Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон нӕ уаид иннӕтӕн ӕххуыс кӕнын, цыфӕнды кары ӕмӕ адӕмыхаттӕй ма уой ӕмӕ цыфӕнды диныл хӕст ма уой, уӕддӕр?

Иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уый арфӕгонд ӕрцӕудзӕн

Иннӕтӕн чи ӕххуыс кӕны, уый арфӕгонд ӕрцӕудзӕн

Абон ӕгас дунейы дӕр бирӕтӕ ӕййафынц хӕринагхъуаг ӕмӕ, кӕм цӕрой, уый сын нӕй. Чидӕртӕ та сты ныфссаст, ӕмӕ сӕ фӕнды, цӕмӕй сӕ хорз фидӕнӕй ныфс уа. Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй ахӕм адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм. Ӕмӕ афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ йӕ арфӕдзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн.

СЫГЪДӔГ ФЫСТАД ЦЫ ДЗУРЫ

«Мӕгуырӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы адӕймаг ӕфстау дӕтты Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын уый бафиддзӕн йӕ хорздзинад» (ӔМБИСӔНДТӔ 19:17).

НӔ БОН КУЫД У ИННӔТӔН ӔХХУЫС КӔНЫН?

Иухатт Чырысти радзырдта фӕсномыг ныхас, абырджытӕ кӕй фӕнадтой ӕмӕ ӕрдӕгмардӕй кӕй ныууагътой, иу ахӕм нӕлгоймаджы тыххӕй (Лукайы 10:29–37). Йӕ рӕзты фӕцӕйцыд иу лӕг ӕмӕ йын баххуыс кодта, кӕд ӕндӕр адӕмыхаттӕй уыд, уӕддӕр.

Уыцы хӕларзӕрдӕ лӕг ӕфхӕрд нӕлгоймагмӕ базылд ӕмӕ йын йӕ хӕрдзтӕ йӕхимӕ райста. Афтӕмӕй йын йӕ уаргъ фӕрогдӕр кодта.

Ацы фӕсномыг ныхасӕй зондӕн цы ис райсӕн? Уый фӕрцы нын Чырысти бамбарын кодта, иннӕтӕн кӕй хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, нӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй (Ӕмбисӕндтӕ 14:31). Сыгъдӕг Фыстад нын ӕргом кӕны, тагъд Хуыцау мӕгуырдзинадӕн ӕмӕ зындзинӕдтӕн кӕрон кӕй скӕндзӕн. Чи зоны дӕ фӕнды базонын, Хуыцау уый куыд ӕмӕ кӕд сараздзӕн. Иннӕ статьяйӕ базондзынӕ, нӕ уарзӕгой Сфӕлдисӕг дын цы арфӕдзинӕдтӕ ӕрцӕттӕ кодта, уыдоны тыххӕй.