Цы у Хуыцауы Паддзахад?
Бирӕтӕ фӕкувынц, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахад ӕрцӕуа. Уыцы Паддзахад цы у ӕмӕ цы сараздзӕн, ууыл искуы хъуыды кодтай?
БИБЛИ ЦЫ ЗӔГЪЫ
Цы у Хуыцауы Паддзахад?
Уый у, йӕ сӕргъы Паддзах Йесо Чырысти кӕмӕн ис, ахӕм уӕларвон хицауад (Исай 9:6, 7; Матфейы 5:3; Лукайы 1:31–33).
Хуыцауы Паддзахадӕн цы бантысдзӕн?
Абон зӕххыл цы ’взӕр хабӕрттӕ цӕуы, уыдонӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ зӕххыл цӕрӕг адӕмы ӕнӕкӕрон фарнӕй схайджын кӕндзӕн (Данел 2:44; Матфейы 6:10).
Фыццаджыдӕр Хуыцауы Паддзахад агурай, уый цӕуыл дзурӕг у?
Хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады фарс слӕууӕм. Стӕй нӕ хъуамӕ фидарӕй уырна, ӕрмӕстдӕр уыцы Паддзахад кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Матфейы 6:33; 13:44).