Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Мах конд стӕм ӕнустӕм цӕрынӕн

Мах конд стӕм ӕнустӕм цӕрынӕн

БИРӔ азтӕ амондджынӕй цӕрын кӕй нӕ фӕнды? Ӕрмӕст-ма ахъуыды кӕн, куыд хорз уаид ӕнустӕм ӕнӕнизӕй ӕмӕ амондджынӕй цӕрын! Цас рӕстӕг нын уаид, бирӕ кӕй уарзӕм, уыдонӕн, стӕй дунейы алы рӕттӕм балцыты цӕуынӕн ӕмӕ ног цӕуылдӕрты ахуыр кӕнынӕн!

Адӕмы ӕнустӕм цӕрын цӕмӕн фӕнды? Библи зӕгъы, уыцы фӕндон нын нӕ зӕрдӕйы Хуыцау кӕй сӕвӕрдта (Екклесиаст 3:11). Библийы ма фыст ис: «Хуыцау у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Хуыцау нӕ тынг уарзы ӕмӕ, нӕ бон ӕнустӕм цӕрын куы нӕ уаид, уӕд нын ӕнустӕм цӕрыны фӕндон нӕ радтаид.

Мӕлын никӕй фӕнды, ӕмӕ Библи дӕр мӕлӕт «знаг» дзӕгъӕлы нӕ хоны (1 Коринфӕгтӕм 15:26). Уыцы знаг иутӕм раздӕр ӕрбацӕуы, иннӕтӕм – фӕстӕдӕр. Фӕлӕ, мӕлӕт йӕ фӕрсты кӕмӕн ацӕуа, иу ахӕм адӕймаг дӕр нӕй. Бирӕтӕ мӕлӕтыл хъуыды кӕнын дӕр тӕрсгӕ кӕнынц. Цымӕ искуы ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн? Уымӕн ӕцӕгдӕр гӕнӕн ис?

НӔ БОН ӔНУСТӔМ ЦӔРЫН КӔЙ У, УЫЙ ЦӔМӔЙ БӔРӔГ У

Куы базонис, Хуыцауы кӕй никуы фӕндыд, цӕмӕй адӕм мӕлой, уӕд дӕм уый диссаг нӕ фӕкӕсид? Библийы, Райдианы чиныджы, ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, Хуыцау адӕмы зӕххыл ӕнустӕм царынӕн кӕй сфӕлдыста. Йегъовӕ Хуыцау зӕхх афтӕ скодта, цӕмӕй йыл амондджынӕй цӕрынӕн алцыдӕр уыдаид. Уый фӕстӕ сфӕлдыста фыццаг адӕймаджы, Адамы, ӕмӕ йӕ ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты, Едемы цӕхӕрадоны. Уый фӕстӕ «Хуыцау йӕ цӕст ахаста, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, ууыл, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уыд тынг хорз» (Райдиан 1:26, 31).

Адам уыд ӕххӕст адӕймаг, Хуыцау ӕй скодта йӕхимӕ гӕсгӕ (Дыккаг закъон 32:4). Адамы ус Евӕмӕ дӕр ӕппындӕр ницы хъӕндзинад уыд – зондӕй дӕр ӕмӕ буарӕй дӕр уыд ӕххӕст. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр» (Райдиан 1:28).

Цӕмӕй зӕхх Адам ӕмӕ Евӕйы байзӕдтӕгтӕй байдзаг уыдаид, уый тыххӕй хъуыди рӕстӕг. Евӕйӕн хъуамӕ райгуырдаид сывӕллӕттӕ, стӕй уыдонӕн дӕр хъуамӕ цот рацыдаид, ӕмӕ ӕппынфӕстаг зӕхх адӕмӕй байдзаг уыдаид, Хуыцауы куыд фӕндыд, афтӕ (Исай 45:18). Цымӕ Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн загътаид, зӕхх байдзаг кӕнут, зӕгъгӕ, кӕд сын цӕрӕнбонтӕ ӕрмӕст уыйбӕрц радта, цӕмӕй федтаиккой сӕ цоты ӕмӕ, чи зоны, сӕ цоты цоты, Хуыцауы фӕндон куыд сӕххӕст уыдаид, уый та ма федтаиккой?

Ноджыдӕр-ма ахъуыды кӕнӕм, афтӕ сын кӕй загъта, уӕ бар цӕуӕд цӕрӕгойтыл, зӕгъгӕ. Адамӕн бахӕс кодта цӕрӕгойтыл нӕмттӕ сӕвӕрын, ӕмӕ уымӕн дӕр рӕстӕг хъуыди (Райдиан 2:19). Фӕлӕ сыл цӕмӕй йӕ бар цыдаид, уый тыххӕй сӕ хъуамӕ алкӕй тыххӕй дӕр алцыдӕр базыдтаид ӕмӕ бамбӕрстаид, куыд зилын сӕм хъӕуы, уый. Ӕмӕ уымӕн та бирӕ фылдӕр рӕстӕг хъуыди.

Уӕдӕ Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕн афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, дам, зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ, дам, цӕрӕгойтыл уӕ бар цӕуӕд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ хъуамӕ бирӕ цардаиккой. Ӕмӕ Адам, ӕцӕгдӕр, тынг бирӕ фӕцард.

ХУЫЦАУЫ ФӔНД У, ЦӔМӔЙ АДӔМ ӔНУСТӔМ ЗӔХХЫЛ ДЗӔНӔТЫ ЦӔРОЙ

СӔ ЦАРД ЦЫБЫР НӔ УЫД

Адам, 930 азы

Мафусал, 969 азы

Ной, 950 азы

Абон 70–80 азы

Библийӕ бӕрӕг у, адӕм кӕддӕр, абон цас цӕрынц, уымӕй бирӕ фылдӕр кӕй цардысты. Уым фыст ис: «Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы». Уымӕй уӕлдай ма Библийы ис, 900 азӕй фылдӕр чи фӕцард, ӕхсӕз ахӕм адӕймаджы кой. Уыдон уыдысты Сиф, Енос, Каинан, Иаред, Мафусал ӕмӕ Ной. Уыдон иууылдӕр цардысты, Нойы заман Доны хъаймӕт куы уыд, уый размӕ. Доны хъаймӕты размӕ Ной фӕцард 600 азы (Райдиан 5:5–27; 7:6; 9:29). Адӕймаг уыйбӕрц цардаид, уымӕн гӕнӕн куыд уыд?

Уыцы адӕм райгуырдысты, Адам ӕмӕ Евӕ ӕххӕст цардӕй ӕнӕхай куы фесты, уымӕй бирӕ рӕстӕг куы нӕма рацыд, уӕд. Ӕмӕ уыйбӕрц, ӕвӕццӕгӕн, уый тыххӕй фӕцардысты. Фӕлӕ ӕххӕстдзинад ӕмӕ бирӕ цӕрӕнбон кӕрӕдзиимӕ куыд баст сты? Мӕлӕт куыд фесӕфдзӕн? Цӕмӕй ацы фарстатӕн дзуапп базонӕм, уый тыххӕй нӕ фыццаг хъӕуы базонын, цӕмӕн зӕронд кӕнӕм ӕмӕ цӕмӕн мӕлӕм, уый.