Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Сылгоймӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

Сылгоймӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсыс?

МАХ фӕрсӕй-фӕрстӕм лӕггад кӕнӕм бирӕ иузӕрдион сылгоймӕгтимӕ, ӕмӕ нын уый стыр кад у! Нӕ хотӕ бирӕ фыдӕбон кӕнынц, ӕмӕ дзы алкӕй дӕр бирӕ уарзӕм ӕмӕ сын тынг аргъ кӕнӕм. Мах, ӕфсымӕрты, фӕнды, цӕмӕй сӕ алкӕддӕр нымайӕм ӕмӕ сӕм хорз зӕрдӕ дарӕм. Фӕлӕ ӕнӕххӕст кӕй стӕм, уый тыххӕй нын уый алы хатт нӕ рауайы. Иуӕй-иу ӕфсымӕртӕн та сылгоймӕгты нымайын зын у ноджыдӕр иу цӕйдӕр тыххӕй.

Иуӕй-иутӕ кӕм схъомыл сты, уым бирӕ нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгты тынг нӕ нымайынц. Зӕгъӕм, Боли́вийӕ иу районон цӕстдарӕг, Ханц, загъта: «Кӕмдӕрты лӕппуты сӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ афтӕ ахуыр кӕнынц, ӕмӕ, нӕлгоймӕгтӕ кӕй сты, уымӕй хъал хъуамӕ уой. Ӕмӕ куы сыстыр вӕййынц, уӕд афтӕ фӕхъуыды кӕнынц, цыма нӕлгоймаг сылгоймагӕй уӕлдӕр у, ӕмӕ сылгоймӕгты ницӕмӕ фӕдарынц». Тайва́нӕй иу хистӕр нӕлгоймаг, Шэн Сянь, загъта: «Махмӕ бирӕ нӕлгоймӕгтӕ фӕзӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, сылгоймаг нӕлгоймаджы хъуыддӕгты хъуамӕ йӕ фындз ма тъысса. Нӕлгоймаг лӕгты ’хсӕн куы зӕгъа, йӕ ус цӕйдӕр тыххӕй цы хъуыды кӕны, уый, уӕд ыл худдзысты, ды ницы лӕг дӕ, зӕгъгӕ». Иннӕ нӕлгоймӕгтӕ та ӕндӕр хуызы равдисынц, сылгоймӕгтӕм бынтон хорз цӕстӕй кӕй нӕ кӕсынц, уый. Зӕгъӕм, сылгоймӕгты тыххӕй ахӕм хъазӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц, ӕмӕ сын фылдӕр ӕфхӕрӕн ныхӕсты хуызӕн вӕййынц.

Фӕлӕ нӕлгоймаг кӕмфӕнды ма цӕра, уӕддӕр йӕ бон у йӕ зондахаст аивын ӕмӕ бамбарын, сылгоймаг нӕлгоймагӕй кӕй ницӕмӕй ӕвзӕрдӕр у (Еф. 4:22–24). Цӕмӕй йын уый рауайа, уый тыххӕй йӕ хъӕуы Йегъовӕйы бафӕзмын. Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ӕфсымӕртӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕм уыдон дӕр уый цӕстӕй кӕсой ӕмӕ фыццаджыдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у ӕвдисын, хоты кӕй нымайынц, уый.

ЙЕГЪОВӔ СЫЛГОЙМӔГТӔМ ЦЫ ЦӔСТӔЙ КӔСЫ?

Йегъовӕ сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсы, уымӕй алкӕмӕн дӕр у фӕзминаг. Уый у фӕлмӕнзӕрдӕ Фыд ӕмӕ йӕ зӕххон сывӕллӕтты се ’ппӕты дӕр тынг уарзы (Иоан. 3:16). Нӕ иузӕрдион хотӕ сты йӕ зынаргъ чызджытӕ. Ӕркӕсӕм, сылгоймӕгты кӕй нымайы ӕмӕ сын кӕй кад кӕны, уый цӕмӕй у бӕрӕг, уымӕ.

Сылгоймӕгты нӕ хъулон кӕны. Йегъовӕ нӕлгоймаджы дӕр ӕмӕ сылгоймаджы дӕр йӕхимӕ гӕсгӕ скодта (Райд. 1:27). Нӕлгоймаджы сылгоймагӕй зондджындӕр кӕнӕ курдиатджындӕр не скодта, стӕй нӕлгоймӕгты сылгоймӕгтӕй хуыздӕрыл нӕ нымайы (2 Аз. 19:7). Нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у, Библийы цы фыст ис, уый ӕмбарын ӕмӕ Йегъовӕйы рӕсугъд миниуджытӕ фӕзмын, афтӕ уый сӕ бон у сылгоймӕгтӕн дӕр. Стӕй Йегъовӕ аргъ кӕны, фидар уырнындзинад кӕмӕн ис, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, уӕлдай нӕу, нӕлгоймаг у ӕви сылгоймаг. Уый бӕрӕг у, зӕххыл ӕнустӕм дзӕнӕты чи цӕрдзӕн кӕнӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ чи уыдзӕн, уыдоны ’хсӕн нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сылгоймӕгтӕ дӕр кӕй ис, уымӕй. Уӕдӕ йӕ уынӕм, Йегъовӕ сылгоймӕгты нӕлгоймӕгтӕй дӕлдӕр кӕй не ’вӕры.

Байхъусы сӕм. Йегъовӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы, сылгоймӕгтӕ цы ’нкъарынц ӕмӕ цӕуыл мӕт кӕнынц, уымӕ. Зӕгъӕм, уый хъуыста Рахил ӕмӕ Аннӕйы куывдтытӕм ӕмӕ сын дзуапп радта (Райд. 30:22; 1 Сам. 1:10, 11, 19, 20). Уымӕй уӕлдай, Библи чи фыста, уыдонӕн ныффыссын кодта, сылгоймӕгтӕм-иу чи байхъуыста, уыцы нӕлгоймӕгты тыххӕй. Зӕгъӕм, Йегъовӕ Авраамӕн загъта, цӕмӕй йӕ бинойнаг Саррӕмӕ байхъуыстаид, ӕмӕ Авраам дӕр афтӕ бакодта (Райд. 21:12–14). Паддзах Давид байхъуыста Авигейӕмӕ. Афтӕ дӕр ма загъта, Йегъовӕ, дам, дӕ рарвыста мӕнмӕ (1 Сам. 25:32–35). Йесо та байхъуыста йӕ мадмӕ, Марийӕмӕ (Иоан. 2:3–10). Ӕмӕ йӕ зонӕм, уый алкӕддӕр йӕ Фыды хуызӕн кӕй фӕархайы. Ацы цӕвиттонтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ сылгоймӕгтӕм кӕй байхъусы, уымӕй дӕр сын кӕй кад кӕны.

Ӕууӕнды сыл ӕмӕ сын сӕ бар бакӕны алыхуызон хъуыддӕгтӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕ ӕрмӕст Адамӕн нӕ, фӕлӕ Евӕйӕн дӕр бабар кодта, цӕмӕй зӕхмӕ зылдаид (Райд. 1:28). Уымӕй равдыста, йӕ лӕгӕй йӕ дӕлдӕр кӕй не ’вӕрдта, фӕлӕ йӕ йе ’ххуысгӕнӕгыл кӕй нымадта. Ус-пехуымпартӕ Дево́рӕ ӕмӕ Олда́мӕйӕн та бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн уынаффӕ кодтаиккой. Ӕмӕ, кӕмӕн уынаффӕ кодтой, уыдоны ’хсӕн уыд тӕрхонгӕнӕг ӕмӕ паддзах дӕр (Тӕрх. 4:4–9; 2 Пад. 22:14–20). Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕ чырыстон сылгоймӕгтӕн бирӕ цыдӕртӕ бахӕс кодта. Нӕ иузӕрдион хотӕ хъусын кӕнынц хорз хабар, лӕггад кӕнынц пионертӕй ӕмӕ миссионертӕй, ӕххуыс кӕнынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ филиалтӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн, стӕй сын скӕнынц проекттӕ дӕр. Чидӕртӕ дзы лӕггад кӕнынц Вефилты, чидӕртӕ та – тӕлмацгӕнджыты офисты. Нӕ хотӕ сты Йегъовӕйы стыр ӕфсад, ӕмӕ сӕ ӕрвиты йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ (Пс. 68:11). Дзырд дӕр ыл нӕй: Йегъовӕ афтӕ нӕ хъуыды кӕны, ӕмӕ сылгоймӕгтӕн сӕ бон ницы у кӕнӕ ницӕмӕ арӕхсынц.

ӔФСЫМӔРТӔН ЦЫ БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ СЫЛГОЙМӔГТӔМ ЙЕГЪОВӔЙЫ ЦӔСТӔЙ КӔСОЙ?

Ӕфсымӕртӕ, цӕмӕй базонӕм, сылгоймӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм ӕви нӕ, уый тыххӕй нӕ хъӕуы нӕ зӕрдӕтӕм ныккӕсын ӕмӕ ахъуыды кӕнын, сылгоймӕгтӕн куыд стӕм ӕмӕ нӕхи семӕ куыд дарӕм, ууыл. Уый тыххӕй нӕ хъӕуы ӕххуыс. Зӕгъӕм, рентгены фӕрцы базонӕн вӕййы, адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хорз кусы ӕви нӕ. Ӕмӕ афтӕ хорз ӕмбӕлтты ӕмӕ Хуыцауы Ныхасы фӕрцы базонӕн ис, ӕцӕгӕй сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый. Чи зоны сӕм кӕмдӕр нӕ зӕрдӕйы мидӕг бынтон хорз цӕстӕй нӕ кӕсӕм.

Де ’мбӕлттӕй искӕй бафӕрс (Ӕмб. 18:17). Нӕ бон у, кӕуыл ӕууӕндӕм, фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ ӕмбаргӕ чи у, ахӕм ӕмбалы бафӕрсын: «Куыд хъуыды кӕныс, хотӕм хорз цӕстӕй кӕсын? Сӕ бон у зӕгъын, кӕй сӕ нымайын ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнын? Мыййаг мӕ исты хъӕуы фӕивын?» Фӕхуыздӕр кӕнын дӕ цы хъӕуы, уымӕ дын куы бацамона, уӕд-иу дӕхи ма рӕстытӕ кӕн, фӕлӕ-иу цӕттӕ у, цы хъӕуы, уый фӕивынмӕ.

Хуыцауы Ныхас иртас. Нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый базонынӕн ӕппӕты хуыздӕр мадзал у Хуыцауы Ныхас (Дзут. 4:12). Библийы фыст ис, сылгоймӕгтӕн чи кад кодта ӕмӕ сын чи нӕ кад кодта, ахӕм нӕлгоймӕгты тыххӕй. Ӕмӕ, уыдон сылгоймӕгтӕн куыд уыдысты, уый нӕ бон у абарын, мах сын куыд стӕм, уыимӕ. Уымӕй уӕлдай ма нӕ бон у Библийы стихтӕ кӕрӕдзиимӕ абарын. Ӕфсымӕр иу кӕцыдӕр стих хицӕнӕй куы райса ӕмӕ йӕ, сылгоймӕгты тыххӕй иннӕ рӕтты цы фыст ис, уыимӕ куы нӕ абара, уӕд, гӕнӕн ис, уыцы стих раст ма ӕмбара. Зӕгъӕм, 1 Петры 3:7 стихы фыст ис, «сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сын кад кӕнут», зӕгъгӕ a. Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ сылгоймӕгтӕ нӕлгоймӕгтӕй ӕнӕмбаргӕдӕр сты кӕнӕ уыдоны хуызӕн арӕхстджын не сты? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ. Абарӕм-ма Петры ныхӕстӕ, Галатӕгтӕм 3:26–29 стихты цы фыст ис, уыимӕ. Фыст дзы ис, Йегъовӕ нӕлгоймӕгты дӕр ӕмӕ сылгоймӕгты дӕр кӕй равзӕрста, цӕмӕй Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уой. Хуыцауы Ныхас куы иртасӕм ӕмӕ, сылгоймӕгтӕм цы цӕстӕй кӕсӕм, уый тыххӕй-иу не ’мбалы хъуыды куы базонӕм (уый та, гӕнӕн ис, уа нӕлгоймаг кӕнӕ сылгоймаг), уӕд нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ хотӕн кад кӕнын сахуыр уӕм.

ХИСТӔР НӔЛГОЙМӔГТӔ КУЫД ӔВДИСЫНЦ, ХОТЫ КӔЙ НЫМАЙЫНЦ, УЫЙ?

Ӕфсымӕртӕ ма хотӕн кад кӕнын ахуыр кӕнынц уарзӕгой хистӕр нӕлгоймӕгтӕй дӕр. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон цы у аразын, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы иннӕтӕн фӕзминаг уой?

Хотӕй раппӕлынц. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у апостол Павелы бафӕзмын. Ромы ӕмбырдмӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕджы цалдӕр хойӕ комкоммӕ раппӕлыд (Ром. 16:12). Ӕмӕ-ма ахъуыды кӕн, уыцы хотӕ куыд цин кодтаиккой, Павелы фыстӕг се ’мбырды хъӕрӕй куы кастысты, уӕд! Раст афтӕ, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр сӕ хорз ныхас хотӕн нӕ бавгъау кӕнынц, раппӕлынц сӕ сӕ хорз миниуджыты тыххӕй ӕмӕ, Йегъовӕйӕн куыд зӕрдиагӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй. Ӕмӕ уӕд хотӕ фӕуынынц, куыд тынг сын аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ куыд нымайынц, уый. Арӕх хоты гъе уый фӕхъӕуы, цӕмӕй дарддӕр дӕр Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй лӕггад кӕной (Ӕмб. 15:23).

Хотӕй раппӕлынц

Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕархайынц, цӕмӕй-иу хотӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй раппӕлой. Уый ахсджиаг цӕмӕн у? Хо Дже́ссикӕ загъта: «Хистӕр нӕлгоймаг куы фӕзӕгъы, раппӕлинаг дӕ, зӕгъгӕ, уӕд уый дӕр ӕхсызгон вӕййы. Фӕлӕ хойӕн ноджы ӕхсызгондӕр вӕййы, бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй дзы куы раппӕлынц, уӕд, зӕгъӕм, йӕ сывӕллӕтты ӕмбырдты ӕнцад бадын кӕй ахуыр кӕны кӕнӕ кӕй нӕ фӕзивӕг кодта, Библи кӕимӕ ахуыр кӕны, уыцы адӕймаджы ӕмбырдмӕ ӕрбаласынмӕ». Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хотӕй бӕлвырд цӕйдӕр тыххӕй куы раппӕлынц, уӕд хотӕ бамбарынц, ӕмбырды кӕй хъӕуынц ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнынц, уый.

Хотӕм байхъусынц. Сӕрныллӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, хорз хъуыдытӕ ӕрмӕст уыдонмӕ кӕй нӕ фӕзыны. Ӕмӕ ахӕм ӕфсымӕртӕ хотӕн фӕзӕгъынц, цӕмӕй-иу цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл сӕ хъуыды зӕгъой, ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ лӕмбынӕг байхъусынц. Афтӕмӕй хотӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтауынц, стӕй сӕхицӕн дӕр уый стыр ӕххуыс фӕвӕййы. Ома куыд? Гера́рдо у хистӕр нӕлгоймаг ӕмӕ лӕггад кӕны Вефилы. Уый загъта: «Хоты арӕх афӕрсын, цыдӕр саразӕн куыд ис, уымӕй. Ӕмӕ уый фӕрцы мӕ куыст хуыздӕр саразын. Ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕрмӕ уыйбӕрц фӕлтӕрддзинад нӕй, иуӕй-иу хотӕм цас фӕлтӕрддзинад ис». Бирӕ хотӕ лӕггад кӕнынц пионертӕй, ӕмӕ, сӕ территорийы цы адӕм цӕры, уыдоны тыххӕй бирӕ цыдӕртӕ фӕзонынц. Ӕфсымӕр Бра́йан загъта: «Нӕ хотӕ бирӕ цӕмӕдӕрты арӕхсынц ӕмӕ сӕм бирӕ хорз миниуджытӕ ис, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ нӕ организацийӕн стыр ӕххуыс сты. Ӕмӕ сӕ фӕлтӕрддзинад дзӕгъӕлы ма фӕуӕд!»

Хотӕм байхъусынц

Цыдӕр саразӕн куыд ис, уый фӕдыл хо йӕ хъуыды куы фӕзӕгъы, уӕд ыл ӕмбаргӕ хистӕр нӕлгоймаг йӕ къух нӕ ауигъы. Ӕфсымӕр Э́двард загъта: «Фӕлтӕрдджын хотӕ цы фӕзӕгъынц, уый арӕх ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕны хъуыддагмӕ алырдыгӕй ӕркӕсынӕн, стӕй уый фӕрцы иннӕты дӕр хуыздӕр фембарынц» (Ӕмб. 1:5). Хо куыд зӕгъы, афтӕ куы нӕ уа бакӕнӕн, уӕддӕр хистӕр нӕлгоймагӕн йӕ бон у бузныг ын зӕгъын йӕ хъуыдыйы тыххӕй ӕмӕ, цыдӕр фӕхуыздӕр кӕнӕн куыд ис, ууыл кӕй ахъуыды кодта, уый тыххӕй.

Хоты ахуыр кӕнынц. Арфуынӕг хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фӕагурынц фадӕттӕ, цӕмӕй хоты истӕуыл сахуыр кӕной. Зӕгъӕм сын бацамонынц, куыд ис уацамындон фембӕлдтӕ уадзӕн. Ӕмӕ ахӕм фембӕлды донаргъуыд ӕфсымӕр куы нӕ вӕййы, уӕд хотӕ фӕзонынц, цы сӕ хъӕуы саразын, уый. Сахуыр ма сӕ кӕнынц кусӕнгӕрзтимӕ ӕмӕ техникӕимӕ архайын, ӕмӕ сӕ бон вӕййы нӕ организацийы агъуыстытӕ аразынӕн ӕмӕ сӕм зилынӕн ӕххуыс кӕнын. Вефилты алыхуызон хайӕдты цӕстдарджытӕ хотӕн бацамонынц, куыд ис алыхуызон хъуыддӕгтӕ аразӕн, зӕгъӕм, агъуыстытӕм зилӕн, цыдӕртӕ ӕлхӕнӕн, компьютерон программӕтимӕ кусӕн ӕмӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕ аразӕн. Афтӕ чи кӕны, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмбарынц, хотыл ӕууӕндӕн кӕй ис ӕмӕ бирӕ цӕмӕдӕрты кӕй арӕхсынц, уый.

Хоты ахуыр кӕнынц

Хоты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цӕуыл сахуыр кодтой, уый фӕрцы ныр сӕ бон у иннӕтӕн дӕр ӕххуыс кӕнын. Зӕгъӕм, иуӕй-иу хотӕ ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн феххуыс кӕнынц сӕ хӕдзӕрттӕ саразынӕн. Стендтимӕ хъусын кӕнын куыд хъӕуы, уый кӕмӕн бацамыдтой, уыцы хотӕ та уый ныр иннӕтӕн амонынц. Хотӕ цы хъуыды кӕнынц, чи сӕ ахуыр кодта, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты тыххӕй? Дже́ннифер загъта: «Иухатт Паддзахады зал арӕзтам. Ӕмӕ, арӕзтадӕн дзуапп чи лӕвӕрдта, уыцы ’фсымӕр мӕ цӕуылдӕрты ахуыр кодта, йӕ рӕстӕг не ’вгъау кодта. Цы-иу мын бантыст, уый тыххӕй-иу мӕ раппӕлыд. Йемӕ кусын тынг уарзтон, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбӕрстон, кӕй мыл ӕууӕнды ӕмӕ мын кӕй аргъ кӕны».

НӔ ХОТӔ СТЫ НӔ БИНОНТӔ

Йегъовӕ иузӕрдион хоты тынг уарзы, ӕмӕ сӕ мах дӕр афтӕ уарзӕм! Бинонтӕй уӕлдай нын не сты (1 Тим. 5:1, 2). Семӕ иумӕ кӕй лӕггад кӕнӕм, уый нын стыр кад у! Мах фӕнды, цӕмӕй йӕ зоной, кӕй сӕ уарзӕм ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕнӕм. Уый куы фӕуынынц, уӕд нӕхӕдӕг дӕр тынг фӕцин кӕнӕм. Хо Ванессӕ загъта: «Ӕз Йегъовӕйӕ афтӕ бузныг дӕн, йӕ организацийы кӕй дӕн, уый тыххӕй, ӕмӕ йын зӕгъӕн дӕр нӕй! Цас ӕрхъуыдыджын ӕфсымӕртӕ нӕм ис! Уыдон мын алкӕддӕр мӕ ныфсыл ныфс бафтауынц». Тайванӕй та иу хо загъта: «Йегъовӕйӕ тынг бузныг дӕн, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ организаци дӕр сылгоймӕгтӕн афтӕ кӕй аргъ кӕнынц, уый тыххӕй. Цы ӕнкъарӕм, нӕ зӕрдӕйы цы ис, цӕуыл тыхсӕм, ууыл дӕр хъуыды кӕнынц. Уый уынгӕйӕ мӕ уырнындзинад бафидар вӕййы ӕмӕ, Йегъовӕйы организацийы кӕй дӕн, уымӕн ноджы тынгдӕр аргъ кӕнын райдайын».

Иузӕрдион чырыстон нӕлгоймӕгтӕ куы фӕархайынц, цӕмӕй сылгоймӕгтӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсой, уӕд Йегъовӕ тынг фӕцин кӕны! (Ӕмб. 27:11). Шотландийӕ иу хистӕр нӕлгоймаг, Бе́нджамин, загъта: «Ацы дунейы бирӕ нӕлгоймӕгтӕ сылгоймӕгты ницӕуыл нымайынц. Ӕмӕ мах нӕ фӕнды, цӕмӕй ӕмбырды дӕр афтӕ уа. Фӕлӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй-иу хотӕ Паддзахады залмӕ куы бацӕуой, уӕд-иу бамбарой, уым сын кӕй аргъ кӕнынц». Цӕй уӕдӕ не ’ппӕт дӕр архайӕм, цӕмӕй нӕ зынаргъ хотӕм Йегъовӕйы цӕстӕй кӕсӕм – уарзӕм сӕ ӕмӕ сӕ нымайӕм. Уыдон уый аккаг сты! (Ром. 12:10).

a «Сылгоймаг лӕмӕгъдӕр кӕй у», уый куыд ӕмбаргӕ у, ууыл бӕстон дзырд цӕуы статьяйы «Ценность „более слабого сосуда“», 2006 азы 15 майы «Сторожевая башня», ӕмӕ статьяйы «Хорз уынаффӕтӕ бинонтӕн», 2005 азы 1 мартъийы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг».