Цавӕр фидӕн равзардзынӕ?
Иу-3 500 азы размӕ Йегъовӕ Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта, цы сӕ хъӕуы саразын, цӕмӕй рухс фидӕн феной: «Уӕ разы ис цард ӕмӕ мӕлӕт, арфӕдзинад ӕмӕ ӕлгъыст. Равзарут цард, цӕмӕй цӕрат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр» (Дыккаг закъон 30:19).
Цӕмӕй рухс фидӕн федтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди, раст цы у, уый равзарын. Ды та цы равзардзынӕ? Библи нын амоны, цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй рухс фидӕн фенӕм: «Уарзут уӕ Хуыцау Йегъовӕйы, хъусут ӕм» (Дыккаг закъон 30:20).
ЦӔМӔЙ УЫДЗӔН БӔРӔГ, ЙЕГЪОВӔЙЫ КӔЙ УАРЗӔМ ӔМӔ ЙӔМ КӔЙ ХЪУСӔМ?
БИБЛИ АХУЫР КӔН. Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, уый тыххӕй Библийӕ куы базонай, уӕд ӕй бауарздзынӕ. Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд базондзынӕ, Йегъовӕ уарзӕгой Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ дӕ хорз кӕй фӕнды. Йегъовӕ дыл тыхсы ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм кувай (1 Петры 5:7). Библи зӕрдӕ ӕвӕры, Хуыцаумӕ ӕввахс кӕныныл куы архайай, уӕд дӕм уый дӕр кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн (Иаковы 4:8).
ЦЫ БАЗОНЫС, УЫМӔ ГӔСГӔ АРХАЙ. Хуыцаумӕ хъусын нысан кӕны Библийы зондджын уынаффӕтӕм гӕсгӕ архайын. Афтӕ куы кӕнай, «уӕд уыдзынӕ ӕнтыстджын ӕмӕ зондджынӕй архайдзынӕ» (Йесо Навин 1:8).