Уӕззау низӕй рынчын куы уай
КӔД дӕхӕдӕг кӕнӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймаг мӕлӕтдзаг низӕй фӕрынчын, уӕд зоныс, уый куыд зын у. Адӕймаджы ӕрмӕст йӕ низимӕ тох кӕнын нӕ фӕхъӕуы, фӕлӕ ма йӕ хъуыдытимӕ дӕр. Адӕймаг тынгдӕр тӕрсын ӕмӕ мӕт кӕнын райдайы, дохтыртӕм цӕуын ӕй кӕй фӕхъӕуы, хос кӕныны мадзӕлттӕ ссарын зын кӕй вӕййы кӕнӕ йӕм фаг ӕхца кӕй нӕ вӕййы, йе та хосты фӕстӕ йӕхи ӕвзӕр кӕй фӕхаты, уый тыххӕй. Уӕззау низ ӕмӕ алыхуызон хъуыдытӕ адӕймаджы ныфс асӕттынц.
Нӕ бон кӕм у ӕххуыс ссарын? Бирӕтӕн стыр удӕнцой хӕссы, Хуыцаумӕ кӕй фӕкувынц ӕмӕ сӕ чи бафидар кӕны, Библийы ахӕм стихтӕ кӕй фӕкӕсынц. Стӕй ма адӕймагӕн стыр ӕххуыс вӕййы, йӕ бинонтӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ йӕ фарсмӕ кӕй балӕууынц, уый дӕр.
ИУӔЙ-ИУТӔН ЦЫ БАХХУЫС КОДТА
58 азы кӕуыл цӕуы, иу ахӕм нӕлгоймаг, Роберт, зӕгъгӕ, загъта: «Хуыцауыл ӕууӕнд ӕмӕ дын баххуыс кӕндзӕн дӕ низимӕ тох кӕнын. Йегъовӕмӕ кув. Дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын дзур. Кур дзы йӕ сыгъдӕг тых. Кур дзы тыхтӕ, цӕмӕй дын раст зӕрдӕйы уаг уа ӕмӕ дӕ бинонты ныфс ма асӕтта, ӕмӕ дӕ низимӕ тох кӕнын фӕразай».
Роберт ма загъта: «Стыр ӕххуыс ма у, дӕ бинонтӕ дӕ куы ӕмбарой ӕмӕ дыл куы тыхсой. Алы бон дӕр мӕм сӕ исчи ӕрбадзуры ӕмӕ мӕ бафӕрсы, куыд дӕ, зӕгъгӕ. Ме ’мбӕлттӕ дӕр мӕ бафидар кӕнынц, кӕд алы рӕтты цӕрынц, уӕддӕр. Ныфс мӕ бауадзынц ӕмӕ уый фӕрцы мӕ къухтӕ не ’руадзын».
Кӕд де ’мбалмӕ рынчынфӕрсӕг фӕцӕуыс, уӕд-ма дӕ хъус ӕрдар Линдӕйы ныхӕстӕм: «Рынчын адӕймаджы нӕ фӕфӕнды, цӕмӕй иннӕтӕй хицӕн кӕна ӕмӕ ӕдзух йӕ низы кой кӕна. Уымӕ гӕсгӕ йемӕ ныхас кӕн, иннӕтимӕ цӕуыл фӕныхас кӕныс, ууыл».
Хуыцауы хъаруйы фӕрцы ӕмӕ нын Библи цы удӕнцой дӕтты, стӕй нӕ бинонтӕ ӕмӕ не ’мбӕлтты ӕххуысы фӕрцы нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн ӕмӕ нӕ дарддӕр цӕрын фӕнддзӕн, кӕд уӕззау низимӕ тох кӕнӕм, уӕд дӕр.