Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ адӕймаг йе сӕфт макӕмӕйуал уына!
Чидӕр дӕ йе сӕфт уына, уый цы маст хӕссы, уый дӕхиуыл искуы бавзӕрстай?
Кӕд нӕ, уӕддӕр, ӕвӕццӕгӕн, феныс, бирӕтӕ кӕмӕйдӕр се сӕфт кӕй уынынц, уый. Ног хабӕртты арӕх фехъусӕн вӕййы, чидӕр ӕфхӕрд кӕй баййӕфта, ӕндӕр адӕмыхаттӕй кӕй у кӕнӕ сауцъар кӕй у, уый тыххӕй йе та йӕ дины тыххӕй. Адӕм иннӕтӕй се сӕфт кӕй уынынц, уый тыххӕй бирӕ фыдракӕндтӕ ӕрцӕуы. Ӕмӕ бирӕ хицауӕдтӕ ахӕм фыдракӕндты фӕдыл закъӕттӕ дӕр рауагътой.
Адӕймагӕй исчи йе сӕфт куы фӕуыны, уӕд уый арӕх уымӕ ӕркӕны, ӕмӕ йӕхӕдӕг дӕр иннӕтӕм знаджы цӕстӕй кӕсын райдайы. Суанг ма йе ’фхӕрджытӕй йӕ маст дӕр райсы, ӕмӕ уавӕр фыддӕрӕй-фыддӕр фӕкӕны.
Чи зоны, искуы уыди афтӕ, ӕмӕ дӕм дӕ адӕмыхатты тыххӕй кӕнӕ ӕндӕр цӕйдӕр тыххӕй чидӕр ӕвзӕр цӕстӕй каст, хынджылӕг дӕ кодта, ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ дын кодта кӕнӕ дӕм ӕртхъирӕн кодта. Фӕлӕ адӕм кӕмӕйдӕр се сӕфт куы фӕуынынц, уӕд ма уый ӕркӕны ноджы фыддӕр хъуыддӕгтӕм дӕр. Арӕх уый ӕркӕны тыхмимӕ, фыдмитӕм, лӕгмӕрдтӕм кӕнӕ ма суанг ӕнӕхъӕн адӕмыхатт ныццӕгъдынмӕ кӕй фӕхъавынц, уымӕ дӕр.
Ацы журналы дзырд цӕудзӕн ахӕм фарстатыл:
Адӕм кӕрӕдзийӕ се сӕфт афтӕ тынг цӕмӕн уынынц?
Цы ис саразӕн, цӕмӕй адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй мауал кӕсой?
Искуы афтӕ уыдзӕн, ӕмӕ йе сӕфт мачи макӕмӕйуал уына?