Афтӕ дӕм куы кӕса, ӕмӕ дӕм цӕрынӕн тыхтӕ нал ис
Зӕгъӕм, Иугонд Штатты иу сылгоймаг, Салли *, зӕгъгӕ, тыхдымгӕйы фӕстӕ ӕнӕ хӕдзарӕй баззад. Салли загъта: «Нӕ зыдтон, цас ма бафӕраздзынӕн. Бирӕ рӕстӕг мӕм афтӕ каст, ӕмӕ мӕм тыхы мур нал баззад».
Иннӕ фӕлварӕн та – бирӕ кӕй уарзыс, ахӕм адӕймаг куы амӕлы. Австралийӕ иу сылгоймаг, Джанис, зӕгъгӕ, радзырдта: «Мӕ дыууӕ фырты куы амардысты, уӕд цыма мӕ цард лыстӕг пырх ныцци ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ ӕмбырд кодтон, афтӕ мӕм каст. Хуыцауӕн лӕгъстӕ кодтон: „Баххуыс мын кӕн, мӕ маст нал фӕразын! Тӕхуды, мӕрдвынӕй куы бауин. Куы нал райхъал уаин, уый мӕ фӕнды“».
Дэниел та сӕмбӕлд ӕндӕр фӕлварӕныл – арвыцӕфау фӕци, йӕ бинойнаг ыл гадзрахатӕй куы рацыд, уӕд. Дэниел радзырдта: «Мӕ цардӕмбал мын куы загъта, гадзрахатӕй мыл кӕй рацыд, уӕд мын цыма мӕ зӕрдӕйы кард фӕтъыста, афтӕ мӕм фӕкаст. Бирӕ рӕстӕг мӕ зӕрдӕ йӕ рыстӕй не ’нцади».
Мыййаг, ацы зындзинӕдтӕй искӕцы ӕвзарыс?
Ацы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» дзырд цӕуы, зындзинӕдтӕ ӕвзаргӕйӕ дӕр цард зынаргъ кӕй у.
^ Ацы статьяты иуӕй-иу нӕмттӕ ивд сты.