Ӕгас дунейы дӕр психикӕимӕ баст низтӕ сарӕх сты
«Мӕ къомнӕты ӕнӕуи куы фӕбадын, уӕддӕр мӕм цыдӕр тыхст хъуыдытӕ вӕййы».
«Хорз зӕрдӕйы уагыл куы вӕййын, уӕд мӕт кӕнын райдайын, уымӕн ӕмӕ йӕ фӕзонын, уый фӕстӕ та мӕм хъару кӕй нал уыдзӕн, мӕхимӕ кӕй ныхъхъусдзынӕн».
«Фӕархайын, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр абоны зындзинӕдтыл хъуыды кӕнон, фӕлӕ хатт афтӕ вӕййы, ӕмӕ ӕвиппайды бирӕ цӕуылдӕрты мӕт кӕнын райдайын».
Адон сты, психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕй кӕйдӕрты ныхӕстӕ. Дӕумӕ дӕр вӕййы ахӕм ӕнкъарӕнтӕ? Чи зоны, дӕхӕдӕг кӕнӕ дӕ хиуӕттӕй, йе та де ’мбӕлттӕй исчи ахӕм низимӕ тох кӕны.
Зон ӕй: иунӕг нӕ дӕ. Абон ахӕм зындзинӕдтыл бирӕтӕ кӕнӕ сӕхӕдӕг ӕмбӕлынц, кӕнӕ та сын зынаргъ чи у, уыдонӕй исчи.
Мах цӕрӕм «тынг уӕззау рӕстӕджы», ӕмӕ адӕм бирӕ цӕмӕйдӕрты тыхсынц (2 Тимофеймӕ 3:1). Бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, ӕгас дунейы дӕр алы аст адӕймагӕй иу адӕймагмӕ ис психикӕимӕ баст низ. 2020 азы пандемийӕйы аххосӕй депресси ӕмӕ, тревожное расстройство кӕй хонынц, уыцы низ кӕмӕ ис, уыдоны нымӕцыл бафтыд 78 милуаны бӕрц.
Ахӕм нымӕцтӕ зонын хорз у, фӕлӕ ахсджиагдӕр у, цӕмӕй нӕхи ӕнӕниздзинадыл дӕр ӕмӕ нӕ хиуӕтты ӕнӕниздзинадыл дӕр тыхсӕм.
Адӕймагмӕ психикӕимӕ баст низ куы нӕ уа
Психикӕимӕ баст низ кӕмӕ нӕй, ахӕм адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар фӕцӕуы ӕмӕ йӕ бон вӕййы ӕрвылбоны хъуыддӕгтӕ аразын. Зын уавӕрты ӕгӕр нӕ ратыхсы, йӕ куыст хорз фӕкӕны ӕмӕ цардӕй райгонд вӕййы.
Психикӕимӕ баст низ...
-
лӕмӕгъдзинадыл дзурӕг НӔУ.
-
ахӕм НИЗ У, ӕмӕ фӕзыны, адӕймагӕн йе ’нкъарӕнтыл, йӕ хъуыдытыл ӕмӕ йӕхи куыд фӕдары, ууыл.
-
адӕймаджы фӕхъыгдары ӕнӕуи хъуыддӕгтӕ аразын, стӕй йын зын вӕййы иннӕтимӕ лымӕн кӕнын.
-
гӕнӕн ис, ӕмӕ фӕзына кӕмӕфӕнды дӕр, уӕлдай нӕу адӕймаг цы кары ис, кӕцон у, куыд схъомыл, цавӕр диныл хӕст у, цавӕр ахуырад ӕм ис ӕмӕ йӕм цас ӕхца ӕфты.
Психикӕимӕ баст низтӕ кӕмӕ ис, уыдонӕн цы баххуыс кӕндзӕн?
Гӕнӕн ис, адӕймаг уа ӕнкъард кӕнӕ тынг тыхст, райдайа гыццыл кӕнӕ бирӕ фынӕй кӕнын, ӕгӕр бирӕ йе та ӕгӕр гыццыл хӕрын ӕмӕ йӕхи ӕндӕрхуызон дарын. Ахӕм адӕймаджы, гӕнӕн ис, бахъӕуа дохтыры ӕххуыс, цӕмӕй бамбара, уыцы ивындзинӕдтӕ цӕмӕн ӕрцыдысты ӕмӕ йӕ уавӕры цы ис саразӕн.
Йесо Чырысти уыд, зӕххыл чи цард, уыдонӕй ӕппӕты зондджындӕр адӕймаг. Уый загъта: «Дохтыр рынчынты хъӕуы, ӕнӕниз чи у, уыдоны нӕ, фӕлӕ» (Матфейы 9:12). Адӕймагӕн дохтыр куы феххуыс кӕны ӕмӕ хостӕ куы фӕнуазы, уӕд ӕй йӕ низ афтӕ нал фӕтыхсын кӕны, цы фӕаразы, уый йӕ бон вӕййы хорз аразын ӕмӕ вӕййы цардӕй райгонд. Адӕймагӕн йӕ уавӕр куы фӕфыддӕр уа кӕнӕ йын дзӕвгар рӕстӕг куы не ’нцондӕр кӕна, уӕд зондыл дзурӕг уыдзӕн ӕнӕ ракӕ-бакӕйӕ дохтырмӕ куы ацӕуа a.
Библи медицинон чиныг нӕу, фӕлӕ дзы цы уынаффӕтӕ ис, уыдоны фӕрцы адӕймагӕн, гӕнӕн ис, йе ’нӕниздзинад фӕхуыздӕр уа. Уый тыххӕй дӕ бон фылдӕр базонын у иннӕ статьятӕй.
a Журнал «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» цавӕрдӕр бӕлвырд хос кӕныны мадзал равзарынмӕ нӕ разӕнгард кӕны. Алчидӕр хъуамӕ йӕ уавӕртӕм гӕсгӕ рахӕсса уынаффӕ.