Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Алкӕмӕ дӕр чи фӕзыны, уыцы фарста
Искуыдӕм балцы куы цӕуай, фӕлӕ фӕндаг куы нӕ зонай, уӕд куыд бакӕндзынӕ?
1. Ацӕудзынӕ, дӕхимӕ растдӕр чи кӕсы, уыцы фӕндагыл.
2. Иннӕты фӕдыл ацӕудзынӕ, зӕгъгӕ, уыдон фӕндаг зондзысты.
3. Спайда кӕндзынӕ картӕйӕ кӕнӕ навигаторӕй йе та, де ’мбӕлттӕй фӕндаг хорз чи зоны, уый бафӕрсдзынӕ.
Фыццаг кӕнӕ дыккаг вариант куы равзарай, уӕд, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, искуыдӕм бахӕццӕ уыдзынӕ. Фӕлӕ зын зӕгъӕн у, ӕмӕ, кӕдӕм цыдтӕ, уыцы бынат разындзӕн. Ӕртыккаг куы равзарай, уӕд та йӕ фидарӕй зондзынӕ, бынатмӕ кӕй фӕхӕццӕ уыдзынӕ.
Нӕ цард абарӕн ис балцимӕ. Ӕмӕ нӕ алкӕй дӕр фӕнды цӕуын, амондджын фидӕнмӕ йӕ чи ’ркӕндзӕн, ахӕм фӕндагыл. Уыцы фӕндаг ссардзыстӕм ӕви нӕ, уый кӕнгӕ у, уынаффӕтӕ куыд фӕхӕссӕм, уымӕй.
Цы уынаффӕтӕ фӕхӕссӕм, уыдонӕн сӕ фылдӕр афтӕ ахсджиаг нӕ вӕййынц. Фӕлӕ дзы кӕцыдӕртӕ та вӕййынц ахсджиаг, ӕмӕ фӕзынынц нӕхи цардыл дӕр ӕмӕ нын зынаргъ чи у, уыдоны цардыл дӕр. Ӕмӕ уыцы уынаффӕтӕй бӕрӕг вӕййы, хорзыл ӕмӕ ӕвзӕрыл цы нымайӕм, уый. Уыцы уынаффӕтӕ баст вӕййынц ахӕм хъуыддӕгтимӕ:
ӕмуат ӕрцӕуын ӕмӕ бинонты цард;
ӕнӕзӕрдӕхудтӕй цӕрын, куыст ӕмӕ ӕхца;
сывӕллӕттӕ хъомыл кӕнын;
иннӕтӕн куыд стӕм, уый.
Куыд ис бамбарӕн, ацы хъуыддӕгты фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдон нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нӕ бинонтыл дӕр хуыздӕрырдӕм кӕй фӕзындзысты?
Алкӕй дӕр нӕ хъӕуы ахъуыды кӕнын: «Цы мын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хӕрзӕгъдаудзинадимӕ баст хъуыддӕгты фӕдыл раст уынаффӕтӕ хӕссон?»
Ацы журнал ӕмбарын кӕны, Библийы хӕрзӕгъдаудзинады фӕдыл цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ис, уыдоныл цӕмӕн ис ӕууӕндӕн ӕмӕ дын куыд баххуыс кӕндзысты.