Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Цымӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Цымӕ ацы дунейӕн йӕ кӕрон ӕрцӕудзӕн?

Чи зоны, фехъуыстат, Библийы дунейы кӕроны кой кӕй цӕуы (1 Иоанны 2:17). Цымӕ уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ зӕххыл адӕм нал уыдзӕн? Мыййаг, зӕххыл цӕрӕг уд нал баззайдзӕн кӕнӕ зӕхх бынтондӕр фесӕфдзӕн?

БИБЛИЙӔ БАЗОНӔН ИС, АФТӔ КӔЙ НӔ УЫДЗӔН

Кӕрон кӕмӕн ӕмӕ цӕмӕн не ’рцӕудзӕн?

АДӔМӔН

Библийы фыст ис: «[Хуыцау] зӕхх... фидар сӕвӕрдта, дзӕгъӕлы йӕ не сфӕлдыста, скодта йӕ цӕрынӕн» (ИСАЙ 45:18).

НӔ ПЛАНЕТӔЙӔН

Библийы фыст ис: «Фӕлтӕр фӕлтӕры ивы, зӕхх та лӕууы ӕнустӕм» (ЕККЛЕСИАСТ 1:4).

АЦЫ НЫХӔСТӔ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй зӕхх никуы фесӕфдзӕн ӕмӕ йыл адӕм алкӕддӕр цӕрдзӕн. Уӕдӕ дунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый куыд ӕмбаргӕ у?

АХЪУЫДЫ КӔН. Ацы дунейы кӕроны размӕ цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон Библийы барст цӕуынц, Нойы рӕстӕджы цы хабӕрттӕ цыд, уыдонимӕ. Уыцы рӕстӕг зӕхх «байдзаг фыдмитӕй» (Райдиан 6:13). Фӕлӕ Ной уыди рӕстгӕнӕг, ӕмӕ йын Хуыцау йӕхи дӕр ӕмӕ йӕ бинонты дӕр бахъахъхъӕдта. Фыдгӕнджыты та Доны хъаймӕты фесӕфта. Библийы фыст ис: «Ӕмӕ уыдонӕй уӕдыккон дуне сӕфт ӕрцыди, доны бын куы фӕци, уӕд» (2 Петры 3:6). Уӕдӕ уыцы рӕстӕг дунейӕн йе сӕфт ӕрцыд. Фӕлӕ зӕхх нӕ фесӕфт. Фесӕфтысты, зӕххыл цы фыдгӕнджытӕ уыд, уыдон. Уӕдӕ Библийы афтӕ фыст кӕй ис, ӕмӕ ацы дунейӕн кӕрон ӕрцӕудзӕн, уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ нӕ планетӕ фесӕфдзӕн. Кӕрон ӕрцӕудзӕн ацы цардӕвӕрдӕн ӕмӕ, зӕххыл цы фыдгӕнджытӕ ис, уыдонӕн.

Кӕрон цавӕр хъуыддӕгтӕн ӕрцӕудзӕн?

ЗЫНДЗИНӔДТӔН ӔМӔ ФЫДДЗИНАДӔН

Библийы фыст ис: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн, кӕм уыди, уырдӕм бакастӕ, ӕмӕ нал ис. Сабыр адӕм та зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ фарнӕй бафсӕддзысты» (ПСАЛОМ 37:10, 11).

АЦЫ НЫХӔСТӔ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ. Доны хъаймӕты рӕстӕг фыддзинадӕн кӕрон бынтон не ’рцыд. Уый фӕстӕ та ногӕй фыдгӕнджытӕ фӕзынд, ӕмӕ та адӕмӕн сӕ цард сӕнад кодтой. Фӕлӕ тагъд Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн. Псаломты чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «фыдгӕнӕг нал уыдзӕн». Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн йӕ Паддзахады фӕрцы. Уыцы Паддзахад уӕлӕрвтӕй разамынд дӕтдзӕн, Хуыцауы коммӕ чи кӕса, уыцы адӕмӕн.

АХЪУЫДЫ КӔН. Цымӕ ацы дунейы хицӕутты Хуыцауы Паддзахады коммӕ кӕсын бафӕнддзӕн? Библийӕ бӕрӕг у, кӕй сӕ нӕ бафӕнддзӕн. Уый нӕ, фӕлӕ ма ахӕм ӕнӕзонд ми бакӕндзысты, ӕмӕ Хуыцауы Паддзахады ныхмӕ рацӕудзысты (Псалом 2:2). Ӕмӕ уый цӕмӕ ӕркӕндзӕн? Хуыцауы Паддзахад фесафдзӕн зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр, йӕхӕдӕг та лӕудзӕн ӕнустӕм (Данел 2:44). Фӕлӕ цымӕ адӕмы хицаудзинадӕн кӕрон скӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Адӕмы хицаудзинадӕн хъуамӕ кӕрон ӕрцӕуа. ЦӔМӔН?

Библийы цы фыст ис: «Адӕймагӕн йӕ къахдзӕфтыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы» (ЙЕРЕМИ 10:23).

АЦЫ НЫХӔСТӔ ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ СТЫ. Адӕм афтӕ конд не сты, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн разамынд дӕттой. Уымӕ гӕсгӕ сӕ бон нӕу, куыд ӕмбӕлы, афтӕ хицауиуӕг кӕнын ӕмӕ адӕмы сӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕнын.

АХЪУЫДЫ КӔН. Иу статьяйы фыст уыд, зӕгъгӕ, иу хицауадӕн дӕр йӕ бон нӕу, цӕмӕй «мӕгуырдзинадӕн, ӕххормагдзинадӕн, низтӕн, ӕрдзон бӕллӕхтӕн, хӕстытӕн ӕмӕ фыдракӕндтӕн кӕрон скӕна». Стӕй ма дзы фыст уыд: «Иуӕй-иутӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ зӕххон хицауӕдтӕ иууылдӕр куы баиу уаиккой, ӕрмӕстдӕр уӕд уаид кӕрон скӕнӕн уыцы бӕллӕхтӕн» (Britannica Academic). Фӕлӕ ӕгас зӕххӕн иу хицауад куы уаид, уӕддӕр йӕ сӕргъы уаид ӕнӕххӕст адӕм, ӕмӕ, цы ’взӕр хабӕрттӕ ранымадтам, уыдонӕн сӕ бон кӕрон скӕнын нӕ уаид. Ӕрмӕстдӕр иу хицауадӕн, Хуыцауы Паддзахадӕн, у йӕ бон ӕгас зӕххыл дӕр зындзинӕдтӕн кӕрон скӕнын.

Уӕдӕ Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй, ацы дунейы кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уымӕй хорз адӕмы тӕрсын нӕ хъӕуы. Ацы фыддунейӕн кӕрон кӕй ӕрцӕудзӕн, уый у хорз хабар, уымӕн ӕмӕ йӕ Хуыцау баивдзӕн диссаджы ног дунейӕ.

Фӕлӕ уый кӕд ӕрцӕудзӕн? Иннӕ статьяйӕ ацы фарстайӕн Библийы фӕрцы дзуапп базондзыстӕм.