Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд уыдзыстӕм ӕцӕг амондджын

Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдон арфӕгонд ӕрцӕуынц

Хуыцаумӕ чи хъусы, уыдон арфӕгонд ӕрцӕуынц

Пехуымпар Моисей загъта, Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм куы хъусӕм, уӕд арфӕгонд кӕй ӕрцӕудзыстӕм (Дыккаг закъон 10:13; 11:27). Мах Хуыцаумӕ уый тыххӕй нӕ хъусӕм, ӕмӕ нӕ куы бафхӕра, уымӕй тӕрсӕм. Уый фӕнды, цӕмӕй йын йӕ рӕсугъд миниуджыты тыххӕй базонӕм ӕмӕ йӕ бауарзӕм, ӕмӕ йӕ коммӕ дӕр уый тыххӕй кӕсӕм. Йӕ зӕрдӕ йын цӕмӕй фӕриссын кӕндзыстӕм, уыдӕттӕй та хъуамӕ нӕхи хизӕм. Сыгъдӕг Фыстады загъд ис: «Хуыцауы кӕй уарзӕм, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кӕнӕм» (1 Иоанны 5:3).

Фӕлӕ Хуыцау куыд арфӕ кӕны, чи йӕм хъусы, уыдонӕн? Ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.

1. ХУЫЦАУМӔ КУЫ ХЪУСӔМ, УӔД ЗОНДӔЙ АРХАЙДЗЫСТӔМ

«Ӕз, Йегъовӕ, дӕн дӕ Хуыцау, пайда дын цы у, ууыл дӕ чи ахуыр кӕны, цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл дӕ чи кӕны» (ИСАЙ 48:17).

Не Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцау, мах хорз зоны ӕмӕ нын амоны, куыд нӕ цӕрын хъӕуы, уый. Кӕд нӕ фӕнды, раст цы у, уый аразын, уӕд хъуамӕ базонӕм, Хуыцау йӕ Ныхасы махӕн цы закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ныффыссын кодта, уыдон ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕнӕм.

2. ХУЫЦАУМӔ КУЫ ХЪУСӔМ, УӔД АМОНДДЖЫН УЫДЗЫСТӔМ

«Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (ЛУКАЙЫ 11:28).

Абон милуангай адӕм цӕрынц, Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, ӕмӕ уый фӕрцы сты тынг амондджын. Зӕгъӕм, Испанийӕ иу нӕлгоймаг уыд тынг мӕстыгӕр ӕмӕ иннӕты ӕфхӕрдта, суанг йӕ бинойнаджы дӕр. Фӕлӕ иу бон пехуымпар Моисейы чиныджы бакаст иу ӕрыгон сӕрныллӕг лӕппуйы тыххӕй. Уый уыди Иаковы фырт Иосиф. Иосифы цагъарӕй ауӕй кодтой ӕмӕ йӕ ӕнаххосӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Фӕлӕ уый йӕ зӕрдӕйы маст хӕссын нӕ райдыдта ӕмӕ йе ’фхӕрджытӕн ныххатыр кодта (Райдиан, 37–45 сӕртӕ). Уыцы испайнаг нӕлгоймаг загъта: «Иосифы хабарыл хъуыды кодтон, ӕмӕ мӕ бафӕндыд мӕхи фӕивын. Архайдтон, цӕмӕй суыдаин фӕлмӕнзӕрдӕ ӕмӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ мӕхиуыл хӕцын сахуыр уыдаин. Ӕмӕ ныр тынг амондджын дӕн».

Сыгъдӕг Фыстады ма ноджыдӕр бирӕ уынаффӕтӕ ис, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл. Уыцы уынаффӕтыл бӕстондӕр дзырд цӕуы иннӕ статьяйы.