Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хицау йӕ секретарӕн писмо куыд ныффыссын кӕны, афтӕ Хуыцау иузӕрдион нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕндӕрты Сыгъдӕг Фыстад ныффыссын кодта

Не Сфӕлдисӕг йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд раргом кодта?

Не Сфӕлдисӕг йӕ зӕрдӕвӕрдтӕ куыд раргом кодта?

Хуыцау адӕмы куы сфӕлдыста, уӕдӕй фӕстӕмӕ-иу семӕ ныхас кодта зӕдты ӕмӕ пехуымпарты уылты. Уымӕй уӕлдай, адӕмӕн цы зӕгъинаг уыд ӕмӕ сын зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый-иу ӕрмӕст зӕгъгӕ нӕ кодта, фӕлӕ-иу ӕй фыссын дӕр ныккодта. Хуыцау нын зӕрдӕ ӕвӕры, фидӕны амондджын цард кӕй кӕндзыстӕм. Дӕ бон кӕцӕй у Хуыцауы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй базонын?

Хуыцау махӕн цы зӕгъинаг у, уый фыст ӕрцыд Сыгъдӕг Фыстады (2 Тимофеймӕ 3:16). Хуыцау йӕ Ныхас йӕ пехуымпартӕн куыд ныффыссын кодта? (2 Петры 1:21). Йӕ хъуыдытӕ-иу сын сӕ зонды бавӕрдта, ӕмӕ-иу сӕ стӕй уыдон ныффыстой. Уый абарӕн ис, хицау йӕ секретарӕн писмо куыд ныффыссын кӕны, уыимӕ. Кӕд писмо секретарь ныффыссы, уӕддӕр ӕй ӕмбарӕм, йӕ автор хицау кӕй вӕййы. Раст афтӕ, кӕд Хуыцауы хъуыдытӕ адӕм фыстой, уӕддӕр Сыгъдӕг Фыстады Автор у Хуыцау.

ХУЫЦАУЫ НЫХАС КӔСЫНЫ ФАДАТ ИС АЛКӔМӔН ДӔР

Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй йын йӕ Ныхас адӕм иууылдӕр кӕсой ӕмӕ йӕ ӕмбарой, уымӕн ӕмӕ у тынг ахсджиаг. Абон Хуыцау «ӕнусон хорз хабар» хъусын кӕны «алы адӕмӕн, алы мыггагӕн, алы ӕвзагӕн» (Раргомад 14:6). Сыгъдӕг Фыстад ныр ӕнӕхъӕнӕй кӕнӕ йӕ иу хай ис 3 000 ӕвзагӕй фылдӕрыл. Зӕххыл уал ӕвзагыл ӕндӕр никӕцы чиныг ис.