Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Разныхас

Разныхас

Ацы дунейы бирӕтӕ иннӕтӕй се сӕфт уынынц. Уый цӕмӕй вӕййы бӕрӕг? Фӕкӕсынц сӕм ӕнӕрвӕссон цӕстӕй, ницӕуыл сӕ фӕнымайынц, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ сын фӕкӕнынц кӕнӕ ма сӕм суанг сӕ къух дӕр сисынц. Ӕмӕ ма ӕндӕр ӕгъатыр митӕ дӕр фӕкӕнынц. Цымӕ искуы ахӕм хабӕрттӕн кӕрон уыдзӕн? Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй базондзыстӕм, уымӕн гӕнӕн кӕй ис Библийы фӕрцы. Хуыцау зӕрдӕ ӕвӕры, тагъд рӕстӕджы адӕм иууылдӕр кӕрӕдзи кӕй уарздзысты ӕмӕ иннӕтӕй йе сӕфт кӕй ничиуал уындзӕн.