Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Уый тыхсы сымахыл»

«Уый тыхсы сымахыл»

Кӕд дӕ искуы исчи фӕфыдӕнхъӕл кодта, уӕддӕр ис, чи дӕ никуы фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн, уый. Цымӕ чи у?

Паддзах Давид куы базӕронд, уӕд загъта: «Мӕ фыд ӕмӕ мӕ мӕ мад куы ныууагътаиккой, уӕддӕр мӕ Йегъовӕ райстаид» (Псалом 27:10).

Йегъовӕ у «тӕригъӕдгӕнаг Фыд ӕмӕ удӕнцойдӕттӕг Хуыцау. Уый нын удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).

«Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7).

Хуыцау дыл куыд тыхсы, уый тыххӕй фылдӕр базонӕн ис чиныгӕй «Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм!», 08 урок. Мыхуыры йӕ рауагътой Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ис сайты www.pr418.com.