Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мӕлӕт сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн?

Мӕлӕт сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн?

КӔД нӕ рагфыдӕлты, Адам ӕмӕ Евӕйы, ӕгоммӕгӕсдзинады аххосӕй адӕм иууылдӕр тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕты уацары бахаудысты, уӕддӕр Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый нӕ аивта. Йӕ Ныхас Библийы Хуыцау иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ зӕгъы, йӕ фӕнд кӕй нӕ фӕивта.

  • «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29).

  • «Уый фесафдзӕн мӕлӕт ӕнустӕм, Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ се ’ппӕтӕн дӕр сӕ цӕссыгтӕ сӕ рустӕй ныссӕрфдзӕн» (Исай 25:8).

  • «Сӕфт ӕрцӕудзӕн фӕстаг знаг дӕр – мӕлӕт» (1 Коринфӕгтӕм 15:26).

  • «Нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст» (Раргомад 21:4).

Хуыцау мӕлӕт куыд фесафдзӕн? Куыд федтам, афтӕмӕй Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, «рӕстгӕнджытӕ... цӕрдзысты ӕнустӕм». Фӕлӕ ма дзы афтӕ дӕр ис фыст, зӕгъгӕ, «зӕххыл нӕй иу ахӕм раст адӕймаг дӕр, ӕрмӕст хорздзинад чи аразы» (Екклесиаст 7:20). Цымӕ уый афтӕ ӕмбарын хъӕуы, ӕмӕ цӕмӕй мӕлӕт сӕфт ӕрцӕуа, уый тыххӕй Хуыцау адӕмӕй йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнын нал домдзӕн? Уымӕн гӕнӕн нӕй! Хуыцау афтӕ никуы бакӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ «йӕ бон сайын... нӕу» (Титмӕ 1:2). Уӕдӕ уӕд цы сараздзӕн, цӕмӕй сӕххӕст кӕна, адӕмы тыххӕй йӕм райдианы цы фӕнд уыди, уый?

ХУЫЦАУ «ФЕСАФДЗӔН МӔЛӔТ ӔНУСТӔМ» (ИСАЙ 25:8)

МӔЛӔТ СӔФТ ӔРЦӔУДЗӔН, АХӔСТЫ АРГЪ ФЫСТ КӔЙ ӔРЦЫД, УЫЙ ФӔРЦЫ

Нӕ уарзӕгой Хуыцау Йегъовӕ адӕмы мӕлӕтӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй бафыста ахӕсты аргъ. Дзырдбаст «ахӕсты аргъ» фехъусгӕйӕ адӕймаг арӕхдӕр ахъуыды кӕны, искӕй уацарӕй ссӕрибар кӕныны тыххӕй цы аргъ бафидынц, ууыл. Ацы дзырдбаст Библийы кӕм ӕмбӕлы, уым йӕ сӕйраг хъуыды у, цӕй тыххӕй кӕнӕ кӕй тыххӕй лӕвӕрд цӕуы, уый аргъимӕ ӕмиас кӕй у. Уыцы аргъ адӕймаджы бафидын фӕхъӕуы, искӕмӕн исты зиан куы ракӕны кӕнӕ рӕстдзинад афтӕ бакӕнын куы фӕдомы, уӕд. Адӕм се ’ппӕт дӕр тӕригъӕдджынтӕ кӕй сты ӕмӕ сын мӕлӕты тӕрхон хаст кӕй ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ Библи комкоммӕ зӕгъы: «Уыдонӕй иуӕн дӕр йӕ бон нӕу йе ’фсымӕры балхӕнын ӕмӕ йе ’фсымӕры тыххӕй Хуыцауӕн бафидын (адӕймаджы уд балхӕныны аргъ афтӕ стыр у, ӕмӕ йӕ ӕнусты дӕргъы ничима бафыста)» (Псалом 49:7, 8).

Ӕнӕххӕст адӕймаг куы амӕлы, уӕд ӕрмӕстдӕр йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй вӕййы йӕ бон бафидын; ӕнӕххӕстдзинадӕй йӕ бон йӕхи фервӕзын кӕнын нӕу. Стӕй йӕ бон нӕу, цӕмӕй ма искӕй тӕригъӕдты тыххӕй дӕр бафида ӕмӕ сӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кӕна (Ромӕгтӕм 6:7). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕтӕригъӕд адӕймаг йӕ цард нывондӕн радтаид йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй нӕ, фӕлӕ мах тӕригъӕдты тыххӕй (Дзуттӕгтӕм 10:1–4).

Ӕмӕ Хуыцау дӕр йӕ Фырт Йесойы уӕлӕрвтӕй уый тыххӕй рарвыста, цӕмӕй зӕххыл ӕххӕст, ӕнӕтӕригъӕд адӕймагӕй райгуырдаид (1 Петры 2:22). Йесо загъта, кӕй ӕрцыд, цӕмӕй «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Марчы 10:45). Уый амард нӕ тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ нӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодта (Иоанны 3:16).

МӔЛӔТ СӔФТ КӔД ӔРЦӔУДЗӔН?

Абон ӕххӕст кӕны Библийы пехуымпарад. Нӕхи цӕстӕй уынӕм, «тынг уӕззау рӕстӕг» кӕй скодта, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ацы фыддунейӕн йӕ «фӕстаг бонты» кӕй цӕрӕм (2 Тимофеймӕ 3:1). Фӕстаг бонтӕ фӕуыдзысты, «ӕнӕхуыцау адӕмыл тӕрхон кӕд сӕххӕст уыдзӕн ӕмӕ кӕд фесӕфдзысты», уӕд (2 Петры 3:3, 7). Фӕлӕ, Хуыцауы чи уарзы, уыцы адӕм фервӕздзысты ӕмӕ «ӕнустӕм цӕрдзысты» (Матфейы 25:46).

Йесо ӕрцыд, цӕмӕй «йӕ уд ратта бирӕты балхӕныны тыххӕй» (Марчы 10:45)

Милуантӕн та ӕнустӕм цӕрыны фадат фӕзындзӕн, куы райгас уой, уӕд. Адӕймаджы фӕстӕмӕ цардмӕ раздахӕн кӕй ис, уый Йесо равдыста, горӕт Наинмӕ куы ’рбацыд, уӕд. Иу идӕдз усӕн йӕ иунӕг фырт амард. Йесойӕн идӕдз усы «тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст», ӕмӕ йын йӕ фырты райгас кодта (Лукайы 7:11–15). Апостол Павел дӕр загъта: «Ӕз мӕ ныфс дарын Хуыцауыл... кӕй райгас уыдзысты рӕстгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ фыдгӕнджытӕ дӕр». Ахӕм фидар ныфс нын кӕй ис, уый дзурӕг у, Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, ууыл (Хъуыддӕгтӕ 24:15).

Миллиардтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕнусон цард. Библийы фыст ис: «Рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Уыцы рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уыдон уыдзысты тынг амондджын ӕмӕ сӕ бон уыдзӕн зӕгъын, иу-2 000 азы размӕ апостол Павел куыд загъта, афтӕ: «Мӕлӕт, кӕм ис дӕ уӕлахиз? Мӕлӕт, кӕм ис дӕ маргджын фат?» (1 Коринфӕгтӕм 15:55). Адӕмы знаг, мӕлӕт, сӕфт ӕрцӕудзӕн!