Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

«Зӕхх ратдзӕн тыллӕг, Хуыцау, нӕ Хуыцау нын раарфӕ кӕндзӕн» (ПСАЛОМ 67:6)

Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у

Не Сфӕлдисӕджы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын у

Хуыцау йӕ пехуымпар Авраамӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕй иуы фӕрцы арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты «зӕххыл ӕппӕт адӕмтӕ дӕр» (Райдиан 22:18). Чи хъуамӕ уыдаид уыцы байзӕддаг?

Иу-2 000 азы размӕ Хуыцау Йесо Чырыстийӕн, Авраамы байзӕддагӕн, радта стыр диссӕгтӕ аразыны хъару. Уыцы диссӕгтӕ ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ, Хуыцау Авраамӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый Чырыстийы фӕрцы хъуамӕ сӕххӕст уа (Галатӕгтӕм 3:14).

Чырысти цы диссӕгтӕ арӕзта, уыдоны фӕрцы адӕмӕн сӕ бон уыд бамбарын, Хуыцау уый кӕй равзӕрста, цӕмӕй йӕ фӕрцы адӕм арфӕгонд ӕрцӕуой. Уыцы диссӕгтӕй ма бӕрӕг уыд, Хуыцау Чырыстийы фӕрцы адӕмы цы хорздзинӕдтӕй схайджын кӕндзӕн, уый. Ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын уыдзысты ӕнустӕм. Чырысти цы хъуыддӕгтӕ арӕзта, уыдонӕй йӕ рӕсугъд миниуджытӕ куыд зынынц?

Хӕларзӕрдӕдзинад. Рынчынты дзӕбӕх кодта.

Иухатт иу хъотырджын лӕг Чырыстийӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй йӕ сдзӕбӕх кодтаид. Чырысти йыл андзӕвыд ӕмӕ йын загъта: «Фӕнды мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ хъотырджын лӕг уайтагъд сдзӕбӕх (Марчы 1:40–42).

Рӕдаудзинад. Ӕххормаг адӕмы-иу бафсӕста.

Чырыстийы нӕ фӕндыд, цӕмӕй адӕм ӕххормаг ӕййӕфтаиккой. Ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты мингай адӕмы диссаджы хуызы бафсӕста цалдӕр дзул ӕмӕ цалдӕр гыццыл кӕсаджы фӕрцы (Матфейы 14:17–21; 15:32–38). Адӕм иууылдӕр куы бахордтой ӕмӕ куы бафсӕстысты, уӕд ма хӕринагӕй зайгӕ дӕр бакодта.

Тӕригъӕдгӕнаг. Мӕрдты ӕгас кодта.

Иу идӕдз усӕн йӕ иунӕг фырт амард, ӕмӕ йӕм фӕкӕсӕг нал уыд. Чырыстийӕн «йӕ тӕригъӕдӕй йӕ зӕрдӕ фӕрыст», ӕмӕ йын йӕ фырты райгас кодта (Лукайы 7:12–15).