Адӕм алкӕмдӕр ӕфхӕрд ӕййафынц, чидӕр сӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй
Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт кӕй уынынц, уый хӕцгӕ низау апарахат ӕгас зӕххыл дӕр.
Адӕм кӕмӕйдӕр се сӕфт кӕй уынынц, уый арӕх ӕмбӕхсгӕ дӕр нал фӕкӕнынц. Цынӕтӕ кӕнынц! Знаджы цӕстӕй кӕмӕ кӕсынц, уыдонӕн фӕкӕнынц ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ, фервитынц сӕм писмотӕ ӕмӕ сӕ афтӕмӕй фӕтӕрсын кӕнынц, интернеты дӕр сыл иннӕты фӕардауынц, фӕхынджылӕг сӕ кӕнынц, фертхъирӕн сӕм кӕнынц кӕнӕ сын сӕ хӕдзӕрттӕн йе та сӕ исбонӕн исты разнаггад кӕнынц, стӕй сын фӕкӕнынц фыдмитӕ дӕр. Ӕмӕ ног хабӕртты арӕхӕй-арӕхдӕр фехъусӕн вӕййы ахӕм цыдӕртӕ. Адӕм алкӕмдӕр ӕфхӕрд ӕййафынц, чидӕр сӕ йе сӕфт кӕй уыны, уый тыххӕй.
Ацы журналӕй базондзынӕ, адӕймагӕн йӕ бон цы у саразын, цӕмӕй йе сӕфт макӕмӕйуал уына. Уымӕн ӕцӕгдӕр ис гӕнӕн. Ныртӕккӕ дӕр ӕгас зӕххыл бирӕтӕн бантыст сӕ удыхъӕд аивын, ӕмӕ ныр се сӕфт никӕмӕйуал уынынц.