Сӕйраг ӕрмӕгмӕ рахиз

Сӕргӕндтӕм рахиз

БИБЛИ ИВЫ АДӔЙМАДЖЫ ЦАРД

Курын дӕ, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу аз сабырӕй ӕмӕ амондджынӕй ацӕрон

Курын дӕ, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу аз сабырӕй ӕмӕ амондджынӕй ацӕрон
  • РАЙГУЫРД: 1971 АЗ

  • БӔСТӔ: ФРАНЦИ

  • РАЗДӔР: УЫД ФЫДГӔНӔГ, ӔНӔГЪДАУ ЦАРД КОДТА ӔМӔ КОДТА НАРКОТИКТӔ

МӔ РАЗДӔРЫ ЦАРД.

Мах цардыстӕм Телланкуры, иу хъӕуы Францийы цӕгат-скӕсӕн хайы. Мӕ фыд уыд французаг, мӕ мад та у италиаг. Аст азы мыл куы цыди, уӕд алыгъдыстӕм Италимӕ ӕмӕ ӕрцардыстӕм Ромы кӕрон, мӕгуыртӕ кӕм цӕрынц, ахӕм районы. Фӕлӕ мӕ ныййарджытӕ нӕ фидыдтой. Ӕхца нын кӕй нӕ фаг кодта, уый тыххӕй ӕдзух сӕ кӕрӕдзи хордтой.

15 азы мыл куы цыд, уӕд мын мӕ мад загъта, дӕхицӕн ӕмбӕлттӕ уӕддӕр скӕн, зӕгъгӕ. Гъемӕ ӕз дӕр фылдӕр рӕстӕг уынджы ӕрвитын райдыдтон, ӕмӕ цас дарддӕр, уыйас – фылдӕр. Уайтагъд ӕвзӕр ӕмбӕлттимӕ сбӕндӕн дӕн. Иу бон мӕм иу хӕларзӕрдӕхуыз нӕлгоймаг бацыд, уыдис ӕм наркотиктӕ. Мӕн нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕм иннӕтӕ сывӕллоны цӕстӕй кастаиккой, ӕмӕ дзы ӕз дӕр райстон. Цыбыр рӕстӕгмӕ наркотиктыл фӕцахуыр дӕн ӕмӕ ӕнӕгъдау цард кӕнын райдыдтон. Бирӕ хӕттыты мын тыхми дӕр бакодтой. Мӕ цард мӕм ӕппындӕр ницыуал каст, ӕмӕ цӕргӕ кӕндзынӕн ӕви мӕлгӕ, уый мын уӕлдай нал уыд. Ӕнӕхъӕн дунейы ӕппындӕр никӕй хъуыдтӕн. 16 азы мыл куы цыд, уӕд мӕхи амарынмӕ дӕр хъавыдтӕн: иу авг виски банызтон ӕмӕ цады мӕхи баппӕрстон. Ӕртӕ боны ма мӕ зӕрдӕ цы куыста, ӕндӕр марды хуызӕн уыдтӕн.

Цардӕн аргъ кӕнын райдыдтон, фӕлӕ сдӕн ӕгъатыр ӕмӕ хинӕйдзаг. Мӕ бон уыд адӕймагӕн зӕгъын, уӕд та иумӕ ӕмуат ӕрцӕуиккам, зӕгъгӕ. Йӕ хӕдзармӕ-иу мӕ куы бакодта, уӕд-иу ын наркотиктӕ радтон ӕмӕ-иу ын стӕй йӕ хӕдзар фӕкъахтон. Стыр фыдгӕнӕг синдикаттӕн ӕнӕхъӕн Италийы наркотиктӕ ралас-балас кодтон. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, пъӕлицӕйӕ дӕр рох никуы уыдтӕн. Афтӕ мӕм каст, ӕмӕ мӕ цард ницы у ӕмӕ йыл мӕ бар нал цӕуы. Фӕлӕ мӕ уӕддӕр уырныдта, ацы дунемӕ дзӕгъӕлы кӕй нӕ райгуырдтӕн. Хуыцаумӕ куывтон, курын дӕ, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу аз сабырӕй ӕмӕ амондджынӕй ацӕрон, зӕгъгӕ.

БИБЛИЙЫ ФӔРЦЫ МӔ ЦАРД ФӔИВТА.

24 азы мыл куы цыд, уӕд сфӕнд кодтон Англимӕ ацӕуын, уымӕн ӕмӕ мӕ иннӕ наркотикуӕйгӕнджытӕ хъавыдысты марынмӕ. Фӕлӕ ацӕуыны размӕ мӕ мады абӕрӕг кӕнынмӕ бауадтӕн. Иу нӕлгоймаджы йын йемӕ Библийыл ныхас кӕнгӕ куы баййӕфтон, уӕд тынг бадис кодтон. Уыцы нӕлгоймаг уыд Аннунсиато Лугарӕ *. Бандит кӕй уыди, уый зыдтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Ам цы кусыс, зӕгъгӕ йӕ бафарстон, ӕмӕ мын загъта, кӕй йӕ фӕндыд, цӕмӕй Йегъовӕйы Ӕвдисӕн суыдаид ӕмӕ уый тыххӕй йӕ цард тынг кӕй аивта. Дзырд мын раттын кодта, Английы Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл куы амбӕлон, уӕд семӕ кӕй аныхас кӕндзынӕн. Фӕлӕ уырдӕм куы ныццыдтӕн, уӕд та мӕ раздӕры митӕм раздӕхтӕн.

Иубон Лондоны уынгтӕй иуы федтон, иу нӕлгоймаг, Йегъовӕйы Ӕвдисӕн, адӕмӕн кӕй лӕвӕрдта журналтӕ «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг» ӕмӕ «Райхъал ут!». Уый фенгӕйӕ мӕ зӕрдыл ӕрбалӕууыд, Аннунсиатойӕн цы дзырд радтон, уый, ӕмӕ йын загътон, цӕмӕй мемӕ Библи ахуыр кӕнын райдайа.

Библийӕ цы базыдтон, уый мӕ ӕцӕгдӕр дисы бафтыдта. Зӕгъӕм, мӕ зӕрдӕмӕ тынг бахъардта, 1 Иоанны 1:9 стихы цы фыст ис, уый: «Кӕд нӕ тӕригъӕдтыл сӕттӕм, уӕд нын сӕ Хуыцау ныххатыр кӕндзӕн ӕмӕ нӕ алы фыддзинадӕй дӕр ссыгъдӕг кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ уый у иузӕрдион ӕмӕ рӕстаг Хуыцау». Уыцы стих мыл тынг бандӕвта, уымӕн ӕмӕ мӕ раздӕры царды тыххӕй мӕхимӕ тынг чъизи кастӕн. Ӕз уайтагъд цӕуын райдыдтон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм. Се ’ппӕт дӕр-иу мыл тынг бацин кодтой. Цӕрӕнбонты цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый уым федтон – иууылдӕр кӕрӕдзийыл иу бинонтау ӕнувыд уыдысты, ӕмӕ мӕн дӕр бафӕндыд, цӕмӕй ӕз дӕр уыдонӕй уыдаин.

Наркотиктӕ ӕмӕ мын ӕнӕгъдау цард ныууадзын афтӕ зын нӕ уыд, мӕ удыхъӕд аивын мын куыд зын уыди. Зыдтон ӕй, хъуамӕ адӕмимӕ мӕхи уӕздан дардтаин ӕмӕ сын аргъ кодтаин. Абоны онг дӕр ма мӕ хъӕуы мӕ иуӕй-иу ӕвзӕр миниуджытимӕ тох кӕнын. Фӕлӕ мын Йегъовӕйы фӕрцы цыдӕртӕ уайы. Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтон, уымӕй ӕхсӕз мӕйы фӕстӕ донаргъуыд райстон. Уый уыди 1997 азы.

АБОН МӔ ЦАРДӔЙ РАЙГОНД ДӔН.

Донаргъуыд куы райстон, уӕд мӕ цард баиу кодтон иу ӕрыгон сылгоймаг Барбарӕимӕ. Уый дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕн ӕрӕджы сси. Куыд тынг аивтон, уый мӕ раздӕры ӕмбӕлттӕй иу куы федта, уӕд уый дӕр Библи ахуыр кӕнын райдыдта. Фӕстӕдӕр йӕ хоимӕ донаргъуыд райстой. Уый фӕстӕ та Библи ахуыр кӕнын райдыдта мӕ мадымады хо. Уӕд ыл цыди 80 азы, фӕлӕ ма уӕддӕр, цалынмӕ нӕ амард, уӕдмӕ донаргъуыд райста.

Ныр бынӕттон ӕмбырды лӕггад кӕнын хистӕр нӕлгоймагӕй. Мӕ цардӕмбалимӕ нӕ рӕстӕгӕн йӕ фылдӕр хай италиаг ӕвзагыл дзурӕг адӕмӕн Библи ахуыр кӕнынӕн ӕххуыс кӕнӕм. Иуӕй-иу хатт мӕ раздӕры цард мӕ зӕрдыл ӕрлӕууы, ӕмӕ уӕд мӕхимӕ ныхъхъусын. Фӕлӕ мын Барбарӕ стыр ӕххуыс у. Хуыцауӕй куырдтон, цӕмӕй ӕрмӕстдӕр иу аз сабырӕй ӕмӕ амондджынӕй ацардаин. Фӕлӕ мын уый радта, цы дзы куырдтон, уымӕй бирӕ фылдӕр!

Кӕдӕй-уӕдӕй мӕ бинонты цардӕй мӕ зӕрдӕ рухс кӕны ӕмӕ мын ис уарзӕгой Фыд – цӕрӕнбонты цӕмӕ бӕллыдтӕн, уый

^ 10 абз. Кӕс брошюрӕйы «Хорз адӕмыл ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?» статья «Библи ивы адӕймаджы цард. Ӕнӕ хӕцӕнгарзӕй никуыдӕм цыдтӕн», 8, 9 фӕрстӕ. Радзырдта йӕ Аннунсиато Лугарӕ.