕм? Ӕрхӕсс цӕвиттон.

4 Мах дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд-иу нӕ зӕрдӕйӕ тас фӕсурдзыстӕм. Фӕлӕ нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дарӕм, уӕлдайдӕр истӕмӕй куы тӕрсӕм, уӕд? Ӕрхӕссӕм ахӕм цӕвиттон. Ды базыдтай, цавӕрдӕр низ дӕм кӕй ис. Фыццаг, чи зоны, фӕтарстӕ. Фӕлӕ стӕй базыдтай, дӕ дохтыр дӕсны дохтыр кӕй у ӕмӕ бирӕ ахӕм рынчынты кӕй сдзӕбӕх кодта. Уый дӕм лӕмбынӕг байхъуыста. Уыныс ӕй, цӕмӕн тыхсыс, уый кӕй ӕмбары. Стӕй дын загъта, куыд дӕ дзӕбӕх кӕндзӕн ӕмӕ уыцы хостӕ иннӕтӕн дӕр кӕй баххуыс кодтой, уый. Раст афтӕ мах дӕр нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл тынгдӕр дардзыстӕм, нырмӕ дӕр цы сарӕзта, ныртӕккӕ цы аразы ӕмӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд. Давид дӕр-иу афтӕ кодта. Ныртӕккӕ ӕркӕсдзыстӕм 56-ӕм псаломмӕ, Давиды ныхӕстӕй иуӕй-иутӕм. Ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл алкӕддӕр дарай ӕмӕ-иу дӕ зӕрдӕйы тас ма бацӕуа.

ЙЕГЪОВӔ НЫРМӔ ДӔР ЦЫ САРӔЗТА?

5. Давид-иу истӕмӕй куы тарст, уӕд-иу цӕуыл хъуыды кодта? (Псалом 56:12, 13).

5 Кӕд Давид тӕссаг уавӕры уыд, уӕддӕр хъуыды кодта, Йегъовӕ уӕдмӕ дӕр цы сарӕзта, уыдӕттыл. (Бакӕс Псалом 56:12, 13.) Ӕмӕ-иу Давид ӕдзухдӕр афтӕ кодта. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хатт хъуыды кодта, Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Ӕмӕ-иу уый фӕрцы йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, цы стыр тых ӕм ис ӕмӕ адӕмы куыд тынг уарзы, уый (Пс. 65:6–9). Давид ма-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ иннӕтӕн цы сарӕзта, ууыл дӕр (Пс. 31:19; 37:25, 26). Уӕлдайдӕр та-иу хъуыды кодта, йӕхицӕн ын цы сарӕзта, уыдӕттыл. Йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ йын ӕххуыс кодта ӕмӕ йӕ хъахъхъӕдта (Пс. 22:9, 10). Давид уыдӕттыл кӕй хъуыды кодта, уый фӕрцы-иу Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дарын райдыдта.

Давид-иу хъуыды кодта, Йегъовӕ цы сарӕзта, цы аразы ӕмӕ ма цы сараздзӕн, уыдӕттыл, ӕмӕ йыл уый фӕрцы йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардта (кӕс 5, 8, 12 абзацтӕ) d


6. Истӕмӕй куы тӕрсӕм, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дарӕм?

6 Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд-иу ды дӕр ахъуыды кӕн ахӕм фарстайыл: «Йегъовӕ нырмӕ дӕр цы сарӕзта?» Ахъуыды-иу кӕн, цы сфӕлдыста, уыдӕттыл. Райсӕм мӕргъты ӕмӕ дидинджытӕ. Уыдоны йӕхимӕ гӕсгӕ не сфӕлдыста ӕмӕ йын сӕ бон нӕу лӕггад кӕнын. Фӕлӕ сыл куыд тыхсы! Ӕмӕ-иу ууыл куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд-иу нӕ ноджы тынгдӕр бауырндзӕн, махыл дӕр кӕй батыхсдзӕн ӕмӕ нын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн. Ӕмӕ йыл уӕд нӕ зӕрдӕ тынгдӕр дардзыстӕм (Матф. 6:25–32). Ахъуыды кӕнӕн ма ис, Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цы сарӕзта, уыдӕттыл дӕр. Дӕ бон у, Библийы цы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты кой ис, уыдонӕй искӕй тыххӕй фылдӕр базонын кӕнӕ нырыккон лӕггадгӕнджыты хабӕрттӕ бакӕсын a. Уымӕй уӕлдай ма-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ дын дӕхицӕн хорзӕй цы сарӕзта, уыдӕттыл. Йӕхимӕ дӕ куыд ӕрбакодта? (Иоан. 6:44). Дӕ куывдтытӕн дын дзуапп куыд лӕвӕрдта? (1 Иоан. 5:14). Йӕ уарзон Фырты нывондӕн кӕй ӕрхаста, уый дын алы бон дӕр царды куыд ӕххуыс кӕны? (Еф. 1:7; Дзут. 4:14–16).

Йегъовӕ цы сарӕзта, цы аразы ӕмӕ ма цы сараздзӕн, уыдӕттыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд ыл нӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр дардзыстӕм (кӕс 6, 9, 10, 13, 14 абзацтӕ) e


7. Пехуымпар Данелы хабар Ванессӕйӕн куыд баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид?

7 Гаи́тийы иу хо, Ване́ссӕ, бахауд тӕссаг уавӕры b. Йӕ сыхаг лӕг ӕй нал ӕмӕ нал уагъта. Алы бон дӕр ӕм телефонӕй дзырдта, стӕй йӕм ӕнӕфсарм ныхӕстӕ фыста. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй Ванессӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыдаид. Ванессӕ йын фидарӕй дзырдта, афтӕ кӕй нӕ бакӕндзӕн. Фӕлӕ уыцы нӕлгоймагмӕ ницы хъардта, мӕсты дӕр ма-иу сси ӕмӕ Ванессӕмӕ ӕртхъирӕн дӕр кодта. Ванессӕ зӕгъы: «Тынг дзы тарстӕн». Цымӕ йын уыцы уавӕры цы баххуыс кодта? Йӕ бон цы уыд, уый сарӕзта, цӕмӕй дзы йӕхи бахъахъхъӕдтаид. Иу хистӕр нӕлгоймаг ын бауынаффӕ кодта, зӕгъгӕ, дам, ыл пъӕлицӕмӕ бахъаст кӕн. Уымӕй уӕлдай ма-иу Ванессӕ хъуыды кодта, Йегъовӕ-иу раджы заманты йӕ лӕггадгӕнджыты куыд бахъахъхъӕдта, ууыл. Уый радзырдта: «Фыццаджыдӕр пехуымпар Данелыл ахъуыды кодтон. Ницы аххосджын уыд, афтӕмӕй йӕ ӕххормаг домбӕйттӕм ныппӕрстой. Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ нӕ бауагъта, цӕмӕй йӕм бавнӕлдтаиккой. Ӕмӕ Йегъовӕйӕн загътон, зӕгъын, алцыдӕр дӕ бар кӕнын, мӕнӕн мӕхи бон ницыуал у. Ӕмӕ уый фӕстӕ ницӕмӕйуал тарстӕн» (Дан. 6:12–22).

ЙЕГЪОВӔ НЫРТӔККӔ ЦЫ АРАЗЫ?

8. Давид цы зыдта? (Псалом 56:8).

8 Давид Гефы куы уыд, уӕд мӕлӕты цӕстытӕм каст, фӕлӕ йӕ зӕрдӕйы тас нӕ бацыд. Уый хъуыды кодта, Йегъовӕ уыцы рӕстӕг цы арӕзта ӕмӕ йын куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Давид уыдта, Йегъовӕ йын разамынд кӕй дӕтты, кӕй йӕ хъахъхъӕны ӕмӕ йӕ кӕй ӕмбары. (Бакӕс Псалом 56:8.) Уыди ма йын хорз ӕмбӕлттӕ, зӕгъӕм, Ионафа́н ӕмӕ хистӕр сауджын Ахимеле́х. Уыдон ын йӕ ныфсыл ныфс ӕфтыдтой ӕмӕ йын, цӕмӕй хъуыд, уымӕй ӕххуыс кодтой (1 Сам. 20:41, 42; 21:6, 8, 9). Ӕмӕ йӕ кӕд паддзах Саул марынмӕ хъавыд, уӕддӕр аирвӕзт. Давид зыдта, Йегъовӕ кӕй уыны, цытӕ ӕвзары ӕмӕ йын куыд зын у, уый.

9. Йегъовӕ махӕй алкӕй тыххӕй дӕр цы фӕзоны?

9 Ды дӕр фӕлварӕны бахаугӕйӕ цӕмӕйдӕр куы фӕтӕрсыс, уӕд Йегъовӕ фӕуыны, цытӕ ӕвзарыс, уый дӕр ӕмӕ, цы ӕнкъарыс, уый дӕр. Зӕгъӕм, израилӕгтӕ Египеты цы ӕфхӕрд ӕййӕфтой, Йегъовӕ ӕрмӕст уый нӕ уыдта, фӕлӕ, «куыд удхар кӕнынц», уый дӕр зыдта (Рац. 3:7). Давид та йӕ зарӕджы зарыд, Йегъовӕ йын йӕ «мӕстытӕ» дӕр кӕй уыдта ӕмӕ йӕ «уды хъизӕмар» дӕр (Пс. 31:7). Ӕмӕ-иу Хуыцауы адӕм бӕллӕхы куы бахаудысты, «уӕд-иу зын уыди» Йегъовӕйӕн дӕр, сӕхи ӕнӕзонд миты тыххӕй-иу мӕстытӕ куы ’взӕрстой, суанг уӕд дӕр (Ис. 63:9). Истӕмӕй куы фӕтӕрсыс, уӕд дӕ Йегъовӕ фембары, ӕмӕ йӕ тынг фӕфӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, ӕмӕ мауал тӕрсай.

10. Цӕмӕн дӕ уырны, Йегъовӕ дӕ кӕй уарзы ӕмӕ дын алы фӕлварӕны дӕр кӕй баххуыс кӕндзӕн, уый?

10 Фӕлварӕны рӕстӕг куы тӕрсай, уӕд, гӕнӕн ис, ма уынай, Йегъовӕ дын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Ӕмӕ-иу ын уӕд зӕгъ, цӕмӕй дын уый фенынӕн баххуыс кӕна (2 Пад. 6:15–17). Стӕй-иу ахъуыды кӕн: мыййаг дӕ цавӕрдӕр раныхас кӕнӕ ӕмбырды кӕйдӕр дзуапп, кӕцыдӕр публикаци, видео кӕнӕ, нӕ сайты цы зарджытӕ ис, уыдонӕй искӕцы бафидар кодта? Мыййаг дӕ чидӕр цавӕрдӕр хъуыдыйӕ кӕнӕ стихӕй ныфс бауагъта? Нӕ уарзӕгой хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг сты Йегъовӕйы уӕлдай зынаргъ лӕвӕрттӕ, фӕлӕ нӕ уый, гӕнӕн ис, айрох уа (Ис. 65:13; Мар. 10:29, 30). Уыцы лӕвӕрттӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ дӕ Йегъовӕ тынг уарзы ӕмӕ йыл дӕ бон у алкӕддӕр дӕ зӕрдӕ дарын (Ис. 49:14–16).

11. Аидӕйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид?

11 Хо Аидӕ цӕры Сенега́лы. Уый федта, Йегъовӕ йын зын уавӕры куыд баххуыс кодта, уый. Хистӕр сывӕллон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕ ныййарджыты фӕндыд, цӕмӕй ӕхца куыстаид ӕмӕ йӕхи дӕр ӕмӕ уыдоны дӕр дардтаид. Фӕлӕ йӕ цард куы фӕхуымӕтӕгдӕр кодта, цӕмӕй пионерӕй лӕггад кӕнын райдыдтаид, уӕд ӕхцайӕ фӕтыхст. Уый тыххӕй йӕм йӕ бинонтӕ мӕсты кодтой ӕмӕ йемӕ загъд кодтой. Аидӕ загъта: «Ӕз тарстӕн, мӕ бон кӕй нӕ уыдзӕн мӕ ныййарджытӕн ӕххуыс кӕнын ӕмӕ мӕ бинонтӕ иууылдӕр мӕ ныхмӕ кӕй суыдзысты, уымӕй. Суанг ма Йегъовӕйы дӕр аххосджын кодтон, ахӕм зын уавӕры кӕй бахаудтӕн, уый тыххӕй». Уый фӕстӕ ӕмбырды иу раныхасы фехъуыста, чи йын баххуыс кодта, ахӕм хъуыдытӕ. Аидӕ загъта: «Ӕфсымӕр йӕ раныхасы загъта, зӕгъгӕ нын нӕ зӕрдӕ цыфӕнды ма фӕриссын кӕна,– Йегъовӕ алцыдӕр зоны ӕмӕ нӕ ӕмбары. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ мын иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ цы дзырдтой, уый фӕрцы гыццылгай бамбӕрстон, Йегъовӕ мӕ кӕй уарзы. Ӕмӕ йӕм ныфсджындӕрӕй кувын райдыдтон. Нӕ дызӕрдыг кодтон, кӕй мын баххуыс кӕндзӕн, ууыл. Ӕмӕ мӕ куывдтытӕн дзуапп куы федтон, уӕд мӕ зӕрдӕ афтӕ ӕрсабыр, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй». Цасдӕры фӕстӕ Аидӕ ахӕм куыст ссардта, ӕмӕ йӕ бон у пионерӕй дӕр лӕггад кӕнын ӕмӕ йӕ ныййарджытӕм дӕр ӕхцайӕ фӕкӕсын. Аидӕ зӕгъы: «Ӕз сахуыр дӕн мӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын. Ныр арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ йӕм куы скувын, уӕд мӕ зӕрдӕ ӕрсабыр вӕййы, цыма тӕрсгӕ дӕр ницӕмӕй кодтон, афтӕ».

ЙЕГЪОВӔ МА НОДЖЫДӔР ЦЫ САРАЗДЗӔН?

12. Псалом 56:9 стихмӕ гӕсгӕ, Давид цы зыдта?

12 Бакӕс Псалом 56:9. Ацы стихӕй базонӕн ис, Давидӕн ма ноджыдӕр цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид. Кӕд нырма йӕ цардӕн тӕссаг уыд, уӕддӕр хъуыды кодта, Йегъовӕ ма йын ноджыдӕр цы сараздзӕн, ууыл. Давид зыдта, йӕ афон куы ’рцӕуа, уӕд ӕй Йегъовӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн. Уый размӕ Йегъовӕ загъта, Давид кӕй уыдзӕн Израилы иннӕ паддзах (1 Сам. 16:1, 13). Ӕмӕ Давид зыдта: иугӕр Йегъовӕ исты загъта, уӕд йӕ ныхас ӕнӕмӕнг сӕххӕст кӕндзӕн.

13. Йегъовӕ нын фидӕны цы сараздзӕн?

13 Дӕуӕн та Йегъовӕ зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта? Мах ӕй зонӕм, ныртӕккӕ нӕ ӕппӕт зындзинӕдтӕй кӕй нӕ бахиздзӕн c. Фӕлӕ, ацы дунейы цӕргӕйӕ цы зындзинӕдтыл ӕмӕ фӕлварӕнтыл ӕмбӕлӕм, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн ног дунейы (Ис. 25:7–9). Не Сфӕлдисӕгмӕ уыйбӕрц тых ис, цӕмӕй мӕрдты райгас кӕна, низтӕй нӕ сдзӕбӕх кӕна, нӕ зӕрдӕйы хъӕдгӕмттӕ нын байгас кӕна ӕмӕ, нӕ ныхмӕ чидӕриддӕр цӕуы, уыдоны фесафа (1 Иоан. 4:4).

14. Нӕ бон цӕуыл у хъуыды кӕнын?

14 Истӕмӕй куы тӕрсай, уӕд-иу ахъуыды кӕн, Йегъовӕ фидӕны цы сараздзӕн, ууыл. Дӕ цӕстытыл-иу ауайын кӕн, куыд амондджын уыдзынӕ, Хӕйрӕг ӕмӕ фыдадӕм куы нал уой ӕмӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр рӕстзӕрдӕ адӕм куы цӕрой, стӕй бонӕй-бонмӕ нӕ мидӕг ӕнӕххӕстдзинад къаддӕрӕй-къаддӕр куы кӕна, уӕд. 2014 азы регионалон конгрессы иу равдысты федтам, цы ныфс нын ис, ууыл хъуыды кӕнӕн куыд ис, уый. Фыд йӕ бинонтимӕ ныхас кодта, 2 Тимофеймӕ 3:1–5 стихты дзӕнӕты кой куы уаид, уӕд дзы цавӕр ныхӕстӕ уаид. Зӕгъӕм, уаиккой афтӕ: «Ног дунейы скӕндзӕн тынг амондджын рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ адӕм иннӕты уарздзысты, рӕстдзинад уарздзысты, уыдзысты бонзонгӕ, сӕрныллӕг, Хуыцауы кадджын кӕндзысты, сывӕллӕттӕ сӕ ныййарджыты коммӕ кӕсдзысты, адӕм хорздзинадӕн аргъ кӕнын зондзысты, уыдзысты иузӕрдион, бинонтӕ кӕрӕдзи тынг уарздзысты, адӕм уыдзысты ӕнцондзырд, алкӕддӕр иннӕты хорзы кой кӕндзысты, хиуыл хӕцын зондзысты, уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ, хорздзинад уарздзысты, уыдзӕн сыл ӕууӕнк, иннӕты ныхасмӕ хъусдзысты, иннӕты сӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрдзысты, уарздзысты Хуыцауы, ирхӕфсӕнтӕ нӕ, фӕлӕ, сӕ цардӕй бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауӕн кувӕг адӕм кӕй сты. Ӕмӕ ахӕм адӕмыл дӕхи бӕтт». Ды дӕр дӕ бинонтимӕ кӕнӕ де ’мчырыстӕттимӕ фӕныхас кӕныс, ног дунейы цард цыхуызӕн уыдзӕн, ууыл?

15. Кӕд Таня цӕмӕйдӕрты тарст, уӕддӕр ын цы баххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ ма сивтаид?

15 Хо Таня цӕры Цӕгат Македо́нийы. Фидӕны арфӕдзинӕдтыл кӕй хъуыды кодта, уый йын баххуыс кодта иузӕрдионӕй баззайынӕн. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдта, уӕд йӕ ныййарджытӕ йӕ ныхмӕ тынг рацыдысты. Таня радзырдта: «Цӕмӕйты тарстӕн, уыдӕттӕй цыдӕртӕ ӕрцыдысты. Мӕ мад-иу мӕ алы ӕмбырды фӕстӕ дӕр фӕнадта. Мӕ ныййарджытӕ мӕм ӕртхъирӕн дӕр кодтой, зӕгъгӕ, дам, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн куы суай, уӕд, дам, дӕ амардзыстӕм». Фӕстагмӕ та йӕ хӕдзарӕй ратардтой. Цымӕ йӕ уавӕрмӕ цы цӕстӕй ракаст? Уый загъта: «Ӕз фылдӕр хъуыды кодтон, Йегъовӕйыл иузӕрдионӕй куы баззайон, уӕд ӕнустӕм дӕр куыд амондджын уыдзынӕн, ууыл. Хъуыды ма-иу кодтон, ныртӕккӕ цӕмӕйфӕнды ӕнӕхай ма фӕуон, уӕддӕр мын ног дунейы Йегъовӕ цас хорздзинӕдтӕ скӕндзӕн ӕмӕ, ӕвзӕрӕй цыдӕриддӕр ӕрцыд, уыдон мӕ кӕй ферох уыдзысты». Таня Йегъовӕйыл йӕ зӕрдӕ нӕ сивта. Ӕмӕ йын Йегъовӕ баххуыс кодта цӕрӕнбынат ссарынӕн дӕр. Уый фӕстӕ Таня смой кодта иу иузӕрдион ӕфсымӕрмӕ, ӕмӕ ныр иумӕ ӕххӕстрӕстӕг лӕггад кӕнынц.

НЫР АРХАЙ, ЦӔМӔЙ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДӔ ЗӔРДӔ ТЫНГДӔР ДАРАЙ

16. Лукайы 21:26–28 стихты цы хабӕртты кой ис, уыдон цӕуын куы райдайой, уӕд нын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм?

16 Стыр бӕллӕхы рӕстӕг адӕм «фыртӕссӕй... зӕрдӕхъӕрмттӕ кӕндзысты». Фӕлӕ Хуыцауы адӕм дарддӕр дӕр уыдзысты фидар ӕмӕ хъӕбатыр. (Бакӕс Лукайы 21:26–28.) Цы сын ӕххуыс кӕндзӕн? Уыдон сӕ зӕрдӕ дардзысты Йегъовӕйыл, уый размӕ дӕр ыл сӕ зӕрдӕ куыд дардтой, афтӕ. Гыццыл раздӕр кӕй кой кодтам, уыцы хо, Таня, загъта, раздӕр цытӕ бавзӕрста, уыдӕттӕ йын кӕй ӕххуыс кӕнынц ӕндӕр зын уавӕрты фидар фӕлӕууынӕн. Уый загъта: «Ӕз бамбӕрстон, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у кӕцыфӕнды уавӕр дӕр хорзырдӕм фӕкӕнын. Иуӕй-иу хатт нӕм афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нӕ бар ницӕуыл цӕуы ӕмӕ алцыдӕр иннӕты къухы ис. Фӕлӕ уый афтӕ нӕу. Йегъовӕ сӕ цас бауадзы, ӕрмӕстдӕр уыйбӕрц вӕййы сӕ бон саразын. Уый адӕмӕй тыхджындӕр у. Ӕмӕ цыфӕнды уӕззау фӕлварӕнӕн дӕр кӕрон ӕрцӕуы».

17. 2024 азы стих нын куыд баххуыс кӕндзӕн? (Кӕс нывмӕ ӕддаг цъарыл.)

17 Абон адӕймаг цӕмӕйдӕрты кӕй фӕтӕрсы, уый диссаг нӕу. Ахӕм дунейы цӕрӕм. Фӕлӕ Давидау мах дӕр фыртӕссӕй нӕ ризӕм. Давид Йегъовӕмӕ куывта: «Куы фӕтӕрсон, уӕд мӕ зӕрдӕ дардзынӕн дӕуыл» (Пс. 56:3). Ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ ӕвзӕрст ӕрцыдысты 2024 азы стихӕн. Иу библииртасӕг ацы стихы тыххӕй афтӕ загъта: «Давид, цӕмӕй тӕрсы, ӕдзух уыдӕттыл нӕ хъуыды кӕны. Стӕй йӕ зындзинӕдтӕм нӕ ныккомкоммӕ, фӕлӕ йе скаст у йӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ». Ацы азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, ууыл-иу арӕх хъуыды кӕн, уӕлдайдӕр зын уавӕры куы бахауай ӕмӕ цӕмӕйдӕр куы тӕрсай, уӕд. Рӕстӕг-иу ссар, цӕмӕй-иу ахъуыды кӕнай, Йегъовӕ цы арӕзта, цы аразы ӕмӕ ма цы сараздзӕн, уыдӕттыл. Ӕмӕ уӕд Давидау дӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Ӕз мӕ зӕрдӕ дарын Хуыцауыл, ӕмӕ ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Пс. 56:4).

Ӕрцыд цавӕрдӕр бӕллӕх, ӕмӕ хо хъуыды кӕны, уыцы азӕн цы стих ӕрцыд ӕвзӕрст, ууыл (кӕс 17 абзац)

АЦЫ ФАРСТАТЫЛ КУЫ АХЪУЫДЫ КӔНАЙ, УӔД ДЫН УЫЙ КУЫД БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ МАУАЛ ТӔРСАЙ?

  • Йегъовӕ нырмӕ дӕр цы сарӕзта?

  • Йегъовӕ ныртӕккӕ цы аразы?

  • Йегъовӕ ма ноджыдӕр цы сараздзӕн?

33 ЗАРӔГ Дӕ уаргъ Йегъовӕйыл сӕвӕр

a Сайты jw.org «Ссар» фыст кӕм ис, уым ныффысс «сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» кӕнӕ «хабӕрттӕ». Приложенийы JW Library® та бакӕн «Серии статей» ӕмӕ уым ссар «Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут» кӕнӕ «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты биографитӕ».

b Иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.

c Кӕс чиныг «Баввахс у Иегъовӕмӕ», 7 сӕр, 13–22 абзацтӕ.

d НЫВ. Давид хъуыды кодта, Йегъовӕ йын арсы амарынӕн тых куыд радта, Ахимелехы уылты йын куыд ӕххуыс кӕны ӕмӕ йӕ паддзахӕй кӕй сӕвӕрдзӕн, ууыл.

e НЫВ. Йӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны чи бады, уыцы ӕфсымӕр хъуыды кӕны, Йегъовӕ йын тамако ныууадзынӕн куыд баххуыс кодта, йӕ бинонтӕ ӕмӕ йӕм йе ’мбӕлттӕ цы писмотӕ фыссынц, уыдоны уылты дзы ныфс куыд уадзы ӕмӕ йын дзӕнӕты ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн, ууыл.