Рӕстдзинад дын куыд баххуыс кӕндзӕн?
Алкӕддӕр рӕстдзинад чи фӕдзуры, уыцы Хуыцау адӕмӕн ныфс ӕвӕры «ӕнусон цардӕй» (Иоанны 3:16).
ЦЫ ДӔ ХЪӔУЫ АРАЗЫН?
Базон, Хуыцауы Ныхасы цы рӕстдзинад фыст ис, уый (Иоанны 17:3, 17).
Аскъуыддзаг кӕн, Хуыцаумӕ кӕй хъусдзынӕ (Дыккаг закъон 30:19, 20).
Хуыцау цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ дӕ цард араз (Иаковы 1:25).
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕн ӕгас зӕххыл дӕр стыр пайда у, Хуыцауы Ныхасы рӕстдзинад кӕй базыдтой, уый. Уыдонӕн тынг ӕхсызгон уыдзӕн, сӕхӕдӕг цы базыдтой, уый дӕуӕн дӕр радзурын.
Библийы фыст рӕстдзинады тыххӕй фылдӕрбазонӕн ис брошюрӕйӕ «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!». Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис сайты www.pr418.com.