ЦЫ ДЫН БАХХУЫС КӔНДЗӔН, ЦӔМӔЙ ДЕ СӔФТ МАКӔМӔЙУАЛ УЫНАЙ?
2 | Дӕ маст макӕмӕй ис
Библийы уагӕвӕрд:
«Ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй макӕмӕн фидут [...] Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. ...Уӕ маст макӕмӕй исут. ...Уымӕн ӕмӕ афтӕ фыст у: „Мастисӕг ӕз дӕн. Цы сын ӕмбӕлы, уый сын ӕз бакӕндзынӕн,– зӕгъы Йегъовӕ“» (РОМӔГТӔМ 12:17–19).
Уый цӕуыл дзурӕг у?
Адӕймагӕн исчи ӕвзӕрӕй исты куы ракӕны, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рамӕсты вӕййы. Фӕлӕ Хуыцауы нӕ фӕнды, цӕмӕй нӕ маст искӕмӕй исӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй алцыдӕр йӕ бар бакӕнӕм. Уый хъуыддӕгтӕ иууылдӕр тагъд сраст кӕндзӕн (Псалом 37:7, 10).
Дӕ бон цы у аразын?
Адӕймаг искӕмӕй йӕ маст куы райсы, уӕд ноджы тынгдӕр сызнаг вӕййынц. Уӕдӕ дӕ исчи куы фӕхъыг кӕна кӕнӕ дын ӕвзӕрӕй исты куы сараза, уӕд-иу ды ӕвзӕрдзинад ӕвзӕрдзинадӕй ма фид. Дӕхиуыл-иу фӕхӕц, дӕ маст-иу бауром ӕмӕ-иу бацархай хъуыддаг сабырӕй банывыл кӕныныл (Ӕмбисӕндтӕ 19:11). Иуӕй-иухатт хуыздӕр вӕййы, цы ӕрцыд, уый ферох кӕнын. Фӕлӕ цы ӕрцыд, уый исты фыдракӕнд куы уа, уӕд дӕ бон у фӕхабар кӕнын пъӕлицӕйӕн кӕнӕ, бартӕ кӕй къухы сты, уыдонӕй искӕмӕн.
Иннӕмӕй йӕ маст чи исы, уый йӕхи сафы
Кӕд, дӕ бон цы у, уый сарӕзтай, цӕмӕй хъуыддаг сабырӕй банывыл кӕнай, фӕлӕ дзы ницы уайы, уӕд та? Уӕд дӕр адӕймагӕй дӕ маст ма ис. Уымӕн ӕмӕ афтӕ куы бакӕнай, уӕд уавӕр фыддӕр цы фӕуа, ӕндӕр ницы. Ды бацархай, цӕмӕй йӕм знаджы цӕстӕй ма кӕсай. Уыцы хабар Йегъовӕйы бар бакӕн. «Дӕ зӕрдӕ йыл дар, ӕмӕ уый йӕхӕдӕг архайдзӕн» (Псалом 37:3–5).