ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?
3 | Дӕ зондахаст аив
Библийы уагӕвӕрд:
«Уӕ зонд ног кӕнут ӕмӕ уӕ удыхъӕд ивут, цӕмӕй-иу бамбарат, цы у Хуыцауы фӕндон: цы йӕм кӕсы хорз, цы йын у ӕхсызгон ӕмӕ цы у йӕ цӕсты ӕххӕст» (РОМӔГТӔМ 12:2).
Уый цӕуыл дзурӕг у?
Хуыцау куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ фӕкӕсы, цӕуыл фӕхъуыды кӕнӕм, уымӕ (Йереми 17:10). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ ныхӕстӕй ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕй хъуамӕ уа бӕрӕг, иннӕтӕм ӕвзӕр цӕстӕй кӕй нӕ кӕсӕм. Фӕлӕ уый фаг нӕу. Алцыдӕр райдайы хъуыдытӕй ӕмӕ зӕрдӕйӕ. Уӕдӕ кӕд искӕмӕй не сӕфт уынӕм, уӕд хъуамӕ уыцы маргджын хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ ӕд уидаг нӕ зӕрдӕйӕ стонӕм. Ӕрмӕстдӕр уӕд уыдзӕн нӕ бон нӕ удыхъӕд фӕивын, ӕмӕ не сӕфт никӕмӕйуал уындзыстӕм.
Дӕ бон цы у аразын?
Дӕ зӕрдӕмӕ-иу ныккӕс ӕмӕ-иу ахъуыды кӕн, иннӕтӕм цы цӕстӕй кӕсыс, уӕлдайдӕр, ӕндӕр адӕмыхаттӕй чи у, уыдонмӕ. Ахъуыды кӕн ахӕм фарстатыл: «Цы зӕрдӕ сӕм дарын? Уыцы адӕмы мӕхӕдӕг хорз зонын? Ӕви сӕм кӕйдӕр ныхӕсты тыххӕй райдыдтон ӕвзӕр цӕстӕй кӕсын?» Кӕд кӕцыдӕр киноты тыххӕй кӕнӕ, интернеты цы фӕкӕсыс, уый тыххӕй кӕмӕдӕр знаджы цӕстӕй тынгдӕр райдайыс кӕсын, уӕд ахӕм цӕмӕдӕрты мауал кӕс.
Хуыцауы Ныхас дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй де сӕфт макӕмӕйуал уынай ӕмӕ уыцы маргджын хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ дӕ зӕрдӕйӕ ӕмӕ дӕ зондӕй ӕд уидаг стонай
Адӕймагӕн алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы бамбарын, йӕ зӕрдӕйы ӕмӕ йӕ зонды цы ис, уый. Фӕлӕ нын Хуыцауы Ныхас баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ зӕрдӕйы «хъуыдытӕ ӕмӕ фӕндтӕ» базонӕм (Дзуттӕгтӕм 4:12). Уӕдӕ дарддӕр дӕр Библи иртас. Дӕхӕдӕг цы хъуыды кӕныс, уый-иу абар, Библийы цы фыст ис, уыимӕ ӕмӕ ӕппӕт тыхтӕй архай дӕ зондахаст ивыныл, цӕмӕй дӕ Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕна. Кӕд искӕмӕй не сӕфт уынӕм, уӕд нын Хуыцауы Ныхас баххуыс кӕндзӕн, уыцы «фидар» басӕттынӕн, ӕмӕ дзы нӕ зӕрдӕйы ӕмӕ нӕ зонды фӕд дӕр нал баззайдзӕн (2 Коринфӕгтӕм 10:4, 5).