Ӕууӕндӕн кӕуыл ис, ахӕм разамынд кӕм ис ссарӕн?
Дуне бонӕй-бонмӕ ивы, ӕмӕ адӕм абон хорзыл цы нымайынц, уый райсом, гӕнӕн ис, ӕвзӕр схоной. Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй ахӕм уынаффӕтӕ хӕссай, ӕмӕ уый фӕстӕ фӕсмойнаг ма фӕуай?
Уыцы хъуыддаджы дын баххуыс кӕндзӕн Библи. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Библи у не Сфӕлдисӕджы лӕвар. Ӕмӕ йӕ уый зоны, цы нӕ хъӕуы, цӕмӕй уӕм ӕцӕг амондджын ӕмӕ нӕ зӕрдӕты уа фарн.
«Загъта дын, хорз цы у, уый» (Михей 6:8).
Библийы цы зондджын уынаффӕтӕ ис, уыдоныл «се ’ппӕтыл дӕр ис ӕууӕндӕн, уыдон фидаргонд сты ӕнустӕм, мыггагмӕ» (Псалом 111:7, 8).
Хорз нӕ уаид, ды дӕр куы базонис, Библи дын куыд баххуыс кӕндзӕн, уый тыххӕй?