Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уай

Дӕ бон у, ӕмӕ Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уай
  • Нӕ дӕ фӕндид, дунейы хӕстытӕ ӕмӕ тыхми куы нал уаид ӕмӕ адӕм кӕрӕдзимӕ знаджы цӕстӕй куы нал кӕсиккой?

  • Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй низтӕ, зындзинӕдтӕ ӕмӕ мӕлӕт мауал уой?

  • Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй ӕдыхст ӕмӕ ӕнӕмӕт уай?

  • Нӕ дӕ фӕндид ахӕм ран цӕрын, ӕрдзон бӕллӕхтӕй тӕссаг кӕм нӕ уа?

Нӕ уарзӕгой Хуыцау, нӕ диссаджы зӕхх чи сфӕлдыста, уый, зӕрдӕ ӕвӕры, адӕм ӕнустӕм фӕрнӕй ӕмӕ амондджынӕй кӕй цӕрдзысты. Ӕмӕ ахӕм цард фын нӕу.

Ацы журналы цы статьятӕ ис, уыдонӕй дӕ бон у базонын:

  • Хуыцау адӕммӕ цы зӕрдӕ дары?

  • Хуыцау йӕ Ныхасы махӕн цы ныффыссын кодта?

  • Хуыцау зӕрдӕ цы арфӕдзинӕдтӕй бавӕрдта, уыдоны тыххӕй йӕ пехуымпартӕ цы дзырдтой?

  • Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй абон дӕр амондджын уӕм ӕмӕ фидӕны та Хуыцауы арфӕдзинӕдтӕй ӕнустӕм хайджын уӕм?

Фыццаг уал базонӕм, не Сфӕлдисӕг Хуыцау нӕ кӕй уарзы, уый цавӕр хъуыддӕгтӕй у бӕрӕг.